Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут

Раздӕр хивӕнд чи уыд, уый сси коммӕгӕс

Раздӕр хивӕнд чи уыд, уый сси коммӕгӕс

Мыййаг хивӕнд ӕмӕ ӕгоммӕгӕс дӕ?~ * Чи зоны, искуы бакастӕ, дӕ ныййарджытӕ дын афтӕ кӕмӕй загътой, ма йӕм кӕс, зӕгъгӕ, ахӕм программӕмӕ. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый фӕстӕ фӕфӕсмон кодтай, сӕ коммӕ кӕй нӕ бакастӕ, уый тыххӕй. Раджы кӕддӕр цард иу хивӕнд адӕймаг, йӕ ном уыд Нееман. Ӕркӕсӕм-ма, цы йын баххуыс кодта, цӕмӕй хивӕнд мауал уыдаид.

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: мах цӕрӕм 3 000 азы размӕ. Нееман у сириаг ӕфсады хицау ӕмӕ йе ’фсӕддонтӕн цы фӕзӕгъы, уый бакӕнынц. Фӕлӕ Нееман фӕрынчын уӕззау низӕй – хъотырӕй. Йӕ буар хъӕдгӕмттӕй нал зыны ӕмӕ йын тынг риссы.

Нееманы усӕн ис иу гыццыл лӕггадгӕнӕг чызг, у Израилӕй. Иу бон ын уыцы чызг загъта, Израилы кӕй ис иу лӕг, Елисей, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ бон кӕй у Нееманы сдзӕбӕх кӕнын. Нееман уый куы фехъуыста, уӕд сфӕнд кодта Елисеймӕ ацӕуын. Йемӕ Израилмӕ ацыдысты йе ’фсӕддонтӕ дӕр ӕмӕ семӕ аластой бирӕ лӕвӕрттӕ. Нееман ацыд Израилы паддзахмӕ, цӕмӕй йын бамбарын кодтаид, цӕмӕн ӕрцыд, уый.

Елисей уый куы базыдта, уӕд паддзахӕн фӕхабар кодта, цӕмӕй йӕм Нееманы рарвыстаид. Нееман Елисейы хӕдзармӕ куы бахӕццӕ, уӕд ӕм Елисей йӕхӕдӕг на рацыд, фӕлӕ йӕм рарвыста йӕ лӕггадгӕнӕджы, цӕмӕй йын загътаид, дӕхи Иорданы цӕугӕдоны авд хатты ныннай, ӕмӕ сдзӕбӕх уыдзынӕ, зӕгъгӕ. Куыд дӕм кӕсы, Нееман уый куы фехъуыста, уӕд цы ахъуыды кодта?~

Нееман смӕсты. Нӕ йӕ бафӕндыд Хуыцауы пехуымпары ныхасмӕ байхъусын, ӕмӕ йе ’фсӕддонтӕн загъта: «Нӕхи цӕугӕдӕттӕ хуыздӕр не сты, ӕмӕ уӕд уым мӕ бон мӕхи ныннайын нӕ уыд?» Нееманы фӕндыд фӕстӕмӕ йӕ бӕстӕмӕ ацӕуын. Фӕлӕ йын йе ’фсӕддонтӕ цы загътой, уый зоныс?~ «Пехуымпар дын зындӕр исты куы кӕнын кодтаид, уӕд ӕй нӕ бакодтаис? Уӕдӕ йӕм цӕуылнӕ байхъусыс, зынӕй дӕ куы ницы агуры?»

Нееман йе ’фсӕддонты ныхасмӕ байхъуыста, ӕмӕ ӕхсӕз хатты йӕхи доны бын фӕкодта. Ӕвдӕм хатт донӕй куы рахызт, уӕд кӕсы, ӕмӕ мӕнӕ диссаг – йӕ буар асыгъдӕг, сдзӕбӕх ис! Уӕд Нееман фӕстӕмӕ Елисеймӕ аздӕхт, цӕмӕй йын бузныг загътаид. Цӕугӕ та фӕкодта 48 километры бӕрц. Йӕ зӕрды уыди Елисейӕн зынаргъ лӕвӕрттӕ скӕнын, фӕлӕ сӕ пехуымпар нӕ бакуымдта.

Уӕд Нееман йӕхӕдӕг Елисейӕ цыдӕр ракуырдта. Цы, уый зоныс?~ Ракуырдта дзы, дыууӕ хӕргӕфсы цас афӕрӕзтаиккой, уыйбӕрц сыджыт. Цымӕ цӕмӕн?~ Фӕндыди йӕ, цӕмӕй, Хуыцауы адӕм, израилӕгтӕ, кӕм цардысты, уыцы бӕстӕйӕ сыджытыл Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ хастаид. Нееман дзырд радта, ӕндӕр хуыцӕуттӕн кӕй нал лӕггад кӕндзӕн, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн. Уӕдӕ кӕд Нееман раздӕр хивӕнд, сӕрбӕрзонд адӕймаг уыд, уӕддӕр аивта ӕмӕ райдыдта ӕцӕг Хуыцауы коммӕ кӕсын.

Дӕ бон куыд у Нееманы бафӕзмын?~ Кӕд дӕумӕ дӕр исты хивӕнд митӕ вӕййы, уӕд дӕуӕн дӕр дӕ бон у Нееманау фӕивын. Иннӕтӕ-иу дын баххуыс кӕнынмӕ куы хъавой, уӕд-иу сӕм байхъус, цӕмӕй хивӕнд митӕ мауал кӕнай.

Дӕ Библийы бакӕс

2 Паддзӕхты 5:1–19

Лукайы 4:27

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Сывӕллонимӕ йӕ куы кӕсай, уӕд ацы нысан (~) цы хъуыдыйады фӕстӕ лӕууа, уым хъӕуы иу гыццыл ӕрлӕууын, цӕмӕй сывӕллон йӕ хъуыды зӕгъа.