Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фессалоникӕ. Тох хорз хабары сӕрыл

Фессалоникӕ. Тох хорз хабары сӕрыл

Фессалоникӕтӕ, кӕнӕ Салоникӕтӕ, у хъӕздыг наулӕууӕн горӕт Грецийы цӕгат-скӕсӕн хайы. Раздӕр ацы горӕт хуыдтой Фессалоникӕ. Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕтты царды хабӕрттӕй бирӕтӕ баст сты ацы горӕтимӕ. Фӕлӕ дзы ӕппӕты фылдӕр цымыдисаг хабӕрттӕ ’рцыд Павелыл, иннӕ адӕмтӕм ӕрвыст апостолыл. (ХЪУЫДДӔГТӔ 9:15; РОМӔГТӔМ 11:13).

ПАВЕЛ ӕмӕ йе ’мбал Силӕ Фессалоникӕмӕ ’рцыдысты н. э. 50 азмӕ ӕввахс. Павелӕн уый уыд йӕ дыккаг балц. Уӕд сын фыццаг хатт фӕцис фадат, абон Европӕмӕ чи хауы, уыцы зӕххыты Йесо Чырыстийы тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынӕн.

Фессалоникӕмӕ куы ’рхӕццӕ сты, уӕд нырма сӕ зӕрдыл лӕууыд, Македонийы сӕйраг горӕт Филиппты сӕ куыд фӕнадтой ӕмӕ сӕ ахӕстоны куыд бакодтой, уый. Фӕстӕдӕр Павел фессалоникӕгтӕм ныффыста: «Хуыцауы хорз хабар [уын] ныфсджынӕй дзырдтам, кӕд нӕ ныхмӕ тынг цыдысты, уӕддӕр» (1 Фессалоникӕгтӕм 2:1, 2). Цымӕ сын Фессалоникӕйы хъусын кӕнын ӕнцондӕр уыд? Адӕм сӕм куыд хъуыстой? Исты сын бантыст? Ацы фарстатӕм ӕркӕсыны размӕ уал уыцы рагон горӕтӕн йӕхи тыххӕй аныхас кӕнӕм.

Кӕддӕры «тохы быдыр»

Горӕтӕн йӕ ном, «Фессалоникӕ», арӕзт у дыууӕ грекъаг дзырдӕй «фессалиӕгтӕ» ӕмӕ «уӕлахиз», ӕмӕ дзурӕг сты тохыл. Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй н. э. размӕ 352 азы Македойнаг Алыксандры фыд, паддзах Филипп Дыккаг, горӕт Фессалийы фӕуӕлахиз астӕуккаг Грецийы цӕрӕг адӕмыл. Уыцы уӕлахизы номыл паддзах йӕ чызджытӕй иуыл сӕвӕрдта ном Фессалоникӕ. Фессалоникӕ фӕстӕдӕр смой кодта, йе ’фсымӕр Алыксандры фӕстӕ Грекъаг паддзахады сӕргъы цы ӕфсады хистӕртӕ ӕрлӕууыд, уыдонӕй иумӕ. Н. э. размӕ 315 азы Кассандр Халкидикӕйы ӕрдӕгсакъадахы ныгуылӕн хайы сарӕзта горӕт ӕмӕ йӕ схуыдта йӕ усы номӕй. Ацы горӕты тыххӕй тох кодтой цӕрӕнбонты.

Фессалоникӕ уыди тынг хъӕздыг горӕт. Уыцы горӕты уыди Эгейы денджызы хуыздӕр наулӕууӕнтӕй иу. Ромы паддзахады дуджы Фессалоникӕйы уыди хъуыстгонд фӕндаг, хуыдтой йӕ Эгнатийы фӕндаг. Денджызыл дӕр ӕмӕ йӕм сурзӕххыл дӕр хорз бацӕуӕнтӕ кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ Фессалоникӕ нымадтой Ромы паддзахады сӕйраг базаргӕнӕн горӕттӕй иуыл. Ӕнусты дӕргъы ацы хъӕздыг горӕтмӕ готтӕн, славяйнӕгтӕн, франктӕн, венециайнӕгтӕн ӕмӕ туркӕгтӕн сӕ «комыдӕттӕ уадысты». Уыцы адӕмыхӕттытӕй йыл иуӕй-иутӕ уӕлахиз дӕр фесты, фӕлӕ-иу сӕ уый тыххӕй бахъуыд бирӕ туг ныккалын. Павел Фессалоникӕмӕ куы ’рцыд, уӕд та дзы райдыдта ӕндӕр тох – тох хорз хабары сӕрыл.

Павел ӕрцыд Фессалоникӕмӕ

Павел-иу фыццаг хатт цы горӕтмӕ ’рцыд, уым уал-иу ныхас кӕнын райдыдта дзуттӕгтимӕ, уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фыстад хорз кӕй зыдтой, уымӕ гӕсгӕ йын семӕ ныхас кӕнын ӕмӕ сын хорз хабар ӕмбарын кӕнын ӕнцондӕр уыд. Иу ахуыргонды хъуыдымӕ гӕсгӕ-иу Павел афтӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй кодта, ӕмӕ тынг тыхсти дзуттаг адӕмыл. Фыццаг-иу дзуттӕгтимӕ ӕмӕ, ӕндӕр адӕмтӕй дӕр Хуыцауӕй чи тарст, уыдонимӕ кӕй аныхас кодта, уый фӕрцы-иу ын стӕй ӕнцондӕр уыд, дзуттаг диныл хӕст чи нӕ уыд, уыдонимӕ ныхас кӕнын (Хъуыддӕгтӕ 17:2–4).

Уӕдӕ Фессалоникӕйы дӕр Павел фыццаг бацыд дзуттӕгты ӕмбырдгӕнӕнмӕ. Библийы кӕсӕм: «[Семӕ] ныхас кодта Фыстадмӕ гӕсгӕ. Ӕмбарын сын кодта, Чырысти кӕй хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ ӕртыккаг бон мӕрдтӕй кӕй хъуамӕ райгас уыдаид, ӕмӕ сын Фыстадӕй бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста. Дзырдта сын: „Ӕз уын цы Йесойы тыххӕй хъусын кӕнын, гъе уый у Чырысти“» (Хъуыддӕгтӕ 17:2, 3, 10).

Павел ӕмбарын кодта, Мессийӕ чи уыд ӕмӕ цӕмӕн ӕрцыд, уый, ӕмӕ-иу иутӕ йемӕ сразы сты, иннӕтӕ та-иу йӕ ныхмӕ дзырдтой. Дзуттӕгтӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, Мессийӕ сӕ Ромы паддзахады дӕлбарӕй кӕй ссӕрибар кӕндзӕн, Павел та сын дзырдта, Мессийӕ кӕй фӕхъизӕмар кодта ӕмӕ кӕй амард. Ӕмӕ-иу уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ йемӕ быцӕу кодтой. Цы сын дзырдта, уый сӕ цӕмӕй бауырныдтаид, уый тыххӕй Павел, Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй семӕ «ныхас кодта», «ӕмбарын сын кодта» ӕмӕ сын «Фыстадӕй бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста». Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг уыд, фӕлтӕрдджын ахуыргӕнӕг кӕй уыд *. Цымӕ дзуттӕгтӕ сӕ зӕрдӕмӕ айстой, Павел сын цы ахсджиаг хабӕрттӕ ӕмбарын кодта, уыдон?

Зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр ӕнтыстджын

Иуӕй-иу дзуттӕгтӕ, стӕй, дзуттаг дин чи райста, уыцы грекъӕгтӕй ӕмӕ «номдзыд сылгоймӕгтӕй» бирӕтӕ зӕрдиагӕй хъуыстой, Павел сын цы хабар хъусын кодта, уымӕ. Библи сӕ «номдзыд сылгоймӕгтӕ» дзӕгъӕлы нӕ хоны. Македонийы сылгоймӕгтӕн адӕмы ’хсӕн уыд стыр кад – ахстой стыр бынӕттӕ, уыди-иу сӕм стыр мулк ӕмӕ стыр бартӕ, уымӕй уӕлдай ма-иу сӕ бон уыд ӕхцайы куыст кӕнын дӕр. Суанг ма-иу сӕ номыл цырттдзӕвӕнтӕ дӕр сӕвӕрдтой. Горӕт Филиппты цӕрӕг хъӕздыг Лидийӕйау Фессалоникӕйы номдзыд сылгоймӕгтӕ дӕр зӕрдиагӕй байхъуыстой Павелмӕ. Уыцы сылгоймӕгтӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты уӕздан бинонтӕй кӕнӕ та сӕ лӕгтӕ ахстой стыр бынӕттӕ (Хъуыддӕгтӕ 16:14, 15; 17:4).

Фӕлӕ уый дзуттӕгты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд ӕмӕ тынг смӕсты сты. Уыдон «цалдӕр фыдзонд лӕджы семӕ ракодтой, адӕмы ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ ӕгас горӕт сызмӕстой» (Хъуыддӕгтӕ 17:5). Цымӕ цавӕр адӕмы ӕрӕмбырд кодтой? Иу библииртасӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдон уыдысты «хӕлд ӕмӕ ницӕйаг». Уымӕй уӕлдай ма уыцы библииртасӕг загъта: «Ӕвӕццӕгӕн сын уӕлдай нӕ уыд, Павел цӕй кой кодта, уый; ацы адӕмы дӕр иннӕтау ӕнцонтӕй уыд смӕсты кӕнын ӕмӕ сардауын, цӕмӕй исты фыдми бакодтаиккой».

Уыцы адӕм «Иасоны [Павелы фысымы] хӕдзармӕ бабырстой, цӕмӕй Павел ӕмӕ Силӕйы адӕммӕ ракодтаиккой». Фӕлӕ Павелы куы не ссардтой, уӕд ацыдысты, цӕмӕй сӕ хъаст хицауадмӕ бахастаиккой. Уыдон «Иасоны ӕмӕ цалдӕр ӕфсымӕры горӕты хицӕутты раз балӕууын кодтой ӕмӕ хъӕр систой: „Уыцы адӕм ӕгас дуне сызмӕстой, ӕмӕ ныр ардӕм дӕр ӕрхӕццӕ сты“» (Хъуыддӕгтӕ 17:5, 6).

Фессалоникӕ уыд Македонийы сӕйраг горӕт, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ Ромы паддзахадӕй лӕвӕрд уыд цавӕрдӕр бартӕ. Зӕгъӕм, иуӕй-иу хъуыддӕгтӕ скъуыддзаг кодтой горӕты цӕрджытӕ сӕхӕдӕг. «Горӕты хицӕуттӕ» * сӕ хъус дардтой, цӕмӕй горӕты мацы змӕстытӕ уыдаид кӕнӕ дзы ахӕмӕй мацы ’рцыдаид, цӕмӕй йын йӕ хъуыддӕгтӕм Ромы хицауады ӕркӕсын бахъуыдаид. Уый тӕссаг уыд, уымӕн ӕмӕ уӕд горӕт йӕ бартӕй ӕнӕхай фӕуыдаид. Уӕдӕ горӕты хицӕуттӕ уыцы «змӕнтджыты» кой куы фехъуыстой, уӕд фӕтарстысты.

Стӕй ма сӕ фӕаххосджын кодтой ноджы стырдӕр фыдракӕнды: «Адон се ’ппӕт дӕр цӕуынц Ромы паддзахы закъӕтты ныхмӕ ӕмӕ дзурынц, зӕгъгӕ, дам, ис ӕндӕр паддзах, Йесо» (Хъуыддӕгтӕ 17:7). Ацы хабары тыххӕй иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ афтӕ уайы, ӕмӕ сӕ аххос уый мидӕг уыд, ӕмӕ «адӕмы змӕстой ӕмӕ сӕ кодтой» паддзахы ныхмӕ. Цӕмӕн уыд афтӕ ахъуыды кӕнӕн? Уыцы чиныджы дарддӕр фыст ис, зӕгъгӕ-иу паддзӕхтӕ «цы зӕххытӕ бацахстой, уым паддзахы ӕвастӕй ӕндӕр паддзахы ном дзурӕн нӕ уыд». Сӕ ныхӕстыл ма сын уый тыххӕй дӕр уыд баууӕндӕн, ӕмӕ Павел паддзах кӕй хуыдта, уыцы Йесойы дӕр ромӕгтӕ байтыгътой, ахӕм фыдракӕнды йӕ кӕй фӕаххосджын кодтой, уый тыххӕй (Лукайы 23:2).

Горӕты хицӕуттӕ скатай сты. Фӕлӕ адӕмы ныхӕстӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ кӕй нӕ уыд ӕмӕ, кӕуыл хъаст кодтой, уыдоны кӕй нӕ ардтой, уымӕ гӕсгӕ «Иасонӕй ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕй се суӕгъд кӕныны тыххӕй, цас хъуыди бафидын, уыйбӕрц ӕхца райстой ӕмӕ сӕ рауагътой» (Хъуыддӕгтӕ 17:8, 9). Иасон ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕ ӕхца кӕй бафыстой, уый горӕты хицӕуттӕн ууыл дзурӕг уыд, Павел горӕтӕй кӕй ацӕудзӕн ӕмӕ фӕстӕмӕ кӕй нал ӕрбаздӕхдзӕн ӕмӕ адӕмы кӕй нал змӕнтдзӕн. Павел афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, дам, мӕ «Сайтан бакъуылымпы кодта» ӕмӕ мӕ Фессалоникӕмӕ ӕрбаздӕхын нӕ бауагъта, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, ацы хабары кой кодта (1 Фессалоникӕгтӕм 2:18).

Хабар афтӕ кӕй рауад, уый тыххӕй Павел ӕмӕ Силӕйы се ’мчырыстӕттӕ ӕхсӕвы Веримӕ арвыстой. Павелмӕ уым дӕр бирӕтӕ хъуыстой. Фессалоникӕйы йӕ ныхмӕ цы дзуттӕгтӕ цыд, уыдон уый куы фехъуыстой, уӕд афтӕ тынг смӕсты сты, ӕмӕ Веримӕ 80 километры бӕрц фӕцыдысты, цӕмӕй сыл адӕмы сардыдтаиккой. Павелы та Верийӕ дӕр ацӕуын бахъуыд. Ацы хатт та йӕ фӕндаг акодта Афинтӕм. Фӕлӕ хорз хабары сӕрыл цы тох райдыдта, уый нӕма фӕци (Хъуыддӕгтӕ 17:10–14).

Цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд ног ӕмбырд?

Фессалоникӕйы фӕзынд ӕмбырд. Фӕлӕ чырыстӕттӕн уым сӕ фӕдыл кӕй зылдысты, уымӕй уӕлдай ма ӕййӕфтой ӕндӕр зындзинӕдтӕ дӕр. Павел сыл тынг мӕт кодта, уымӕн ӕмӕ уыцы горӕты бирӕтӕ куывтой къухӕйконд хуыцӕуттӕн ӕмӕ ӕнӕгъдау цард кодтой. Цымӕ ахӕм уавӕрты сӕ бон бауыдзӕн иузӕрдионӕй баззайын? (1 Фессалоникӕгтӕм 2:17; 3:1, 2, 5).

Фессалоникӕйы чырыстӕттӕ ’мбӕрстой, сӕ горӕты царды хъуыддӕгтыл ӕмӕ дины ’гъдӕуттыл сӕ къух куы сисой, уӕд сӕм сӕ раздӕры ’мбӕлттӕ кӕй мӕсты кӕндзысты ӕмӕ сӕ ныхмӕ кӕй рацӕудзысты, уый (Иоанны 17:14). Уымӕй уӕлдай Фессалоникӕйы уыд тынг бирӕ кувӕндӕттӕ грекъаг хуыцӕутты номыл, зӕгъӕм, Зефсы, Артемидӕйы, Аполлоны ӕмӕ иуӕй-иу египетаг хуыцӕутты номыл. Стӕй ма дзы куывтой паддзахӕн дӕр. Горӕты цӕрджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ хӕс уыд, цӕмӕй паддзахӕн кувынимӕ баст ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кодтаиккой. Чи сӕ не ’ххӕст кодта, уыдоны-иу фӕаххосджын кодтой, Ромы паддзахады ныхмӕ цӕуынц, зӕгъгӕ.

Адӕм мӕнг хуыцӕуттӕн кӕй куывтой, уый сын се ’гъдау бынтондӕр фехӕлдта. Фессалоникӕйы сӕйраг хуыцау Кабирӕн, стӕй Дионисӕн, Афродитӕйӕн ӕмӕ египетаг хуыцау Исидӕйӕн кувыны ӕгъдӕуттӕ баст уыдысты фыднозт ӕмӕ хӕлд митимӕ. Адӕймаг, йӕ цардӕмбал чи нӕ уыд, уыимӕ цардаид кӕнӕ хӕтыдаид, уый диссаг никӕмӕ каст. Чындзы ацӕуыны кӕнӕ ус ракурыны размӕ ӕнӕгъдау цард кӕнын адӕммӕ тӕригъӕдыл нымад нӕ уыд. Фессалоникӕйы цӕрджытыл тынг ӕндӕвта ромаг культурӕ. Иу ахуыргонды ныхӕстӕм гӕсгӕ Ромы паддзахады «нӕлгоймӕгтӕй ӕмӕ сылгоймӕгтӕй бирӕтӕн сӕ куыст уыд адӕмы ӕнӕгъдау фӕндтӕ ӕххӕст кӕнын; дохтыртӕ дӕр дзырдтой, ахӕм фӕндтимӕ тох кӕнын нӕ хъӕуы, зӕгъгӕ». Уӕдӕ диссаг нӕу, Павел Фессалоникӕйы цӕрӕг чырыстӕттӕм кӕй фыста, цӕмӕй «хӕтындзинадӕй сӕхи хызтаиккой», «ӕнӕфсисӕй чъизи монцты фӕдыл» ма цыдаиккой ӕмӕ «чъизи митӕ» ма кодтаиккой (1 Фессалоникӕгтӕм 4:3–8).

Тохы фӕуӕлахиз сты

Фессалоникӕйы чырыстӕтты сӕ уырнындзинады сӕрыл хъуыди ӕппӕт хъарутӕй тох кӕнын. Сӕ ныхмӕ цыдысты, ӕййӕфтой зындзинӕдтӕ, сӕ алыварс цӕрӕг адӕм мӕнг хуыцӕуттӕн куывтой ӕмӕ ӕнӕгъдау цард кодтой. Фӕлӕ сӕ Павел раппӕлыд, уырнындзинадӕй чи цӕуы, ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕй арӕзтой, уарзондзинад сӕм кӕй уыд, фидар кӕй уыдысты ӕмӕ хорз хабар кӕй хъусын кодтой, уый тыххӕй (1 Фессалоникӕгтӕм 1:3, 8).

Н. э. 303 азы чырыстӕтты Ромы паддзахады тынг ӕфхӕрын райдыдтой. Уӕд сӕ карзӕй ӕфхӕрдта паддзах Галерий. Уыцы паддзах цард Фессалоникӕйы ӕмӕ дзы сарӕзта стыр рӕсугъд галуантӕ. Иуӕй-иутӕн дзы сӕ хӕлддзӕгтӕ фенӕн ис абон дӕр.

Нӕ рӕстӕджы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Салоникӕты хорз хабар фӕхъусын кӕнынц уыцы ӕгъатыр паддзахы арӕзт галуанты фарсмӕ. Кӕд 20 ӕнусы дӕргъы Салоникӕты уыд ахӕм рӕстӕджытӕ, ӕмӕ-иу дзы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тынг ӕфхӕрдтой, уӕддӕр дзы ныр ис 60 ӕмбырды. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынц, уымӕй бӕрӕг у, бирӕ ӕнусты размӕ ацы горӕты хорз хабары сӕрыл цы тох райдыдта, уый кӕй нӕма фӕци ӕмӕ ма абон дӕр бирӕтӕ уыцы хабар сӕ зӕрдӕмӕ кӕй исынц.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 11 абз. Павел Фыстадӕй цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста, уыдон абоны Библийы, ӕвӕццӕгӕн, сты Псалом 22:7; 69:21; Исайы 50:6; 53:2–7 ӕмӕ Данелы 9:26 стихтӕ.

^ 16 абз. Ацы дзырд грекъаг литературӕйы никуы ’мбӕлы. Фӕлӕ Фессалоникӕмӕ хӕстӕг ссардтой, н. э. размӕ фыццаг ӕнусы фыст чи ’рцыд ӕмӕ Хъуыддӕгты чиныг раст кӕй у, уый чи бӕлвырд кӕны, ахӕм фыстытӕ.

[Картӕ 18 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

Эгнатийы фӕндаг

МАКЕДОНИ

Филипптӕ

Амфипол

Фессалоникӕ

Вери

ФЕССАЛИ

Эгейы денджыз

АФИНТӔ

[Нывтӕ 20, 21 фӕрстыл]

Уӕлейӕ: Салоникӕтӕ абон

Бынӕй: аркӕтӕ ӕмӕ ромаг абана агорӕйы

[Нывтӕ 21 фарсыл]

Тымбыл галуан Галерийы аркӕйы раз; паддзах Галерийы ныв; хорз хабар хъусын кӕнынц Галерийы аркӕйы раз

[Нывтӕ барлӕвӕрдӕй 18 фарсыл]

Head medallion: © Bibliothèque nationale de France; stone inscription: Thessalonica Archaeological Museum, copyright Hellenic Ministry of Culture and Tourism

[Ныв барлӕвӕрдӕй 20 фарсыл]

Two bottom left images: 16th Ephorate of Prehistoric and Classical Antiquities, copyright Hellenic Ministry of Culture and Tourism

[Ныв барлӕвӕрдӕй 21 фарсыл]

Middle image: Thessalonica Archaeological Museum, copyright Hellenic Ministry of Culture and Tourism