Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕрвылазон фембӕлд

Нӕ иудзинад ӕмӕ стыр фӕндтӕ

Нӕ иудзинад ӕмӕ стыр фӕндтӕ

ХЪАХЪХЪӔНӔН мӕсыджы, Библитӕ ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнады (Пенсильвани) ӕрвылазон фембӕлдтӕ алы хатт дӕр ӕрхӕссынц стыр циндзинад. Уый зӕгъӕн уыд 127-ӕм ӕрвылазон фембӕлдӕй дӕр. 2011 азы 1 октябры уазджытӕ ӕнӕхъӕн дунейӕ дӕр ӕрӕмбырд сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Конгрессты залы, Джерси-Ситийы (штат Нью-Джерси, АИШ).

Геррит Лёш, Разамонӕг советы уӕнг, иу-85 бӕстӕйӕ цы уазджытӕ ӕрцыд, уыдонӕн ӕгасцӕут загъта. Уый фӕстӕ йӕ раныхасы загъта, зӕгъгӕ, кӕд Хуыцауы адӕм алы ӕмӕ алыхуызон бӕстӕтӕй сты, уӕддӕр се ’ппӕт дӕр сты иу бинонты хуызӕн ӕмӕ, се ’хсӕн цы иудзинад ис, ахӕм иудзинад иу адӕмы ’хсӕн дӕр нӕй. Уыцы иудзинад иннӕ адӕм дӕр уынынц ӕмӕ уый кадджын кӕны Йегъовӕйы. Ӕмӕ уыцы фембӕлды иудзинады кой иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ уыди.

ХОРЗ ХАБАР МЕКСИКӔЙӔ

Программӕйы фыццаг хайы дзырд цӕуыл цыди, уымӕй бӕрӕг уыд, Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн цы иудзинад ис, уый. Балтасар Перла интервью райста, Мексикӕйы Вефилы чи лӕггад кӕны, ӕртӕ ахӕм ӕфсымӕрӕй. Дзырдтой, Централон Америкӕйы ӕхсӕз филиалы Мексикӕйы филиалимӕ кӕй баиу кодтой, ууыл. Уыцы ивындзинады фӕрцы Мексикӕйы Вефилы фӕзынд хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй ӕмӕ алыхуызон адӕмыхӕттытӕй. Ӕмӕ уый иутӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр фӕци стыр ныфсы хос. Уыцы хабар у, цыма Йегъовӕ стыр фыстхалӕн райста ӕмӕ, бӕстӕты ’хсӕн цы арӕнтӕ ис, уыдон сыхӕлдта, афтӕ.

Уыцы ивындзинады фӕстӕ, филиалтӕ кӕм нал уыдзӕн, уыцы бӕстӕты хъусынгӕнджытӕн хъуыди бамбарын кӕнын, уӕддӕр Йегъовӕйы организациимӕ баст кӕй сты. Ӕмӕ уый тыххӕй алы ӕмбырдӕн дӕр Интернеты уылты сарӕзтой бастдзинад филиалимӕ, ӕмӕ, суанг дард рӕтты чи цӕры, уыцы хъусынгӕнджытӕн дӕр сӕ бон уыдзӕн комкоммӕ филиалмӕ фыссын.

НОГ ХАБӔРТТӔ ЯПОНИЙӔ

Джеймс Линтон, Японийы филиалӕй, радзырдта, 2011 азы мартъийы сӕм цы зӕххӕнкъуыст ӕмӕ цунамитӕ уыд, уыдон не ’фсымӕртӕн цы зиан ӕрхастой, уый тыххӕй. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕн сӕ хиуӕттӕ фӕмард сты, стӕй сӕм цыдӕриддӕр уыд, уый фесӕфтой. Зӕххӕнкъуыст ӕмӕ цунамитӕ кӕй нӕ бахъыгдардтой, уыцы Ӕвдисӕнтӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты суазӕг кодтой 3 100 хӕдзары ӕмӕ сын рӕстӕгмӕ радтой цалдӕр сӕдӕ машинӕйы. Регионалон арӕзтадон комитеттӕ уырдӕм цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты арвыстой, уыдон ӕфсымӕрты хӕдзӕрттӕ цалцӕг кодтой ӕхсӕвӕй-бонӕй. 1 700 барвӕндон кусӕгӕй фылдӕр цӕттӕ уыдысты, кӕм бахъӕуа, уым лӕггад кӕнынмӕ. Паддзахады залтӕ цалцӕг кӕнынӕн ӕххуыс кодтой 575 барвӕндон лӕггадгӕнӕджы, уыдонӕй иу къорд уыд Иугонд Штаттӕй.

Ӕфсымӕртӕ тынг бацархайдтой, уыцы бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхаста, уыдоны ныфс бауадзыныл ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад бафидар кӕныныл. Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты бӕрӕг кодтой 400 хистӕр нӕлгоймагӕй фылдӕр. Разамонӕг совет уырдӕм арвыста Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайадӕй дыууӕ зоналон цӕстдарӕджы, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ныфсыл ныфс бафтыдтаиккой. Ӕгас дунейы дӕр цы Ӕвдисӕнтӕ ис, уыдон сыл кӕй тыхстысты, кӕй сыл мӕт кодтой, уый дӕр сын уыд стыр ныфсы хос.

РАМБЫЛДТАМ ТӔРХОНДӔТТЫ

Дарддӕр иууылдӕр зӕрдиагӕй байхъуыстой Стивен Хардимӕ, Великобританийы филиалӕй, ӕмӕ ма цалдӕр ӕфсымӕрмӕ. Уыдон дзырдтой, ӕрӕджы тӕрхондӕтты цы хъуыддӕгтӕ рамбылдтам, уыдоны тыххӕй. Зӕгъӕм, Францийы хицауад Францийы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй домдта 82 милуан доллӕры хъалон. Уыцы хъуыддаг аскъуыддзаг кодта Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы тӕрхондон. Цы уынаффӕ рахаста, уымӕй бӕрӕг уыд, Францийы хицауад кӕй фехӕлдта Европӕйы конвенцийы 9-ӕм статья – уыцы статьямӕ гӕсгӕ, адӕймагӕн ис, кӕцы диныл ӕй фӕнды, уыцы диныл хӕцыны бар. Уыцы тӕрхондоны уынаффӕйӕ зыны, ӕцӕгӕй хабар ӕхцайы мидӕг кӕй нӕ уыд. Фыст дзы ис, зӕгъгӕ, хицауад разы кӕй нӕ уыд, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дин кӕй сты, уыимӕ, закъонмӕ гӕсгӕ сын цы бартӕ ис, уыдон сын байсынмӕ ӕмӕ уыцы дин сӕ бӕстӕйӕ фесафынмӕ кӕй хъавыд, стӕй сӕ ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кӕй кодта, уымӕй фехӕлдта Конвенцийы 9-ӕм статья.

Европӕйы тӕрхондон ма рахаста уынаффӕ Сомихы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыддаджы фӕдыл дӕр, зӕгъгӕ, аххосджын не сты. 1965 азӕй фӕстӕмӕ Европӕйы тӕрхондон уыди ахӕм хъуыдыйыл хӕст, зӕгъгӕ, Европӕйы конвенцимӕ гӕсгӕ адӕймагӕн нӕй бар, цӕмӕй ӕфсадмӕ ма ацӕуа. Фӕлӕ Стыр палатӕ – Европӕйы тӕрхондоны фӕстаг уынаффӕ чи рахӕссы, уый – уынаффӕ рахаста, Европӕйы конвенцимӕ гӕсгӕ адӕймагӕн кӕй ис бар, цӕмӕй ӕфсадмӕ ма ацӕуа, кӕд афтӕ йӕ уырнындзинады тыххӕй кӕны, уӕд. Ӕмӕ уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ хъуамӕ архайой Сомих дӕр ӕмӕ ма Азербайджан ӕмӕ Турци дӕр.

НОГ АГЪУЫСТЫТӔ

Уый фӕстӕ ныхасы рацыд Гай Пирс, Разамонӕг советы уӕнг, ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, ӕвӕццӕгӕн, ам чидӕриддӕр ӕрӕмбырд, уыдоны фӕнды базонын, штат Нью-Йорчы цы ног агъуыстытӕ арӕзт цӕуы ӕмӕ цӕудзӕн, уый тыххӕй. Уый равдыста видео, ӕвдыст дзы цыди, Уолкиллы ӕмӕ Паттерсоны цы арӕзт цӕуы ӕмӕ ма дзы цы хъуамӕ саразой, уыдӕттӕ, стӕй ӕрӕджы Уорикы ӕмӕ Таксидойы (штат Нью-Йорк) цы зӕххытӕ балхӕдтой, уыдон. Уолкиллы ног агъуыст хъуамӕ арӕзт фӕуа 2014 азы ӕмӕ дзы цӕрынӕн уыдзӕн 300 уатӕй фылдӕр.

Уорикы 100 гектарыл хъуамӕ арӕзт ӕрцӕуа ног агъуыстытӕ. Ӕфсымӕр Пирс загъта: «Нырма йӕ бӕлвырд нӕ зонӕм, Уорикы тыххӕй Йегъовӕйы фӕндон цы у, фӕлӕ нӕхи цӕттӕ кӕнӕм ног агъуыстытӕ аразын райдайынмӕ, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайад уырдӕм ахӕссӕм». Уыцы рӕстӕджы, арӕзтады цы машинӕтӕ кусдзӕн ӕмӕ аразынӕн цы ӕрмӕг хъӕудзӕн, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, уыдзысты, Уорикӕй цӕгатырдӕм 10 километры дарддӕр цы 20 гектары ис, уым. Ӕфсымӕр Пирс загъта: «Аразынӕн нын бар куы раттой, уӕд ӕй фӕнд кӕнӕм цыппар азмӕ фӕуын. Ӕмӕ уӕд Бруклины нӕ агъуыстытӕ дӕр уыдзӕн ауӕй кӕнӕн».

Ӕфсымӕр Пирс бафарста: «Стыр бӕллӕх хӕстӕг кӕй у, уый тыххӕй Разамонӕг совет, мыййаг, йӕ хъуыды аивта?» Стӕй дзуапп радта: «Нӕ аивта. Стыр бӕллӕх нын нӕ фӕндтӕ куы ныкъкъуылымпы кӕна, уӕд уый уыдзӕн тынг хорз, зӕгъӕн куыд нӕй, афтӕ хорз!»

УӔХИ ХЪАХЪХЪӔНУТ БОГЪТӔГӔНАГ ДОМБАЙӔ

Уый фӕстӕ Стивен Летт, уый дӕр Разамонӕг советӕй, аныхас кодта 1 Петры 5:8 стихыл: «Къӕрцхъус ут, ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ уе знаг, Хӕйрӕг, богътӕгӕнаг домбайау разил-базил кӕны ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, уый». Ӕфсымӕр Летт загъта, Петр Хӕйрӕджы домбаимӕ дзӕгъӕлы кӕй нӕ абарста, уымӕн ӕмӕ цӕмӕйдӕрты у домбайы хуызӕн.

Домбай адӕймагӕй тыхджындӕр ӕмӕ цӕрдӕгдӕр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ, Хӕйрӕгимӕ тох кӕнгӕйӕ, хъуамӕ нӕ ныфс нӕхиуыл ма дарӕм. Хъӕуы нӕ Йегъовӕйы ӕххуыс (Ис. 40:31). Домбай йӕ амӕттагмӕ сусӕгӕй бахъуызы. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ талынджы ма уӕм ӕмӕ йӕ уынӕм, Хӕйрӕг нӕм кӕцырдыгӕй хъавы, уый. Домбай, чи никӕй хъыгдары, ахӕм антилопӕйы кӕнӕ, фынӕй чи фӕкӕны, ахӕм зебрӕйы лӕппыны куыд амары, афтӕ Хӕйрӕг дӕр тӕригъӕд нӕ зоны ӕмӕ мах амарынмӕ гӕппӕввонгӕй лӕууы. Домбай куы бафсӕды, уӕд йӕ амӕттаджы базонӕн нал вӕййы. Ӕмӕ раст афтӕ, Хӕйрӕг кӕй ӕрцахсы, уыдонӕн дӕр «сӕ уавӕр, фыццаг цы уыди, уымӕй ноджы фыддӕр фӕвӕййы» (2 Пет. 2:20). Уӕдӕ хъуамӕ Хӕйрӕджы ныхмӕ фӕлӕууӕм ӕмӕ, Библийӕ цы базонӕм, ууыл фидар хӕцӕм (1 Пет. 5:9).

ЙЕГЪОВӔЙЫ ХӔДЗАРЫ ДЫН ЦЫ БЫНАТ ИС, УЫМӔН АРГЪ КӔН

«Махӕн не ’ппӕтӕн дӕр Йегъовӕйы хӕдзары ис бынат»,– загъта иннӕ раныхасы Сэмюэл Хёрд, Разамонӕг советы уӕнг. Чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр ис бынат Хуыцауы «хӕдзары» – йӕ ӕнӕуынгӕ кувӕндоны. Уыцы кувӕндон конд у, цӕмӕй, Йесо Чырыстийы нывондыл чи ӕууӕнды, уыдонӕн сӕ бон уа Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Йегъовӕйы хӕдзары нын бынат кӕй ис, уый у стыр кад, ӕмӕ йын хъуамӕ аргъ кӕнӕм. Ӕмӕ Давидау мах дӕр фӕнды, цӕмӕй «Йегъовӕйы хӕдзары уӕм цӕрӕнбонты» (Пс. 27:4).

Ӕфсымӕр Хёрд ӕрхаста Псалом 92:12–14 стихтӕ ӕмӕ бафарста: «Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй „дидинӕг калӕм“?» Ӕмӕ ахӕм дзуапп радта, зӕгъгӕ нын Йегъовӕ удӕнцой дӕтты, хъахъхъӕны нӕ ӕмӕ нын рӕстдзинады донӕй нӕ дойны басӕтты. Стӕй ӕфсымӕр Хёрд се ’ппӕты дӕр сразӕнгард кодта: «Уӕдӕ йын уый тыххӕй бузныг дзурӕм. Йегъовӕйы хӕдзары нын цы бынат ис, уымӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ йӕ хӕдзары ӕрмӕст цыбыр рӕстӕгмӕ ма уӕм, фӕлӕ ӕнустӕм».

ЧЫРЫСТӔТТӔ АРГЪ КӔНЫНЦ ХУЫЦАУЫ НЫХАСӔН

Уый фӕстӕ цы раныхас уыд, уым Дейвид Сплэйн, ӕндӕр ӕфсымӕр Разамонӕг советӕй, бамбарын кодта, ӕцӕг чырыстӕттӕ Хуыцауы Ныхасӕн алкӕддӕр кӕй аргъ кодтой. Зӕгъӕм, фыццаг ӕнусы сунӕт кӕныны фарста куы скъуыддзаг кодтой, уӕд дӕр Фыстадӕй пайда кодтой (Хъуыд. 15:16, 17). Фӕлӕ дыккаг ӕнусы уавӕр фӕивта. Сӕхи чырыстӕттӕ чи хуыдта, уыдонӕй чидӕртӕ зыдтой грекъаг философи ӕмӕ йын Фыстадӕй фылдӕр аргъ кӕнын райдыдтой. Ӕндӕртӕ та фӕстӕдӕр адӕмӕн амонын райдыдтой Библийы ахуырӕдтӕ нӕ, фӕлӕ Ромы паддзӕхты ӕмӕ, чырыстон аргъуаны ахуырӕдты бындурӕвӕрджытыл кӕй нымадтой, уыдоны хъуыдытӕ. Ӕмӕ афтӕ фӕзынди бирӕ мӕнг ахуырӕдтӕ.

Ӕфсымӕр Сплэйн бамбарын кодта, Чырыстийы фӕсномыг ныхасмӕ гӕсгӕ, зӕххыл дарддӕр дӕр кӕй хъуамӕ уыдаид ӕцӕг сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ уыдон рӕстдзинады сӕрыл кӕй хъуамӕ тох кодтаиккой (Матф. 13:24–30). Чи уыдысты, уый нӕ бон бӕлвырдӕй зӕгъын нӕу. Фӕлӕ ӕнусты дӕргъы зӕххыл царди, мӕнг динты ахуырӕдтӕ ӕмӕ ӕгъдӕутты ныхмӕ чи дзырдта, ахӕм адӕм. Уыдонӕй иуӕй-иутӕ уыдысты: 9 ӕнусы – архиепископ Лиойнаг Агобард; 12 ӕнусы – Петр де Брюи, Лозаннӕйаг Генрих ӕмӕ Вальдес (кӕнӕ Вальдо); 14 ӕнусы – Джон Уиклиф; 16 ӕнусы – Уильям Тиндал ӕмӕ 19 ӕнусы – Генри Гру ӕмӕ Джордж Сторрз. Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр цӕрынц Библимӕ гӕсгӕ ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕндынц, уымӕн дӕр йӕ бындур у Библи. Уымӕ гӕсгӕ Разамонӕг совет 2012 азы стихӕн равзӕрста Иоанны 17:17: «Дӕ ныхас у рӕстдзинад».

НӔ ОРГАНИЗАЦИЙЫ СКЪОЛАТЫ ДИССАДЖЫ ИВЫНДЗИНӔДТӔ ӔРЦЫД

Энтони Моррис, Разамонӕг советы уӕнг, фехъусын кодта, миссионертӕн ӕмӕ сӕрмагонд пионертӕн цы ивындзинӕдтӕ ӕрцыд, уый тыххӕй. 2012 азы сентябры ӕндӕр бӕстӕты дӕр райдайдзӕн Скъола чырыстон бинонтӕн. Галаады скъолайы нысан дӕр фӕивта. Фароны октябрӕй райдайгӕйӕ, Галаады скъоламӕ хонынц сӕрмагонд ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджыты – Галаады скъола чи нӕ фӕци, ахӕм миссионерты, сӕрмагонд пионерты, цӕуӕг цӕстдарджыты ӕмӕ Вефилы лӕггадгӕнджыты. Галаады скъола-иу чи фӕуа, уыдоны ӕрвитдзысты Хуыцауы адӕмы фидар кӕнынмӕ ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнынмӕ, зӕгъӕм, филиалтӕм, цӕуӕг цӕстдарджытӕй лӕггад кӕнынмӕ кӕнӕ та, тынг бирӕ адӕм кӕм цӕры, уырдӕм, цӕмӕй уым ӕмбырдтӕн ӕххуыс кӕной хъусын кӕныны хъуыддаджы.

Уыцы фембӕлды ма уыди хъусинаг, 2012 азы 1 январӕй фӕстӕмӕ, Скъола ӕнӕус ӕфсымӕртӕн ӕмӕ Скъола чырыстон бинонтӕн чи фӕуыдзӕн, уыдонӕй-иу кӕйдӕрты рӕстӕгмӕ кӕй снысан кӕндзысты сӕрмагонд пионертӕй. Уыдон хъусын кӕндзысты, хъусынгӕнджытӕ бирӕ кӕм нӕй кӕнӕ ӕппындӕр кӕм нӕй, ахӕм рӕтты. Лӕггад дзы кӕндзысты иу азӕй ӕртӕ азмӕ. Ӕмӕ-иу уыцы хъуыддаджы ӕнтыстджын чи уа, уыдонӕн сӕ бон уыдзӕн дарддӕр дӕр сӕрмагонд пионертӕй лӕггад кӕнын.

2011 азы ӕрвылазон фембӕлд уыд стыр цины рӕстӕг. Ныфс нӕ ис, Йегъовӕ уыцы ивындзинӕдтӕн кӕй арфӕ кӕндзӕн ӕмӕ хорз хабар ноджы тынгдӕр хъуыстгонд кӕй ӕрцӕудзӕн, стӕй не ’фсымӕрты ’хсӕн ӕгас дунейы дӕр фылдӕр иудзинад кӕй уыдзӕн. Ӕмӕ ӕппӕт уыцы хъуыддӕгтӕ уыдзысты йӕ кадӕн.

[Рамкӕ/Нывтӕ 18, 19 фӕрстыл]

СЕМӔ ХУЫЗДӔР БАЗОНГӔ СТӔМ

Программӕйы ма уыд интервью, Разамонӕг советы чи лӕггад кодта, уыцы ӕфсымӕрты идӕдз устытимӕ. Маринӕ Сидлик, Эдит Сьютер, Мелитӕ Ярач, Мельбӕ Бэрри ӕмӕ Сидни Барбер радзырдтой, рӕстдзинад куыд базыдтой ӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын куыд райдыдтой, уый тыххӕй. Алчидӕр ма дзы цыдӕр радзырдта йӕ цардӕмбалы тыххӕй, йӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ чи сты, ахӕм хабӕрттӕ, стӕй, иумӕ куы лӕггад кодтой, уыцы рӕстӕг сын Йегъовӕ куыд арфӕ кодта, уый тыххӕй. Уыцы интервьюты фӕстӕ иууылдӕр азарыдысты 86-ӕм зарӕг «Иузӕрдион сылгоймӕгтӕ, нӕ чырыстон хотӕ».

[Нывтӕ]

(Уӕлейӕ) Дэниел ӕмӕ Маринӕ Сидлик; Грант ӕмӕ Эдит Сьютер; Теодор ӕмӕ Мелитӕ Ярач

(Бынӕй) Ллойд ӕмӕ Мельбӕ Бэрри; Кэри ӕмӕ Сидни Барбер

[Картӕ 16 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

Ӕхсӕз филиалы баиу кодтой Мексикӕйы филиалимӕ

МЕКСИКӔ

ГВАТЕМАЛӔ

ГОНДУРАС

САЛЬВАДОР

НИКАРАГУА

КОСТА-РИКӔ

ПАНАМӔ

[Ныв 17 фарсыл]

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады ног проект, Уорик (штат Нью-Йорк)