Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Баввахс у Хуыцаумӕ

Дӕхи мӕм «ӕркъул кӕндзынӕ»

Дӕхи мӕм «ӕркъул кӕндзынӕ»

СӔРНЫЛЛӔГДЗИНАД диссаджы миниуӕг у. Сӕрныллӕг адӕймаг, ӕвӕццӕгӕн, алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр цӕуы. Фӕлӕ, хъыгагӕн, абон ацы миниуӕг бирӕтӕм нӕй, уӕлдайдӕр йӕ бар искӕуыл кӕмӕн цӕуы, уыцы адӕммӕ. Цымӕ Йегъовӕйӕ, ӕппӕт бартӕ дӕр кӕй къухы сты, уымӕй та цы зӕгъӕн ис? Сӕрныллӕг у? Ӕркӕсӕм-ма, уый фӕдыл Йеремийы хъарӕджы 3:20, 21 стихты цы фыст ис, уымӕ. (Бакӕс сӕ.)

Пехуымпар Йереми Хъарджыты чиныг ныффыста, Израилы адӕм кӕуинаг уавӕры куы уыдысты, уыцы рӕстӕг. Йӕ зӕрдӕ тынг рысти, вавилойнӕгтӕ йын йӕ уарзон горӕт Иерусалим кӕй ныппырх кодтой, ууыл. Кӕд Йереми хъыг кодта, уӕддӕр ӕй ӕмбӕрста, Хуыцау израилӕгты сӕ тӕригъӕдты тыххӕй кӕй бафхӕрдта. Фӕлӕ, мыййаг, йӕ ныфс бынтондӕр асаст? Цымӕ афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кодта, уыдоны Йегъовӕ ферох кодта ӕмӕ сӕ уыцы зын уавӕры ныууагъта? Цӕй ӕмӕ базонӕм, Йереми израилӕгты номӕй Йегъовӕимӕ куыд ныхас кодта, уый.

Кӕд уыцы рӕстӕг адӕмӕн сӕ фылдӕр тынг маст кодтой ӕмӕ хорзӕй ницӕмӕуал ӕнхъӕлмӕ кастысты, уӕддӕр Йереми йӕ ныфс Йегъовӕйыл дардта. Йереми куывта: «Уыдӕттӕ ӕнӕмӕнг дӕ зӕрдыл ӕрлӕудзысты ӕмӕ мӕм дӕхи ӕркъул кӕндзынӕ» (20 стих). Йереми ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ сын кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл. Зыдта йӕ, Йегъовӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ, йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кодта, уыдоны дӕр кӕй нӕ ферох кӕндзӕн. Цымӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау йӕ адӕмы ӕцӕгдӕр ныфс бауагъта? (Раргомад 15:3).

Йереми фидарӕй зыдта, Йегъовӕ йӕхи кӕй «ӕркъул кӕндзӕн», чи ӕрфӕсмон кодта, уыдонмӕ. Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ адӕмы тынг кӕй уарзы. Йегъовӕ, «Иунӕг Стыр Хуыцау, Хицау ӕгас зӕххӕн», йӕ адӕммӕ йӕхи ӕркъул кӕндзӕн ӕмӕ, цы зын уавӕры сты, уымӕй сӕ фервӕзын кӕндзӕн, стӕй сӕ йӕ хорзӕхӕй схайджын кӕндзӕн (Псалом 83:18). Йереми нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йӕ адӕммӕ йе ’ргом кӕй раздахдзӕн, ӕмӕ йын уый йӕ зӕрдӕйы рыст сабыр кодта. Йереми ӕнхъӕлмӕ каст, Йегъовӕ йӕ адӕмы кӕд фервӕзын кӕндзӕн, уыцы рӕстӕгмӕ (21 стих).

Йеремийы ныхӕстӕй нӕ бон у Йегъовӕйы тыххӕй дыууӕ хъуыддаджы базонын. Фыццаг: Йегъовӕ у сӕрныллӕг (Псалом 18:35). Кӕд «йӕ тыхӕн ӕмбал нӕй», уӕддӕр нӕм цӕттӕ вӕййы «ӕргуыбыр кӕнынмӕ», нӕхимӕ куы ныхъхъусӕм, уӕд (Иов 37:23; Псалом 113:5–7). Цы стыр ныфс нӕ уадзынц ацы ныхӕстӕ! Дыккаг: Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау у. Йӕ тӕригъӕдтыл чи фӕсмон кӕны, уыдонӕн Йегъовӕ «цӕттӕ [у] хатыр кӕнынмӕ» ӕмӕ сӕ йӕ хорзӕхӕй схайджын кӕнынмӕ (Псалом 86:5). Ацы дыууӕ миниуӕджы – сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад – кӕрӕдзийыл ӕнгом баст сты.

Йегъовӕ сӕрбӕрзонд ӕмӕ, адӕмы рыст чи не ’мбары, ахӕм хицӕутты хуызӕн нӕу, ӕмӕ дзы уый тыххӕй тынг бузныг стӕм. Куыд федтам, афтӕмӕй Йегъовӕ у сӕрныллӕг Хуыцау ӕмӕ, йӕ лӕггадгӕнджытӕй йӕ ныфс кӕмӕн асаст, уыдонмӕ «ӕргуыбыр» кӕны ӕмӕ сӕ бафидар кӕны. Ахӕм Хуыцауы тыххӕй дӕ фылдӕр базонын нӕ фӕнды?

Июны Библийӕ дӕ бон у бакӕсын:

Йереми 51–52Йезекил 1–5

[Хицӕнгонд текст 14 фарсыл]

Йегъовӕ нӕм цӕттӕ вӕййы «ӕргуыбыр кӕнынмӕ», нӕхимӕ куы ныхъхъусӕм, уӕд