Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ ӕргом кӕны, «тагъд рӕстӕджы цытӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдӕттӕ»

Йегъовӕ ӕргом кӕны, «тагъд рӕстӕджы цытӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдӕттӕ»

«Ам цы хабӕрттӕ ис фыст, уыдон Хуыцау раргом кодта Йесо Чырыстийы уылты, цӕмӕй йӕ цагъартӕн равдиса, тагъд рӕстӕджы цытӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдӕттӕ» (РАРГ. 1:1).

1, 2. а) Данелы ӕмӕ Иоанны пехуымпарӕдтӕ кӕрӕдзиимӕ куы абарӕм, уӕд цы бамбардзыстӕм? ӕ) Сырды фыццаг ӕхсӕз сӕры кӕцы паддзахӕдтӕм амыдтой?

ДАНЕЛЫ ӕмӕ Иоанны пехуымпарӕдтӕ кӕрӕдзиимӕ куы абарӕм, уӕд бамбардзыстӕм, дунейы абон цы хабӕрттӕ цӕуы ӕмӕ фидӕны цы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уыдонӕй бирӕтӕ. Иоанн цӕстылуайӕны федта, авд сӕры кӕмӕн уыд, ахӕм сырды, Данел та – дӕс сыкъайы кӕмӕн уыд, ахӕм сырды. Стӕй ма Данел бамбарын кодта, паддзах Навуходоносор фыны кӕй федта, уыцы ӕнахуыр стыр гуымиры цӕмӕ амыдта, уый дӕр. Уыцы цӕстылуайӕнтӕ кӕрӕдзиимӕ куы абарӕм, уӕд цы базондзыстӕм? Ӕмӕ нӕ ацы пехуымпарӕдтӕ цӕмӕ хъуамӕ разӕнгард кӕной?

2 Бӕстондӕр аныхас кӕнӕм, Иоанн цӕстылуайӕны цы сырды федта, ууыл (Рарг., 13 сӕр). Айразмӕйы статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй сырды фыццаг ӕхсӕз сӕры амонынц Египет, Ассири, Вавилон, Мидо-Перс, Греци ӕмӕ Роммӕ. Уыдон се ’ппӕт дӕр сылгоймаджы байзӕддагӕй се сӕфт уыдтой ӕмӕ йӕ ныхмӕ цыдысты (Райд. 3:15). Иоанн йӕ цӕстылуайӕны тыххӕй куы фыста, уыцы рӕстӕг ӕмӕ ма уый фӕстӕ дӕр сӕдӕ азты дӕргъы Ром уыди дунеон паддзахад. Фӕлӕ ма уыцы сырдӕн ӕвдӕм сӕр дӕр кӕй уыд, уымӕй бӕрӕг у, Ромы паддзахад ӕндӕр паддзахад кӕй хъуамӕ раивтаид. Уӕдӕ уыцы ӕвдӕм сӕр та цавӕр дунеон паддзахад разынд ӕмӕ сылгоймаджы байзӕддагмӕ цы цӕстӕй каст?

ВЕЛИКОБРИТАНИ ӔМӔ АМЕРИКӔЙЫ ИУГОНД ШТАТТӔ СИСТЫ ХЪОМЫСДЖЫН ПАДДЗАХӔДТӔ

3. Дӕс сыкъайы кӕмӕн уыд, уыцы ӕвирхъау сырд кӕмӕ амоны? Йӕ дӕс сыкъайы та кӕмӕ амонынц?

3 Уӕдӕ, Раргомады чиныджы 13 сӕры цы сырды кой ис, уымӕн йӕ ӕвдӕм сӕр кӕмӕ амоны, уый куыд базонӕм? Иоанн цы ныффыста, уый абарӕм, Данел ӕвирхъау дӕссыкъаджын сырды тыххӕй цы ныффыста, уыимӕ *. (Бакӕс Данелы 7:7, 8, 23, 24.) Данел цы сырды федта, уый амоны Ромы дунеон паддзахадмӕ. (Кӕс ныв 12, 13 фӕрстыл). Н. э. 5 ӕнусы Ромы паддзахад райдыдта къаддӕр паддзахӕдтыл дихтӕ кӕнын. Ӕмӕ сырдӕн йӕ дӕс сыкъайы амонынц, Ромы паддзахадӕй цы паддзахӕдтӕ равзӕрд, уыдонмӕ.

4, 5. а) Гыццыл сыкъа цы сарӕзта? ӕ) Сырды ӕвдӕм сӕр чи сси?

4 Данелы пехуымпарады цы дӕс сыкъайы кой ис, уыдоны ’хсӕн ма фӕзынд иу гыццыл сыкъа ӕмӕ уыцы дӕс сыкъайӕ ӕртӕ раппӕрста. Уыцы хабар куыд сӕххӕст? Великобритани, раздӕр Ромы паддзахады дӕлбар чи уыд, уыцы бӕстӕ, сси хъомысджын паддзахад. Испани, Нидерландтӕ ӕмӕ Франци дӕр раздӕр уыдысты Ромы паддзахады дӕлбар, ӕмӕ 17 ӕнусы онг уыдон уыдысты Великобританийӕ хъомысджындӕр. Фӕлӕ сӕ Великобритани иу иннӕйы фӕдыл «раппӕрста», ома сыл фӕуӕлахиз ӕмӕ уыдонӕй хъомысджындӕр сси. 18 ӕнусы ӕмбисӕй фӕстӕмӕ Великобритани хъомысджынӕй-хъомысджындӕр кодта. Фӕлӕ уӕд сырдӕн йӕ ӕвдӕм сӕр нӕма сси.

5 Кӕд Великобритани дунейы ӕппӕты хъомысджындӕр паддзахад сси, уӕддӕр, Цӕгат Америкӕйы йын цы колонитӕ уыд, уыдон сызмӕстой ӕмӕ скодтой хицӕн бӕстӕ – Америкӕйы Иугонд Штаттӕ. Фӕлӕ Великобритани бауагъта, цӕмӕй уыцы ног паддзахад размӕ рацыдаид, суанг ма сӕ йӕ хӕстон науты фӕрцы хъахъхъӕнгӕ дӕр кодта. 1914 азы нӕ Хицау Йесойы бон куы райдыдта, уӕдмӕ Великобританийӕн цас зӕххытӕ уыд, уыйбӕрц иу паддзахадӕн дӕр никуыма уыд, ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штатты та цас заводтӕ ӕмӕ фабрикӕтӕ уыд, уыйбӕрц ӕндӕр никӕцы бӕстӕйы уыд *. Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг Иугонд Штаттӕ Великобританиимӕ бадзырд скодтой ӕмӕ иумӕ архайын райдыдтой. Уымӕ гӕсгӕ сӕ рауад иу дунеон паддзахад – Англо-Америкаг дунеон паддзахад. Уый уыд сырды ӕвдӕм сӕр. Уыцы паддзахад сылгоймаджы байзӕддагмӕ цы цӕстӕй каст?

6. Ӕвдӕм сӕр Хуыцауы адӕммӕ цы цӕстӕй каст?

6 Хицау Йесойы боны райдианӕй гыццыл фӕстӕдӕр ӕвдӕм сӕр рацыд Хуыцауы адӕмы ныхмӕ, ома, Чырыстийы ӕфсымӕртӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдоны ныхмӕ (Матф. 25:40). Чырысти цы дзырдта, уымӕй бӕрӕг у, уӕлӕрвты паддзах куы хъуамӕ суыдаид, уыцы рӕстӕг сылгоймаджы байзӕддагӕй чидӕртӕ зӕххыл кӕй хъуамӕ уыдаиккой ӕмӕ сын цы куыст бахӕс кодта, уый кӕй хъуамӕ кодтаиккой (Матф. 24:45–47; Гал. 3:26–29). Англо-Америкаг дунеон паддзахад тох кодта уыцы сыгъдӕджытимӕ (Рарг. 13:3, 7). Зӕгъӕм, Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг уыцы паддзахад Хуыцауы адӕмы ӕфхӕрдта, сӕ публикацитӕй сын кӕцыдӕртӕ парахат кӕнын нал уагъта ӕмӕ сын сӕ хъуыддагӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уыдоны ахӕстоны сбадын кодта. Афтӕ зынди, цыма сырдӕн йӕ ӕвдӕм сӕр хъусын кӕныны хъуыддагӕн йӕ хурхыл бахӕцыд. Ахӕм хабар кӕй ӕрцӕудзӕн, уый Йегъовӕ зыдта ӕмӕ йӕ Иоаннӕн цӕстылуайӕны раргом кодта. Фӕлӕ ма йын Хуыцау загъта, уыцы сыгъдӕджытӕ, ома, сылгоймаджы байзӕддагмӕ чи хауд, уыдон, кӕй райгас уыдзысты, ома ногӕй хъусын кӕнын кӕй райдайдзысты (Рарг. 11:3, 7–11). Ӕмӕ куыддӕриддӕр Йегъовӕ загъта, афтӕ рауад: сылгоймаджы байзӕддагӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдон та ногӕй райдыдтой зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын.

АНГЛО-АМЕРИКАГ ДУНЕОН ПАДДЗАХАД ӔМӔ ГУЫМИРЫЙЫ КЪӔХТӔ ФАДХЪУЛТӔЙ ДӔЛӔМӔ

7. Сырды ӕвдӕм сӕр ӕмӕ ӕнахуыр стыр гуымирыйы ’хсӕн иумӕйагӕй цы ис?

7 Сырды ӕвдӕм сӕр ӕмӕ ӕнахуыр стыр гуымирыйы ’хсӕн иумӕйагӕй цы ис? Великобритани равзӕрд Ромы дунеон паддзахадӕй. Америкӕйы Иугонд Штаттӕ та Великобританийӕ кӕй равзӕрдысты, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ацы паддзахад дӕр Ромы паддзахадӕй кӕй равзӕрд. Цы зӕгъӕн ис гуымирыйӕн йӕ къӕхтӕй та? Фадхъултӕй дӕлӕмӕ йын уыдысты кӕм ӕфсӕйнагӕй, кӕм та – ӕлыгӕй. (Бакӕс Данелы 2:41–43.) Гуымирыйӕн уыцы хай амоны, ӕвдӕм сӕр, ома Англо-Америкаг дунеон паддзахад, куы фӕзынд, уыцы рӕстӕгмӕ. Ӕлыгхӕццӕ ӕфсӕйнаг сыгъдӕг ӕфсӕйнагӕй лӕмӕгъдӕр куыд вӕййы, афтӕ Англо-Америкаг дунеон паддзахад дӕр лӕмӕгъдӕр у, цы паддзахадӕй равзӕрд, уымӕй. Цы хуызы?

8, 9. а) Ӕвдӕм дунеон паддзахад, ӕфсӕйнаджы хуызӕн фидар кӕй у, уый куыд равдыста? ӕ) Гуымирыйы къӕхты фадхъултӕй дӕлӕмӕ цы ӕлыг уыд, уый кӕмӕ амоны?

8 Хатт-иу сырды ӕвдӕм сӕр разынд ӕфсӕйнаджы хуызӕн фидар, зӕгъӕм, Фыццаг дунеон хӕсты куы фӕуӕлахиз, уӕд. Ӕфсӕйнаджы хуызӕн фидарӕй ма архайдта Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг дӕр, ӕмӕ ма уый фӕстӕ ноджыдӕр бирӕ хӕттыты *. Фӕлӕ уыцы ӕфсӕйнаг, Англо-Америкаг дунеон паддзахад куы фӕзынд, суанг уӕдӕй фӕстӕмӕ дӕр уыд ӕлыгимӕ хӕццӕ.

9 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты рагӕй фӕстӕмӕ фӕндыд бамбарын, гуымирыйӕн йӕ къӕхтӕ фадхъултӕй дӕлӕмӕ кӕмӕ амонынц, уый. Данелы 2:41 фыст ис, ӕфсӕйнаг ӕмӕ ӕлыг кӕй сты иу «паддзахад», бирӕ паддзахӕдтӕ нӕ, фӕлӕ. Уӕдӕ ӕлыг амоны, Англо-Америкаг дунеон паддзахадӕн йӕхимидӕг цы ис ӕмӕ йӕ Ромы дунеон паддзахадӕй, сыгъдӕг ӕфсӕйнагӕй чи уыд, уымӕй, лӕмӕгъдӕр цы кӕны, уымӕ. Данелы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, ӕлыг амоны «адӕймаджы байзӕддӕгтӕм», кӕнӕ хуымӕтӕг адӕммӕ (Дан. 2:43). Англо-Америкаг дунеон паддзахады цӕрӕг адӕм тох кодтой адӕймаджы бартыл, кусджыты бартыл ӕмӕ сӕрибардзинадыл. Уӕдӕ хуымӕтӕг адӕмы тыххӕй Англо-Америкаг дунеон паддзахадӕн йӕ бон нӕу ӕфсӕйнаджы хуызӕн фидарӕй архайын. Стӕй ма, хицауад куыд хъуамӕ архайа, уый фӕдыл дӕр адӕммӕ ис алыхуызон хъуыдытӕ. Ӕмӕ кӕд зындгонд политиктӕй исчи ӕвзӕрстыты рамбулы, уӕддӕр иннӕтӕй бирӕ фылдӕр хъӕлӕстӕ нӕ райсы, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ уыйбӕрц бартӕ нӕ вӕййы, цӕмӕй, цы фӕнд кодта, уыдӕттӕ иууылдӕр сараза. Данел загъта: «Уыцы паддзахад уыдзӕн кӕм фидар, кӕм та – лӕмӕгъ» (Дан. 2:42; 2 Тим. 3:1–3).

10, 11. а) Гуымирыйӕн фадхъултӕй дӕлӕмӕ цы хай уыд, ууыл цы ’рцӕудзӕн? ӕ) Гуымирыйӕн йӕ къӕхты ӕнгуылдзты нымӕцы тыххӕй цы ис зӕгъӕн?

10 Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ нӕ рӕстӕджы дӕр бирӕ ахсджиаг хъуыддӕгты фӕархайынц иумӕ. Ӕнахуыр стыр гуымирыйы тыххӕй ӕмӕ сырды тыххӕй пехуымпарӕдты цы фыст ис, уымӕй бӕрӕг у, Англо-Америкаг дунеон паддзахады фӕстӕ ӕндӕр дунеон паддзахад кӕй нал фӕзындзӕн. Ӕмӕ кӕд ацы фӕстаг дунеон паддзахад, йӕ размӕ чи уыд ӕмӕ гуымирыйы ӕфсӕйнаг къӕхтӕ кӕмӕ амыдтой, уыцы дунеон паддзахадӕй лӕмӕгъдӕр у, уӕддӕр йӕхигъӕдӕй нӕ фесӕфдзӕн.

11 Цымӕ гуымирыйӕн йӕ къӕхты ӕнгуылдзты нымӕц истӕмӕ амоны? Данел иннӕ цӕстылуайӕнты тыххӕй куы фыста, уӕд ракодта бӕлвырд нымӕцты кой, зӕгъӕм, загъта, цы сырдты федта, уыдонӕн цал сыкъайы уыд. Ӕмӕ уыцы нымӕцтӕ уыдысты ахсджиаг. Фӕлӕ ӕнахуыр стыр гуымирыйы кой кӕнгӕйӕ Данел нӕ загъта, гуымирыйӕн йӕ къӕхты ӕнгуылдзтӕ цал уыдысты, уый. Уӕдӕ сӕ нымӕц ахсджиаг нӕу, гуымирыйӕн йӕ цӕнгтӕ, йӕ къухтӕ, йӕ къухты ӕнгуылдзтӕ, стӕй йӕ къӕхтӕ цал уыдысты, уый куыд нӕу ахсджиаг, афтӕ. Фӕлӕ Данел бӕлвырдӕй загъта, гуымирыйы къӕхты ӕнгуылдзтӕ ӕфсӕйнаг ӕмӕ ӕлыгӕй конд кӕй уыдысты. Уӕдӕ куыд зыны, афтӕмӕй, гуымирыйӕн фадхъултӕй дӕлӕмӕ цы хай уыд, ууыл «дур», ома Хуыцауы Паддзахад, куы сӕмбӕла, уӕд дунеон паддзахад уыдзӕн Англо-Америкаг паддзахад (Дан. 2:45).

АНГЛО-АМЕРИКАГ ПАДДЗАХАД ӔМӔ, ДЫУУӔ СЫКЪАЙЫ КӔМӔН УЫД, УЫЦЫ СЫРД

12, 13. Дыууӕ сыкъайы кӕмӕн уыд, уыцы сырд кӕмӕ амоны ӕмӕ цы аразы?

12 Кӕд Англо-Америкаг дунеон паддзахад ӕлыгимӕ хӕццӕ ӕфсӕйнагӕй конд у, уӕддӕр, Йесо Чырысти Иоаннӕн цы цӕстылуайӕн фенын кодта, уымӕй бӕрӕг у, фӕстаг бонты йӕ тыхы кӕй уыдзӕн. Иоанн федта, дыууӕ сыкъайы кӕмӕн уыд ӕмӕ залиаг калмау чи дзырдта, ахӕм сырды. Уыцы ӕнахуыр сырд та кӕмӕ амоны? Дыууӕ сыкъайы йын кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ амоны, иумӕ чи архайы, ахӕм дыууӕ паддзахадмӕ. Уӕдӕ уыцы сырд дӕр амоны Англо-Америкаг дунеон паддзахадмӕ. Фӕлӕ ныр архайы цавӕрдӕр бӕлвырд хъуыддаджы. (Бакӕс Раргомад 13:11–15.)

13 Дыууӕ сыкъайы кӕмӕн уыд, уыцы сырд адӕмӕн «дзырдта», цӕмӕй сарӕзтаиккой, авд сӕры кӕмӕн уыд, уыцы сырды «ныв». Иоанн ныффыста, уыцы сырды «ныв» кӕй фӕзындзӕн, стӕй кӕй нал уыдзӕн, ӕмӕ та уый фӕстӕ ногӕй кӕй фӕзындзӕн. Ӕмӕ растдӕр афтӕ рауад йӕ хабар, Фыццаг дунеон хӕсты фӕстӕ цы организаци фӕзынд, уымӕн. Уыцы организаци фӕзынд Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штатты фӕндӕй. Уый хъуамӕ дунейы паддзахӕдтӕ кӕрӕдзийыл бастаид ӕмӕ сӕ номӕй архайдтаид *. Схуыдтой йӕ Нациты Лигӕ. Дыккаг Дунеон хӕст куы райдыдта, уӕд Нациты Лигӕ нал уыд. Уыцы хӕсты рӕстӕг Хуыцауы адӕм фехъусын кодтой, Раргомады фыст пехуымпарадмӕ гӕсгӕ ацы организаци ногӕй кӕй фӕзындзӕн. Ӕмӕ растдӕр афтӕ ӕрцыд, ӕрмӕст ӕй ныр схуыдтой Иугонд Нациты Организаци (Рарг. 17:8).

14. Авд сӕры кӕмӕн уыд, уыцы сырды «ныв» Иоанн «ӕстӕм паддзах» цӕмӕн схуыдта?

14 Авд сӕры кӕмӕн уыд, уыцы сырды «ныв» Иоанн схуыдта «ӕстӕм паддзах». Цӕмӕн ӕй схуыдта паддзах? Уый сырдӕн йӕ ӕстӕм сӕр нӕу. Уыцы сырдӕн уый у ӕрмӕстдӕр йӕ «ныв». Цы бартӕ йӕм ис, уыдон ын дӕттынц, Иугонд Нациты Организацийы чи ис, уыцы паддзахӕдтӕ, уӕлдайдӕр та Англо-Америкаг дунеон паддзахад (Рарг. 17:10, 11). Фӕлӕ уый бакӕндзӕн, ӕнӕхъӕн дунейыл дӕр чи фӕзындзӕн, ахӕм хъуыддаг, ӕмӕ йӕ Иоанн паддзах дӕр уый тыххӕй схуыдта.

СЫРДЫ «НЫВ» ХӔТАГ СЫЛГОЙМАДЖЫ БАХОРДТА

15, 16. Иоанны цӕстылуайӕны хӕтаг сылгоймаг кӕмӕ амоны ӕмӕ абон динтӕн сӕ хабар куыд у?

15 Иоанн ма ныффыста, сырх-сырхид сырдыл кӕй бадти хӕтаг сылгоймаг. Сырх-сырхид сырд у, авд сӕры кӕмӕн уыд, уыцы сырды «ныв». Хӕтаг сылгоймаджы ном та у «Стыр Вавилон» (Рарг. 17:1–6). Уыцы хӕтаг сылгоймаг амоны ӕппӕт мӕнг динтӕм дӕр, сӕйраджыдӕр та чырыстон динтӕм. Мӕнг динтӕ ӕргомӕй ӕххуыс кӕнынц сырды «нывӕн», ома, уыцы «ныв» цы организацимӕ амоны, уымӕн, ӕмӕ архайынц, цӕмӕй йыл сӕ бар цӕуа.

16 Раргомады чиныджы ма фыст ис, Стыр Вавилон «бирӕ дӕттыл» кӕй бады. Уыцы дӕттӕ сты йӕ фарсхӕцӕг адӕм. Фӕлӕ Хицау Йесойы боны уыцы дӕттӕ бахус сты – адӕм ын раздӕрау нал ӕххуыс кӕнынц (Рарг. 16:12; 17:15). Зӕгъӕм, сырды «ныв» фыццаг куы фӕзынд, уӕд чырыстон динтӕн бирӕ бӕстӕты уыд стыр бартӕ. Фӕлӕ абон уыцы бӕстӕты адӕмӕй бирӕтӕ уыцы динтӕн ӕмӕ сӕ разамонджытӕн нал аргъ кӕнынц, сӕ цӕсты сын ӕппындӕр кад нал ис. Уый нӕ, фӕлӕ ма бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, дунейы цы бӕллӕхтӕ цӕуы, уыдон сты динты аххосӕй. Ис ахӕмтӕ дӕр, афтӕ чи дзуры, зӕгъгӕ, динтӕ иууылдӕр фесафын хъӕуы.

17. Мӕнг динтыл тагъд цы ’рцӕудзӕн ӕмӕ цӕмӕн?

17 Фӕлӕ мӕнг динтӕ сӕхигъӕдӕй нӕ фесӕфдзысты. Хӕтаг сылгоймагӕн дарддӕр дӕр уыдзӕн стыр бартӕ ӕмӕ архайдзӕн, цӕмӕй паддзӕхтӕ йӕ зондыл цӕуой. Ӕмӕ афтӕ уыдзӕн, цалынмӕ сын Хуыцау сӕ зӕрдӕты «йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны» хъуыды нӕ бавӕра, уӕдмӕ. (Бакӕс Раргомад 17:16, 17.) Йегъовӕ афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ, Хӕйрӕджы дунейы цы хицауӕдтӕ ис, уыдон мӕнг динтыл сӕхи ныццӕвдзысты, ӕмӕ уыцы хицауӕдты номӕй та архайдзӕн Иугонд Нациты Организаци. Ӕмӕ уӕд хӕтаг сылгоймагӕн уыцы хицауӕдтыл йӕ бар нал цӕудзӕн, стӕй йе ’ппӕт хъӕздыгдзинӕдтӕй дӕр ӕнӕхай фӕуыдзӕн. Цалдӕр дӕсазы размӕ адӕймаг ацы хабарӕй загътаид, уый гӕнӕн нӕй, зӕгъгӕ. Фӕлӕ абон хӕтаг сылгоймаг уыцы сырх-сырхид сырдыл раздӕрау фидар нал бады, дзой-дзой йыл кӕны. Кӕд афтӕ у, уӕддӕр сырдӕй сабыргай йӕхигъӕдӕй не ’рбырдзӕн. Зӕххыл йӕ тъӕпп куыд фӕцӕудзӕн ӕмӕ ӕвиппайды куыд ныппырх уыдзӕн, уый йӕхӕдӕг дӕр нӕ бамбардзӕн (Рарг. 18:7, 8, 15–19).

СЫРДТӔН СӔ КОЙ ДӔР НАЛ УЫДЗӔН

18. а) Сырд цы сараздзӕн ӕмӕ уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн? ӕ) Данелы 2:44 гӕсгӕ Хуыцауы Паддзахад кӕцы паддзахӕдтӕ фесафдзӕн? (Кӕс рамкӕ 17 фарсыл.)

18 Мӕнг динтӕ куы фесӕфой, уӕд, Хӕйрӕджы зӕххон хицауӕдтӕм чи амоны, уыцы сырд рацӕудзӕн Хуыцауы Паддзахады ныхмӕ. Фӕлӕ уыцы зӕххон паддзӕхтӕ уӕлӕрвтӕм нӕ сӕххӕсдзысты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, зӕххыл Хуыцауы Паддзахады фарс чи ис, уыдоныл ныццӕвдзысты сӕхи. Уый ӕркӕндзӕн Хуыцауы хӕстмӕ (Рарг. 16:13–16; 17:12–14). Уыцы фӕстаг хӕсты хабӕрттӕй иуы тыххӕй ныффыста Данел. (Бакӕс Данелы 2:44.) Уӕдӕ Раргомады 13:1 кӕй кой ис, уыцы сырд, стӕй йӕ «ныв» ӕмӕ, дыууӕ сыкъайы кӕмӕн уыд, уыцы сырд дӕр сӕфт ӕрцӕудзысты.

19. Фидарӕй цӕуыл ӕууӕндӕм ӕмӕ ныртӕккӕ цы хъуамӕ аразӕм?

19 Мах цӕрӕм, сырды ӕвдӕм сӕр йӕ тыхы куы ис, уыцы рӕстӕг. Уыцы сырд сӕфт куы ’рцӕуа, уӕдмӕ йыл ӕндӕр сӕр нал фӕзындзӕн. Мӕнг динтӕн сӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд дунеон паддзахад уыдзӕн Англо-Америкӕ. Данелы ӕмӕ Иоанны пехуымпарӕдтӕ суанг лыстӕг хабӕртты онг ӕххӕст кӕнынц. Ӕмӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, тагъд рӕстӕджы мӕнг динтӕ сӕфт кӕй ӕрцӕудзысты ӕмӕ кӕй райдайдзӕн Армагеддоны хӕст. Ацы хабӕрттӕ нын Хуыцау рагацау раргом кодта. Уӕдӕ уыцы пехуымпарӕдтӕй цы базыдтам, уымӕй нӕхицӕн раст хатдзӕг скӕндзыстӕм? (2 Пет. 1:19). Ныртӕккӕ у уый рӕстӕг, цӕмӕй Йегъовӕйы коммӕ кӕсӕм ӕмӕ йын йӕ Паддзахады фарс лӕууӕм (Рарг. 14:6, 7).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 3 абз. Библийы нымӕц дӕс арӕх фӕамоны ӕххӕстдзинадмӕ, кӕнӕ ӕнӕхъӕн цӕмӕдӕр. Уӕдӕ дӕс сыкъайы амонынц, Ромы паддзахадӕй цы паддзахӕдтӕ равзӕрд, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр.

^ 5 абз. Великобритани дӕр ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ дӕр фӕзындысты 18 ӕнусы. Фӕлӕ, Иоанн цӕстылуайӕны цы федта, уымӕ гӕсгӕ иу дунеон паддзахад хъуамӕ суыдаиккой Хицау Йесойы боны райдианы. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ, Раргомады чиныджы цы цӕстылуайӕнты тыххӕй фыст ис, уыдон хъуамӕ ӕххӕст кодтаиккой «Хицау Йесойы боны» (Рарг. 1:10). Ӕмӕ Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ дӕр, куыд иу дунеон паддзахад, афтӕ архайын райдыдтой ӕрмӕстдӕр Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг.

^ 8 абз. Англо-Америкаг дунеон паддзахад Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг цы ӕвирхъау зиан ракодта, уый тыххӕй Данел ныффыста, «бӕстӕ пырх кӕндзӕн», зӕгъгӕ (Дан. 8:24). Зӕгъӕм, Англо-Америкаг дунеон паддзахадӕн йе знаг чи уыд, уыцы бӕстӕйыл Америкӕйы Иугонд Штаттӕ ӕрӕппӕрстой дыууӕ атомон бомбӕйы. Уыцы бомбӕтӕ цы зиан ӕрхастой, уымӕн зӕгъӕн дӕр нӕй.

^ 13 абз. Кӕс чиныг «Откровение: его грандиозный апогей близок!», 240, 241, 253 фӕрстӕ.

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ 17 фарсыл]

ЧИ СТЫ «УЫЦЫ ПАДДЗАХӔДТӔ ИУУЫЛДӔР»?

Данелы 2:44 фыст ис, зӕгъгӕ, Хуыцауы Паддзахад «ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн уыцы паддзахӕдтӕ иууылдӕр». Уӕдӕ ацы пехуымпарад хауы, уыцы гуымирыйы хӕйттӕ цы паддзахӕдтӕм амонынц, ӕрмӕстдӕр уыдонмӕ.

Ӕмӕ ӕппӕт иннӕ паддзахӕдтӕ та цы фӕуыдзысты? Уый тыххӕй базонӕн ис Раргомады фыст пехуымпарадӕй. Уым фыст ис, зӕгъгӕ, «ӕгас дунейы паддзӕхтӕ» ӕрӕмбырд уыдзысты, цӕмӕй «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр боны» Йегъовӕйы ныхмӕ рацӕуой (Рарг. 16:14; 19:19–21). Уӕдӕ Армагеддоны фесӕфдзысты, гуымирыйы хӕйттӕ цы паддзахӕдтӕм амыдтой, ӕрмӕст уыдон нӕ, фӕлӕ ӕппӕт иннӕ паддзахӕдтӕ дӕр.