Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц...

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ цӕмӕн хъусын кӕнынц?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ цӕмӕн хъусын кӕнынц?

▪ Библийы бакӕсӕн ис, Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн кӕй бафӕдзӕхста: «Ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ... ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут» (Матфейы 28:19, 20). Цымӕ ацы фӕдзӕхст чырыстӕттӕм се ’ппӕтмӕ дӕр хауы? Чырыстийы фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ ууыл нӕ дызӕрдыг кодтой. Зӕгъӕм, апостол Петр загъта: «Уый [Чырысти] бафӕдзӕхста, цӕмӕй адӕмӕн хъусын кӕнӕм ӕмӕ сын бӕстон ӕмбарын кӕнӕм» (Хъуыддӕгтӕ 10:42). Апостол Павел дӕр ныффыста: «Уый мӕ хӕс у. Ӕмӕ мӕгуыр мӕ бон, хорз хабар куы нӕ хъусын кӕнон, уӕд!» (1 Коринфӕгтӕм 9:16).

Чырыстийы фӕдзӕхст ӕрмӕст Павел ӕмӕ Петр не ’ххӕст кодтой, фӕлӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр. Хорз хабар хъусын кӕнынӕй ахсджиагдӕр сын ницы уыд (Хъуыддӕгтӕ 5:28–32, 41, 42). Абон та уыцы хъуыддаг зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Уыдон дӕр хъусын кӕнынц, Чырысти цы хорз хабар хъусын кодта, уый – хорз хабар «уӕларвон паддзахады» тыххӕй (Матфейы 10:7).

Фӕлӕ цымӕ уыцы хорз хабар кӕмӕн хъӕуы хъусын кӕнын? Чырыстийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хорз хабар хъуамӕ хъуыстгонд ӕрцӕуа ӕппӕт адӕмӕн дӕр. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕмӕ мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 1:8). Стӕй ма сын загъта, зӕгъгӕ, цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рхӕццӕ, уӕдмӕ «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой» (Матфейы 24:14). Уымӕ гӕсгӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ сӕ хъарутӕ не ’вгъау кодтой, ӕмӕ хорз хабар алкӕмӕн дӕр хъусын кодтой, ӕрмӕст сӕ зонгӕтӕн ӕмӕ ӕнӕуырнӕг адӕмӕн нӕ, фӕлӕ (Колоссӕгтӕм 1:23; 1 Тимофеймӕ 2:3, 4). Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр архайынц, цӕмӕй хорз хабар алкӕмӕн дӕр радзурой *.

Цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕуа, уый тыххӕй, цымӕ, ӕппӕты хуыздӕр мадзал цавӕр у? Цӕмӕй Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ хорз хабар фылдӕр адӕмӕн фехъусын кодтаиккой, уый тыххӕй-иу сӕ арвыста горӕттӕм, хъӕутӕм ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ (Матфейы 10:7, 11, 12). Чырысти куы амард ӕмӕ куы райгас, уӕд ма уый фӕстӕ дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хъусын кодтой «хӕдзарӕй-хӕдзармӕ» (Хъуыддӕгтӕ 5:42). Уыдон ма Чырыстийау хъусын кодтой, фадат-иу сын куы фӕзынд, уӕд, стӕй-иу адӕмыл кӕм амбӕлдысты, уым (Иоанны 4:7–26; 18:20; Хъуыддӕгтӕ 17:17). Абон дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ пайда кӕнынц ахӕм мадзӕлттӕй, цӕмӕй хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр хъуыстгонд ӕрцӕуа.

Чырысти куыд загъта, афтӕмӕй хорз хабармӕ алчидӕр нӕ хъусдзӕн (Матфейы 10:14; 24:37–39). Фӕлӕ цымӕ уый тыххӕй чырыстӕттӕ хъуамӕ мауал хъусын кӕной? Ӕрхӕссӕм ахӕм дӕнцӕг: зӕгъӕм, стыр зӕххӕнкъуысты фӕстӕ иннӕтимӕ адӕмы агурыс, цӕмӕй сӕ фервӕзын кӕнат. Рӕстӕг рацыд, фӕлӕ цалдӕр адӕймаджы йеддӕмӕ не ссардтат. Цымӕ уӕд зӕгъдзыстут, нӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы у, зӕгъгӕ? Зынтӕй. Цалынмӕ уӕ иу адӕймаг ссарыны ныфс уа, уӕдмӕ иу ран не ’рбаддзыстут. Чырысти дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй ӕвӕллайгӕйӕ хъусын кӕной, цалынмӕ хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айсдзӕн, ахӕм адӕм уа, уӕдмӕ (Матфейы 10:23; 1 Тимофеймӕ 4:16). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ кӕй цӕуынц ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы кӕй агурынц, уымӕй бӕрӕг у, Хуыцауы дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр кӕй уарзынц, уый. Уыдон ӕмбарынц, адӕмӕн сӕ цард уымӕй кӕнгӕ кӕй у, хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсдзысты ӕви нӕ (Матфейы 22:37–39; 2 Фессалоникӕгтӕм 1:8).

Ныртӕккӕ цы журнал кӕсыс, уым фыст ис уыцы хорз хабар. Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд дӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ иннӕ хатт куы ӕрбацӕуой, уӕд-иу сын зӕгъ. Кӕнӕ та сӕм ныффысс, журналы цы адристӕ ис, уыдонӕй иумӕ.

[Фиппаинаг]

^ 5 абз. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз хабар хъусын кӕнынц 236 бӕстӕйы. Фарон хорз хабар хъусын кодтой 1,7 миллиард сахатӕй фылдӕр ӕмӕ сын уыд 8,5 милуан Библийы ахуыры.