Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Ныхас хуыздӕр базон

Чырысти Паддзах кӕд сси?

Чырысти Паддзах кӕд сси?

Ацы статьяйы ӕвзӕрст цӕуынц, ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр кӕуыл хъуыды кодтай, ахӕм фарстатӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ демӕ ӕхсызгонӕй аныхас кӕндзысты, уыцы фарстатӕй алкӕцыйӕн дӕр Библи цы дзуапп дӕтты, ууыл.

1. Хуыцау Чырыстийӕн зӕрдӕ цавӕр паддзахадӕй бавӕрдта?

Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ лӕггадгӕнӕг Давиды байзӕддаг ӕнустӕм кӕй уыдзӕн Паддзах. Уыцы байзӕддаг у Йесо Чырысти, ӕмӕ абон Чырысти у Хуыцауы Паддзахады Паддзах уӕлӕрвты. (Бакӕс Псалом 89:4; Лукайы 1:32, 33.)

Давид нырма гыццыл куы уыд, уӕд ӕй Хуыцау равзӕрста, цӕмӕй йӕ адӕмӕн, Израилӕн, паддзах уыдаид. Давид куы амард, уӕд та «Йегъовӕйы паддзахбадӕныл» ӕрбадт Соломон, уый дӕр уыд Йегъовӕйы ’взӕрст паддзах (1 Азфыстыты 28:4, 5; 29:23). Соломоны мӕлӕты фӕстӕ Иерусалимы бирӕ паддзӕхтӕ уыд, фӕлӕ сӕ фылдӕр Хуыцауыл иузӕрдион нӕ уыдысты. Ӕппынфӕстаг Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ Вавилоны ӕфсад Иерусалим ныппырх кодта ӕмӕ йын йӕ паддзахы йӕ бынатӕй раппӕрста. Уыцы хабар ӕрцыд н. э. размӕ 607 азы. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Давиды байзӕддӕгтӕй иу дӕр нал уыд паддзах Иерусалимы. (Бакӕс Йезекилы 21:27.)

2. Давид ӕмӕ Иерусалим кӕмӕ амыдтой, уыцы Хуыцауы Паддзахад цас рӕстӕг нӕ архайдта?

Иерусалим куы ныппырх кодтой, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр Йегъовӕ йӕ пехуымпар Данелӕн загъта, адӕмӕн уӕлӕрвтӕй разамынд чи дӕтдзӕн, ахӕм паддзах кӕй равзардзӕн. Уыцы паддзах бартӕ йӕ къухмӕ кӕд хъуамӕ райстаид? (Бакӕс Данелы 7:13, 14.)

Уый нӕ бон у базонын Данелы цӕстылуайӕнӕй. Данел цӕстылуайӕны федта, Хуыцау стыр бӕлас кӕй акалын кодта. Уыцы бӕлас амыдта, Иерусалимы цы паддзахад уыд, уымӕ, ӕмӕ йӕ хъуамӕ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ «акалдтаиккой», ома йӕ ныппырх кодтаиккой. Фӕлӕ бӕласы бындзӕфхад хъуамӕ зӕххы ныууагътаиккой, ӕмӕ «авд рӕстӕджы» фӕстӕ хъуамӕ ногӕй сзадаид. Библийӕ нӕ бон у базонын, ӕртӕ «рӕстӕджы» ӕмӕ ӕрдӕг кӕй сты 1 260 боны. Ӕмӕ уӕд «авд рӕстӕджы» та сты 2 520 боны (Раргомад 12:6, 14). Библи кӕсгӕйӕ бафиппайӕн ис, бонтӕ арӕх азтӕм кӕй фӕамонынц (Нымӕцтӕ 14:34). Уӕдӕ Хуыцауы Паддзахад нал архайдта 2 520 азы. (Бакӕс Данелы 4:10–17.)

3. Чырысти Паддзах кӕд сси?

Хуыцау Чырыстийы уӕлӕрвты Паддзахӕй сӕвӕрдта 1914 азы – Иерусалим куы ныппырх кодтой, уымӕй 2 520 азы фӕстӕ. Чырысти Паддзах куы сси, уӕд фыццаджыдӕр Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонты уӕлӕрвтӕй раппӕрста (Раргомад 12:7–10). Уыцы хабар цӕстӕй фенӕн нӕ уыд, фӕлӕ цы бӕллӕхтӕм ӕркодта, уыдон уынӕм (Раргомад 12:12). 1914 азӕй фӕстӕмӕ дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон бӕлвырд кӕнынц, Чырысти Паддзах растдӕр уыцы аз кӕй сси. (Бакӕс Матфейы 24:14; Лукайы 21:10, 11, 31.)

4. Чырысти Паддзах кӕй у, уый дӕуӕн цӕуыл дзурӕг у?

Чырыстийы хицаудзинады тыххӕй Библийы цы пехуымпарӕдтӕ фыст ис, уыдон кӕй сӕххӕст сты, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцауы Ныхасыл фидарӕй ӕууӕндӕн кӕй ис. Тагъд Чырысти йӕ бартӕй спайда кӕндзӕн, цӕмӕй адӕмы се ’ппӕт хъизӕмӕрттӕй фервӕзын кӕна. (Бакӕс Псалом 72:8, 12, 13; Данелы 2:44.)

Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс ацы чиныг, «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 215–218 фӕрстӕ. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Таблицӕ 16, 17 фӕрстыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

Н. э. р. 607 аз, октябрь ← 2 520 азы → 1914 аз, октябрь

Н. э. р. 1000 аз | Н. э. р. 1 аз | Н. э. 1 аз | Н. э. 1000 аз | Н. э. 2000 аз

← 606 азы ӕмӕ 3 мӕйы →← 1 913 азы ӕмӕ 9 мӕйы →

Иерусалимы цы паддзахад уыд, уый ныппырх кодтой

Банымай йӕ: 606 азы ӕмӕ 3 мӕйы + 1 913 азы ӕмӕ 9 мӕйы = 2 520 азы

Хуыцау Чырыстийы Паддзахӕй сӕвӕрдта ӕппӕт адӕмтӕн дӕр