Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уыдон дзырдтой, «сыгъдӕг тых сын куыд амыдта, афтӕ»

Уыдон дзырдтой, «сыгъдӕг тых сын куыд амыдта, афтӕ»

«Пехуымпар-ныхас адӕймаджы фӕндонмӕ гӕсгӕ загъд никуы уыд, фӕлӕ адӕм дзырдтой Хуыцауы фӕндӕй, йӕ сыгъдӕг тых сын куыд амыдта, афтӕ» (2 ПЕТ. 1:21).

1. Хуыцауы Ныхас нӕ цӕмӕн хъӕуы?

ӔГАС дунейы дӕр бирӕты фӕнды базонын дзуапп мӕнӕ ацы фарстатӕн: «Адӕймаг куыд фӕзынд? Цӕмӕн цӕры? Разӕй нӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?» Дуне ахӕм уавӕры цӕмӕн ис? Мӕлӕты фӕстӕ ма цард ис? Ацы ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр ахсджиаг фарстатӕн мах дзуапп нӕ базыдтаиккам, Хуыцауы Ныхас нӕм куы нӕ уыдаид, уӕд. Библи нӕм куы нӕ уыдаид, уӕд ахуыр кодтаиккам, царды нӕхӕдӕг цы федтам, ӕрмӕстдӕр уымӕй, ӕмӕ уӕд, псаломзарӕггӕнӕг «Йегъовӕйы закъонӕй» цы загъта, уый нӕ бон нӕ уыдаид зӕгъын. (Бакӕс Псалом 19:7.)

2. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Библийӕн дарддӕр дӕр аргъ кӕнӕм?

2 Фӕлӕ, хъыгагӕн, иуӕй-иутӕ Хуыцауы Ныхас раздӕрау нал уарзынц. (Абар Раргомад 2:4.) Йегъовӕ нын цы фӕндаг амоны, ууыл нал цӕуынц (Ис. 30:21). Ахӕм хабар ныл макуы ӕрцӕуӕд! Мах хъуамӕ, нӕ бон цы у, уый аразӕм, цӕмӕй Библийӕн ӕмӕ йӕ ахуырӕдтӕн дарддӕр дӕр аргъ кӕнӕм. Библи у нӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕджы стыр лӕвар (Иак. 1:17). Уӕдӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй «Хуыцауы ныхасӕн» ноджы тынгдӕр аргъ кӕнӕм? Уый тыххӕй хъуамӕ ӕркӕсӕм, Хуыцау адӕмӕн йӕ Ныхас фыссынӕн куыд ӕххуыс кодта, уымӕ. Стӕй нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, Библи Хуыцауӕй кӕй у, уымӕн цы бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдонӕй цалдӕр. Ӕмӕ нӕ уӕд ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр кӕсын ӕмӕ йын йӕ уынаффӕтӕй царды пайда кӕнын (Дзут. 4:12).

СЫГЪДӔГ ТЫХ СЫН КУЫД АМЫДТА?

3. Куыд ӕмбаргӕ у, пехуымпартӕн ӕмӕ, Библи чи фыста, уыдонӕн Хуыцауы сыгъдӕг тых кӕй амыдта, уый?

3 Библи фыстой 1610 азы бӕрц, н. э. размӕ 1513 азӕй н. э. 98 азмӕ. Фысгӕ та йӕ ныккодтой 40 адӕймаджы бӕрц, бирӕтӕ дзы уыдысты пехуымпартӕ. Ӕмӕ уыдон се ’ппӕт дӕр дзырдтой, «сыгъдӕг тых сын куыд амыдта, афтӕ». (Бакӕс 2 Петры 1:20, 21.) Ацы ран «амыдта»-йӕ цы грекъаг дзырд ӕрцыди тӕлмац, уымӕн грекъаг ӕвзаджы йӕ хъуыды у искӕй кӕнӕ исты змӕлын кӕнын кӕнӕ йӕ ӕндӕр ранмӕ хӕссын. Уыцы грекъаг дзырд ма ӕмбӕлы Хъуыддӕгты 27:15 дӕр, ӕмӕ уым та фыст ис, дымгӕ нау кӕй «хаста». Уӕдӕ пехуымпартӕн ӕмӕ, Библи чи фыста, уыдонӕн сыгъдӕг тых кӕй амыдта, уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ сӕ Хуыцау йӕ архайгӕ тыхы фӕрцы разӕнгард кодта ӕмӕ сын разамынд лӕвӕрдта. Уымӕ гӕсгӕ, уыдон сӕхи хъуыдытӕ нӕ фыстой, фӕлӕ Хуыцауы хъуыдытӕ. Хатт-иу уыцы пехуымпартӕ ӕмӕ фысджытӕ, цы дзырдтой кӕнӕ цы фыстой, уымӕн йӕ нысаниуӕг ӕмбаргӕ дӕр нӕ кодтой (Дан. 12:8, 9). Ӕцӕгдӕр, «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй фыст» ӕмӕ дзы адӕймаджы хъуыдытӕ нӕй (2 Тим. 3:16).

4–6. Библи чи фыста, уыдонӕн-иу Йегъовӕ куыд бамбарын кодта, цы сӕ хъӕуы фыссын, уый? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

4 Фӕлӕ-иу цымӕ Хуыцау, Библи чи фыста, уыдонӕн йӕ сыгъдӕг тыхӕй куыд бамбарын кодта, цы сӕ хъӕуы фыссын, уый? Алы ныхас дӕр-иу сын дзырдта ӕви сын-иу ӕрмӕст йӕ хъуыдытӕ бамбарын кодта ӕмӕ-иу сӕ уыдон та сӕхи ныхӕстӕй ныффыстой? Ахъуыды-ма кӕнӕм, хицау писмо куыд ныффыссы, ууыл. Цы фыссинаг у, уым иу дзырд дӕр ауадзӕн куы нӕ вӕййы, уӕд уыцы ныхӕстӕ ныффыссы йӕхӕдӕг йе та сӕ йӕ секретарӕн ныффыссын кӕны, куыддӕриддӕр ын сӕ фӕдзуры, афтӕ, ома дзырдӕй-дзырдмӕ. Секретарь писмо амыхуыр кӕны ӕмӕ йыл стӕй хицау йӕ къух ӕрфыссы. Йе та вӕййы афтӕ, ӕмӕ хицау секретарӕн фӕзӕгъы ӕрмӕст сӕйраг хъуыдытӕ ӕмӕ сӕ стӕй секретарь йӕхи ныхӕстӕй ныффыссы. Фӕстӕдӕр хицау писмомӕ ӕркӕсы, ӕмӕ дзы кӕд исты аивын фӕхъӕуы, уӕд секретарӕн фӕзӕгъы, цӕмӕй йӕ бараст кӕна, ӕмӕ йыл уый фӕстӕ йӕ къух ӕрфыссы. Ӕмӕ, уыцы писмо чи райсы, уый йӕ фӕнымайы хицауы фыст писмойыл.

5 Афтӕ у йӕ хабар Библийӕн дӕр. Кӕцыдӕр хӕйттӕ дзы сты «Хуыцауы къухӕй» фыст (Рац. 31:18). Стӕй ма-иу Йегъовӕйы ныхӕсты иу дзырд дӕр ауадзӕн куы нӕ уыд, уӕд-иу сӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн дзырдӕй-дзырдмӕ ныффыссын кодта. Зӕгъӕм, Рацыды 34:27 кӕсӕм: «Йегъовӕ Моисейӕн загъта: „Ацы ныхӕстӕ дӕхицӕн ныффысс, уымӕн ӕмӕ ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ аразын бадзырд демӕ ӕмӕ Израилы адӕмимӕ“». Йегъовӕ ма пехуымпар Йеремийӕн дӕр загъта: «Цы ныхӕстӕ дын зӕгъон, уыдон иууылдӕр ныффысс чиныджы» (Йер. 30:2).

6 Фӕлӕ-иу фылдӕр хатт Хуыцау йӕ ныхӕстӕ дзырдӕй-дзырдмӕ нӕ фыссын кодта. Арӕхдӕр-иу, Библи чи фыста, уыдонӕн йӕ хъуыдытӕ сӕвӕрдта сӕ зӕрдӕты ӕмӕ сӕ зонды, ӕмӕ-иу сӕ уыдон та ныффыстой сӕхи ныхӕстӕй. Зӕгъӕм, Екклесиасты 12:10 кӕсӕм: «Адӕмы ӕмбырдгӕнӕг архайдта, зӕрдӕйӕн ӕхсызгон чи у, ахӕм ныхӕстӕ ссарыныл ӕмӕ, ӕцӕг цы у, уый раст ныффыссыныл». Лука дӕр «ӕппӕт дӕр кӕрӕй-кӕронмӕ сбӕлвырд кодта» ӕмӕ, «хабӕрттӕ кӕрӕдзи фӕдыл куыд цыдысты, афтӕ» сӕ ныффыста (Лук. 1:3). Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы батыхст, цӕмӕй адӕймаджы ӕнӕххӕстдзинад йӕ Ныхасыл ма фӕзындаид.

7. Хуыцау Библи ныффыссынӕн адӕмы кӕй равзӕрста, уый йе стыр зондыл дзурӕг цӕмӕн у?

7 Хуыцау Библи ныффыссынӕн адӕмы кӕй равзӕрста, уый йе стыр зондыл дзурӕг у. Ныхӕстӕй радӕттӕн ис ӕрмӕст цавӕрдӕр хабӕрттӕ нӕ, фӕлӕ ма ӕнкъарӕнтӕ дӕр. Цымӕ Йегъовӕ йӕ Ныхас зӕдтӕн куы ныффыссын кодтаид, уӕд куыд уыдаид? Зӕххон адӕймаг хатт тӕрсгӕ дӕр фӕкӕны, цӕуылдӕр фӕмаст кӕны, йӕ ныфс дӕр асӕтты. Ӕмӕ цымӕ зӕдтӕн сӕ бон бауыдаид уыцы ӕнкъарӕнтӕ радӕттын? Хуыцауы Ныхас ӕнӕххӕст адӕм кӕй фыстой, уый фӕрцы нӕ зӕрдӕтӕн афтӕ адджын у, ӕмӕ диссаг!

БИБЛИ ХУЫЦАУӔЙ КӔЙ У, УЫМӔН БӔЛВЫРДГӔНӔНТӔ

8. Библи иннӕ динты чингуытимӕ цӕуылнӕ ис абарӕн?

8 Библи Хуыцауӕй кӕй у, уымӕн ис бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Ӕцӕг Хуыцауы ӕрмӕстдӕр Библийӕ ис базонӕн, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй нӕй абарӕн иннӕ динты чингуытимӕ. Зӕгъӕм, индуизмы чингуыты дзырд цӕуы сӕ дины ӕгъдӕуттыл, сӕ философийыл, ис дзы таурӕгътӕ, стӕй амындтӕ уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй. Буддизмы чингуытӕ та ӕмбарын кӕнынц, моладзантӕ цы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ хъуамӕ цӕрой, уый. Фыст ма дзы ис уыцы дины ахуырӕдты тыххӕй, стӕй ма Буддӕйы ныхӕстӕ дӕр. Ӕмӕ Буддӕ йӕхицӕй никуы загъта, Хуыцау дӕн, зӕгъгӕ, стӕй Хуыцауы тыххӕй дӕр уыйбӕрц ницы ныффыста. Конфуцийы чингуыты та дзырд цӕуы кӕддӕры хабӕрттыл, ис дзы амындтӕ ӕгъдауы фӕдыл, хинтӕ-кӕлӕнты тыххӕй, стӕй ма зарджытӕ дӕр. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ пысылмӕтты дины чиныджы фыст ис, иунӕг Хуыцауыл кӕй хъӕуы ӕууӕндын, ӕмӕ дзы Хуыцау ӕвдыст у, алцыдӕр, суанг фидӕн дӕр, чи зоны, ахӕмӕй. Фӕлӕ дзы иунӕг ран дӕр не ’мбӕлы Хуыцауы ном Йегъовӕ, кӕд ӕмӕ Библийы та ӕмбӕлы цалдӕр мин хатты.

9, 10. Библийӕ Хуыцауы тыххӕй цы ис базонӕн?

9 Дины чингуытӕн сӕ фылдӕры Хуыцауы тыххӕй фыст ис ӕрмӕст иу гыццыл кӕнӕ та ӕппындӕр ницы. Фӕлӕ нын Библи та ӕмбарын кӕны, Йегъовӕ Хуыцау чи у ӕмӕ цы аразы, уый. Уыцы чиныгӕй нӕ бон у базонын, Хуыцаумӕ цавӕр миниуджытӕ ис, уый. Библи нын ӕргом кӕны, Хуыцау ӕрмӕст рӕстаг, зондджын ӕмӕ стыр тыхы хицау кӕй нӕу, фӕлӕ ма нӕ уарзгӕ дӕр кӕй кӕны (Бакӕс Иоанны 3:16; 1 Иоанны 4:19.) Уымӕй уӕлдай ма Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, «Хуыцау... никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ алы адӕмӕй йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг» (Хъуыд. 10:34, 35). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, ууыл дзурӕг у, Библи бирӕ алыхуызон ӕвзӕгтӕм кӕй ӕрцыд тӕлмац, уый. Ахуыргӕндтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй абон адӕм дзурынц иу-6 700 ӕвзагыл. Уыцы ӕвзӕгтӕй 100-йыл дзурынц адӕмӕн сӕ 90 проценты. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕддӕр Библи ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ хӕйттӕ тӕлмац ӕрцыдысты 2 400 ӕвзагӕй фылдӕрмӕ. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ бон у Библи ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ хицӕн хӕйттӕ сӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕсын.

10 Йесо загъта: «Мӕ Фыд ныры онг дӕр фыдӕбон кӕны, ӕмӕ ӕз дӕр фыдӕбон кӕнын» (Иоан. 5:17). Йегъовӕ у Хуыцау «ӕнусӕй-ӕнусмӕ дӕр». Уӕдӕ-ма ахъуыды кӕн, абоны онг цас диссӕгтӕ сарӕзта, ууыл (Пс. 90:2). Ӕмӕ нын ӕрмӕстдӕр Библи ӕргом кӕны, Хуыцау раздӕр цы арӕзта, абон цы аразы ӕмӕ фидӕны цы сараздзӕн, уый. Библи ма нын ӕмбарын кӕны, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый дӕр. Стӕй ма дзы фыст ис, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Хуыцаумӕ баввахс уӕм (Иак. 4:8). Уӕдӕ нӕ зӕрдӕйы хиуарзон фӕндтӕн кӕнӕ сагъӕстӕн уый бар макуы раттӕм, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйӕ адард кӕной.

11. Библийы цавӕр хорз уынаффӕтӕ ис?

11 Библи у стыр зонды суадон, ӕмӕ уый у ноджыдӕр иу бӕлвырдгӕнӕн, ацы чиныг Хуыцауӕй кӕй у, уымӕн. Пехуымпар Исай йӕ рӕстӕджы цӕрӕг адӕммӕ ахӕм фарста радта: «Йегъовӕйы тых цӕйас у, уый чи сбарста, кӕй бон ын у уынаффӕ раттын ӕмӕ йын исты бацамонын?» (Ис. 40:13). Фӕстӕдӕр апостол Павел дӕр радта ахӕм фарста: «Чи базыдта Йегъовӕйы хъуыдытӕ, цӕмӕй йын зонд амона?» (1 Кор. 2:16). Йӕ дзуапп у бӕлвырд: Йегъовӕйӕн зонд бацамонын йӕ бон никӕмӕн у, уымӕн ӕмӕ уымӕй фылдӕр ничи зоны. Гъе уый тыххӕй никуы фӕфӕсмон кӕнӕм, Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд. Ӕмӕ нын Библи та уынаффӕтӕ дӕтты царды алы хъуыддаджы фӕдыл дӕр, зӕгъӕм, бинонты царды ӕмӕ сывӕллӕтты тыххӕй, ирхӕфсӕнтӕ ӕмӕ ӕмбӕлттӕ ӕвзарыны тыххӕй, ӕнӕзивӕгӕй кусын, ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайыны тыххӕй, стӕй ӕгъдауы тыххӕй. Библи ӕвзӕр уынаффӕтӕ никуы фӕдӕтты. Адӕм цы уынаффӕтӕ фӕдӕттынц, уыдон та алы хатт хорз нӕ разынынц (Йер. 10:23). Рӕстӕг куы рацӕуы, уӕд ӕй бамбарынц, сӕ уынаффӕ кӕй нӕ фӕрӕстмӕ ис, ӕмӕ та йӕ фӕивынц. «Адӕймаджы хъуыдытӕ,– зӕгъгы Библи,– комулӕфтӕй уӕлдай... не сты» (Пс. 94:11).

12. Библи фесафыныл ӕнусты дӕргъы куыд архайдтой?

12 Библи ӕцӕг Хуыцауӕй кӕй у, уый ма бӕлвырд кӕны истори дӕр. Ӕнусты дӕргъы бирӕтӕ архайдтой Хуыцауы Ныхас фесафыныл. Н. э. размӕ 168 азы Сирийы паддзах Антиох Цыппӕрӕм бардзырд радта, цӕмӕй Хуыцауы Закъоны чингуытӕ ссардтаиккой ӕмӕ сӕ иууылдӕр басыгътаиккой. Н. э. 303 азы та ромаг император Диоклетиан радта бардзырд, цӕмӕй, чырыстӕттӕ кӕм ӕмбырд кодтой, уыцы бынӕттӕ ныппырх кодтаиккой ӕмӕ сын сӕ Сыгъдӕг Фыстытӕ та арты хай бакодтаиккой. Уыцы хабӕрттӕ ахастой дӕс азы. 11 ӕнусӕй фӕстӕмӕ та сауджынтӕ архайдтой, цӕмӕй Библи ӕндӕр ӕвзӕгтӕм тӕлмац ма ӕрцыдаид, уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй адӕм Хуыцауы Ныхас ахуыр кодтаиккой. Фӕлӕ кӕд Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ адӕм Библи фесафыныл архайдтой, уӕддӕр сын дзы ницы рауад. Йегъовӕ уый бар никӕмӕн радта, цӕмӕй, адӕмӕн цы стыр лӕвар ракодта, уый исчи фесӕфтаид.

БИРӔТӔ ЙЫЛ ЦӔМӔН БАУУӔНДЫДЫСТЫ

13. Библи Хуыцауӕй кӕй у, уымӕн ма цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис?

13 Библи Хуыцауӕй кӕй у, уымӕн ма ис ӕндӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр. Зӕгъӕм, иу хъуыды дзы иннӕйы ныхмӕ нӕу, наукӕ ӕмӕ историмӕ гӕсгӕ у раст, йӕ пехуымпарӕдтӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнынц. Библи чи фыста, уыдон алцыдӕр фыстой, куыд уыди, афтӕ, ницы ӕмбӕхстой. Библийӕн ма ис ахӕм тых дӕр, ӕмӕ ивы адӕймаджы цард. Стӕй ма дзы ис дзуаппытӕ, ацы статьяйы 1 абзацы цы фарстатӕ уыд, уыдонӕн. Уӕдӕ фенӕм, Библи Хуыцауӕй кӕй у, ууыл иуӕй-иутӕ цӕмӕн баууӕндыдысты.

14–16. а) Ӕртӕ алыхуызон адӕймаджы цӕмӕн баууӕндыдысты, Библи Хуыцауӕй кӕй у, ууыл? ӕ) Библи Хуыцауӕй кӕй у, уый равдисынӕн адӕмӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссыс?

14 Анвар * схъомыл пысылмон бӕстӕйы ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр уыд пысылмон диныл хӕст. Иу рӕстӕг Цӕгат Америкӕйы куы царди, уӕд ӕм хӕдзармӕ ӕрбацыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Анвар зӕгъы: «Чырыстон динтӕ мӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыдысты, уымӕн ӕмӕ рагзаманты бирӕ туг ныккалдтой. Фӕлӕ ахӕм адӕймаг дӕн, ӕмӕ уарзын фылдӕр истытӕ базонын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сразы дӕн Библи ахуыр кӕныныл». Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр Анвар аздӕхт йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ ӕмӕ йын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ ӕмбӕлыны фадат нал уыд. Цалдӕр азы фӕстӕ цӕрынмӕ ацыд Европӕмӕ ӕмӕ та уым ногӕй Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Фӕстӕдӕр Анвар загъта: «Мӕн бауырныдта, Библи Хуыцауӕй кӕй у, уымӕн ӕмӕ дзы цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон иууылдӕр ӕххӕст кӕнынц, стӕй дзы кӕрӕй-кӕронмӕ цӕуы иу сӕйраг хъуыды, ӕмӕ дзы иу хъуыды иннӕйы ныхмӕ нӕу. Стӕй ма федтон, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕрӕдзи ӕцӕгдӕр кӕй уарзынц». Анвар донаргъуыд райста 1998 азы.

15 Айшайыл цӕуы 16 азы, схъомыл индуизмыл хӕст бинонты ’хсӕн. Уыцы чызг дзуры: «Хуыцаумӕ-иу куывтон, кувӕндонмӕ-иу куы ацыдтӕн кӕнӕ-иу мын исты зындзинӕдтӕ куы уыди, ӕрмӕстдӕр уӕд. Фӕлӕ-иу алцыдӕр хорз куы уыди, уӕд-иу Хуыцау мӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд. Фӕлӕ мын иу бон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мӕ дуар ӕрбахостой, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕ цард цӕхгӕр фӕивта». Айша райдыдта Библи ахуыр кӕнын. Ӕмӕ уӕд Хуыцау сси йе ’цӕг хӕлар. Библи Хуыцауӕй кӕй у, ууыл Айша цӕй фӕрцы баууӕндыд? Мӕнӕ цы зӕгъы йӕхӕдӕг: «Библи мын дзуапп радта ме ’ппӕт фарстатӕн дӕр. Библийы фӕрцы Хуыцауыл баууӕндыдтӕн, кӕд ӕй нӕ уынын, уӕддӕр, ӕмӕ мӕ уый тыххӕй кувӕндонмӕ цӕуын ӕмӕ гуымирытӕн кувын нӕ бахъуыд».

16 Полӕ схъомыл католикон бинонты ’хсӕн. Фӕлӕ куы сыстыр, уӕд дызӕрдыг кӕнын райдыдта, Хуыцау кӕй ис, ууыл. Стӕй ӕрцыд иу хабар. Полӕ зӕгъы: «Иухатт фембӕлдтӕн ме ’мбалыл, кӕрӕдзи цалдӕр мӕйы нӕ федтам. Уыцы рӕстӕг бирӕтӕ дардтой даргъ сӕрыхъуынтӕ ӕмӕ наркотиктӕ кодтой, ӕмӕ уыцы лӕппу дӕр ахӕм уыд. Фӕлӕ йӕ ныр нал базыдтон – уыди аив конд, йӕ сӕрыхъуынтӕ уыдысты цыбырӕлвыд, ӕмӕ куыд зынди, афтӕмӕй уыд амондджын. Ӕмӕ йӕ ӕз дӕр бафарстон, цы дыл ӕрцыди ӕмӕ кӕм фесӕфтӕ, зӕгъгӕ. Уый мын загъта, зӕгъгӕ, дам, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтон, ӕмӕ стӕй мӕнӕн дӕр рӕстдзинады тыххӕй радзырдта». Библи йын йе ’мбалы афтӕ тынг кӕй фӕивта, уый фенгӕйӕ Полӕйы дӕр бафӕндыд фылдӕр базонын, ӕмӕ йӕ бауырныдта, Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у.

«ДӔ НЫХАС У ЦЫРАГЪ МӔ КЪАХӔН»

17. Библи алы бон дӕр куы кӕсай ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дын уый цы пайда фӕуыдзӕн?

17 Библи у, Йегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы кӕй скодта, уыцы диссаджы лӕвар. Алы бон дӕр ӕй кӕс, ӕмӕ уӕд ноджы тынгдӕр бауарздзынӕ Библи ӕмӕ Хуыцауы (Пс. 1:1, 2). Библи кӕсыны размӕ-иу алы хатт дӕр Хуыцаумӕ скув ӕмӕ-иу дзы йӕ сыгъдӕг тых ракур, цӕмӕй дын йӕ Ныхас ӕмбарынӕн ӕххуыс кӕна (Лук. 11:13). Библийы цы фыст ис, ууыл арф куы хъуыды кӕнай, уӕд сахуыр уыдзынӕ, Хуыцау куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын, уымӕн ӕмӕ уыцы чиныджы ис Хуыцауы хъуыдытӕ.

18. Библи дӕ дарддӕр ахуыр кӕнын цӕмӕн фӕнды?

18 Библи ахуыр кӕнгӕйӕ цы базоныс, уымӕй дӕ царды пайда кӕн. (Бакӕс Псалом 119:105.) Арф-иу ныккӕс Фыстадмӕ, кӕсӕнмӕ куыд ныккӕсай, афтӕ. Ӕмӕ дӕ цыдӕр фӕивын кӕй хъӕуы, уый-иу куы фенай, уӕд-иу фӕстиат ма кӕн (Иак. 1:23–25). Хуыцауы Ныхас ма абарӕн ис хъамаимӕ дӕр. Пайда дзы кӕн, цӕуыл ӕууӕндыс, уый сӕрыл тох кӕнынӕн ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы зӕрдӕтӕй мӕнг ахуырӕдтӕ сафынӕн (Еф. 6:17). Уӕдӕ алкӕддӕр дӕ зӕрдыл дар, пехуымпартӕ ӕмӕ, Библи чи фыста, уыдон, «сыгъдӕг тых сын куыд амыдта, афтӕ» кӕй дзырдтой ӕмӕ Хуыцауӕй бузныг у йӕ диссаджы лӕвары тыххӕй.

[Фиппаинаг]

^ 14 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Хицӕнгонд текст 29 фарсыл]

Библи алы бон дӕр кӕс, ӕмӕ уӕд Хуыцауы ноджы тынгдӕр бауарздзынӕ

[Ныв 26 фарсыл]

Писмойыл йӕ къух чи ӕрфыссы, уый нымад вӕййы, чи йӕ ныффыста, ууыл