Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нын сӕйраг цӕмӕн хъуамӕ уа?

Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нын сӕйраг цӕмӕн хъуамӕ уа?

«Ме ’взаг дзурдзӕн дӕ рӕстдзинады тыххӕй, цы ирвӕзындзинад дӕттыс, уый тыххӕй дзурдзынӕн ӕнӕхъӕн бон» (ПС. 71:15).

1, 2. а) Адӕймаг Йегъовӕйӕн йӕхи кӕй снывонд кодта, уый цӕуыл дзурӕг у? ӕ) Ной, Моисей, Йереми ӕмӕ Павелы цӕвиттонтӕм куы ӕркӕсӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?

ДӔХИ Йегъовӕйӕн куы снывонд кодтай, донаргъуыд куы райстай ӕмӕ Йесойы фӕдыл цӕуын куы райдыдтай, уӕд скодтай ахсджиаг къахдзӕф. Хуыцауӕн дзырд кӕй радтай, царды уымӕй ахсджиагдӕр хъуыддаг никуы сарӕзтай. Уӕд раст цыма афтӕ загътай: «Йегъовӕ, мӕн фӕнды, цӕмӕй мын царды алы хъуыддаджы дӕр ды уай Хицау, разамынд мын дӕттай. Ӕз дӕн дӕ лӕггадгӕнӕг. Фӕнды мӕ, цӕмӕй мын ды амонай, мӕ рӕстӕг цӕуыл хардз кӕнон, царды мын сӕйрагдӕр цы хъуамӕ уа, стӕй мӕм цы ис ӕмӕ цы курдиӕттӕй хайджын дӕн, уыдонӕй куыд пайда кӕнон, уый».

2 Кӕд дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодтай, уӕд ын ды дӕр, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ загътай. Ӕмӕ тынг хорз бакодтай, уымӕй растдӕр ма цы хъуамӕ сарӕзтаис?! Уӕдӕ кӕд Йегъовӕйы дӕ Хицауыл нымайыс, уӕд цымӕ уый зыны, дӕ рӕстӕгӕй куыд пайда кӕныс, уымӕй? Ацы фарстайӕн дзуапп базондзыстӕм, Ной, Моисей, Йереми ӕмӕ апостол Павелы цӕвиттонтӕм куы ӕркӕсӕм, уӕд. Ацы нӕлгоймӕгтӕй алчидӕр Йегъовӕйӕн ӕппӕт удӕй лӕггад кодта. Уыдон цы уавӕрты уыдысты, абон мах дӕр ахӕм уавӕрты стӕм. Цы уынаффӕтӕ хастой, уымӕй бӕрӕг уыди, царды сын сӕйрагдӕр цы уыд, уый. Уӕдӕ нын сӕ цӕвиттонтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй, нӕ рӕстӕг цӕуыл хардз кӕнӕм, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм (Матф. 28:19, 20; 2 Тим. 3:1).

ДОНЫ ХЪАЙМӔТЫ РАЗМӔ

3. Нӕ рӕстӕг Нойы рӕстӕгимӕ абарӕн цӕмӕн ис?

3 Йесо Нойы рӕстӕг абарста нӕ рӕстӕгимӕ. Йесо загъта: «Нойы рӕстӕджы куыд уыди, афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уыцы рӕстӕг дӕр». Адӕм «хордтой ӕмӕ нуӕзтой, устытӕ куырдтой ӕмӕ моймӕ цыдысты, цалынмӕ Ной наумӕ нӕ бацыд, уӕдмӕ. Ӕмӕ сӕм нымады дӕр ницы уыди, цалынмӕ доны хъаймӕт нӕ райдыдта ӕмӕ се ’ппӕты дӕр нӕ фӕласта» (Матф. 24:37–39). Абон адӕмӕн сӕ фылдӕр кӕнынц сӕхи царды кой ӕмӕ, цы ахсджиаг рӕстӕджы цӕрӕм, уый ницӕмӕ дарынц. Стӕй сӕм нымады дӕр нӕу, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ сӕ цӕмӕй фӕдзӕхсынц, уый. Нойы рӕстӕджы куыд уыди, афтӕ абон дӕр бирӕты нӕ уырны, Хуыцау фыдзӕрдӕ адӕмы кӕй фесафдзӕн, уый. Уыцы ныхӕстыл уыдон худгӕ дӕр фӕкӕнынц! (2 Пет. 3:3–7). Фӕлӕ Ной ахӕм фыдзонд адӕмы ’хсӕн цӕргӕйӕ йӕ рӕстӕгӕй куыд пайда кодта?

4. Йегъовӕ Нойӕн нау аразын куы бахӕс кодта, уӕд Ной йӕ рӕстӕгӕй куыд пайда кодта ӕмӕ цӕмӕн?

4 Хуыцау Нойӕн йӕ фӕндтӕ бамбарын кодта ӕмӕ йын бахӕс кодта нау саразын, цӕмӕй адӕм ӕмӕ цӕрӕгойтӕ фервӕзтаиккой. Ӕмӕ Ной дӕр уыцы хъуыддагмӕ бавнӕлдта (Райд. 6:13, 14, 22). Ной ма хъусын кодта, Йегъовӕ тагъд рӕстӕджы цы тӕрхон сӕххӕст кӕнинаг уыд, уый дӕр. Апостол Петр ӕй хоны «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг». Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Ной адӕмӕн ӕмбарын кодта, ӕвӕстиатӕй сӕ цы аразын хъуыди, уый. (Бакӕс 2 Петры 2:5.) Куыд дӕм кӕсы, цымӕ Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ раст бакодтаиккой, сӕ тыхтӕ ӕхцайы куыстмӕ куы раттаиккой, кӕнӕ сын иннӕ адӕмӕй фылдӕр бантыстаид, ууыл куы архайдтаиккой йе та ӕрмӕст сӕ царды кӕйттӕ куы кодтаиккой? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Уыдон ӕй хорз зыдтой, цы сӕм ӕнхъӕлмӕ касти, ӕмӕ ахӕм къӕппӕджытӕй сӕхи бахызтой.

ФАРАОНЫ ЧЫЗДЖЫ ФЫРТ ЦЫ РАВЗӔРСТА

5, 6. а) Моисей цы ахуырад райста, уый йӕ цӕмӕ цӕттӕ кодта? ӕ) Моисейӕн Египеты цы фадӕттӕ уыди, уыдоныл йӕ къух цӕмӕн систа?

5 Ныр та ӕркӕсӕм Моисейы цӕвиттонмӕ. Фараоны чызг дзы йӕхицӕн фырт скодта, ӕмӕ Моисей схъомыл Египеты паддзахы галуаны. Ӕрыгонӕй йын бацамыдтой «ӕгас Египеты зонд» (Хъуыд. 7:22; Рац. 2:9, 10). Уыцы ахуырады фӕрцы йӕ бон уыди фараоны галуаны стыр бынат бацахсын. Гӕнӕн ис, ӕмӕ Моисей суыдаид уӕды заманы ӕппӕты хъомысджындӕр паддзахады зындгонд лӕг. Ӕмӕ ахӕм адӕймагӕн куыд ӕмбӕлд, афтӕ йӕм уыдаид бирӕ хъӕздыгдзинад, стыр бартӕ ӕмӕ иу ирхӕфсӕнӕй дӕр цух нӕ уыдаид. Фӕлӕ цымӕ Моисей уыдӕттӕм бӕллыд?

6 Моисейӕн сывӕллонӕй йӕхи ныййарджытӕ бацамыдтой, Йегъовӕ сӕ Хуыцау кӕй у, ӕмӕ сын сӕ фыдӕлтӕн Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый. Моисей уыцы зӕрдӕвӕрдтыл ӕууӕндыд. Ӕвӕццӕгӕн, лӕмбынӕг хъуыды кодта йӕ сомбоныл ӕмӕ, Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куыд баззадаид, ууыл. Ӕмӕ рӕстӕг куы ӕрцыд, цӕмӕй равзӕрстаид, фараоны чызджы фырт уыдаид ӕви цагъар, уӕд куыд бакодта? «Тӕригъӕд рӕстӕгмӕ цы ӕхсызгондзинад хӕссы, уый цинӕй цӕрыны бӕсты равзӕрста Хуыцауы адӕмимӕ ӕфхӕрд ӕййафын». (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:24–26.) Фӕстӕдӕр ын Йегъовӕ загъта, царды йӕ дарддӕр цы кӕнын хъӕуы, уый, ӕмӕ Моисей дӕр афтӕ бакодта (Рац. 3:2, 6–10). Моисей Йегъовӕмӕ цӕмӕн байхъуыста? Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл ӕууӕндыд. Моисей бамбӕрста, Египеты цыфӕнды стыр бынат ма ахстаид, уӕддӕр уый уыдаид рӕстӕгмӕ. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ уыцы адӕмыл Хуыцау ӕруагъта дӕс ӕфхӕрды. Абон Йегъовӕйӕн дзырд чи ратты, уыдон ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнынц? Махӕн дӕр хъуамӕ сӕйрагдӕр уа Йегъовӕ ӕмӕ йын куыд лӕггад кӕнӕм, уый, ацы дунейы стыр бынат бацахсын кӕнӕ нӕ уды дзӕбӕхӕн цӕрын нӕ, фӕлӕ.

ЙЕРЕМИ ЗЫДТА ФИДӔНЫ ХАБӔРТТӔ

7. Йеремийы уавӕр нӕ уавӕры хуызӕн куыд уыди?

7 Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ма сӕйраг уыди пехуымпар Йеремийӕн дӕр. Йегъовӕ Йеремийы арвыста, цӕмӕй мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг Иерусалим ӕмӕ Иудӕйӕн йӕ тӕрхӕттӕ фехъусын кодтаид. Йереми дӕр цард «фӕстаг бонты» (Йер. 23:19, 20). Уый хорз зыдта, цы дунейы цӕры, уый бирӕ кӕй нӕ ахӕсдзӕн.

8, 9. а) Варухы йӕ зондахаст аивын цӕмӕн хъуыди? ӕ) Царды цавӕрдӕр пълӕнттӕ кӕнгӕйӕ нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

8 Йереми Хуыцауыл кӕй ӕууӕндыд, уымӕ гӕсгӕ йӕхи цӕмӕй хызта? Цы дунейы цард, уым йӕхицӕн бынтӕ скӕныныл нӕ архайдта. Уый ӕнӕзонд ми уыдаид. Фӕлӕ Йеремийы писыр Варух хабӕрттӕ бынтон хорз не ’мбӕрста. Уымӕ гӕсгӕ, Хуыцау Йеремийӕн йӕ писырмӕ арвыста ахӕм ныхӕстӕ: «„Ӕз, цы сарӕзтон, уый пырх кӕнын, цы ныссагътон, уый бындзарӕй тонын, ӕмӕ афтӕ – ӕппӕт ацы бӕстӕйы дӕр. Ды та ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ домыс дӕхицӕн. Ма дом“. „Ӕз ӕппӕт адӕмыл дӕр бӕллӕх ӕруадздзынӕн... дӕуӕн та дӕ уд бахъахъхъӕндзынӕн, кӕдӕмфӕнды ма ацӕуай, уым“» (Йер. 45:4, 5).

9 Мах ӕй бӕлвырд нӕ зонӕм, Варух йӕхицӕн кӕй агуырдта, уыцы «ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ» цы уыдысты *. Фӕлӕ зонӕм, уыцы цыдӕртӕ рӕстӕгмӕ кӕй уыдысты, уымӕн ӕмӕ сын кӕрон ӕрцыд, н. э. размӕ 607 азы вавилойнӕгтӕ Иерусалим куы бацахстой, уӕд. Ацы хабарӕй зондӕн райсӕн цы ис? Мах дӕр цыдӕртӕ фӕпълан кӕнӕм, цӕмӕй нын, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ уа (Ӕмб. 6:6–11). Фӕлӕ цымӕ раст уаид, бирӕ цы нӕ ахӕсдзӕн, уыдӕттыл бирӕ рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ куы хардз кӕниккам? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы организаци дӕр фидӕнмӕ пълӕнттӕ фӕкӕны, зӕгъӕм, фӕпълан кӕнынц ног Паддзахады залтӕ, филиалтӕ аразын, стӕй ӕндӕр хъуыддӕгтӕ дӕр. Фӕлӕ уыцы пълӕнттӕн ис фидӕн, уымӕн ӕмӕ арӕзт цӕуынц Хуыцауы Паддзахадимӕ баст хъуыддаджы тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ дӕр цыдӕр куы фӕпълан кӕнынц, уӕд сӕ царды фыццаг бынаты Хуыцауы Паддзахад куы уаид. Дӕуӕн дӕр дӕ бон фидарӕй зӕгъын у, ӕз дӕр «фыццаджыдӕр агурын Хуыцауы паддзахад ӕмӕ [Йегъовӕйы] рӕстдзинад», зӕгъгӕ? (Матф. 6:33).

НЫМАЙЫН СӔ БЫРОНЫЛ

10, 11. а) Павел цалынмӕ чырыстон не сси, уӕдмӕ йын ахсджиагдӕр цы уыд? ӕ) Павел йӕ зондахаст цӕмӕн фӕивта?

10 Фӕстагмӕ ма ӕркӕсӕм Павелы цӕвиттонмӕ. Цалынмӕ чырыстон дин нӕ райста, уӕдмӕ йӕ зонгӕтӕ иууылдӕр хъуыды кодтой, царды йын бирӕ кӕй бантысдзӕн. Павел дзуттаг закъон ахуыр кодта уӕды заманы ӕппӕты зындгонддӕр ахуыргӕнджытӕй иумӕ. Дзуттӕгты хистӕр сауджын ын стыр бартӕ дӕр радта. Павелӕн дзуттаг дины йе ’мгӕрттӕй бирӕтӕй фылдӕр бантыст (Хъуыд. 9:1, 2; 22:3; 26:10; Гал. 1:13, 14). Фӕлӕ Павел уый куы бамбӕрста, ӕмӕ Йегъовӕ дзуттӕгты йе ’взӕрст адӕмыл нал нымайы, уӕд йӕ цард цӕхгӕр фӕивта.

11 Павел бамбӕрста, дзуттӕгты ’хсӕн йӕхицӕн стыр бынат куы скодтаид, уӕддӕр ын Йегъовӕйы цӕсты аргъ кӕй нӕ уыдаид, уымӕн ӕмӕ дзуттаг адӕммӕ хорзӕй ницы ӕнхъӕлмӕ каст (Матф. 24:2). Раздӕры фарисей бамбӕрста Хуыцауы фӕндтӕ ӕмӕ, хъусын кӕнын цы стыр кад у, уый. Суанг ма афтӕ дӕр загъта, зӕгъгӕ мын раздӕр ахсджиаг цы уыд, уый «быроныл» банымадтон. Павел дзуттаг дин ныууагъта ӕмӕ, цалынмӕ зӕххыл цард, уӕдмӕ йӕ хъарутӕ сарӕзта хорз хабар хъусын кӕнынмӕ (Бакӕс Филиппӕгтӕм 3:4–8, 15; Хъуыд. 9:15).

СӔЙРАГДӔР ДЫН ЦЫ У, УУЫЛ АХЪУЫДЫ КӔН

12. Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд ын сӕйрагдӕр цавӕр хъуыддаг уыди?

12 Ной, Моисей, Йереми, Павел ӕмӕ бирӕ ӕндӕр иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ сӕ рӕстӕгыл ӕмӕ сӕ хъарутыл нӕ ауӕрстой. Уыдон нын сты фӕзминаг. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйӕн йӕхи чи снывонд кодта, уыдонӕй ӕппӕты хуыздӕр цӕвитон у Йесо (1 Пет. 2:21). Донаргъуыд куы райста, уӕд йӕ цард снывонд кодта хорз хабар хъусын кӕнынӕн ӕмӕ Йегъовӕйы кадджын кӕнынӕн. Йегъовӕйы йӕ Хицауыл чи нымайы, уыцы чырыстӕттӕй алкӕмӕн дӕр йӕ лӕггад хъуамӕ уа сӕйрагдӕр. Дӕуӕн дӕр сӕйраг бынаты ис? Куыд у нӕ бон Йегъовӕйӕн дӕр лӕггад кӕнын ӕмӕ нӕ иннӕ хӕстӕ дӕр ӕххӕст кӕнын? (Бакӕс Псалом 71:15; 145:2.)

13, 14. а) Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй алчидӕр цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕна? ӕ) Хуыцауы адӕмӕн циндзинад цы ӕрхӕссы?

13 Йегъовӕйы организаци нӕ бирӕ азты дӕргъы разӕнгард кӕны, цӕмӕй-иу Хуыцаумӕ скувӕм ӕмӕ-иу афтӕмӕй ахъуыды кӕнӕм, нӕ бон пионертӕй лӕггад кӕнын у ӕви нӕ. Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй кӕйдӕрты сӕ уавӕртӕ нӕ амонынц, цӕмӕй алы мӕй дӕр 70 сахаты хъусын кӕной. Фӕлӕ ууыл хъуамӕ тынг ма маст кӕной (1 Тим. 5:8). Дӕуӕй та цы зӕгъӕн ис? Дӕ бон нӕ уаид пионерӕй лӕггад кӕнын?

14 Ӕрхъуыды-ма кӕн, ацы аз Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг Хуыцауы адӕмӕй бирӕтӕ куыд цин кодтой, уый. Мартъийы ӕххуысгӕнӕг пионертӕй балӕггад кӕнын кӕй фӕндыд, уыдонӕн сӕ бон уыди 30 кӕнӕ 50 сахаты хъусын кӕнын (Пс. 110:3). Милуангай хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ лӕггад кодтой ӕххуысгӕнӕг пионертӕй. Ӕмӕ уый ӕмбырдтыл дӕр фӕзынд – иууылдӕр уыдысты тынг зӕрдӕрухс ӕмӕ хъӕлдзӕг. Дӕ бон у дӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кӕнын, цӕмӕй ӕххуысгӕнӕг пионерӕй арӕхдӕр лӕггад кӕнай? Уымӕй ӕхсызгондӕр цы хъуамӕ уа, ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнӕгӕн алы изӕр дӕр йӕ бон уа зӕгъын: «Йегъовӕ, мӕ бон цыдӕриддӕр уыди, уый сарӕзтон».

15. Ӕрыгон чырыстон йӕ разы цавӕр нысан хъуамӕ сӕвӕра?

15 Кӕд скъола фӕуд кӕныс ӕмӕ дӕ де ’нӕниздзинад нӕ хъыгдары, стӕй дыл хӕдзары бирӕ хӕстӕ нӕй, уӕд хорз нӕ уаид, дзӕбӕх куы ахъуыды кӕнис пионерӕй лӕггад кӕныны тыххӕй? Дӕ ахуыргӕнджытӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ дын цӕмӕй царды цыдӕр бантыса, уый тыххӕй хъуамӕ колледж кӕнӕ университет фӕуай. Уыдон сӕ ныфс дарынц адӕмы организацитыл ӕмӕ ӕхцайыл. Фӕлӕ уыдӕттӕ рӕстӕгмӕ сты. Царды дын сӕйрагдӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы уа, уӕд дӕ рӕстӕгӕй раст пайда кӕндзынӕ ӕмӕ дӕ ӕнустӕм цӕрыны ныфс уыдзӕн. Афтӕмӕй дӕ бон суыдзӕн ӕххӕст адӕймаг Йесо Чырыстийы фӕзмын. Ахӕм уынаффӕ куы рахӕссай, уӕд уыдзынӕ амондджын ӕмӕ дӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты хъахъхъӕнгӕ дӕр кӕндзӕн. Афтӕмӕй равдисдзынӕ, кӕй дӕ фӕнды, Йегъовӕйӕн цы дзырд радтай, уымӕ гӕсгӕ цӕрын (Матф. 6:19–21; 1 Тим. 6:9–12).

16, 17. Чырыстӕттӕ цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕной?

16 Абон чырыстӕттӕй бирӕтӕ цӕмӕй сӕ бинонты фӕдарой, уый тыххӕй сӕ хъӕуы бирӕ кусын. Фӕлӕ иуӕй-иутӕн кӕд сӕ уавӕр хуыздӕр у, уӕддӕр куыстыл бирӕ рӕстӕг хардз кӕнынц (1 Тим. 6:8). Ацы дуне тынг архайы, цӕмӕй адӕм хъуыды кӕной, зӕгъгӕ, цыдӕриддӕр ног дзауматӕ фӕзыны, уыдон нӕм куы нӕ уой, уӕд амондджын нӕ уыдзыстӕм. Фӕлӕ ӕцӕг чырыстӕтты нӕ фӕнды, цӕмӕй сын Сайтаны дуне амона, сӕйрагдӕр сын цы хъуамӕ уа, уый (1 Иоан. 2:15–17). Пенсийы чи рацыд, уыдонӕн та сӕ бон куыд у сӕ рӕстӕгӕй раст пайда кӕнын? Сӕ бон у пионертӕй лӕггад кӕнын райдайын ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы хъуыддаг сӕ царды фыццаг бынаты сӕвӕрын.

17 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн сӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Царды мын сӕйрагдӕр цы у? Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгтӕ фыццаг бынаты ӕвӕрын? Йесойау удуӕлдай дӕн? Йӕ уынаффӕмӕ йын хъусын ӕмӕ ӕппынӕдзух йӕ фӕдыл цӕуын? Мӕ бон у мӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кӕнын, цӕмӕй фылдӕр хъусын кӕнон кӕнӕ ӕмбырды хъуыддӕгты фылдӕр архайон? Кӕд ныртӕккӕ мӕ уавӕртӕм гӕсгӕ мӕ бон нӕу фылдӕр лӕггад кӕнын, уӕддӕр архайын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн ӕппӕт удӕй лӕггад кӕнон?»

ФӔНДГӔ ДӔР НӔ КӔНА ӔМӔ АРХАЙГӔ ДӔР КӔНӔМ

18, 19. Нӕ бон цӕй тыххӕй у кувын ӕмӕ уый Йегъовӕйӕн ӕхсызгон цӕмӕн уыдзӕн?

18 Куыд ӕхсызгон у, Хуыцауы адӕм зынгзӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кӕнынц. Фӕлӕ, чи зоны, кӕйдӕрты пионерӕй лӕггад кӕнын афтӕ тынг нӕ фӕнды йе та хъуыды кӕнынц, ӕмӕ нӕ сарӕхсдзысты (Рац. 4:10; Йер. 1:6). Мыййаг, ды дӕр афтӕ хъуыды кӕныс? Уӕд Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ дзы ӕххуыс кур. Павел йе ’мчырыстӕттӕн загъта, зӕгъгӕ нын Йегъовӕ баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ «фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнӕм» (Фил. 2:13). Уӕдӕ дӕ фылдӕр лӕггад кӕнын куы нӕ фӕнда, уӕд Йегъовӕйӕн зӕгъ, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, ӕмӕ дӕ фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ арӕхсгӕ дӕр кӕнай (2 Пет. 3:9, 11).

19 Ной, Моисей, Йереми, Павел ӕмӕ Йесо уыдысты Хуыцауыл иузӕрдион. Уыдон сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ хъарутӕ не ’вгъау кодтой, цӕмӕй Йегъовӕйы тӕрхӕттӕ хъусын кодтаиккой. Уый бар ницӕмӕн радтой, цӕмӕй сӕ уыцы куыст кӕнын бахъыгдардтаид. Ацы дунейӕн йӕ кӕрон ӕрӕввахс кӕны. Уымӕ гӕсгӕ мах, Хуыцауӕн йӕхи чи снывонд кодта, уыдон, хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй уыцы нӕлгоймӕгты бафӕзмӕм (Матф. 24:42; 2 Тим. 2:15). Афтӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм ӕмӕ хайджын уыдзыстӕм стыр арфӕдзинӕдтӕй. (Бакӕс Малахийы 3:10.)

[Фиппаинаг]

^ 9 абз. Кӕс чиныг «Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры», 138–141 фӕрстӕ.

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 21 фарсыл]

Адӕм Нойы фӕдзӕхстмӕ нӕ байхъуыстой

[Ныв 24 фарсыл]

Пионерӕй лӕггад кӕныны тыххӕй дзӕбӕх ахъуыды кодтай?