Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы ӕмӕ Чырыстийы фӕразондзинадӕй ахуыр кӕн

Йегъовӕйы ӕмӕ Чырыстийы фӕразондзинадӕй ахуыр кӕн

«Нӕ Хуыцауы фӕразондзинад нымайут фервӕзыны фадатыл» (2 ПЕТ. 3:15).

1. Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ цӕуыл фӕхъуыды кӕнынц?

БИРӔ азты дӕргъы Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны ӕмӕ бирӕ зындзинӕдтӕ чи бавзӕрста, иу ахӕм хо сӕрныллӕгӕй загъта: «Цымӕ ацы дунейы кӕрон ӕрӕййафдзынӕн?» Ӕмӕ, Йегъовӕйӕн рагӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕй ма ноджыдӕр чидӕртӕ ууыл фӕхъуыды кӕнынц. Мах тынг бӕллӕм, Хуыцау ӕппӕт дӕр ног куы араза ӕмӕ нӕ нӕ зындзинӕдтӕй куы фервӕзын кӕна, уыцы рӕстӕгмӕ (Рарг. 21:5). Хӕйрӕджы дунейӕн йӕ кӕрон тынг тагъд кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕн кӕд бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уӕддӕр иуӕй-иу хатт зын вӕййы уыцы бонмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын.

2. Ацы статьяйы цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

2 Библийӕ бӕрӕг у, фӕразондзинад нӕм кӕй хъуамӕ уа. Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытӕн куыд уыд сӕ хабар, афтӕ у махӕн дӕр: Йегъовӕ зӕрдӕ цы хорздзинӕдтӕй ӕвӕры, уыдонӕй схайджын уыдзыстӕм, фидар уырнындзинад нӕм куы уа ӕмӕ, уыцы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ фӕразонӕй куы ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕд. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 6:11, 12.) Йегъовӕ йӕхӕдӕг дӕр у фӕразон. Йӕ бон у фыддзинадӕн кӕрон кӕдфӕнды дӕр скӕнын, фӕлӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, йӕ афон кӕд ӕрцӕудзӕн, уымӕ (Ром. 9:20–24). Хуыцау ахӕм фӕразон цӕмӕн у? Чырысти уыцы хъуыддаджы Хуыцауы хуызӕн куыд у? Хуыцауы хуызӕн фӕразон куы суӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн? Ацы фарстаты дзуаппытӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй фӕразон уӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕна, афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ Йегъовӕ фӕстиат кӕны, уӕд дӕр.

ЙЕГЪОВӔ ФӔРАЗОНДЗИНАД ЦӔМӔН ӔВДИСЫ?

3, 4. а) Йегъовӕ фӕразондзинад цӕмӕн ӕвдисы? ӕ) Йегъовӕ цы сарӕзта, Адам ӕмӕ Евӕ йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд?

3 Йегъовӕ фӕразондзинад дзӕгъӕлы не ’вдисы. Дзырд дӕр ыл нӕй, дун-дуне алкӕддӕр уыд Хуыцауы къухы. Фӕлӕ Едемы цӕхӕрадоны фӕзынд, уӕлӕрвты чи ис ӕмӕ зӕххыл чи ис, уыдонӕй алкӕмӕ дӕр чи хауы, ахӕм ахсджиаг фарстатӕ. Ӕмӕ Йегъовӕ равдыста фӕразондзинад, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта: цӕмӕй уыцы фарстатӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ дзуапп лӕвӕрд ӕрцыдаид, уый тыххӕй рӕстӕг хъуыди. Хуыцау хорз зоны, уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр чи ис, уыдон цы хъуыды кӕнынц ӕмӕ цы аразынц, уый, ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕархайы, махӕн куыд хуыздӕр уа, афтӕ (Дзут. 4:13).

4 Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй зӕхх байдзаг уыдаид Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕй. Хӕйрӕг Евӕйы куы асайдта ӕмӕ стӕй Адам Хуыцауы ныхасы сӕрты куы ахызт, уӕд Хуыцау йӕ фӕнд нӕ ныууагъта. Уый тыхсгӕ не скодта, стӕй ӕнӕ ахъуыдыгӕнгӕйӕ ницы сарӕзта ӕмӕ адӕмыл йӕ къух нӕ ауыгъта. Фӕлӕ аскъуыддзаг кодта, адӕмы ӕмӕ йӕм зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый (Ис. 55:11). Йегъовӕ стыр хиуылхӕцындзинад ӕмӕ фӕразондзинад равдыста, цӕмӕй йӕ фӕндон кӕронмӕ сӕххӕст кӕна ӕмӕ, Дун-дунейы хицау кӕй у, уый сбӕлвырд кӕна. Цӕмӕй йӕ фӕндимӕ баст хъуыддӕгтӕй кӕцыдӕртӕ, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ сӕххӕст уой, уый тыххӕй суанг цалдӕр мин азы ӕнхъӕлмӕ кӕсы.

5. Йегъовӕйы фӕразондзинад цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы?

5 Йегъовӕ ма фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, цӕмӕй фылдӕр адӕм схайджын уой ӕнусон цардӕй. Ныртӕккӕ, цыдӕриддӕр хъӕуы, уый аразы, цӕмӕй «тынг бирӕ адӕмы» фервӕзын кӕна (Рарг. 7:9, 14; 14:6). Хъусын кӕныны хъуыддаджы фӕрцы Йегъовӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕны йӕ Паддзахады ӕмӕ йӕ раст уагӕвӕрдты тыххӕй базонынӕн. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы хабар хъусын кӕнӕм, уый у «хорз хабар» – уымӕй хуыздӕр хабар абон нӕй фехъусӕн (Матф. 24:14). Йегъовӕ кӕй ӕрбакӕны, уыцы адӕймаг ӕрбаиу вӕййы, раст цы у, уый чи уарзы ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕцӕг ӕмбӕлттӕ чи сты, уыцы адӕмы ӕппӕтдунеон организацимӕ (Иоан. 6:44–47). Нӕ уарзӕгой Фыд ахӕм адӕмӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йын йӕ хорзӕх ссарой. Стӕй ма адӕмӕй ӕвзары, йӕ уӕларвон хицауады чи уыдзӕн, ахӕм адӕймӕгты. Уыдон уӕлӕрвтӕй коммӕгӕс адӕмӕн ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй суой алцӕмӕй ӕххӕст ӕмӕ ӕнусон цардӕй схайджын уой. Уӕдӕ Йегъовӕ цалынмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уӕдмӕ архайы, цӕмӕй йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕна. Ӕмӕ ӕппӕт дӕр аразы нӕ пайдайӕн.

6. а) Йегъовӕ фӕразондзинад куыд равдыста Нойы рӕстӕджы? ӕ) Абон та Йегъовӕ фӕразондзинад куыд ӕвдисы?

6 Йегъовӕ фӕразон разыны, кӕд ӕмӕ дзы иннӕтӕ сӕ фыдхъуыддӕгтӕй маст бауадзынц, уӕддӕр. Уый зыны, Доны хъаймӕты размӕ куыд архайдта, уымӕй. Уӕд зӕхх ӕнӕгъдаудзинадӕй ӕмӕ фыдмитӕй байдзаг, ӕмӕ Йегъовӕйӕн «йӕ зӕрдӕ фӕрыст», уымӕн ӕмӕ адӕм бынысӕфт фесты (Райд. 6:2–8). Фӕлӕ уыцы хабӕрттӕм ӕнустӕм афтӕ нӕ кастаид, ӕмӕ сфӕнд кодта ӕгоммӕгӕс адӕмыл Доны хъаймӕт рауадзын. Цалынмӕ «Нойы рӕстӕджы... Хуыцау фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ каст», уӕдмӕ, цы хъуыди, уый сарӕзта, цӕмӕй Нойы ӕмӕ йӕ бинонты фервӕзын кодтаид (1 Пет. 3:20). Йӕ афоныл Йегъовӕ Нойӕн загъта йӕ фӕнды тыххӕй ӕмӕ йын бахӕс кодта нау саразын (Райд. 6:14–22). Уымӕй уӕлдай ма Ной уыд «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг» ӕмӕ адӕмӕн дзырдта, тагъд цы бӕллӕх уыдзӕн, уый тыххӕй (2 Пет. 2:5). Йесо нӕ рӕстӕг абарста Нойы рӕстӕгимӕ. Йегъовӕ снысан кодта, ацы фыддунейӕн кӕрон кӕд скӕндзӕн, уый. Ӕмӕ иу адӕймаг дӕр «уыцы бон ӕмӕ уыцы сахат» нӕ зоны (Матф. 24:36). Уӕдмӕ та нын ис Хуыцауӕй лӕвӕрд куыст – адӕмы фӕдзӕхсӕм ӕмӕ сын дзурӕм, сӕ бон фервӕзын куыд у, уый.

7. Йегъовӕ йӕ фӕндон сӕххӕст кӕныныл фӕстиат кӕны? Бамбарын ӕй кӕн.

7 Куыд уынӕм, афтӕмӕй Йегъовӕйы фӕразондзинад ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕнӕуи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, рӕстӕг кӕд рацӕудзӕн, уымӕ. Афтӕ нӕм хъуамӕ макуы кӕса, ӕмӕ йӕм нымады дӕр не стӕм! Фӕлӕ хатт адӕймаг уӕддӕр афтӕ ахъуыды кӕны, азтӕ йыл сӕ уӕз кӕй ӕруадзынц кӕнӕ ацы фыддунейы фыдӕбӕттӕ кӕй ӕвзары, уый тыххӕй. Хатт нӕ ныфс асӕтты кӕнӕ афтӕ хъуыды кӕнын райдайӕм, зӕгъгӕ, Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕныныл фӕстиат кӕны (Дзут. 10:36). Макуы дӕ рох кӕнӕд, Хуыцау бирӕ ахсджиаг хъуыддӕгты тыххӕй кӕй у фӕразон ӕмӕ ма цы рӕстӕг баззад, уымӕй кӕй пайда кӕны йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кӕнынӕн (2 Пет. 2:3; 3:9). Ӕркӕсӕм, Йесо дӕр Хуыцауы хуызӕн фӕразон куыд уыд, уымӕ.

ЙЕСО ЧЫРЫСТИЙЫ ФӔРАЗОНДЗИНАД ФӔЗМИНАГ КУЫД У?

8. Йесо фӕразондзинад цавӕр хъуыддӕгты равдыста?

8 Йесо Хуыцауы фӕндон зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕны мингай азты дӕргъы. Хӕйрӕг Хуыцауы ныхмӕ куы рацыд, уӕд Йегъовӕ сфӕнд кодта, йӕ иунӕг Фырт зӕхмӕ кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ кӕй суыдзӕн Мессийӕ. Ахъуыды-ма кӕн, уый Йесойӕн цӕуыл дзурӕг уыд – хъуыди йӕ мингай азты ӕнхъӕлмӕ кӕсын, цалынмӕ уыцы рӕстӕг не ’рцыдаид, уӕдмӕ. (Бакӕс Галатӕгтӕм 4:4.) Уый ӕнӕуи не ’нхъӕлмӕ каст, фӕлӕ арӕзта, йӕ Фыд ын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый. Стӕй зӕхмӕ куы ӕрцыд, уӕд ӕй зыдта, пехуымпарадмӕ гӕсгӕ йӕ фӕстагмӕ Хӕйрӕг кӕй амарын кӕндзӕн (Райд. 3:15; Матф. 16:21). Йесо стыр хъизӕмӕрттӕ фӕразонӕй бавзӕрста, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, ахӕм мардӕй амардаид, уый Хуыцауы фӕндон кӕй уыд. Уый равдыста диссаджы иузӕрдиондзинад. Йесо нӕдӕр йӕхиуыл, нӕдӕр йӕ бынатыл тыхсти, ӕмӕ нын уымӕй у фӕзминаг (Дзут. 5:8, 9).

9, 10. а) Цалынмӕ Йегъовӕ архайын нӕ райдыдта, уӕдмӕ Йесо цы арӕзта ӕмӕ ныр цы аразы? ӕ) Нӕ бон куыд у Йесойы бафӕзмын?

9 Чырысти куы райгас, уый фӕстӕ райста бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр (Матф. 28:18). Уыцы бартӕй пайда кӕны, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон кӕронмӕ сӕххӕст кӕна, ӕмӕ алкӕддӕр фӕархайы, Йегъовӕ цы рӕстӕг снысан кӕны, уыцы рӕстӕг. Йесо фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ касти Хуыцауы рахиз фарс, цалынмӕ йын Хуыцау 1914 азы йе знӕгты йӕ къӕхты бын не ’рӕвӕрдта, уӕдмӕ (Пс. 110:1, 2; Дзут. 10:12, 13). Йесо тагъд рӕстӕджы архайын райдайдзӕн ӕмӕ кӕрон скӕндзӕн Хӕйрӕджы дунейӕн. Уӕдмӕ та адӕмӕн фӕразонӕй ӕххуыс кӕны Хуыцауы хорзӕх ссарынӕн ӕмӕ сӕ кӕны «царды суадӕттӕм» (Рарг. 7:17).

10 Дӕуӕн та дӕ бон куыд у Йесойы бафӕзмын? Уый зыдта, Йегъовӕ бӕлвырд рӕстӕг кӕй снысан кодта. Дзырд дӕр ыл нӕй, Йесойы тынг фӕндыд, йӕ Фыд ын цы загъта, уый саразын, фӕлӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ каст, Хуыцау цы рӕстӕг снысан кодта, уымӕ. Хӕйрӕджы фыддуне сӕфт кӕд ӕрцӕудзӕн, уыцы рӕстӕгмӕ цалынмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕдмӕ не ’ппӕты дӕр хъӕуы фӕразондзинад. Хъуамӕ Хуыцауы разӕй макуы фӕуӕм, стӕй нӕ ныфс хъуамӕ макуы асӕтта ӕмӕ нӕ къухтӕ макуы ӕруадзӕм. Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй нӕм ахӕм фӕразондзинад уа?

ХУЫЦАУЫ ХУЫЗӔН ФӔРАЗОН КУЫД СУОН?

11. а) Фӕразондзинад уырнындзинадимӕ куыд баст у? ӕ) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, нӕ уырнындзинадӕн хорз бындур кӕй ис?

11 Йесойы ӕрцыды размӕ зӕххыл цы пехуымпартӕ ӕмӕ ӕндӕр иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ цард, уыдон равдыстой, суанг ӕнӕххӕст адӕмӕн дӕр сӕ бон кӕй у фӕразын ӕмӕ быхсын. Сӕ фӕразондзинад комкоммӕ баст уыд сӕ уырнындзинадимӕ. (Бакӕс Иаковы 5:10, 11.) Йегъовӕ сын цы загъта, ууыл куы не ’ууӕндыдаиккой, ома сӕм уырнындзинад куы нӕ уыдаид, уӕд цымӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кастаиккой, Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ? Фӕлӕ-иу уыдон фидар фӕлӕууыдысты тынг зын кӕнӕ тӕссаг уавӕрты дӕр, уымӕн ӕмӕ сӕ уырныдта, Хуыцау йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн (Дзут. 11:13, 35–40). Махӕн та нӕ уырнындзинад хъуамӕ ноджы фидардӕр уа, уымӕн ӕмӕ нын Йесо ныр «нӕ уырнындзинад алцӕмӕй ӕххӕст... кӕны» (Дзут. 12:2). Уый сӕххӕст кодта бирӕ пехуымпарӕдтӕ ӕмӕ Хуыцауы фӕндтӕ афтӕ раргом кодта, ӕмӕ ныр нӕ уырнындзинадӕн ис хорз бындур.

12. Нӕ бон куыд у нӕ уырнындзинад фидар кӕнын?

12 Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм ӕмӕ нӕм афтӕмӕй фылдӕр фӕразондзинад уа? Уый тыххӕй нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы Хуыцауы уынаффӕтӕм хъусын. Зӕгъӕм, ахъуыды кӕн, Хуыцауы Паддзахад дӕ царды фыццаг бынаты цӕмӕн хъуамӕ уа, ууыл. Дӕ бон у тынгдӕр бацархайын, цӕмӕй Матфейы 6:33 уынаффӕйӕ дӕ царды спайда кӕнай? Чи зоны, дӕ бон у фылдӕр хъусын кӕнын кӕнӕ дӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын. Рох дӕ ма уӕд, Йегъовӕ дын дӕ фыдӕбонӕн ныронг дӕр куыд арфӕ кодта, уый. Зӕгъӕм дын баххуыс кодта кӕимӕдӕр Библи ахуыр кӕнын райдайынӕн кӕнӕ дӕ схайджын кодта, «зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарнӕй». (Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:7.) Хуыцауы амындтӕм кӕй хъусыс, уый фӕрцы хайджын дӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй. Ӕмӕ ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд ӕй ноджы хуыздӕр ӕмбардзынӕ, фӕразондзинад дӕм уа, уый хорз кӕй у (Пс. 34:8).

13. Цавӕр цӕвиттоны фӕрцы ис бамбарӕн, фылдӕр фӕразондзинад ӕвдисынӕн нын уырнындзинад куыд баххуыс кӕндзӕн, уый?

13 Иу цӕвиттоны фӕрцы хуыздӕр бамбардзыстӕм, нӕ уырнындзинад нын куыд баххуыс кӕндзӕн фылдӕр фӕразондзинад ӕвдисынӕн. Зӕгъӕм, зӕхкусӕг хор байтауы, хуыммӕ базилы ӕмӕ тыллӕг ӕркӕрды. Ӕмӕ бирӕ тыллӕг куы сисы, уӕд фӕныфсджындӕр вӕййы ӕмӕ та иннӕ аз дӕр хор байтауы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕрдыны афонмӕ та йӕ фӕразонӕй банхъӕлмӕ кӕсын хъӕудзӕн. Фӕлӕ афтӕ нӕ ахъуыды кӕндзӕн, зӕгъгӕ, цӕйнӕфӕлтау ӕнхъӕлмӕ кӕсон, фӕлтау ницы байтаудзынӕн. Суанг ма фылдӕр дӕр байтаудзӕн. Ныфс ӕй вӕййы, тыллӕг ӕнӕмӕнг кӕй ӕркӕрддзӕн. Раст афтӕ мах дӕр Йегъовӕйы уынаффӕ куы фехъусӕм, куы дзы спайда кӕнӕм ӕмӕ стӕй арфӕдзинӕдтӕ куы «ӕркӕрдӕм», уӕд Йегъовӕйыл нӕ ныфс тынгдӕр дарын райдайӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад дӕр фӕфидардӕр вӕййы. Афтӕмӕй нын ӕнцондӕр вӕййы арфӕдзинӕдтӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсын, ӕмӕ арфӕдзинӕдтӕ кӕй «ӕркӕрддзыстӕм», уый та мах фидарӕй зонӕм. (Бакӕс Иаковы 5:7, 8.)

Хуыцауы фӕразондзинады фӕрцы дӕ бон у йӕ Паддзахад фыццаг бынаты ӕвӕрын ӕмӕ арфӕдзинӕдтӕ «ӕркӕрдын»!

14, 15. Адӕмы хъизӕмӕрттӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

14 Дунемӕ ӕмӕ нӕ уавӕртӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсыныл куы архайӕм, уӕд нын уый дӕр ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕразондӕр кӕнӕм. Зӕгъӕм, ӕркӕсӕм, Йегъовӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕм цы цӕстӕй кӕсы, уымӕ. Адӕмы хъизӕмӕрттӕ Йегъовӕ рагӕй уыны ӕмӕ йын тынг зын у уыдӕттӕм кӕсын. Фӕлӕ йӕ уыцы маст уыйонг не скодта, цӕмӕй йӕ бон мауал уа хорздзинад аразын. Уый рарвыста йӕ иунӕг Фырты «Хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ фехалынмӕ» ӕмӕ, Хӕйрӕг адӕмӕн цы зиан ӕрхаста, уый сраст кӕнынмӕ (1 Иоан. 3:8). Уӕдӕ хъизӕмӕрттӕ сты рӕстӕгмӕ, уымӕн ӕмӕ сын Хуыцау ӕнустӕм кӕрон скӕндзӕн. Мах дӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ Хӕйрӕджы фыддуне уыйонг скӕна, ӕмӕ нӕ ныфс асӕтта кӕнӕ ацы дунейы кӕронмӕ нӕ бон ӕнхъӕлмӕ кӕсын мауал уа. Уӕдӕ хъуамӕ фидарӕй ӕууӕндӕм, нырма цӕстӕй кӕй нӕ уынӕм, фӕлӕ ӕнустӕм чи уыдзӕн, уыцы хабӕрттыл. Йегъовӕ фыддзинадӕн кӕрон кӕд скӕндзӕн, уыцы рӕстӕг снысан кодта, ӕмӕ архайын райдайдзӕн растдӕр йӕ афоныл (Ис. 46:13; Наум 1:9).

15 Ацы дунейы фӕстаг бонты скодта тынг уӕззау рӕстӕг, ӕмӕ, гӕнӕн ис, нӕ уырнындзинад фӕлвӕрд цӕуа уӕлдай зын уавӕрты. Нӕхӕдӕг ӕфхӕрд куы баййафӕм кӕнӕ нӕ хиуӕттӕ истӕй тыххӕй куы хъизӕмар кӕной, уӕд хъуамӕ мӕсты кӕнын ма райдайӕм, фӕлӕ хъуамӕ нӕ ныфс ӕгасӕй дӕр дарӕм Йегъовӕйыл. Не ’ппӕт дӕр ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ уый арӕх афтӕ ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ-иу уӕд ӕрхъуыды кӕн, Йесо куыд бакодта, уый. Уый тыххӕй фыст ис Матфейы 26:39. (Бакӕс ӕй.)

16. Цы рӕстӕг ма баззад, уыцы рӕстӕг нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?

16 Кӕрон ӕввахс кӕй у, ууыл чи дызӕрдыг кӕны, уый хабӕрттӕм раст цӕстӕй нал фӕкӕсы. Хъуыды кӕнын райдайы, зӕгъгӕ, уӕдта ма хабӕрттӕ, Йегъовӕ куыд зӕгъы, афтӕ нӕ рауадысты, ӕмӕ уал мӕ цардмӕ ӕркӕсон. Чи зоны, хъуыды кӕна: «Фендзыстӕм, Йегъовӕ йӕ ныхас ӕцӕгдӕр сӕххӕст кӕндзӕн ӕви нӕ». Стӕй йӕ, чи зоны, бафӕнда ацы дунейы йӕхицӕн ном скӕнын йе та Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты ӕвӕрыны бӕсты райдайа йӕ ныфс ӕхцайыл ӕвӕрын. Кӕнӕ сфӕнд кӕна уӕлдӕр ахуырад райсын, цӕмӕй ныр царды цух мацӕмӕй уа. Фӕлӕ цымӕ уыдӕттӕ ууыл дзурӕг не сты, ӕмӕ ахӕм адӕймагмӕ уырнындзинад нӕй? Дӕ зӕрдыл дар, Павел нӕ кӕй разӕнгард кӕны, Йегъовӕ сӕ «уырнындзинад ӕмӕ сӕ фӕразондзинады» фӕрцы хорздзинӕдтӕй зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты бафӕзмынмӕ (Дзут. 6:12). Йегъовӕ нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй ацы фыддуне, йӕ фӕндмӕ гӕсгӕ цас хъуамӕ ахӕсса, уымӕй фылдӕр ахӕсса (Ав. 2:3). Цы рӕстӕг баззад, уыцы рӕстӕг та хъуамӕ нӕхи хизӕм Йегъовӕйӕн уӕлӕнгӕйтты лӕггад кӕнынӕй. Хъуамӕ къӕрцхъус уӕм ӕмӕ хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм, ӕмӕ нын уый та стыр циндзинад хӕссы суанг абон дӕр (Лук. 21:36).

ФӔРАЗОНДЗИНАД ЦАВӔР АРФӔДЗИНӔДТӔ ХӔССЫ?

17, 18. а) Цалынмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕдмӕ нын цавӕр фадат ис? ӕ) Ныртӕккӕ нӕм фӕразондзинад куы уа, уӕд нын уый цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн?

17 Хуыцауӕн цалдӕр мӕйы лӕггад кӕнӕм ӕви бирӕ азты дӕргъы, мах фӕнды, цӕмӕй йын лӕггад кӕнӕм ӕнустӕм. Фӕразондзинад нын ӕххуыс кӕндзӕн ацы дунейы кӕронмӕ фидар фӕлӕууынӕн, цасфӕнды нӕ ма бахъӕуа ӕнхъӕлмӕ кӕсын, уӕддӕр. Ныр нын Йегъовӕ дӕтты фадат, цӕмӕй равдисӕм, цы уынаффӕтӕ рахӕссы, уыдоныл ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ, куы бахъӕуа, уӕд йӕ номы тыххӕй хъизӕмӕрттӕ бавзарынмӕ дӕр цӕттӕ кӕй стӕм (1 Пет. 4:13, 14). Хуыцау нӕ цӕуыл ахуыр кӕны, уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕм фӕразондзинад уа. Уый та фервӕзынӕн ӕнӕмӕнг хъӕуы (1 Пет. 5:10).

18 Йесомӕ ис ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр. Уый дӕ ӕнӕмӕнгӕй хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ йӕ уыцы хъуыддаджы никӕй ӕмӕ ницӕй бон у бахъыгдарын – дӕхи йеддӕмӕ (Иоан. 10:28, 29). Фидӕнӕй ӕмӕ нӕ мӕлӕтӕй тӕрсын нӕ хъӕуы. Фӕразондзинад кӕмӕ уа ӕмӕ кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа, уый фервӕздзӕн. Уӕдӕ хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй ныл ацы дунейы зондахаст ма бандава ӕмӕ уый тыххӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ Йегъовӕйыл нӕ ныфс нал дардзыстӕм. Хъуамӕ нӕхицӕн фидарӕй зӕгъӕм, нӕ уырнындзинад кӕй фидар кӕндзыстӕм ӕмӕ, цалынмӕ Хуыцау фӕразондзинад ӕвдисы, уӕдмӕ уыцы рӕстӕгӕй зондджынӕй кӕй пайда кӕндзыстӕм (Матф. 24:13; бакӕс 2 Петры 3:17, 18).