Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрджытӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕр!

Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрджытӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕр!

«Афтӕ цӕрут, уӕ цард... хорз хабары аккаг куыд уа» (ФИЛ. 1:27).

1, 2. Павел филиппӕгтӕм цы ныффыста, уый сын ӕнцон бамбарӕн цӕмӕн уыд?

АПОСТОЛ Павел Филиппты ӕмбырдмӕ ныффыста, зӕгъгӕ, «афтӕ цӕрут, уӕ цард... хорз хабары аккаг куыд уа». (Бакӕс Филиппӕгтӕм 1:27.) Павел цы грекъаг дзырдӕй спайда кодта, «цӕрут», зӕгъгӕ, уый ма ис ратӕлмац кӕнӕн афтӕ: «бӕстӕйы цӕрӕг цы хъуыддӕгты хъуамӕ архайа, уыдоны архайут». Уыцы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг уыдысты, уый филиппӕгтӕ хорз бамбӕрстаиккой. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Филиппты цӕрджыты Ромы паддзахад банымадта ромӕгтыл ӕмӕ сӕ уый фӕрцы Ромы закъон хъахъхъӕдта. Филиппты цӕрджытӕ, ромӕгтыл нымад кӕй уыдысты, уымӕй уыдысты сӕрыстыр, уымӕн ӕмӕ-иу уӕды рӕстӕджы ахӕм кад бирӕтӕм не ’рхауд.

2 Фӕлӕ Филиппты ӕмбырды чи уыд, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ хъуамӕ хуыздӕр цӕмӕйдӕр уыдаиккой сӕрыстыр. Павел сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, сӕ бӕстӕ «уӕлӕрвты» кӕй ис (Фил. 3:20). Уыдон цавӕрдӕр зӕххон бӕстӕйы цӕрджытыл нымад нӕ уыдысты, фӕлӕ Хуыцауы Паддзахады цӕрджытыл. Хуыцауы Паддзахад сӕ куыд хъахъхъӕдта ӕмӕ сын цы хорздзинӕдтӕ лӕвӕрдта, уый ницӕимӕ уыд абарӕн (Еф. 2:19–22).

3. а) Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрджытыл нымад чи ӕрцӕуы? ӕ) Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

3 Павел филиппӕгтӕм цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдон сӕйраджыдӕр хауынц, Чырыстиимӕ уӕлӕрвты хицӕуттӕ чи уыдзӕн, уыдонмӕ (Фил. 3:20). Фӕлӕ уыцы ныхӕстӕ ахӕссӕн ис, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыдонмӕ дӕр. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр, уӕлӕрвты цӕрой ӕви зӕххыл, лӕггад кӕнынц иу Паддзахӕн, Йегъовӕйӕн, ӕмӕ цӕргӕ дӕр хъуамӕ кӕной уыцы иу закъӕттӕм гӕсгӕ (Еф. 4:4–6). Абон адӕм тынг фӕархайынц, цӕмӕй цавӕрдӕр хъӕздыг бӕстӕйы гражданство райсой. Уӕдӕ махӕн ахӕм фадат кӕй ис, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрджытыл нымад ӕрцӕуӕм, уымӕн ноджы тынгдӕр куыннӕ хъуамӕ аргъ кӕнӕм! Цӕмӕй адӕймаг искӕцы бӕстӕйы гражданство райса, уый тыххӕй йӕ фӕхъӕуы цавӕрдӕр домӕнтӕ сӕххӕст кӕнын. Ӕмӕ цӕмӕй адӕймаг Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрӕгыл нымад ӕрцӕуа, уый тыххӕй дӕр ӕй хъӕуы цавӕрдӕр къахдзӕфтӕ саразын. Уыцы дыууӕ хъуыддаджы иухуызонӕй цы ис, уымӕ куы ӕркӕсӕм, уӕд тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрджытыл нымад кӕй ӕрцыдыстӕм, уымӕн. Стӕй ма равзардзыстӕм, цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй дарддӕр дӕр Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрджытыл нымад уӕм.

ЦЫ ХЪӔУЫ, ЦӔМӔЙ БӔСТӔЙЫ ЦӔРӔГЫЛ НЫМАД ӔРЦӔУАЙ

4. Цы у «сыгъдӕг ӕвзаг» ӕмӕ нӕ бон куыд у уыцы ӕвзагыл «дзурын»?

4 Ӕвзаг сахуыр кӕнын. Иуӕй-иу бӕстӕты хицауад домы, цӕмӕй, сӕ бӕстӕйы гражданство райсын кӕй фӕнды, уыдон сахуыр кӕной уыцы бӕстӕйы сӕйраг ӕвзаг. Фӕлӕ адӕм уыцы бӕстӕйы гражданство куы райсынц, уый фӕстӕ дӕр ма сӕ хатт бахъӕуы цалдӕр азы, цӕмӕй уыцы ӕвзагыл хорз дзурын сахуыр уой. Чи зоны, ӕвзаджы уагӕвӕрдтӕ тагъд сахуыр кӕной, фӕлӕ, дзырдтӕ раст дзурын базоной, уымӕн та сӕ фылдӕр рӕстӕг бахъӕуа. Раст афтӕ Хуыцауы Паддзахад дӕр домы, цӕмӕй йӕ дӕлбар цӕрджытӕ сахуыр кӕной, Библи «сыгъдӕг ӕвзаг» кӕй хоны, уый. (Бакӕс Софонийы 3:9.) Цы у уыцы ӕвзаг? Библийы Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй цы фыст ис, уый. Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, уыцы сыгъдӕг ӕвзагыл кӕй «дзурӕм». Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрджытӕ, чи зоны, Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ тагъд сахуыр кӕной ӕмӕ донаргъуыд райсой. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр суанг донаргъуыды фӕстӕ дӕр хъӕудзӕн архайын, цӕмӕй сыгъдӕг ӕвзагыл хуыздӕрӕй-хуыздӕр «дзурой». Куыд? Алчидӕр нӕ хъуамӕ дарддӕр архайа, цӕмӕй, Библийӕ цы базоны, уымӕ гӕсгӕ йӕ цард араза.

5. Йегъовӕйы организацийы истори хорз цӕмӕн хъуамӕ зонӕм?

5 Истори базонын. Цавӕрдӕр бӕстӕйы гражданство райсын кӕй фӕнды, ахӕм адӕймаджы, чи зоны, бахъӕуа уыцы бӕстӕйы историйӕ истытӕ базонын. Ӕмӕ, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрын кӕй фӕнды, уыдоны дӕр хъӕуы базонын, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цыдӕриддӕр базонӕн ис, уый. Уыцы хъуыддаджы мах хъӕуы бафӕзмын Корейы фыртты, рагзаманты Израилы чи цард, уыдоны. Корейы фырттӕ тынг уарзтой Иерусалим ӕмӕ йӕ кувӕндон ӕмӕ сын тынг ӕхсызгон уыд Иерусалимы раздӕры хабӕртты тыххӕй иннӕтӕн дзурын. Уыдон Иерусалим йӕ рӕсугъд къулты тыххӕй нӕ уарзтой, фӕлӕ уыцы горӕт Йегъовӕйы горӕт, «цытджын Паддзахы горӕт», кӕй уыд, уый тыххӕй. Йегъовӕйы Закъон-иу адӕмӕн уым амыдтой. Ӕмӕ Йегъовӕйы ӕнувыд уарзтӕй хайджын уыдысты, «цытджын Паддзахы» дӕлбар чи уыд, уыцы адӕм. (Бакӕс Псалом 48:1, 2, 9, 12, 13.) Йегъовӕйӕн абон зӕххыл цы организаци ис, уый истори ахуыр кӕнын ӕмӕ йӕ иннӕтӕн дзурын дӕуӕн дӕр Корейы фырттау ӕхсызгон у? Уыцы организацийы тыххӕй ӕмӕ, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй цас фылдӕр зонай, уыйас тынгдӕр ӕууӕнддзынӕ, Хуыцауы Паддзахад ӕцӕг хицауад кӕй у, ууыл. Ӕмӕ дӕ уӕд ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн уыцы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын (Йер. 9:24; Лук. 4:43).

6. Йегъовӕ нӕ йӕ Паддзахады закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын кӕй домы, уый раст цӕмӕн у?

6 Закъӕттӕ зонын. Зӕххон хицауӕдтӕ фӕдомынц, цӕмӕй сӕ бӕстӕйы цӕрджытӕ закъӕттӕ зоной ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕной. Йегъовӕ дӕр домы, цӕмӕй йӕ Паддзахады дӕлбар цӕрджытӕ иууылдӕр зоной ӕмӕ ӕххӕст кӕной йӕ закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, ӕмӕ уый бӕгуыдӕр раст у (Ис. 2:3; Иоан. 15:10; 1 Иоан. 5:3). Адӕмы закъӕтты арӕх вӕййы цавӕрдӕр хъӕндзинӕдтӕ ӕмӕ хатт рӕстдзинадыл дзурӕг нӕ вӕййынц. Фӕлӕ «Йегъовӕйы закъон у ӕнаипп» (Пс. 19:7). Йегъовӕйы закъон дын циндзинад хӕссы ӕмӕ йын йӕ Ныхас алы бон дӕр кӕсыс? (Пс. 1:1, 2). Хуыцауы закъон базонынӕн ис ӕрмӕстдӕр иу мадзал – нӕхӕдӕг ӕй куы ахуыр кӕнӕм. Нӕ бӕсты уый ничи араздзӕн.

ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАДЫ ДӔЛБАР ЦӔРДЖЫТӔ УАРЗЫНЦ ХУЫЦАУЫ ЗАКЪӔТТӔ

7. Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрджытӕ Хуыцауы закъӕттӕ цӕмӕн ӕххӕст кӕнынц?

7 Цӕмӕй дарддӕр дӕр Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрджытыл нымад уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы закъӕттӕ ӕрмӕст зонгӕ ма кӕнӕм, фӕлӕ сӕ уарзгӕ дӕр кӕнӕм. Зӕххон паддзахӕдты цӕрджытӕй бирӕтӕ фӕзӕгъынц, сӕ бӕстӕйы закъӕттимӕ разы кӕй сты. Фӕлӕ сӕм цавӕрдӕр закъон зынӕххӕстгӕнӕн куы фӕкӕсы ӕмӕ сӕ куы ничи фӕуыны, уӕд уыцы закъоны сӕрты ахизынц. Арӕх ахӕм адӕм закъӕттӕ феххӕст кӕнынц ӕрмӕстдӕр «адӕмы зӕрдӕ балхӕныны» тыххӕй (Кол. 3:22). Фӕлӕ Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрджытӕ афтӕ нӕ кӕнынц. Мах Хуыцауы закъӕттӕ ӕххӕст кӕнӕм зӕрдиагӕй, адӕмӕй нӕ куы ничи фӕуыны, уӕд дӕр. Цӕмӕн? Нӕ Закъонӕвӕрӕджы кӕй уарзӕм, уый тыххӕй (Ис. 33:22; бакӕс Лукайы 10:27).

8, 9. Хуыцауы закъӕттӕ ӕцӕгдӕр уарзыс ӕви нӕ, уый дӕ бон куыд у сбӕрӕг кӕнын?

8 Хуыцауы закъӕттӕ ӕцӕгдӕр уарзыс ӕви нӕ, уый дӕ бон куыд у сбӕрӕг кӕнын? Зӕгъӕм, ахъуыды кӕн, уынаффӕ дын куы фӕдӕттынц, уӕд дӕхи куыд фӕдарыс, ууыл. Уынаффӕ дын цӕй фӕдыл радтой, уый тыххӕй, чи зоны, афтӕ хъуыды кӕныс, ӕмӕ уый ӕрмӕст дӕхи хъуыддаг у, зӕгъӕм, куыд конд вӕййыс, уый. Цалынмӕ рӕстдзинад нӕ базыдтай, уӕдмӕ, чи зоны, ӕнӕфсарм кӕнӕ куыдфӕндыйы кондӕй цыдтӕ. Фӕлӕ Хуыцауы куы бауарзтай, уӕд бацархайдтай, цӕмӕй йын дӕ конд ӕмӕ дӕ уындӕй кад хӕссай (1 Тим. 2:9, 10; 1 Пет. 3:3, 4). Ӕмӕ ныр, чи зоны, афтӕ хъуыды кӕныс, ӕмӕ, чырыстонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ конд вӕййыс. Фӕлӕ дын хистӕр нӕлгоймаг афтӕ куы зӕгъа, зӕгъгӕ, дӕ конд ӕмӕ дӕ уынд ӕмбырды бирӕтӕн къуылымпыйы хос у, уӕд куыд кӕндзынӕ? Дӕхи рӕстытӕ кӕнынмӕ фӕуыдзынӕ, смӕсты уыдзынӕ кӕнӕ нынныхмӕ уыдзынӕ? Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрджытӕн сӕ сӕйраг закъӕттӕй иу у, Чырысти куыд кодта, афтӕ кӕнын (1 Пет. 2:21). Чырыстийы цӕвиттоны кой кӕнгӕйӕ апостол Павел ныффыста: «Алчидӕр нӕ хъуыды кӕнӕд, иннӕмӕн хуыздӕр цы уыдзӕн ӕмӕ йӕ фидардӕр цы фӕкӕндзӕн, ууыл. Чырысти дӕр, йӕхицӕн куыд ӕнцондӕр уыдаид, ууыл нӕ хъуыды кодта» (Ром. 15:2, 3). Цӕмӕй ӕмбырды фарн ма фехӕла, уый тыххӕй фӕлтӕрдджын чырыстон алкӕддӕр хъуыды кӕндзӕн иннӕты ӕфсармыл (Ром. 14:19–21).

9 Ахъуыды-ма кӕн, цы цӕстӕй кӕсыс ноджыдӕр дыууӕ ахсджиаг хъуыддагмӕ: нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы сусӕг ахастдзинӕдтӕ вӕййы, уыдонмӕ ӕмӕ бинонты цардмӕ. Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрджытыл нымад чи нӕу, уыдон гомосексуализммӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсынц, порнографи нымайынц хиирхӕфсӕныл, стӕй, исчи йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй куы рацӕуы ӕмӕ бинонтӕ куы ахицӕн вӕййынц, уымӕй дӕр фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, уый адӕймагӕн йӕхи цард у, ӕмӕ йӕ куыд фӕнды, афтӕ кӕнӕд. Фӕлӕ Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрджытӕ фӕхъуыды кӕнынц, сӕ хъуыддӕгтӕ сӕ цӕмӕ ӕркӕндзысты ӕмӕ иннӕтыл дӕр куыд фӕзындзысты, ууыл. Чырыстӕттӕй бирӕтӕ, цалынмӕ рӕстдзинад нӕ базыдтой, уӕдмӕ ӕнӕгъдау цард кодтой, фӕлӕ ныр, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы сусӕг ахастдзинӕдтӕ вӕййы, уыдон ӕмӕ бинонты цард нымайынц Хуыцауы лӕварыл. Уыдон уарзынц Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ фидарӕй зонынц, йӕ ӕнӕгъдау митӕ чи нӕ уадзы, уыдон Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрыны аккаг кӕй не сты (1 Кор. 6:9–11). Фӕлӕ ма уый дӕр ӕмбарынц, зӕрдӕ мӕнгард кӕй у (Йер. 17:9). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, тӕссаг сын цӕмӕй у, уыдӕттӕй сӕ кӕй фӕдзӕхсынц ӕмӕ сын афтӕмӕй Хуыцауы закъӕттыл фидар хӕцынӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц, уымӕн аргъ кӕнынц.

ПАДДЗАХАДЫ ДӔЛБАР ЦӔРДЖЫТӔ АРГЪ КӔНЫНЦ, КӔЙ СӔ ФӔДЗӔХСЫНЦ, УЫМӔН

10, 11. Хуыцауы Паддзахад нӕ йӕ афоныл цӕмӕй фӕдзӕхсы ӕмӕ уыцы фӕдзӕхстытӕм цы цӕстӕй кӕсыс?

10 Цавӕрдӕр хӕринаг кӕнӕ хос адӕймаджы ӕнӕниздзинадӕн тӕссаг куы вӕййы, уӕд хицауад йӕ бӕстӕйы цӕрджыты бафӕдзӕхсы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хойрӕгтӕ ӕмӕ хостӕ се ’ппӕт ӕвзӕр не сты. Фӕлӕ дзы кӕцыдӕртӕ истӕмӕй тӕссаг куы уой, уӕд хицауад адӕмы бафӕдзӕхсдзӕн, цӕмӕй сын се ’нӕниздзинад бахъахъхъӕна. Афтӕ куы нӕ бакӕна, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ йӕ бӕстӕйы цӕрджытыл нӕ тыхсы. Хуыцауы Паддзахад дӕр, йӕ дӕлбар цӕрын кӕй фӕнды, уыдоны афоныл бафӕдзӕхсы, се ’гъдау ӕмӕ сӕ уырнындзинадӕн тӕссаг цӕмӕй вӕййы, уыдӕттӕй. Зӕгъӕм, абон адӕм Интернеты фӕрцы кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕнынц, кӕрӕдзимӕ фӕфыссынц, фылдӕр истытӕ базонынц ӕмӕ дзы сӕхицӕн ирхӕфсӕнтӕ ссарынц. Хуыцауы организаци дӕр Интернетӕй пайда кӕны ӕмӕ уый фӕрцы бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ аразы. Фӕлӕ Интернеты сайттӕй бирӕтӕ тӕссаг сты адӕймаджы ӕгъдау ӕмӕ уырнындзинадӕн. Фидарӕй ис зӕгъӕн, порнографи кӕм ис, уыцы сайттӕ Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрджытӕн тӕссаг кӕй сты. Ӕмӕ нӕ ӕууӕнкджын цагъар дӕр бирӕ азты дӕргъы ахӕм сайтты тыххӕй фӕдзӕхсы. Ӕмӕ дзы мах уый тыххӕй тынг бузныг стӕм!

11 Фӕстаг азты бирӕтӕ пайда кӕнын райдыдтой, социалон сеть кӕй хонынц, ахӕм сайттӕй. Адӕймаг уыцы сайттӕй тынг хъавгӕйӕ куы пайда кӕна, уӕд хорз дӕр сты. Фӕлӕ стыр зиан дӕр ӕрхӕссынц, уымӕн ӕмӕ дзы ис сӕмбӕлӕн, Библи ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ кӕй хоны, уыдоныл (1 Кор. 15:33). Ӕмӕ нӕ Хуыцауы организаци дӕр уымӕн фӕдзӕхсы, уыцы сайтты тӕссагӕй цы ис, уыдӕттӕй. Ӕууӕнкджын цагъар фӕстаг рӕстӕг уый фӕдыл цы статьятӕ рауагъта, уыдон иууылдӕр бакастӕ? Тынг ӕнӕзонд ми уаид, уыцы ӕрмӕг куы нӕ бакӕсиккам ӕмӕ уыцы сайттӕй афтӕмӕй куы пайда кӕниккам! * Уый абарӕн ис, адӕймаг тыхджын хос куы бануазид, йӕ инструкци та йын куы нӕ бакӕсид, уыимӕ.

12. Цӕмӕй нӕ фӕдзӕхсынц, уымӕ куы нӕ хъусӕм, уӕд уый ӕнӕзонд ми цӕмӕн уыдзӕн?

12 Ӕууӕнкджын цагъар нӕ цӕмӕй фӕдзӕхсы, уыдӕттӕм йӕ хъус чи нӕ дары, уый ӕнӕмӕнгӕй зиан ӕрхӕсдзӕн йӕхицӕн дӕр ӕмӕ, кӕй уарзы, уыдонӕн дӕр. Иуӕй-иутӕ порнографимӕ кӕсыныл фӕцахуыр сты, чидӕртӕ та ӕнӕгъдау митӕ кӕнынц, ӕмӕ сӕхи сабыр кӕнынц ахӕм хъуыдыйӕ, зӕгъгӕ нӕ Йегъовӕ нӕ уыны. Фӕлӕ куыд ӕнӕзонд ми уаид, афтӕ куы хъуыды кӕниккам, ӕмӕ, цы аразӕм, уый Йегъовӕйӕ бамбӕхсӕн ис! (Ӕмб. 15:3; бакӕс Дзуттӕгтӕм 4:13). Хуыцауы фӕнды ахӕм адӕймӕгтӕн баххуыс кӕнын, ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты разӕнгард кӕны, цӕмӕй сӕ раст зондыл саразой (Гал. 6:1). Фӕлӕ цавӕрдӕр фыдракӕндтӕ чи ракӕны, ахӕм адӕймагӕй хицауад йӕ бӕстӕйы гражданство куыд байсы, афтӕ Йегъовӕ дӕр, йӕ закъӕттӕ йын чи халы ӕмӕ фӕсмон чи нӕ кӕны, уыдонӕн сӕ бартӕ байсдзӕн ӕмӕ йӕ Паддзахады дӕлбар цӕрджытӕ нал уыдзысты * (1 Кор. 5:11–13). Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау у, ӕмӕ, чи ӕрфӕсмон кӕна ӕмӕ йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ чи ныууадза, уыдонӕн та ногӕй йӕ разы хорз ном уыдзӕн ӕмӕ нымад уыдзысты Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрджытыл (2 Кор. 2:5–8). Ахӕм уарзӕгой Паддзахӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый махӕн стыр кад куыннӕ у!

ПАДДЗАХАДЫ ДӔЛБАР ЦӔРДЖЫТӔ АРГЪ КӔНЫНЦ АХУЫРАДӔН

13. Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрджытӕ ахуырадӕн кӕй аргъ кӕнынц, уый куыд ӕвдисынц?

13 Бирӕ бӕстӕты хицауӕдтӕ тынг архайынц, цӕмӕй сӕ бӕстӕйы цӕрджытӕ ахуырад райсой. Зӕгъӕм, уый тыххӕй саразынц скъолатӕ. Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрджытӕ ахӕм ахуырадӕн аргъ кӕнынц ӕмӕ зӕрдиагӕй архайынц, цӕмӕй сахуыр кӕной ӕмӕ сӕ бон уа сӕхи фӕдарын. Ноджы тынгдӕр та аргъ кӕнынц, Йегъовӕ сын йӕ организацийы уылты цы ахуырад дӕтты, уымӕн. Зӕгъӕм нӕ йӕ организаци разӕнгард кӕны кӕсынмӕ. Ныййарджыты разӕнгард кӕны, цӕмӕй сӕ гыццыл сывӕллӕттӕн кӕсой. Алы мӕй дӕр ӕууӕнкджын цагъар мыхуыры уадзы журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Пробудитесь!». Уыцы журналтӕй алы бон дӕр дыууӕ-ӕртӕ фарсы куы кӕсай, уӕд-иу сӕ иу мӕймӕ бакӕсдзынӕ. Ӕмӕ дын афтӕмӕй, Йегъовӕ цы ахуырад дӕтты, уый пайда хӕсдзӕн.

14. а) Ӕмбырды фембӕлдты цӕуыл ахуыр кӕнӕм? ӕ) Нӕ литературӕйы бинонты ахуыры тыххӕй цы уынаффӕтӕ уыд, уыдонӕй кӕцытӕй спайда кодтай?

14 Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрджытӕ алы къуыри дӕр фӕахуыр кӕнынц ӕмбырды фембӕлдты. Зӕгъӕм, ныр 60 азӕй фылдӕр Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола ӕххуыс кӕны хъусынгӕнджытӕн, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас хорз амоной. Ды дӕр уыцы скъолайы фыст дӕ? Фӕстаг цалдӕр азы нӕ ӕууӕнкджын цагъар уӕлдай тынгдӕр разӕнгард кӕны, цӕмӕй нын алы къуыри дӕр уа бинонты ахуыр. Уыцы ахуыры фӕрцы бинонтӕ кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кӕнынц. Нӕ литературӕйы бинонты ахуыры тыххӕй цы уынаффӕтӕ уыд, уыдонӕй пайда кӕнын дын уайы? *

15. Абон цавӕр кадджын хъуыддаджы архайӕм?

15 Зӕххон хицауӕдты дӕлбар цӕрджытӕ тынг фӕархайынц, цӕмӕй адӕм цавӕрдӕр партийы фарс слӕууой. Чидӕртӕ сӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ дӕр фӕзилынц, цӕмӕй адӕмы агитаци кӕной. Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрджытӕ та ноджы фылдӕр аразынц сӕ Паддзахады тыххӕй: ӕгас дунейы дӕр,– хӕдзарӕй-хӕдзармӕ дӕр ӕмӕ уынджы дӕр,– хъусын кӕнынц уыцы Паддзахады тыххӕй. Айразмӕйы статьяйы куыд фыст уыд, афтӕмӕй, Йегъовӕйы Паддзахады тыххӕй чи хъусын кӕны, уыцы журнал, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», мыхуыры цы тиражӕй цӕуы, уыйас тиражӕй абон зӕххыл ӕндӕр никӕцы журнал цӕуы! Хуыцауы Паддзахады тыххӕй адӕмӕн дзурай, уымӕй кадджындӕр куыст ма цы хъуамӕ уа! Ды дӕр уыцы хъуыддаджы зынгзӕрдӕйӕ архайыс? (Матф. 28:19, 20).

16. Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрджытӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй цӕрыс, уый дӕ бон куыд у равдисын?

16 Тагъд рӕстӕджы ӕгас зӕххӕн дӕр уыдзӕн ӕрмӕстдӕр иу хицауад – Хуыцауы Паддзахад. Адӕм иууылдӕр сӕ царды алы фӕзилӕн дӕр араздзысты уыцы Паддзахады закъӕттӕм гӕсгӕ. Уыцы рӕстӕг, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрджытӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрдзынӕ? Уый дӕ бон у ныртӕккӕ равдисын. Алы бон дӕр дӕ алы уынаффӕ дӕр Йегъовӕйы кадӕн уӕд, ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдис, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрджытӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй цӕрыс (1 Кор. 10:31).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 11 абз. Зӕгъӕм, кӕс «Пробудитесь!»: 2011 азы июлы номыр, 24–27 фӕрстӕ; 2011 азы августы номыр, 10–13 фӕрстӕ; 2012 азы февралы номыр, 3–9 фӕрстӕ.

^ 14 абз. Кӕс 2011 азы 15 августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 6, 7 фӕрстӕ, ӕмӕ 2011 азы январы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг», 3–6 фӕрстӕ.

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Хицӕнгонд текст 14 фарсыл]

Ӕууӕнкджын цагъар нӕ Интернеты тыххӕй цӕмӕй фӕдзӕхсы, уымӕ хъусыс?

[Ныв 12 фарсыл]

Корейы фырттау ды дӕр сыгъдӕг динӕн ӕмӕ йӕ историйӕн аргъ кӕныс?

[Ныв 15 фарсыл]

Бинонты ахуыры фӕрцы ды дӕр ӕмӕ дӕ бинонтӕ дӕр цӕрдзыстут, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрджытӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ