Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ фыдӕбоны тыххӕй дын «уыдзӕн хӕрзиуӕг»

Дӕ фыдӕбоны тыххӕй дын «уыдзӕн хӕрзиуӕг»

ПАДДЗАХ Асӕ йе ’фсадимӕ фӕцӕуы арф комыл. Уыдон рацыдысты Иудӕйы хӕхтӕй ӕмӕ сӕ фӕндаг у, денджызырдыгӕй цы быдыртӕ ис, уырдӕм. Ком кӕм фӕуӕрӕхдӕр, уый онг куы ӕрбахӕццӕ сты, уӕд Асӕ ӕвиппайды ӕрлӕууыд ӕмӕ цавддурау фӕци. Кӕсы, ӕмӕ дӕлейӕ быдыры лӕууынц знаджы ӕфсӕдтӕ – иу милуан ефиопаг хӕстоны! Асӕйы ӕфсад та уыдонӕн се ’мбис йеддӕмӕ не сты.

Асӕйы хъӕуы знагимӕ схӕцын. Ӕмӕ уал цымӕ фыццаг цы аразы? Мыййаг, йе ’фсады хистӕртӕн амындтӕ дӕтты? Ӕви йӕ хӕстонты ныфс уадзы? Науӕд йӕ бинонтӕм фыстӕджытӕ ӕрвиты? Нӕ. Ацы уӕззау уавӕры Асӕ кувы Йегъовӕмӕ.

Фӕстӕдӕр лӕмбынӕгдӕр аныхас кӕндзыстӕм, Асӕ куыд куывта ӕмӕ дарддӕр цы ӕрцыд, уый тыххӕй. Фӕлӕ уал базонӕм, Асӕ цавӕр адӕймаг уыди, уый. Ӕххуыс Хуыцауӕй цӕмӕн агуырдта? Уый ныфс ӕй цӕй фӕрцы уыди, ӕмӕ йын Йегъовӕ баххуыс кӕндзӕн? Ӕмӕ нын Асӕйы хабар куыд ӕвдисы, Йегъовӕ кӕй арфӕ кӕны йӕ коммӕгӕс лӕггадгӕнджытӕн?

АСӔ ЦАВӔР АДӔЙМАГ УЫДИ

Асӕ паддзах сси н. э. размӕ 977 азы. Уӕдмӕ Израил ӕмӕ Иудӕ ссӕдз азы уыдысты хицӕн паддзахӕдтӕ. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг Иудӕйы адӕм иууылдӕр мӕнгхуыцӕуттӕн кувыныл бафтыдысты. Суанг ма, стыр бынӕттӕ чи ахста, уыдон дӕр куывтой ханаайнаг хуыцӕуттӕн – зӕнӕг уадзыны ӕмӕ тыллӕджы бардуӕгтӕн. Фӕлӕ, Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй Асӕ «арӕзта, йӕ Хуыцау Йегъовӕйы цӕсты хорз ӕмӕ раст цы уыд, уый». Паддзах «ныппырх кодта ӕцӕгӕлон хуыцӕутты нывондхӕссӕнтӕ ӕмӕ кувӕн бынӕттӕ, ныссаста кувӕн дуртӕ ӕмӕ афӕлдӕхта кувӕн цӕджындзтӕ» (2 Аз. 14:2, 3). Стӕй Иудӕйы зӕххӕй фӕсырдта «хӕтаг нӕлгоймӕгты» – кувӕндоны-иу мӕнгхуыцӕуттӕн кувгӕйӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмуат кӕимӕ ӕрцыдысты, уыцы нӕлгоймӕгты *. Фӕлӕ Асӕ, Иудӕйы зӕххӕй мӕнг дин кӕй фесӕфта, ууыл не ’рлӕууыд. Уый адӕмӕн бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, «уӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйы агурут ӕмӕ йын йӕ закъон ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнут» (1 Пад. 15:12, 13; 2 Аз. 14:4).

Асӕ раст диныл ӕнувыд кӕй уыд, уый Йегъовӕйӕн уыди ӕхсызгон. Гъемӕ йын ахӕм арфӕ ракодта, ӕмӕ Иудӕйы зӕххыл бирӕ азты дӕргъы уыди сабырдзинад. Асӕ ахӕм ныхӕстӕ дӕр уымӕн загъта: «Мах нӕ Хуыцау Йегъовӕйы агуырдтам. Агуырдтам ӕй, ӕмӕ нын алырдыгӕй ӕнцойдзинад радта». Уыцы сабыр рӕстӕг адӕм ӕнцад нӕ бадтысты, фӕлӕ Иудӕйы паддзахады цы горӕттӕ уыди, уыдон фидар кодтой. Библийы фыст ис: «Аразын райдыдтой ӕмӕ сын бирӕ бантыст» (2 Аз. 14:1, 6, 7).

ТОХЫ БЫДЫРЫ

Асӕ зыдта, йӕ уырнындзинад хъуыддагӕй чи равдисы, уыдонӕн Йегъовӕ кӕй арфӕ кӕны. Ӕмӕ ефиопӕгтимӕ схӕцыны размӕ Хуыцауӕй дӕр ӕххуыс уый тыххӕй ракуырдта. Библийы цы зӕххон ӕфсӕдты кой цӕуы, уыдонӕй ефиопӕгты ӕфсадӕй стырдӕр нӕ уыд. Фӕлӕ Асӕ ӕмбӕрста, йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Хуыцауыл куы дара, уӕд ын кӕй баххуыс кӕндзӕн цыфӕнды стыр ӕмӕ хъомысджын ӕфсады ныхмӕ фӕлӕууынӕн дӕр. Стӕй ма зыдта уый дӕр, ӕмӕ уыцы тохы ефиопӕгтӕ куы фӕуӕлахиз уой, уӕд Йегъовӕйы ном кӕй фӕхудинаг уыдзӕн. Ӕмӕ йӕм уый тыххӕй куывта: «Баххуыс нын кӕн, О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, уымӕн ӕмӕ дӕуыл дарӕм нӕ зӕрдӕ ӕмӕ дӕ номӕй рацыдыстӕм ацы бирӕ адӕмы ныхмӕ. О Йегъовӕ, ды дӕ нӕ Хуыцау. Зӕххон адӕймаг дӕуӕй тыхджындӕр ма разынӕд» (2 Аз. 14:11). Ӕндӕр ныхӕстӕй Асӕ загъта афтӕ: «Йегъовӕ, ефиопӕгтӕ дӕ ныхмӕ рацыдысты, ӕмӕ ма бауадз, цӕмӕй, сыджыт йеддӕмӕ чи ницы у, уыцы адӕм дын дӕ адӕмыл фӕуӕлахиз уой ӕмӕ дын дӕ ном фӕхудинаг кӕной». Хуыцау фехъуыста Асӕйы куывд, ӕмӕ йӕ адӕмӕн «баххуыс кодта ефиопӕгты ныддӕрӕн кӕнынӕн», ӕмӕ уыдон дӕр лидзӕг фесты (2 Аз. 14:12).

Йегъовӕйы адӕмӕн абон дӕр ис тыхджын знӕгтӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах нӕ къухмӕ ӕцӕг хӕцӕнгарз нӕ райсӕм ӕмӕ тохы быдыры нӕ фӕхӕцӕм. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр алчидӕр цӕимӕдӕр тох кӕны: чи ӕвзӕр зондахастимӕ, чи йӕ чъизи монцтимӕ, чи та цавӕрдӕр лӕмӕгъдзинӕдтимӕ. Кӕмӕндӕр та йӕ тох ууыл у, цӕмӕй йӕ бинонты ацы чъизи ӕмӕ хӕлд дунейӕ бахъахъхъӕна. Фӕлӕ нӕ тох цӕимӕфӕнды ма уа,– Асӕйы хабар нын у стыр ныфсы хос. Йегъовӕ йын йӕ куывд фехъуыста ӕмӕ йын йе знӕгты йӕ къухмӕ радта. Хуыцау махӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, нӕ зӕрдӕ йыл куы дарӕм, уӕд. Зӕххыл ахӕм адӕймаг кӕнӕ ахӕм тых нӕй, ӕмӕ Йегъовӕйы ныхмӕ ӕрлӕууа.

ЙЕГЪОВӔ ДЗЫ НЫФС БАУАГЪТА ӔМӔ ЙӔ БАФӔДЗӔХСТА

Асӕ тохы быдырӕй фӕстӕмӕ куы раздӕхт, уӕд йӕ размӕ рацыд пехуымпар Азари. Уый Асӕйы ныфс дӕр бауагъта ӕмӕ йӕ фӕдзӕхсгӕ дӕр бакодта. Азари загъта: «Байхъусут мӕм, Асӕ ӕмӕ Иудӕ ӕмӕ Вениамины адӕм уе ’ппӕт дӕр! Йегъовӕ уыдзӕн уемӕ, цалынмӕ сымах йемӕ уат, уӕдмӕ. Куы йӕ агурат, уӕд ӕй ссардзыстут, фӕлӕ йӕ куы ныууадзат, уӕд уӕ уый дӕр ныууадздзӕн». Стӕй ма ноджыдӕр загъта: «Хъӕбатыр ут ӕмӕ уӕ къухтӕ ма ’руадзут, уымӕн ӕмӕ уын уӕ фыдӕбоны тыххӕй уыдзӕн хӕрзиуӕг» (2 Аз. 15:1, 2, 7).

Ацы ныхӕстӕ нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынц. Ууыл дзурӕг нын сты, ӕмӕ цалынмӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм, уӕдмӕ уыдзӕн немӕ. Стӕй дзы ӕххуыс куы курӕм, уӕд нӕ ӕнӕмӕнг фехъусдзӕн. Азари загъта, хъӕбатыр ут, зӕгъгӕ. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, раст цы у, уый аразынӕн арӕх стыр хъӕбатырдзинад фӕхъӕуы. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕрцы нӕ бон алкӕддӕр уыдзӕн рӕстӕй архайын.

Асӕйӕн йӕ фыдымад Маахӕ «цӕджындзӕн кувынӕн сарӕзта ӕнад мӕнгхуыцау», ӕмӕ уый тыххӕй Асӕйы хъуыди йӕ фыдымады йӕ кадджын бынатӕй ӕнӕхай фӕкӕнын. Ӕмӕ кӕд уый ӕнцон хъуыддаг нӕ уыд, уӕддӕр ын Асӕ йӕ бартӕ байста, ӕмӕ «ус-паддзахы» ном нал хаста. Стӕй ма басыгъта, Маахӕ цы мӕнгхуыцау сарӕзта, уый дӕр (1 Пад. 15:13). Ӕмӕ Йегъовӕ Асӕйӕн йӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй раарфӕ кодта. Мах дӕр хъуамӕ Йегъовӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр хъусӕм ӕмӕ йын йӕ закъӕттыл фидар хӕцӕм, нӕ бинонтӕ йыл иузӕрдион сты ӕви нӕ, уӕддӕр. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд Йегъовӕ махӕн дӕр арфӕ кӕндзӕн.

Йегъовӕ Асӕйы цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодта, уыдонӕй сӕ иу уый уыди, ӕмӕ израилӕгтӕй бирӕтӕ мӕнгард Израилы паддзахадӕй ралыгъдысты Иудӕйы зӕхмӕ. Уыдон раст диныл афтӕ ӕнувыд уыдысты, ӕмӕ, Йегъовӕ Асӕимӕ кӕй ис, уый куы бамбӕрстой, уӕд сӕ хӕдзӕрттӕ ныууагътой ӕмӕ Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты ’хсӕн ӕрцардысты. Фӕстӕдӕр Иудӕйы адӕм иууылдӕр дзырд радтой, «Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй кӕй агурдзысты». Ӕмӕ Хуыцауы зӕрдиагӕй кӕй агуырдтой, уый фӕрцы йӕ ссардтой ӕмӕ сын «дарддӕр дӕр алырдыгӕй ӕнцойдзинад лӕвӕрдта» (2 Аз. 15:9–15). Абон мах дӕр тынг фӕцин кӕнӕм, рӕстдзинад чи уарзы, уыцы адӕм мӕнг дин куы ныууадзынц ӕмӕ Йегъовӕйы фарс куы слӕууынц, уӕд.

Фӕлӕ ма пехуымпар Азари Асӕйы фӕдзӕхсгӕ дӕр бакодта, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы куы ныууадзай, уӕд дӕ уый дӕр ныууадздзӕн. Макуы нӕ мачи саразӕд ахӕм рӕдыд къахдзӕф! (2 Пет. 2:20–22). Библийы ницы ис фыст, Йегъовӕ Асӕйы цӕмӕн бафӕдзӕхста, уый тыххӕй. Фӕлӕ зонӕм уый, ӕмӕ Асӕ Йегъовӕйы фӕдзӕхст ницӕмӕ ӕрдардта.

«ӔНӔЗОНД МИ БАКОДТАЙ»

Асӕ 36 азы бӕрц куы уыд паддзах, уӕд Израилы паддзах Ваасӕ Иудӕйы паддзахады ныхмӕ рацыд. Ваасӕ фидар кӕнын райдыдта, Израил ӕмӕ Иудӕйы ’хсӕн чи уыди, уыцы горӕт Рамӕйы къултӕ. Уырдыгӕй Иерусалиммӕ 8 километры йеддӕмӕ нӕ уыди. Ваасӕ афтӕ, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн бакодта, цӕмӕй йӕ адӕм Иудӕмӕ Йегъовӕйӕн кувынмӕ мауал цыдаиккой ӕмӕ паддзах Асӕйӕн мауал лӕггад кодтаиккой. Ацы хатт паддзах Асӕ Йегъовӕмӕ нал скуывта ӕмӕ дзы ӕххуыс нал ракуырдта. Уый Сирийы паддзахӕн лӕвӕрттӕ арвыста ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй Израилы паддзахадимӕ схӕцыдаид. Ӕмӕ сириӕгтӕ цалдӕр горӕты куы ныппырх кодтой, уӕд Ваасӕ Рамӕ ныууагъта (2 Аз. 16:1–5).

Асӕ куыд бакодта, уый Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд ӕмӕ йӕм йӕ пехуымпар Ананийы арвыста. Асӕйӕ хъуамӕ рох ма уыдаид, Йегъовӕйы фӕрцы ефиопӕгтыл куыд фӕуӕлахиз, уый. Хъуамӕ бамбӕрстаид, «Йегъовӕйы цӕстытӕ [кӕй] фӕлгӕсынц ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕмӕн у, уыдоны тыххӕй йӕ хъару равдиса». Фӕлӕ, чи зоны, паддзах кӕйдӕр ӕнӕзонд уынаффӕмӕ байхъуыста кӕнӕ та афтӕ хъуыды кодта, зӕгъгӕ, Ваасӕйы ӕфсӕдтӕ бирӕ не сты, ӕмӕ сын мӕхӕдӕг исты кӕндзынӕн. Куыдфӕнды ма уыдаид,– Асӕ йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл нӕ дардта, фӕлӕ адӕмыл. Уымӕ гӕсгӕ йын Анани загъта: «Ды ацы хатт ӕнӕзонд ми бакодтай, ӕмӕ уый тыххӕй амӕй фӕстӕмӕ демӕ хӕцдзысты» (2 Аз. 16:7–9).

Асӕ ацы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд мӕстӕй рафыхт ӕмӕ Ананийы ахӕстоны хъӕдын хъадаманты бакодта (2 Аз. 16:10). Цымӕ Асӕ афтӕ цӕмӕн бакодта? Мыййаг, афтӕ хъуыды кодта, ӕз Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй куы фӕлӕггад кодтон, уӕд мын ахӕм ныхӕстӕ куыд кӕны, зӕгъгӕ? Кӕнӕ, мыййаг, кӕй базӕронд, уый тыххӕй нал ӕмбӕрста, цы кусы, уый? Библийы уый тыххӕй ницы ис фыст.

Асӕ 38 азы куы уыд паддзах, уӕд йӕ къӕхтӕй хъӕрзын райдыдта. Ӕмӕ «рынчынӕй дӕр Йегъовӕйы нӕ агуырдта, фӕлӕ ӕххуыс агуырдта хосгӕнджытӕй». Куыд зыны, афтӕмӕй Асӕ Йегъовӕимӕ раздӕрау ӕнгом нал уыди, ӕмӕ афтӕ ахаста суанг йӕ мӕлӕты онг. Мӕлгӕ та акодта, 41 азы бӕрц паддзах куы уыд, уӕд (2 Аз. 16:12–14).

Кӕд Асӕ кӕмдӕрты рӕдыди, уӕддӕр ын Йегъовӕ йӕ рӕдыдтытӕ нӕ дардта йӕ зӕрдыл, фӕлӕ йӕ хорз миниуджытӕ ӕмӕ, раст диныл куыд ӕнувыд уыди, уый. Асӕ Йегъовӕйы никуы ныууагъта (1 Пад. 15:14). Уӕдӕ Асӕйы царды хабӕрттӕй зондӕн цы ис райсӕн? Йегъовӕ нын раздӕр куыд ӕххуыс кодта, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд дзы, ног фӕлварӕнты бахаугӕйӕ дӕр, ӕххуыс курдзыстӕм. Стӕй хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕз Йегъовӕйӕн бирӕ азты иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын, ӕмӕ никӕй уынаффӕ хъуаг дӕн, зӕгъгӕ. Йегъовӕйӕн цасфӕнды ма лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр куы хъӕуа, уӕд нын зонд бацамондзӕн. Ӕмӕ-иу ӕм уӕд хъуамӕ сӕрныллӕгӕй байхъусӕм, уымӕн ӕмӕ нын зондамынд пайда ӕрмӕстдӕр уӕд ӕрхӕсдзӕн. Сӕйраджыдӕр та Асӕйы хабарӕй уый базыдтам, ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыд немӕ уыдзӕн, цалынмӕ йыл иузӕрдион уӕм, уӕдмӕ. Йегъовӕйы цӕстытӕ фӕлгӕсынц ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр, цӕмӕй йыл иузӕрдион чи у, уыдонӕн ӕххуыс кӕна. Хуыцауы фӕнды, йӕ зӕрдӕ йыл чи дары, уыдоны тыххӕй йӕ хъару равдисын. Йегъовӕ ӕххуыс кодта Асӕйӕн, ӕмӕ махӕн дӕр ӕххуыс кӕндзӕн.

[Фиппаинаг]

[Хицӕнгонд текст 9 фарсыл]

Йегъовӕ арфӕ кӕны, иузӕрдион ыл чи у, уыдонӕн

[Хицӕнгонд текст 10 фарсыл]

Раст цы у, уый аразынӕн хъӕуы хъӕбатырдзинад