Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ковердейл ӕмӕ фыццаг мыхуыргонд Библи англисаг ӕвзагыл

Ковердейл ӕмӕ фыццаг мыхуыргонд Библи англисаг ӕвзагыл

АНГЛИСАГ ӕвзагыл фыццаг цы Библи рацыд мыхуыры, уым фыст не ’рцыд, чи йыл бафыдӕбон кодта, уыцы адӕймаджы ном. Уый уыд Майлс Ковердейл. 1535 азы йӕ тӕлмац мыхуыры куы рацыд, уӕд йе ’мбал Уильям Тиндал та, Библи кӕй тӕлмац кодта, уый тыххӕй бадти ахӕстоны. Тиндалы амардтой 1534 азы.

Ковердейлӕн йӕ тӕлмацы кӕцыдӕр хай арӕзт у Тиндалы тӕлмацмӕ гӕсгӕ. Цымӕ Ковердейлӕн йӕ тӕлмац ныммыхуыр кӕнын куыд бантыст, стӕй йӕ цӕуылнӕ амардтой, йӕ рӕстӕджы Библи чи тӕлмац кодта, уыдоны-иу куыд амардтой, афтӕ? Ковердейлӕн цы бантыст?

Фыццаг къахдзӕфтӕ

Майлс Ковердейл райгуырд 1488 азы Йоркширы, Английы. Ахуыр кодта Кембриджы университеты, 1514 азы та сси католикон аргъуаны сауджын. Йӕ ахуыргӕнӕг Роберт Барнсы руаджы Ковердейл дӕр хъуыды кӕнын райдыдта, католикон дины ахуырӕдтӕй кӕцыдӕртӕ раст кӕй не сты. Фӕлӕ 1528 азы Барнс Английӕ лидзинаг фӕци, ӕмӕ йӕ 12 азы фӕстӕ аргъуаны разамонджытӕ хъӕдыл басыгътой.

1528 азы размӕ дӕр Ковердейл аргъуаны дзырдта, Библимӕ гӕсгӕ раст чи нӕ уыдысты, уыцы ахуырӕдты ныхмӕ, зӕгъӕм, иконӕтӕн кувыны, сауджынты раз тӕригъӕдтыл сӕттыны ӕмӕ мессӕйы ныхмӕ. Йӕ цардӕн тӕссаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ Английӕ Европӕмӕ алыгъд ӕмӕ уым авд азы бӕрц фӕци.

Ковердейл Тиндалимӕ цард Гамбургы, Германийы. Уыдон иумӕ тӕлмац кодтой Библи, уымӕн ӕмӕ сӕ дыууӕйӕн дӕр се стырдӕр бӕллиц уыд, цӕмӕй йӕ хуымӕтӕг адӕмӕн сӕ бон кӕсын уыдаид. Ковердейл Тиндалӕй бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр ис, Библи тӕлмац кӕнын куыд хъӕуы, уыцы хъуыддаджы.

Рӕстӕг фӕивта

Уӕдмӕ Английы уавӕр фӕивта. 1534 азы паддзах Генрих Ӕстӕм ӕргом дзурын райдыдта Ромы папӕйы барты ныхмӕ. Стӕй йӕ тынг фӕндыд, цӕмӕй адӕммӕ Библи англисаг ӕвзагыл уыдаид. Уымӕй цасдӕр рӕстӕг рацыд, ӕмӕ Ковердейл хъуыддагмӕ бавнӕлдта. Уый тынг хорз арӕхст йӕ хъуыдытӕ англисаг ӕвзагыл дзурынмӕ. Фӕлӕ Ковердейлмӕ йе ’мбал ӕмӕ йӕ ахуыргӕнӕг Тиндалы курдиӕттӕ нӕ уыд. Тиндал Ковердейлӕй уӕлдай хорз зыдта ӕвзаджы лыстӕгдзинӕдтӕ, стӕй дзуттаг ӕмӕ грекъаг ӕвзӕгтӕ. Ковердейл латинаг ӕмӕ немыцаг тӕлмацтӕм гӕсгӕ бараст кодта Тиндалы тӕлмац.

Ковердейлы Библи мыхуыры рацыд 1535 азы Европӕйы, Тиндалы куы амардтой, уымӕй иу аз раздӕр. Уыцы Библийы разныхасы ныффыста зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ паддзах Генрих Ӕстӕмӕн. Ковердейл паддзахӕн загъта, Тиндалы фиппаинӕгтӕй кӕцыдӕртӕ Библимӕ кӕй нӕ бахаста, дызӕрдыггаг кӕй уыдысты, уый тыххӕй. Цӕуылнӕ сӕ бахаста, уыцы аххосӕгтӕй иу уыд, адӕмы ’ргом кӕй здӕхтой, Библимӕ гӕсгӕ раст чи нӕ уыдысты, уыцы католикон аргъуаны ахуырӕдтӕм. Уӕд паддзах Генрих дӕр сразы, цӕмӕй Ковердейлы Библи мыхуыры рацыдаид, ӕмӕ хъуыддаг ницыуал къуылымпы кодта.

1537 азы Английы Ковердейлы Библи мыхуыры рацыд дыууӕ хатты. Уыцы аз ма паддзах Генрих бар радта, цӕмӕй ныммыхуыр кодтаиккой, Мэтьюйы Библи кӕй хонынц, уый. Мыхуыры рацыд Антверпены, ӕмӕ арӕзт уыд Тиндалы ӕмӕ Ковердейлы тӕлмацтӕм гӕсгӕ.

Фӕлӕ гыццыл фӕстӕдӕр паддзахы хистӕр уынаффӕгӕнӕг Томас Кромвель йӕхӕдӕг дӕр бамбӕрста, стӕй ма йын Кентерберийы архиепископ Кранмер дӕр йӕ хъусы бацагъта, Мэтьюйы Библимӕ ногӕй ӕркӕсын кӕй хъӕуы. Уымӕ гӕсгӕ Кромвель уыцы куыст бакӕныны тыххӕй ногӕй Ковердейлмӕ бахатыд. 1539 азы паддзах Генрих бар радта, цӕмӕй ног Библи ныммыхуыр кодтаиккой ӕмӕ уынаффӕ рахаста, цӕмӕй уыцы «Стыр Библи» (афтӕ йӕ схуыдтой, стыр кӕй уыд, уый тыххӕй) алы аргъуаны дӕр уыдаид ӕмӕ, кӕй фӕндыд, уый йӕ кастаид. Уыцы Библийыл ӕнӕхъӕн бӕстӕйы адӕм дӕр тынг бацин кодтой.

Ковердейл йӕ фӕстӕ цы ныууагъта?

Генрих Ӕстӕм куы амард ӕмӕ йӕ фӕстӕ Эдвард Ӕхсӕзӕм паддзах куы сси, уӕд 1551 азы Ковердейлы сӕвӕрдтой горӕт Эксетеры епископӕй. Фӕлӕ 1553 азы Эдварды фӕстӕ паддзахбадӕныл ӕрбадт ус-паддзах Марийӕ. Марийӕ уыд католикон диныл хӕст, ӕмӕ Ковердейлӕн ӕндӕр гӕнӕн нал уыд, ӕмӕ Данимӕ алыгъд. Фӕстӕдӕр та ацыд Швейцаримӕ ӕмӕ уым дарддӕр йӕ куыст кодта. Ковердейл ма ныммыхуыр кодта «Ног Фӕдзӕхсты» ӕртӕ тексты англисаг ӕвзагыл латинаг текстимӕ, цӕмӕй-иу сауджынтӕ Библи ахуыр кодтаиккой.

Ковердейл йӕ Библийы Хуыцауы ном, «Йегъовӕ», зӕгъгӕ, нӕ ныффыста. Уый диссаг у, уымӕн ӕмӕ Дзуттаг Фыстыты Тиндалы тӕлмацы Хуыцауы ном ӕмбӕлы 20 хаттӕй фылдӕр. Джеймс Мозли йӕ чиныджы «Ковердейл ӕмӕ йӕ Библитӕ» фыста, зӕгъгӕ, 1535 азы Ковердейл йӕ Библийы дзырд Йегъовӕ иу хатт дӕр нӕ ныффыста (Coverdale and His Bibles). Фӕлӕ фӕстӕдӕр мыхуыры кӕй рауагъта, уыцы Библийы, ома «Стыр Библийы», Хуыцауы ном, Йегъовӕ, ныффыста ӕртӕ хатты.

Фӕлӕ уӕддӕр йӕ фыццаг фарсыл тетраграмматон (Хуыцауы ном цыппар дзуттаг дамгъӕйӕ) фыст кӕмӕн ӕрцыд, уыцы англисаг Библитӕй Ковердейлы Библи уыд фыццаг. Зӕгъын ма хъӕуы уый, ӕмӕ-иу кӕд раздӕр апокрифон чингуытӕ алы хатт дӕр Дзуттаг Фыстытимӕ мыхуыр кодтой, уӕд Ковердейлы Библийы та ацы чингуытӕ хаст ӕрцыдысты уӕлӕмхасӕнмӕ.

Ковердейл йӕ тӕлмацы цы аив ныхӕстӕй спайда кодта, уыдонӕй фӕстӕдӕр пайда кӕнын райдыдтой иннӕ тӕлмацгӕнджытӕ дӕр. Иу ахӕм дзырдбаст, «саудалынджы ком», зӕгъгӕ, ӕмбӕлы 23-ӕм псаломы 4-ӕм стихы. 6-ӕм стихы та ӕмбӕлы дзырдбаст «ӕнувыд уарзт». Дзуттаг ӕвзаджы ацы дзырдбастӕн цы хъуыды ис, уый фӕдыл профессор Гринслейд загъта: «Ацы дзырдбаст ӕвдисы, Хуыцау йӕ адӕмы куыд уарзы, уый кӕй хицӕн кӕны, иннӕты куыд уарзы ӕмӕ сӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куыд ӕвдисы, уымӕй».

Чиныджы «Английы Библитӕ» фыст ис, зӕгъгӕ, Ковердейлы «Стыр Библи» мыхуыры куы рацыд, уӕд фӕци, англисаг Библийыл цы стыр куыст цыди, уый. Уыцы куыст та райдыдта, Тиндал Ног Фӕдзӕхст тӕлмац кӕнынмӕ куы бавнӕлдта, уӕд (The Bibles of England). Англисаг ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн Библи сӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕсын сӕ бон сси сӕйраджыдӕр Ковердейлы фыдӕбоны фӕрцы.

[Нывтӕ 11 фарсыл]

Тетраграмматон 1537 азы уагъд Библийы фыццаг фарсыл (галиуырдыгӕй)

[Барлӕвӕрдӕй]

Photo source: From The Holy Scriptures of the Olde and Newe Testamente With the Apocripha by Myles Coverdale

[Ныв барлӕвӕрдӕй 10 фарсыл]

From the book Our English Bible: Its Translations and Translators