Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут

Гиези зыд кӕй уыд, уый тыххӕй бабын

Гиези зыд кӕй уыд, уый тыххӕй бабын

ИСКУЫ дӕ исты тынг хъуыди?~ * Кӕд о, уӕд дӕу хуызӕн адӕм бирӕ ис. Фӕлӕ дӕ цы хъӕуы, уый цӕмӕй райсай, уый тыххӕй сайын раст у?~ Нӕу. Сайгӕ чи кӕны, уый зыд адӕймаг у. Цӕй ӕмӕ базонӕм, иу нӕлгоймаг, Гиези, зыд кӕй уыд, уый тыххӕй куыд бабын. Гиези уыди Елисейы, ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйы пехуымпары, лӕггадгӕнӕг.

Елисей ӕмӕ Гиези цардысты, Хуыцауы Фырт Йесо зӕххыл куы цард, уымӕй цалдӕр мин азы размӕ. Йегъовӕ-иу Елисейы ахӕм тыхӕй схайджын кодта, цӕмӕй-иу йӕ бон уыдаид диссӕгтӕ аразын. Зӕгъӕм, Библийы фыст ис Сирийы ӕфсады хистӕр Нееманы тыххӕй. Нееман фӕрынчын уӕззау низӕй – хъотырӕй. Йӕ бон ӕй сдзӕбӕх кӕнын никӕмӕн уыд, фӕлӕ йӕ Елисей сдзӕбӕх кодта.

Елисей-иу Хуыцауы тыхы фӕрцы адӕмӕн куы баххуыс кодта, уӕд-иу сӕ уый тыххӕй ӕхца никуы райста. Цӕуылнӕ, уый зоныс?~ Уымӕн ӕмӕ Елисей зыдта, уыцы диссӕгтӕ-иу Хуыцауы фӕрцы кӕй сарӕзта. Нееман куы сдзӕбӕх, уӕд тынг бацин кодта ӕмӕ йӕ бафӕндыд Елисейӕн лӕвӕрттӕ скӕнын. Нееман ын хъавыд сызгъӕрин, ӕвзист ӕмӕ зынаргъ дзаумӕттӕ раттынмӕ. Елисей дзы ницы бакуымдта, фӕлӕ Гиези уыцы лӕвӕрттӕм тынг схӕлӕг.

Нееман куы ацыд, уӕд ӕй Гиези фӕстейӕ асырдта, Елисейӕн ницы загъта, афтӕмӕй. Гиези Нееманы куы баййӕфта, уӕд ын цы загъта, уый зоныс?~ Загъта йын: «Мӕ хицау мӕ рарвыста, пехуымпарты фырттӕй, дам, мӕм дыууӕ лӕппуйы ӕрцыд ӕмӕ-ма, дам, сын, дӕ хорзӕхӕй, дыууӕ фӕлысты дзаумӕттӕ ратт».

Фӕлӕ Гиези сайгӕ кодта. Елисеймӕ ничи ӕрбацыд, уыцы хабар мысгӕ ӕркодта. Афтӕ та уымӕн бакодта, ӕмӕ Нееман Елисейӕн цы лӕвӕрттӕ раттынмӕ хъавыд, уыдон ӕй хъуыдысты. Фӕлӕ Нееман уый нӕ зыдта. Ӕмӕ дзы Гиези лӕвӕрттӕ куы ракуырдта, уӕд бацин кодта, ӕмӕ дзы цы куырдта, уымӕй ма йын фылдӕр радта. Дарддӕр цы уыд, уый зоныс?~

Гиези хӕдзармӕ куы ’рбаздӕхт, уӕд ӕй Елисей бафарста: «Кӕм уыдтӕ?»

Гиези йын дзуапп радта: «Никуы». Фӕлӕ Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ Елисей базыдта, Гиези цы сарӕзта, уый. Уымӕ гӕсгӕ Елисей Гиезийӕн загъта: «Ныртӕккӕ уый рӕстӕг нӕу, цӕмӕй нӕхицӕн ӕвзист ӕмӕ дзаумӕттӕ агурӕм!»

Гиези расайдта кӕйдӕр ӕхца ӕмӕ дзаумӕттӕ. Уый тыххӕй Хуыцау Нееманы хъотыр Гиезийыл бафтыдта. Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?~ Сайгӕ ма кӕнӕм ӕмӕ, хъуыддаг ӕцӕгдӕр куыд у, афтӕ-иу радзурӕм.

Фӕлӕ, цымӕ, Гиези цӕмӕн асайдта?~ Уымӕн ӕмӕ зыд адӕймаг уыд. Кӕйдӕр дзаумӕттӕм бабӕллыд ӕмӕ, цӕмӕй йӕхи бауыдаиккой, уый тыххӕй асайдта. Фӕлӕ уый тыххӕй уӕззау низӕй фӕрынчын ӕмӕ йӕ царды кӕронмӕ нал сдзӕбӕх.

Фӕлӕ Гиезийыл уымӕй ноджы стырдӕр бӕллӕх ӕрцыд. Цавӕр, уый зоныс?~ Гиези йӕхи Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай фӕкодта. Ахӕм хабар ныл макуы ӕрцӕуӕд! Цӕй уӕдӕ архайӕм, цӕмӕй хӕларзӕрдӕ уӕм ӕмӕ нӕм цы ис, уый иннӕтӕн ма ’вгъау кӕнӕм.

^ 3 абз. Сывӕллонимӕ йӕ куы кӕсай, уӕд, ацы нысан (~) цы хъуыдыйады фӕстӕ лӕууа, уым хъӕуы иу гыццыл ӕрлӕууын, цӕмӕй сывӕллон йӕ хъуыды зӕгъа.