Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ у «сусӕгдзинӕдтӕ Ӕргомгӕнӕг»

Йегъовӕ у «сусӕгдзинӕдтӕ Ӕргомгӕнӕг»

«Ӕцӕгдӕр, уӕ Хуыцау у хуыцӕутты Хуыцау, паддзӕхты Хицау ӕмӕ сусӕгдзинӕдтӕ Ӕргомгӕнӕг» (ДАН. 2:47).

1, 2. Йегъовӕ нын цы раргом кодта ӕмӕ цӕмӕн?

ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД зӕххон хицауӕдтӕн кӕрон куы ӕвӕра, уыцы рӕстӕг дунейы цавӕр паддзахӕдтӕ уыдзысты ӕппӕты хъомысджындӕр? Ацы фарстайӕн нын дзуапп радта Йегъовӕ, «сусӕгдзинӕдтӕ Ӕргомгӕнӕг» Хуыцау, ӕмӕ нын ӕй ӕргом та ракодта, пехуымпар Данел ӕмӕ апостол Иоанн цы ныффыстой, уый фӕрцы.

2 Йегъовӕ Данелӕн ӕмӕ Иоаннӕн цӕстылуайӕнты фенын кодта цалдӕр ӕнахуыр сырды. Стӕй ма Данелӕн бамбарын кодта, иу фыны ӕнахуыр стыр гуымиры цӕмӕ амыдта, уый дӕр. Йегъовӕ уыцы хабӕрттӕ ныффыссын кодта мах тыххӕй, цӕмӕй сӕ абон нӕ бон уа Библийы кӕсын (Ром. 15:4). Фӕнды йӕ, цӕмӕй нӕ фидарӕй уырна, тагъд йӕ Паддзахад зӕххон хицауӕдтӕ се ’ппӕт дӕр кӕй ныппырх кӕндзӕн, уый (Дан. 2:44).

3. Цӕмӕй Библийы пехуымпарӕдтӕ бамбарӕм, уый тыххӕй уал фыццаг цы хъуамӕ бамбарӕм ӕмӕ цӕмӕн?

3 Данел ӕмӕ Иоанны пехуымпарӕдты фыст ис аст паддзахы, кӕнӕ хицауады, тыххӕй ӕмӕ сӕ чи кӕй фӕдыл фӕзындзӕн, уый тыххӕй. Фӕлӕ цӕмӕй уыцы пехуымпарӕдтӕ бамбарӕм, уый тыххӕй уал хъуамӕ бамбарӕм Библийы фыццаг пехуымпарад. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Библи ӕнӕхъӕнӕй, стӕй дзы цы пехуымпарӕдтӕ фыст ис, уыдон иууылдӕр баст сты уыцы пехуымпарадимӕ.

КАЛМЫ БАЙЗӔДДАГ ӔМӔ СЫРД

4. Сылгоймаджы байзӕддагмӕ чи хауы ӕмӕ уыцы байзӕддаг цы сараздзӕн?

4 Едемы цӕхӕрадоны Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр Йегъовӕ загъта, «сылгоймагӕн» кӕй уыдзӕн «байзӕддаг» *. (Бакӕс Райдиан 3:15.) Уыцы байзӕддаг калмӕн, ома Сайтан Хӕйрӕгӕн, йӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн. Фӕстӕдӕр Йегъовӕ раргом кодта, уыцы байзӕддаг кӕй рацӕудзӕн Авраамӕй, кӕй уыдзӕн Израилы адӕмӕй, Иудӕйы мыггагӕй ӕмӕ паддзах Давиды хӕдзарвӕндагӕй (Райд. 22:15–18; 49:10; Пс. 89:3, 4; Лук. 1:30–33). Уыцы байзӕддаг сӕйраджыдӕр у Йесо Чырысти (Гал. 3:16). Стӕй ма уыцы байзӕддагмӕ хауынц сӕрст чырыстӕттӕ дӕр (Гал. 3:26–29). Йесо Чырысти ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕ иумӕ сты Хуыцауы Паддзахады. Уыцы Паддзахады фӕрцы Хуыцау фесафдзӕн Сайтаны (Лук. 12:32; Ром. 16:20).

5, 6. а) Данел ӕмӕ Иоанн цал хъомысджын хицауады кой кӕнынц? ӕ) Раргомады чиныджы цы сырды кой цӕуы, уымӕн йӕ сӕртӕ кӕмӕ амонынц?

5 Едемы цӕхӕрадоны Йегъовӕ цы пехуымпарад загъта, уым ма дзырд цыди, калмӕн дӕр, ома Хӕйрӕгӕн, кӕй уыдзӕн «байзӕддаг» ӕмӕ уый сылгоймаджы байзӕддагмӕ знаджы цӕстӕй кӕй кӕсдзӕн, кӕнӕ дзы йе сӕфт кӕй уындзӕн. Ӕмӕ чи у калмы байзӕддаг? Хӕйрӕгау Хуыцауӕй йе сӕфт чи уыны ӕмӕ йын йӕ адӕмы ныхмӕ чи цӕуы, уыдон се ’ппӕт дӕр. Цард куыд равдыста, афтӕмӕй-иу Хӕйрӕг йӕ байзӕддагӕн скӕнын кодта алыхуызон хицауӕдтӕ, кӕнӕ паддзахӕдтӕ (Лук. 4:5, 6). Фӕлӕ уыцы хицауӕдтӕй ӕрмӕстдӕр иуӕй-иутӕ цыдысты комкоммӕ Хуыцауы адӕмы ныхмӕ, ома Израилы адӕмы ныхмӕ кӕнӕ сӕрст чырыстӕтты къорды ныхмӕ. Ацы хабармӕ хъус ӕрдарын цӕмӕн хъӕуы? Уымӕн ӕмӕ уӕд бамбардзыстӕм, Данелы ӕмӕ Иоанны цӕстылуайӕнты ӕрмӕстдӕр аст хъомысджын хицауады кой цӕмӕн ис, уый.

6 Н. э. 1 ӕнусы кӕрон Йесо апостол Иоаннӕн фенын кодта диссаджы цӕстылуайӕнтӕ (Рарг. 1:1). Уыцы цӕстылуайӕнтӕй иуы Иоанн федта, денджызы был кӕй лӕууыд залиаг калм. Уыцы залиаг калм амоны Хӕйрӕгмӕ. (Бакӕс Раргомад 12:17–13:2.) Иоанн ма федта, денджызӕй кӕй рацӕйхызт ӕнахуыр сырд. Уыцы сырдӕн уыди авд сӕры ӕмӕ йын Хӕйрӕг стыр бартӕ радта. Фӕстӕдӕр Иоанн федта сырх-сырхид сырды, уымӕн дӕр уыди авд сӕры. Уыцы сырх-сырхид сырд уыди, Раргомады 13:1 цы сырды кой ис, уымӕн йӕ «ныв». Зӕд Иоаннӕн загъта, уыцы сырх-сырхид сырдӕн йӕ авд сӕры кӕй амонынц «авд паддзахмӕ», кӕнӕ хицауадмӕ (Рарг. 13:14, 15; 17:3, 9, 10). Иоанн Раргомады чиныг куы фыста, уӕдмӕ уыцы «паддзӕхтӕй» фондз нал уыдысты, иу дзы уыд уыцы рӕстӕджы, иннӕ та «нӕма ӕрцыд». Уыцы хицауӕдтӕ, кӕнӕ дунеон паддзахӕдтӕ, чи уыдысты? Ӕркӕсӕм, Раргомады чиныджы цы сырды кой цӕуы, уымӕн йӕ авд сӕрӕй алкӕцыдӕр кӕмӕ амоны, уымӕ. Уыцы дунеон паддзахӕдты тыххӕй ма фылдӕр базондзыстӕм Данелы чиныгӕй дӕр. Кӕцыдӕрты тыххӕй дзы Данел лыстӕг хабӕрттӕ ныффыста, куы фӕзындысты, уымӕй ӕнустӕ раздӕр.

ЕГИПЕТ ӔМӔ АССИРИ – ФЫЦЦАГ ДЫУУӔ СӔРЫ

7. Сырдӕн йӕ фыццаг сӕр кӕмӕ амоны ӕмӕ цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн?

7 Сырдӕн йӕ фыццаг сӕр амоны Египетмӕ. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ, Хуыцауы адӕммӕ знаджы цӕстӕй чи каст, уыцы хъомысджын паддзахӕдтӕй фыццаг уыд Египет. Хуыцау куыд загъта, афтӕмӕй сылгоймаджы байзӕддаг хъуамӕ рацыдаид Авраамӕй. Ӕмӕ Авраамы байзӕддӕгтӕ та уыдысты израилӕгтӕ. Израилӕгтӕ Египеты куы ӕрцардысты ӕмӕ уым куы сбирӕ сты, уӕд сӕ египетӕгтӕ карзӕй ӕфхӕрын райдыдтой. Хӕйрӕг архайдта, цӕмӕй Хуыцауы адӕмы зӕххы цъарӕй фесӕфтаид, цалынмӕ байзӕддаг нӕ фӕзынд, уӕдмӕ. Цы сарӕзта уый тыххӕй? Хӕйрӕг фараоны уылты бацархайдта, цӕмӕй израилаг ноггуырд лӕппуты се ’ппӕты дӕр ныццагътаид. Фӕлӕ Йегъовӕ уыцы фӕнд фехӕлдта ӕмӕ йӕ адӕмы Египетӕй ссӕрибар кодта (Рац. 1:15–20; 14:13). Фӕстӕдӕр та сӕ бакодта Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ.

8. Сырдӕн йӕ дыккаг сӕр кӕмӕ амоны ӕмӕ цӕуыл архайдта?

8 Сырдӕн йӕ дыккаг сӕр амоны Ассиримӕ. Ацы хъомысджын паддзахад дӕр архайдта Хуыцауы адӕмы фесафыныл. Куыд зонӕм, афтӕмӕй Йегъовӕ Ассирийӕ спайда кодта, цӕмӕй Израилы дӕс мыггаджы бафхӕрдтаид, мӕнг хуыцӕуттӕн кувыныл кӕй бафтыдысты ӕмӕ йӕм кӕй нал хъуыстой, уый тыххӕй. Фӕлӕ стӕй ассириӕгты ӕфсад рацыд, цӕмӕй бацахстаид Иерусалим. Ӕвӕццӕгӕн, Сайтан хъавыд, Йесо Чырысти кӕмӕй хъуамӕ рацыдаид, уыцы паддзӕхты хӕдзарвӕндаг фесафынмӕ. Фӕлӕ, Иерусалим ныппырх кодтаиккой, уый Йегъовӕйы фӕнд нӕ уыд. Гъемӕ Ассирийы ӕфсад ныццагъта ӕмӕ афтӕмӕй йӕ иузӕрдион адӕмы фервӕзын кодта (2 Пад. 19:32–35; Ис. 10:5, 6, 12–15).

ВАВИЛОН – ӔРТЫККАГ СӔР

9, 10. а) Йегъовӕ вавилойнӕгты цы бауагъта бакӕнын? ӕ) Цӕмӕй кӕцыдӕр пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст уыдаиккой, уый тыххӕй уал цы хъуамӕ ӕрцыдаид?

9 Иоанн цы сырды федта, уымӕн йӕ ӕртыккаг сӕр амоны Вавилоны паддзахадмӕ. Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй вавилойнӕгтӕ Иерусалим бацахстаиккой ӕмӕ йын йӕ адӕмы уацары акодтаиккой. Фӕлӕ уал уый размӕ йӕ ӕгоммӕгӕс адӕмы бафӕдзӕхста, ахӕм хабар сӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй (2 Пад. 20:16–18). Стӕй ма рагацау загъта, сӕ паддзӕхтӕн уый бар кӕй нал ратдзӕн, цӕмӕй Иерусалимы «Йегъовӕйы паддзахбадӕныл» бадой (1 Аз. 29:23). Фӕлӕ ма Йегъовӕ афтӕ дӕр загъта, паддзах Давиды хӕдзарвӕндагӕй кӕй рацӕудзӕн, «бар кӕмӕн ис, уый», ома, Йегъовӕйы паддзахбадӕныл чи ӕрбаддзӕн, уый (Йез. 21:25–27).

10 Иу пехуымпарады та дзырд цыди, зӕрдӕвӕрд Мессийӕ куы ӕрцӕуа, уӕд дзуттӕгтӕ Хуыцауӕн Иерусалимы кувӕндоны кӕй лӕггад кӕндзысты (Дан. 9:24–27). Вавилойнӕгтӕ израилӕгты уацары куы нӕма акодтой, уӕд ма фыст ӕрцыд ӕндӕр пехуымпарад дӕр, ӕмӕ уыцы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ Мессийӕ хъуамӕ райгуырдаид Вифлеемы (Мих. 5:2). Цӕмӕй уыцы пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст уыдаиккой, уый тыххӕй дзуттӕгтӕ хъуамӕ уацарӕй ссӕрибар уыдаиккой, фӕстӕмӕ сӕ зӕхмӕ ӕрыздӕхтаиккой ӕмӕ кувӕндон ногӕй сарӕзтаиккой. Фӕлӕ вавилойнӕгтӕм ахӕм ӕгъдау нӕ уыд, цӕмӕй-иу сӕ уацайрӕгты ссӕрибар кодтаиккой. Уӕдӕ Хуыцауы адӕм фӕстӕмӕ сӕ зӕхмӕ куыд хъуамӕ ӕрыздӕхтаиккой? Йегъовӕ уый раргом кодта йӕ пехуымпартӕн (Амос 3:7).

11. Данелы чиныджы ӕмӕ Раргомады чиныджы Вавилоны паддзахад цӕмӕй ӕрцыд ӕвдыст? (Кӕс фиппаинаг.)

11 Вавилонмӕ уацары кӕй акодтой, уыцы дзуттӕгтӕй иу уыд пехуымпар Данел (Дан. 1:1–6). Йегъовӕ Данелӕн раргом кодта, Вавилоны фӕстӕ ма иу иннӕйы фӕдыл кӕй фӕзындзӕн ӕндӕр дунеон паддзахӕдтӕ дӕр. Уыцы сусӕгдзинӕдтӕ Йегъовӕ раргом кодта алыхуызон нысӕнтты фӕрцы. Зӕгъӕм, Навуходоносорӕн фыны фенын кодта ӕнахуыр стыр гуымиры, конд уыд алыхуызон ӕрмӕгӕй. (Бакӕс Данелы 2:1, 19, 31–38.) Йегъовӕ Данелы уылты раргом кодта, уыцы гуымирыйӕн йӕ сызгъӕрин сӕр Вавилоны паддзахадмӕ кӕй амоны *. Вавилоны фӕстӕ цы дунеон паддзахад хъуамӕ фӕзындаид, уый ӕвдыст уыд уыцы гуымирыйӕн йӕ риу ӕмӕ къухтӕй, уыдысты ӕвзистӕй конд. Цымӕ уый цавӕр паддзахад разынд ӕмӕ Хуыцауы адӕммӕ цы цӕстӕй каст?

МИДО-ПЕРС – ЦЫППӔРӔМ СӔР

12, 13. а) Вавилон кӕй басӕтдзысты, уый тыххӕй Йегъовӕ цы раргом кодта? ӕ) Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, сырдӕн йӕ цыппӕрӕм сӕр Мидо-Персы паддзахадмӕ кӕй амоны?

12 Вавилоны паддзахад чи хъуамӕ басастаид, уыцы дунеон паддзахады тыххӕй Йегъовӕ Данелы заманӕй сӕдӕ азы раздӕр пехуымпар Исайы уылты раргом кодта ахсджиаг хабӕрттӕ. Вавилон куыд басӕтдзысты, Йегъовӕ ӕрмӕст уый нӕ загъта, фӕлӕ ма йӕ чи басӕтдзӕн, уый ном дӕр. Уый уыд Кир, персайнаг паддзах (Ис. 44:28–45:2). Мидо-Персы дунеон паддзахады тыххӕй ма Данел федта ноджыдӕр дыууӕ цӕстылуайӕны. Иуы дзы ацы паддзахад ӕвдыст уыд арсы хуызӕн, йӕ иу фарс уыд хӕрдмӕ ист. Уымӕн загъд уыд, «бирӕ дзидза хӕр», зӕгъгӕ (Дан. 7:5). Иннӕ цӕстылуайӕны та Данел федта, дыууӕ сыкъа кӕмӕн уыд, ахӕм фыр, ӕмӕ уый дӕр амыдта ацы дунеон паддзахадмӕ (Дан. 8:3, 20).

13 Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ Мидо-Персы паддзахад басаста Вавилон ӕмӕ израилӕгтӕн бар радта, цӕмӕй фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн зӕхмӕ ацыдаиккой. Ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕ йӕ пехуымпарад сӕххӕст кодта (2 Аз. 36:22, 23). Фӕлӕ фӕстӕдӕр Мидо-Персы паддзахад архайдта Хуыцауы адӕмы фесафыныл. Есфиры чиныджы фыст ис, Аман, Персы паддзахы фӕстӕ дыккаг лӕг чи уыд, уый, кӕй сфӕнд кодта, уыцы стыр паддзахады цы дзуттӕгтӕ цард, уыдоны се ’ппӕты дӕр фесафын. Аманы ныхасмӕ гӕсгӕ Персы паддзахады цӕрӕг адӕм хъуамӕ дзуттӕгты ныццагътаиккой. Фӕлӕ та ацы хатт дӕр Йегъовӕ йӕ адӕмы бахъахъхъӕдта, йе сӕфт сӕ чи уыдта, уымӕй – Сайтаны байзӕддагӕй (Есф. 1:1–3; 3:8, 9; 8:3, 9–14). Уӕдӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, Раргомады цы сырды кой цӕуы, уымӕн йӕ цыппӕрӕм сӕр кӕй амоны Мидо-Персы паддзахадмӕ.

ГРЕЦИ – ФӔНДЗӔМ СӔР

14, 15. Рагон Грецийы паддзахады тыххӕй Йегъовӕ цавӕр лыстӕг хабӕрттӕ раргом кодта?

14 Раргомады цы сырды кой цӕуы, уымӕн йӕ фӕндзӕм сӕр амоны Грецимӕ. Ӕмӕ, Данел Навуходоносорӕн цы фын райхӕлдта, уым гуымирыйӕн йӕ ӕрхуыйӕ конд гуыбын ӕмӕ синтӕ дӕр амыдтой уыцы паддзахадмӕ. Данел ма йӕхӕдӕг цы дыууӕ цӕстылуайӕны федта, уыдонӕй уыцы дунеон паддзахады тыххӕй ӕмӕ йӕ номдзыддӕр паддзахы тыххӕй базыдта бӕлвырд хабӕрттӕ.

15 Уыцы цӕстылуайӕнтӕй иуы Данел федта фыранчы хуызӕн сырды цыппар базыримӕ. Уыцы фыранк амыдта Грецимӕ, йӕ цыппар базыры та – цыбыр рӕстӕгмӕ бирӕ бӕстӕтӕ кӕй бацахсдзӕн, уымӕ (Дан. 7:6). Иннӕ цӕстылуайӕны та федта, иу стыр сыкъа кӕмӕн уыд, ахӕм цӕу. Уыцы цӕу ӕвиппайды афӕлдӕхта, дыууӕ сыкъайы кӕмӕн уыд, уыцы фыры, ома Мидо-Персы паддзахад. Йегъовӕ Данелӕн бамбарын кодта, уыцы цӕу Грецимӕ кӕй амыдта, йе стыр сыкъа та – Грецийы паддзӕхтӕй сӕ иумӕ. Данел ма ныффыста, стыр сыкъа кӕй асаст ӕмӕ йӕ бынаты кӕй рацыд цыппар сыкъайы. Кӕд ацы ныхӕстӕ фыст ӕрцыдысты, Греци дунеон паддзахад куы сси, уымӕй сӕдӕ азтӕ раздӕр, уӕддӕр суанг лыстӕг хабӕртты онг сӕххӕст сты. Цӕуӕн йе стыр сыкъа уыд Македойнаг Алыксандр, рагон Грецийы номдзыддӕр паддзах. Уый йе ’фсадимӕ Мидо-Персы паддзахады ныхмӕ схӕцыд. Фӕлӕ Алыксандрыл 32 азы йеддӕмӕ куы нӕ цыд ӕмӕ йӕ тӕккӕ тыхы куы уыд, уӕд ӕнӕнхъӕлӕджы амард, ӕмӕ афтӕмӕй уыцы стыр сыкъа асаст. Йӕ мӕлӕты фӕстӕ йын йӕ паддзахад адих кодтой йе ’фсады цыппар сӕргълӕууӕджы. (Бакӕс Данелы 8:20–22.)

16. Антиох Цыппӕрӕм цы сарӕзта?

16 Греци Персы паддзахад куы басаста, уӕд, Хуыцауы адӕм цы зӕххыл цардысты, уымӕн дӕр хицау сси. Уыцы рӕстӕгмӕ дзуттӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ фӕстӕмӕ ӕрыздӕхтысты ӕмӕ Иерусалимы кувӕндон ногӕй сарӕзтой. Уӕд дзуттӕгтӕ нырма Хуыцауы ӕвзӕрст адӕм уыдысты ӕмӕ кувӕндон та уыди, адӕм ӕцӕг Хуыцауӕн кувынмӕ кӕдӕм цыдысты, уыцы бынат. Фӕлӕ н. э. размӕ 2 ӕнусы Греци, сырдӕн йӕ фӕндзӕм сӕр, рацыд Хуыцауы адӕмы ныхмӕ. Антиох Цыппӕрӕм, Алыксандры паддзахад чи адих кодта, уыцы цыппар сӕргълӕуджытӕй сӕ иуы байзӕддаг, Иерусалимы кувӕндоны кӕрты сӕвӕрдта мӕнг хуыцауы нывондхӕссӕн ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй, дзуттаг диныл хӕст чи уыд, уыдоны ныццагътаиккой. Афтӕмӕй та Сайтаны байзӕддаг ногӕй Хуыцауы адӕмы ныхмӕ рацыд. Фӕлӕ тагъд рӕстӕджы Грецийы раивта ӕндӕр дунеон паддзахад. Чи уыд сырдӕн йе ’хсӕзӕм сӕр?

РОМ – ӔХСӔЗӔМ СӔР, ЗӔРДӔЙЫ ТАС ЧИ УАГЪТА, УЫЙ

17. Сырдӕн йӕ ӕхсӕзӕм сӕр Райдианы 3:15 фыст пехуымпарадӕн йӕ кӕцы ахсджиаг хай сӕххӕст кодта?

17 Иоанн цӕстылуайӕны сырды куы федта, уӕд дунеон паддзахад уыд Ром (Рарг. 17:10). Уыцы сырдӕн йӕ ӕхсӕзӕм сӕр амыдта Ромы паддзахадмӕ, ӕмӕ, Райдианы 3:15 цы пехуымпарад фыст ис, уымӕн йӕ иу ахсджиаг хай сӕххӕст кодта уыцы паддзахад. Сайтан спайда кодта ромаг хицӕуттӕй, цӕмӕй сылгоймаджы байзӕддагӕн «йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцыдаид». Уыцы хабар куыд ӕрцыд? Йесойы фӕаххосджын кодтой, паддзахады ныхмӕ цӕуы, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын ромӕгтӕ мӕлӕты тӕрхон рахастой ӕмӕ йӕ амардтой (Матф. 27:26). Фӕлӕ байзӕддаджы зӕвӕт тагъд байгас, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ Йесойы райгас кодта.

18. а) Йегъовӕ цавӕр ног адӕм равзӕрста ӕмӕ цӕмӕн? ӕ) Калмы байзӕддаг сылгоймаджы байзӕддаджы ныхмӕ дарддӕр куыд цыди?

18 Израилы дины разамонджытӕ ромаг хицӕуттӕн сӕ къух сарӕзтой, цӕмӕй Йесойы амардтаиккой. Стӕй дзуттӕгтӕн дӕр сӕ фылдӕр Йесойы Мессийӕйыл нӕ банымадтой. Уый тыххӕй Йегъовӕ израилӕгты йе ’взӕрст адӕмыл нал нымадта (Матф. 23:38; Хъуыд. 2:22, 23). Ӕмӕ уӕд равзӕрста ног адӕм – «Хуыцауы Израил» (Гал. 3:26–29; 6:16). Уыцы ног адӕм уыдысты сӕрст чырыстӕттӕ – дзуттӕгтӕй ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕй (Еф. 2:11–18). Йесо куы райгас, уый фӕстӕ дӕр калмы байзӕддаг сылгоймаджы байзӕддагӕй йе ’сӕфт уыдта ӕмӕ йӕ ныхмӕ цыди. Зӕгъӕм, Ромы хицауад иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ архайдта, сылгоймаджы байзӕддагмӕ чи хауд, уыцы чырыстӕтты ӕмбырд фесафыныл *.

19. а) Данел ӕхсӕзӕм дунеон паддзахады тыххӕй цы ныффыста? ӕ) Иннӕ статьяйы дзуапп цавӕр фарстатӕн базондзыстӕм?

19 Данел Навуходоносорӕн цы фын райхӕлдта, уым гуымирыйы ӕфсӕйнаг къӕхтӕ амыдтой Роммӕ (Дан. 2:33). Данел цы цӕстылуайӕн федта, уым та ӕвдыст уыд ӕрмӕст Ромы паддзахад нӕ, фӕлӕ ма уымӕй цы дунеон паддзахад хъуамӕ равзӕрдаид, уый дӕр. (Бакӕс Данелы 7:7, 8.) Сӕдӕ азты дӕргъы Ромы паддзахад йе знӕгты «зӕрдӕйы тас уагъта, уыд ӕвирхъау ӕмӕ ӕнахуыр тыхджын». Фӕлӕ пехуымпарадмӕ гӕсгӕ уыцы паддзахадӕй хъуамӕ рацыдаид «дӕс сыкъайы». Стӕй та се ’хсӕн хъуамӕ фӕзындаид «ноджыдӕр иу сыкъа, гыццыл сыкъа», ӕмӕ уый хъуамӕ суыдаид иннӕтӕй тыхджындӕр. Уыцы дӕс сыкъайы ӕмӕ гыццыл сыкъа кӕмӕ амонынц? Ӕмӕ уыцы гыццыл сыкъа, Навуходоносор фыны цы гуымиры федта, уымӕн йӕ кӕцы хаимӕ у баст? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм, 14 фарсыл чи ис, уыцы статьяйӕ.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 4 абз. Уыцы сылгоймаг амоны, Йегъовӕйӕн уӕлӕрвты чидӕриддӕр лӕггад кӕны, уыдонмӕ. Библи сӕ ӕмткӕй хоны Йегъовӕйы ус (Ис. 54:1; Гал. 4:26; Рарг. 12:1, 2).

^ 11 абз. Данелы чиныджы цы гуымирыйы кой ис, уымӕн йӕ сӕр ӕмӕ, Раргомады чиныджы цы сырды кой ис, уымӕн йе ’ртыккаг сӕр амонынц Вавилонмӕ. (Кӕс 12, 13 фӕрстӕ.)

^ 18 абз. Ромӕгтӕ н. э. 70 азы Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд израилӕгтӕ Хуыцауы ӕвзӕрст адӕм нал уыдысты. Уӕдӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ, Иерусалим кӕй ныппырх кодтой, уымӕй Райдианы 3:15 фыст пехуымпарад кӕй сӕххӕст.

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]