Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ мын мӕ цӕстытӕ байгом кодта

Йегъовӕ мын мӕ цӕстытӕ байгом кодта

Радзырдта йӕ Патрис Ойека

Мӕ ницӕйаг царды бонтӕй ма иу йӕ кӕронмӕ фӕцӕйхӕццӕ кодта. Ӕз уыдтӕн куырм ӕмӕ никӕй хъуыдтӕн. Мӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт никӕцӕй калд, ӕмӕ сфӕнд кодтон мӕхи амарын. Радио хъӕрӕй цагъта, ӕз марг райстон, доныл ӕй ныккодтон ӕмӕ агуывзӕ стъолыл ӕрӕвӕрдтон. Мӕхӕдӕг та ацыдтӕн, цӕмӕй мӕхи ныннадтаин ӕмӕ мӕ хуыздӕр дзаумӕттӕ скодтаин. Цӕмӕн сфӕнд кодтон мӕхи амарын ӕмӕ афтӕ куыд рауад, ӕмӕ ма абон дӕр удӕгас дӕн?

ӔЗ РАЙГУЫРДТӔН 1958 азы 2 февралы Скӕсӕн Касаийы, Демократон Республикӕ Конгойы. 9 азы мыл куы цыд, уӕд мӕ фыд амард, ӕмӕ мӕ уымӕ гӕсгӕ хъомыл кодта мӕ хистӕр ӕфсымӕр.

Скъола куы фӕдӕн, уӕд кусын райдыдтон каучукы плантацийы. 1989 азы иухатт райсомӕй куысты мӕ гӕххӕттытимӕ куы архайдтон, уӕд мыл ӕвиппайды бӕстӕ баталынг. Фыццаг ахъуыды кодтон, зӕгъын, ӕвӕццӕгӕн, рухс ахуыссын кодтой, фӕлӕ генераторы гуыв-гуыв хъуыстон, стӕй нырма райсом уыд. Фыртӕссӕй мӕ сур хид акалд, уымӕн ӕмӕ йӕ бамбӕрстон, цӕстӕй кӕй нал уынын, суанг мӕ разы гӕххӕттытыл цы фыстытӕ уыд, уыдон дӕр нал уыдтон.

Мӕ кусджытӕй иуӕн мӕхи дохтырмӕ акӕнын кодтон. Дохтыр мын загъта, цӕмӕй горӕтмӕ ноджы фӕлтӕрдджындӕр дохтырмӕ ацыдаин. Куы мӕм ӕркаст, уӕд ӕй бамбӕрста, мӕ цӕсты цыдӕр кӕй аскъуыд ӕмӕ мӕ уавӕр тынг тӕссаг кӕй у. Уымӕ гӕсгӕ мӕ арвыста Киншасӕмӕ, нӕ бӕстӕйы сӕйраг горӕтмӕ.

Мӕ цард Киншасӕйы

Киншасӕйы мӕхи бирӕ дохтыртӕн фенын кодтон, фӕлӕ мын дзы йӕ бон баххуыс кӕнын никӕмӕн баци. Рынчындоны 43 боны куы фӕдӕн, уӕд мын уый фӕстӕ дохтыртӕ загътой, цӕрӕнбонты куырм кӕй уыдзынӕн. Мӕ бинонтӕ мӕ уӕд алыхуызон аргъуантӕм кӕнын райдыдтой, зӕгъгӕ мӕ кӕд уым сдзӕбӕх кӕниккой, фӕлӕ уымӕй дӕр ницы рауад.

Искуы ма уынын райдайдзынӕн, уымӕй мӕ ӕппындӕр ныфс нал уыд. Ӕмӕ мыл сау бонтӕ адаргъ сты. Ӕз бакуырм дӕн, ӕнӕ куыстӕй баззадтӕн ӕмӕ ма уымӕй уӕлдай мӕ ус дӕр ацыд ӕмӕ, иумӕ цӕргӕйӕ цы фӕллӕйттӕ скодтам, уыдон иууылдӕр йемӕ ахаста. Ӕддӕмӕ цӕуын ӕмӕ адӕмимӕ ныхас кӕнын ӕфсӕрмы кодтон, ӕмӕ-иу бон изӕрмӕ мидӕгӕй иунӕгӕй бадтӕн. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ ӕппындӕр никӕй хъӕуын.

Дыууӕ хатты мӕхи марынмӕ хъавыдтӕн. Дыккаг хатты тыххӕй радзырдтон статьяйы райдианы. Уӕд мӕ фервӕзын кодта мӕ хӕстӕджыты гыццыл сывӕллон: мӕхи куы надтон, уӕд, агуывзӕйы цы маргджын дон уыд, уый райста ӕмӕ йӕ акалдта. Хорз, ӕмӕ дзы нӕ анызта. Куы рацыдтӕн ӕмӕ мӕ агуывзӕ куы нал ссардтон, уӕд тынг смӕсты дӕн. Уый фӕстӕ мӕ бинонтӕн радзырдтон, цӕмӕн ӕй агуырдтон ӕмӕ мӕ зӕрды цы уыд, уый.

Тынг бузныг дӕн Йегъовӕйӕ ӕмӕ мӕ бинонтӕй дӕр, сӕ хъус мӕм кӕй дардтой, ӕмӕ мын мӕхи амарынӕй кӕй ницы рауад.

Мӕ зӕрдӕйы та ногӕй циндзинад фӕзынд

Иу хуыцаубон 1992 азы хӕдзары бадтӕн ӕмӕ тамако дымдтон. Уыцы рӕстӕг дыууӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕны хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кодтой ӕмӕ мӕнмӕ дӕр ӕрбацыдысты. Куы йӕ бамбӕрстой, куырм кӕй дӕн, уый, уӕд мын бакастысты Исайы 35:5 стих: «Уӕд куырмытӕ цӕстӕй ракӕсдзысты ӕмӕ къуырматы хъустӕ байгом уыдзысты». Уый куы фехъуыстон, уӕд мӕ зӕрдӕ фырцинӕй скафыд! Цы аргъуантӕм цыдтӕн, уыдонӕй уӕлдай мын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ныфс нӕ бавӕрдтой, диссаджы хуызы кӕй сдзӕбӕх уыдзынӕн, уымӕй. Уыдон мын загътой, мӕ цӕстытӕй кӕй ракӕсдзынӕн, Хуыцау зӕрдӕ цы ног дунейӕ ӕвӕры, уый куы ралӕууа, уӕд, фӕлӕ уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базыдтаин (Иоанны 17:3). Ӕз уайтагъд сразы дӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕныныл. Ахуыр ӕй кодтам иу чиныджы ’ххуысӕй, «Ты можешь жить вечно в раю на земле», зӕгъгӕ. Ӕз райдыдтон ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ мӕ цард ивын, зӕгъӕм, мӕ тамако ныууагътон.

Фӕлӕ цӕстӕй кӕй нӕ уыдтон, уый тыххӕй мын бирӕ не ’нтыст. Уымӕ гӕсгӕ ацыдтӕн куырмыты кӕм ахуыр кодтой, уыцы институтмӕ, цӕмӕй Брайлы шрифтыл кӕсын ӕмӕ фыссын сахуыр уыдаин. Уый фӕрцы ӕз дӕр иннӕтау ӕмбырды ахуыр кӕнын райдыдтон. Тагъд рӕстӕджы хорз хабары тыххӕй дзурын райдыдтон мӕ сыхӕгтӕн. Мӕ зӕрдӕйы та ногӕй циндзинад фӕзынд. Мӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кодта, ӕмӕ мӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кодтон. Донаргъуыд райстон 1994 азы 7 майы.

Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы цас тынгдӕр уарзтон, уыйас мӕ тынгдӕр фӕндыд фылдӕр рӕстӕг хъусын кӕнын хорз хабар. 1995 азы 1 декабры лӕггад кӕнын райдыдтон ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй, ома мӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай адӕмимӕ Хуыцауы тыххӕй ныхас кодтон. Уымӕй уӕлдай ма мӕм 2004 азы ӕрхауд стыр кад – ӕмбырды мӕ хистӕр нӕлгоймагӕй снысан кодтой. Иуӕй-иу хатт мӕ раныхас бакӕсынмӕ иннӕ ӕмбырдтӕм дӕр фӕхонынц. Ӕппӕт уыдӕттӕ мын стыр циндзинад хӕссынц ӕмӕ мын мӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ куы фӕнда, уӕд ын цыфӕнды рынчынӕй дӕр лӕггад кӕндзыстӕм.

Йегъовӕ мын радта «цӕстытӕ»

Уӕлдӕр куыд загътон, афтӕмӕй куы бакуырм дӕн, уӕд мӕ мӕ ус ныууагъта. Фӕлӕ мын Йегъовӕ стыр арфӕ ракодта. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ мын «цӕстытӕ» радта. Кӕд куырм дӕн, уӕддӕр Анни Мавамбу сразы йӕ цард мемӕ баиу кӕныныл. Анни мын «цӕстытӕй» уӕлдай нӕу. Алы хатт дӕр мемӕ фӕцӕуы хъусын кӕнынмӕ, раныхӕстӕ бацӕттӕ кӕнынӕн мӕ цы фӕхъӕуы, уыдӕттӕ мын фӕкӕсы, ӕз та Брайлы шрифтӕй мӕхицӕн фӕнысан кӕнын, цы мӕ дзы бахъӕудзӕн, уыдӕттӕ. Фӕлӕ мын ноджы ӕхсызгондӕр у, Анни дӕр Хуыцауӕн ӕххӕстрӕстӕг кӕй лӕггад кӕны, уый. Уый мын куы нӕ уыдаид, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, никуы бамбӕрстаин, Ӕмбисӕндты 19:14 стихы фыст ныхӕстӕ раст кӕй сты: «Хӕдзар ӕмӕ хъӕздыгдзинад ныййарджытӕй баззайынц, ӕмбаргӕ ус та у Йегъовӕйӕ».

Йегъовӕйӕ ма стыр бузныг стӕм йӕ иу арфӕдзинады тыххӕй – райгуырд нын лӕппу ӕмӕ чызг. Куыд тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсын Дзӕнӕтмӕ, цӕмӕй мӕ цӕстытӕй ракӕсон ӕмӕ сын сӕ цӕсгӕмттӕ фенон! Иннӕ арфӕдзинад та у, мӕ хистӕр ӕфсымӕр дӕр, кӕимӕ цӕрӕм, уый, рӕстдзинад кӕй базыдта ӕмӕ донаргъуыд кӕй райста. Не ’ппӕт дӕр лӕггад кӕнӕм иу ӕмбырды.

Хуыцау мӕ уыйбӕрц хорздзинӕдтӕй схайджын кодта, ӕмӕ кӕд цӕстӕй нӕ уынын, уӕддӕр мӕ фӕнды, цӕмӕй йын ноджы фылдӕр лӕггад кӕнон (Малахи 3:10). Алы бон дӕр кувын, цӕмӕй йӕ паддзахад ӕрцӕуа ӕмӕ ӕппӕт хъизӕмӕрттӕн дӕр кӕрон скӕна. Йегъовӕйы куы базыдтон, уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕхиуыл бирӕ хӕттыты бавзӕрстон, ацы ныхӕстӕ раст кӕй сты: «Йегъовӕйы арфӕдзинад адӕймаджы кӕны хъӕздыг ӕмӕ йемӕ маст нӕ хӕссы» (Ӕмбисӕндтӕ 10:22).

[Нывтӕ 13 фарсыл]

Раныхасы рӕстӕг; мӕ бинонтӕ ӕмӕ ме ’фсымӕримӕ