Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Писмо Ирландийӕ

Ахӕм каникултӕ мын никуы уыд!

Ахӕм каникултӕ мын никуы уыд!

«ӔДЗУХ уыцы экзаментыл хъуыды кӕныс, ӕмӕ дӕ иугыццыл баулӕфын хъӕуы,– загътой мын мӕ ныййарджытӕ.– Нӕ хӕстӕджытӕм Ирландимӕ ацӕуӕм. Уым ис, адӕм Хуыцауы ныхас арӕх кӕм нӕ хъусынц бирӕ ахӕм бынӕттӕ, ӕмӕ-иу уырдӕм хорз хабар хъусын кӕнынмӕ ацӕудзыстӕм».

Раст зӕгъгӕйӕ, уыцы хъуыды мӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Иуӕй тыхстӕн мӕ экзаменты тыххӕй, иннӕмӕй та уыцы балцы тыххӕй мӕт кодтон, уымӕн ӕмӕ Английӕ дарддӕр никуы уыдтӕн ӕмӕ хӕдтӕхӕгыл дӕр никуы тахтӕн. Стӕй хъуыды кодтон: ӕз, 17-аздзыд чызг сахуыр дӕн цӕрын, адӕм ӕдзух мӕлдзыджытау ӕмызмӕлд кӕм кӕнынц, уыцы горӕты, Лондоны, ӕмӕ, Ирландийы хуссар-ныгуылӕн кӕрон цы гыццыл сабыр горӕт ис, уырдӕм куы ацӕуӕм, уӕд дзы цы кусдзынӕн?

Фӕлӕ дзӕгъӕлы мӕт кодтон. Нӕ хӕдтӕхӕг куы ’рбадт, ӕмӕ мӕ алыварс куы акастӕн, уӕд Ирланди мӕ зӕрдӕйы ныххауд. Райсомӕй раджы кӕй сыстадыстӕм, уымӕ гӕсгӕ, куыддӕр машинӕйы сбадтыстӕм, афтӕ афынӕй дӕн. Нӕ машинӕ цыди уынгӕг хъӕуккаг уынгты, фӕндаджы фӕрсты та уыд дурӕй амад къул. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу куы фехъал дӕн, уӕд та-иу ауыдтон диссаджы рӕсугъд хӕхтӕ.

Изӕрдалынгты бахӕццӕ стӕм горӕт Скибберинмӕ. Уыцы изӕр уазӕгуаты уыдыстӕм, Ирландимӕ хорз хабар хъусын кӕнынмӕ чи ’рцыд, ахӕм бинонтӕм. Ныхас кодтам Хуыцауы хъуыддӕгты тыххӕй ӕмӕ хъазыдыстӕм иу хъазтӕй: Библийы кӕй кой ис, уыцы адӕмы нӕмттӕ гӕххӕттытыл ныффыстам ӕмӕ сӕ хызыны сӕвӕрдам. Уый фӕстӕ хъуамӕ алчидӕр иу гӕххӕт систаид, ӕмӕ йыл кӕй ном фыст уыд, уыцы адӕймаджы цардӕй исты хабар равдыстаид. Ӕвдисгӕ та йӕ хъуамӕ ракодтаид цӕсгомы, къухты ӕмӕ буары змӕлдӕй, иннӕтӕ та хъуамӕ базыдтаиккой, уыцы адӕймаг чи уыди, уый.

Дыккаг бон ӕз, мӕ ныййарджытӕ, мӕ кӕстӕр ӕфсымӕр, мӕ фыдыхо йӕ лӕгимӕ ӕмӕ ма ноджыдӕр иу бинонтӕ ацыдыстӕм, 30 адӕймаджы бӕрц кӕм цӕры, иу ахӕм сакъадахмӕ, Хейр, зӕгъгӕ. Чырысти дзӕгъӕлы нӕ загъта, хорз хабар хъуыстгонд кӕй хъуамӕ ’рцӕуа ӕгас зӕххы цъарыл дӕр. Уыцы сакъадахы адӕм сты тынг зӕрдӕхӕлар ӕмӕ уазӕгуарзон, ӕмӕ ӕнӕхъӕн бон семӕ Библийы тыххӕй фӕныхас кодтам. Ӕрдзӕй адӕймаджы цӕст йӕхи атонын нӕ куымдта, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау куыддӕриддӕр сфӕлдыста, афтӕмӕй баззад абоны онг дӕр.

Цъӕх-цъӕхид арв уыд авгау сыгъдӕг, ӕмӕ хур цӕхӕртӕ калдта. Хӕхты фӕхстыл зад къутӕртӕ бур-бурид дидинджытимӕ, ӕмӕ сӕ адджын тӕфӕй уӕлдӕф байдзаг. Сакъадахы астӕу цы цъымара бынат уыд, уый алыхуызон уалдзыгон дидинджытӕй нӕ зынд. Былгӕрӕтты кӕм змис уыди, кӕм та – бӕрзонд къӕдзӕхтӕ. Уыцы къӕдзӕхтыл цӕрынц, кӕсӕгтӕ чи ахсы, ахӕм мӕргътӕ сӕ лӕппынтимӕ. «Богъбогъгӕнӕг дон» кӕй хонынц, уыцы донбакӕлӕны, цӕст кӕй онг ӕххӕссыд, уым фенӕн уыд, сӕ фылдӕрыл цӕрӕг кӕмӕн нӕй, бирӕ ахӕм гыццыл сакъадӕхтӕ. Ӕвӕдза, куыд диссаг у Йегъовӕйы сконд дуне!

Ӕмбырды мын фӕзынд бирӕ хорз ӕмбӕлттӕ. Ӕз ма афӕлвӕрдтон, уымӕй размӕ цы нӕ кодтон, уыдӕттӕ дӕр. Зӕгъӕм, мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, каяк кӕй хонынц, ахӕм бӕлӕгъыл ленк кӕнын. Каякыл ленк кӕнгӕйӕ Ирландийы былгӕрӕттӕ афтӕ рӕсугъд зынынц, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй! Иу изӕр ацыдыстӕм кӕсаг ахсынмӕ, фӕлӕ уым цы тюлентӕ федтам, уыдон уыцы хъуыддаджы махӕй сӕрӕндӕр разындысты. Уымӕй уӕлдай ма ӕрхъуыды кодтам, змисыл хъазӕн кӕмӕй ис, ахӕм хъӕзтытӕ. Ӕз ма суанг ирландиаг кӕфтытӕ дӕр акодтон.

Скибберины историйы тыххӕй дӕр цыдӕртӕ базыдтам. 1840-ӕм азты Ирландийы картоф куы не ’рзад, уӕд фыдбон скодта ацы горӕтыл дӕр ӕмӕ, йӕ алыварс цы хъӕутӕ уыд, уыдоныл дӕр. Уыцы заман дзы ӕххормагӕй амард минтӕ: ӕрмӕст дзы иу иумӕйаг ингӕны ныгӕд ис 9 000 адӕймаджы бӕрц. Цы хорз у, тагъд Хуыцауы Паддзахад кӕрон кӕй скӕндзӕн ӕххормагдзинадӕн, стӕй, чи фӕмард, уыдон кӕй райгас уыдзысты ӕмӕ зӕххыл дзӕнӕты кӕй цӕрдзысты.

Мах бынӕттон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ ацыдыстӕм, хорз хабар арӕх хъуыстгонд кӕм нӕ цӕуы, ахӕм дард рӕттӕм. Уынгӕг хӕххон фӕндагыл уырдыгмӕ ныххызтыстӕм, Ирландийы денджызы был хохы фахсыл цы хӕдзӕрттӕ уыд, уыдонмӕ. Ам дӕр адӕм уыдысты хӕларзӕрдӕ ӕмӕ уазӕгуарзон. Уыдонӕн дӕр-иу фыццаг загътам, улӕфынмӕ кӕй ӕрцыдыстӕм ӕмӕ нӕ рӕстӕгӕй кӕй рахицӕн кодтам, цӕмӕй сын фехъусын кӕнӕм, Библийы цы ныфсдӕттӕг хабар ис, уый.

Мӕ мад иу сылгоймагимӕ аныхас кодта ӕмӕ йын радта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй уадзынц, ахӕм журналтӕ, ӕмӕ сӕ уый дӕр ӕхсызгонӕй айста. Цалдӕр боны фӕстӕ та йыл фембӕлдыстӕм, ӕмӕ нын загъта, нӕ журналтӕ йӕ зӕрдӕмӕ кӕй фӕцыдысты.

«Уӕ хорзӕхӕй, журналтӕ та-иу мын ӕрбахӕссут ӕмӕ та аныхас кӕнӕм»,– загъта нын уыцы сылгоймаг. Мах ын бамбарын кодтам, тагъд нӕхимӕ кӕй цӕуӕм, фӕлӕ искӕмӕн кӕй зӕгъдзыстӕм, цӕмӕй йӕ абӕрӕг кӕной.

Сылгоймаг нын загъта: «Иннӕ хатт куы ’рцӕуат, уӕд нӕм-иу ӕнӕмӕнгӕй ӕрбацӕут. Ирландиӕгтӕ адӕймаджы иу хатт куы фенынц, уӕд ӕй цӕрӕнбонтӕм нал ферох кӕнынц!»

Нӕ фӕстаг бон Ирландийы арвыстам денджызы был ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ. Мах ӕрӕмбырд кодтам, уылӕнтӕ былмӕ кӕй раппӕрстой, уыцы сугтӕ, артӕн дуртӕй бынат скодтам ӕмӕ мидитӕ сфыхтам. Мӕнӕн, горӕтаг чызгӕн, ӕппӕт уыдӕттӕ мӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыдысты, ӕмӕ йӕ мӕ бон зӕгъын дӕр нӕу!

Исчи мӕ куы бафӕрсид, Ирландийы цы къуыри арвыстат, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ, уӕд зӕгъин: «Ахӕм каникултӕ мын никуы уыд!» Тынг хорз баулӕфыдыстӕм, фӕлӕ мын ноджы ӕхсызгондӕр та уыд, Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй рухс кодтон ӕмӕ йын йӕ ном кӕй кадджын кодтон. Хуыцауӕн лӕггад кӕнын бирӕ уарзын. Дӕ бинонтӕ ӕмӕ дӕ де ’мбӕлттӕ хорз куы ’мбарой ӕмӕ иу хъуыддагыл хӕст куы уат, уӕд дын уый дӕ циныл цин ӕфтаудзӕн. Хӕдзармӕ куы ӕрыздӕхтыстӕм, уӕд Йегъовӕйӕн бузныг загътон, бирӕ хорз ӕмбӕлттӕ мын кӕй радта ӕмӕ мын ахӕм диссаджы каникултӕ кӕй балӕвар кодта, уый тыххӕй.

[Ныв барлӕвӕрдӕй 25 фарсыл]

An Post, Ireland