Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Нӕдӕр уыцы бон зонут, нӕдӕр уыцы сахат»

«Нӕдӕр уыцы бон зонут, нӕдӕр уыцы сахат»

«Уӕдӕ ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр уыцы бон зонут, нӕдӕр уыцы сахат» (МАТФ. 25:13).

1–3. а) Йесо йӕ фӕсномыг ныхӕстӕй цы зӕгъинаг уыд, уый цавӕр цӕвиттонтӕй ис равдисӕн? ӕ) Дзуапп цавӕр фарстатӕн хъуамӕ ссарӕм?

ЗӔГЪӔМ дын стыр хицау загъта, цӕмӕй йӕ ахсджиаг фембӕлдмӕ аласай. Кӕм хъуамӕ фембӕлат, уырдӕм цӕуын куы сфӕнд кодтай, уӕд ӕй бамбӕрстай, дӕ машинӕйы бензин фаг кӕй нӕй. Ӕмӕ дӕ хъӕуы фӕтагъд кӕнын, цӕмӕй бензин ныккӕнай. Цалынмӕ цыдтӕ, уӕдмӕ хицау ӕрбацыд. Ӕмӕ дӕ уым куы нӕ федта, уӕд ӕндӕр кӕмӕндӕр загъта, цӕмӕй йӕ аласа, уымӕн ӕмӕ тагъд кӕны. Уӕдмӕ ды дӕр фӕзындтӕ ӕмӕ йӕ бамбӕрстай, хицау ӕнӕ дӕуӕй кӕй ацыд. Цы ахъуыды кӕндзынӕ?

2 Ныр та, зӕгъӕм, ды дӕ хицау ӕмӕ ӕртӕ арӕхстджын адӕймаджы равзӕрстай, цӕмӕй сын цавӕрдӕр ахсджиаг куыст бахӕс кӕнай. Сӕ хӕстӕ сын бамбарын кодтай, ӕмӕ ӕртӕ дӕр сразы сты. Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ куы ӕрыздӕхтӕ, уӕд базыдтай, цы сын бахӕс кодтай, уый ӕрмӕст дыууӕйӕ кӕй бакодтой. Ӕртыккаг та куыстмӕ ӕвналгӕ дӕр нӕ бакодта ӕмӕ ма йӕхи рӕстытӕ дӕр кӕны. Уӕд та цы ахъуыды кӕндзынӕ?

3 Ацы дыууӕ цӕвиттоны абарӕн ис, Йесо дӕс чызджы тыххӕй ӕмӕ талантты тыххӕй цы фӕсномыг ныхӕстӕ радзырдта, уыдонимӕ. Уыцы фӕсномыг ныхӕстӕй бамбарын кодта, кӕроны рӕстӕг сӕрст чырыстӕттӕй иутӕ ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цӕмӕн разындзысты, иннӕтӕ та – цӕуылнӕ * (Матф. 25:1–30). Цы зӕгъинаг уыд, уый фӕбӕлвырддӕр кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Уӕдӕ ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр уыцы бон зонут, нӕдӕр уыцы сахат», ома, Хуыцау Хӕйрӕджы дунейӕн цы тӕрхон рахаста, уый Йесо бӕлвырдӕй кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уый (Матф. 25:13). Уыцы уынаффӕ абон махмӕ дӕр хауы. Чырысти нын бафӕдзӕхста, цӕмӕй ма бафынӕй уӕм. Ӕмӕ афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн? Кӕмӕй ис зӕгъӕн, нӕ бафынӕй, зӕгъгӕ? Ӕмӕ нӕ ныр цы хъӕуы аразын, цӕмӕй ма бафынӕй уӕм?

МА БАФЫНӔЙ УӔМ, УЫЙ НЫН ЦЫ ПАЙДА У

4. Кӕрон цы бон ӕмӕ цы сахат уыдзӕн, уый зонын ӕнӕмӕнг цӕуылнӕ у?

4 Цавӕрдӕр хъуыддӕгты ӕнӕмӕнг фӕхъӕуы рӕстӕгмӕ хъус дарын, зӕгъӕм, заводы куы кусай, дохтырмӕ куы цӕуай йе та дӕ автобусыл кӕнӕ поездыл цӕуын куы хъӕуа, уӕд. Фӕлӕ ӕндӕр уавӕрты та, зӕгъӕм, арт хуыссын кӕнгӕйӕ кӕнӕ ӕрдзон бӕллӕхы фӕстӕ адӕмы ирвӕзын кӕнгӕйӕ, сахатмӕ куы кӕсай, уӕд дӕ уый ӕрмӕст хъыгдаргӕ кӕндзӕн, суанг ма зиан дӕр ӕрхӕсдзӕн. Ахӕм уавӕрты сахатмӕ кӕсын нӕ хъӕуы, фӕлӕ хъӕуы архайын. Ацы дунейы кӕрон ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ абон тынг ахсджиаг у, Йегъовӕ адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй цы аразы, уый тыххӕй хъусын кӕнын. Цӕмӕй ма бафынӕй уӕм, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, кӕрон цы бон ӕмӕ цы сахат уыдзӕн, уый зонын. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ уыцы рӕстӕг кӕй нӕ зонӕм, уый нын пайда у ӕппынкъаддӕр фондз хъуыддаджы.

5. Кӕрон цы бон ӕмӕ цы сахат ӕрцӕудзӕн, уый кӕй нӕ зонӕм, уый фӕрцы нӕ бон куыд у равдисын, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый?

5 Фыццаг: кӕрон кӕд уыдзӕн, уый кӕй нӕ зонӕм, уый фӕрцы нӕ бон у равдисын, нӕ зӕрдӕйы ӕцӕгӕй цы ис, уый. Йегъовӕ нын дӕтты фадат, цӕмӕй равдисӕм, иузӕрдион ыл уӕм, уый нӕхи кӕй фӕнды, ӕмӕ нын уымӕй кад кӕны. Мах Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм, уарзгӕ йӕ кӕй кӕнӕм, уый тыххӕй, ацы дунейы кӕрон фервӕзын ӕмӕ нӕ ӕнустӕм цӕрын кӕй фӕнды, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ. (Бакӕс Псалом 37:4.) Махӕн ӕхсызгон у Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын, стӕй йӕ ӕмбарӕм, цӕуыл нӕ ахуыр кӕны, уый нӕ пайдайӕн кӕй у (Ис. 48:17). Йӕ фӕдзӕхстытӕ нӕм зынӕххӕстгӕнӕн нӕ кӕсынц (1 Иоан. 5:3).

6. Хуыцауы уарзгӕ кӕй кӕнӕм, уый тыххӕй йын куы лӕггад кӕнӕм, уӕд цы ӕнкъардзӕн ӕмӕ цӕмӕн?

6 Дыккаг: уыцы бон ӕмӕ уыцы сахат кӕй нӕ зонӕм, уый фӕрцы нӕ бон у Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. Йегъовӕйы уарзгӕ кӕй кӕнӕм, уый тыххӕй йын куы лӕггад кӕнӕм, кӕрон тагъд кӕй ӕрцӕудзӕн кӕнӕ арфӕдзинӕдтӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ, уӕд Йегъовӕйӕн ӕххуыс кӕнӕм йе знаг Сайтаны цъыфкалӕн ныхӕстӕн дзуапп раттынӕн (Иов 2:4, 5; бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Мах ӕй зонӕм, дунейы уыйбӕрц маст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ Хӕйрӕджы аххосӕй кӕй ис. Уымӕ гӕсгӕ нын ӕхсызгон у Йегъовӕйы хицаудзинады фарс лӕууын, ӕмӕ нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй Хӕйрӕг нӕ хицау уа.

7. Хуыцауӕн удуӕлдайӕ лӕггад кӕнын дӕумӕ хорз цӕмӕн кӕсы?

7 Ӕртыккаг: кӕрон бӕлвырдӕй кӕд ӕрцӕудзӕн, уый кӕй нӕ зонӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны удуӕлдайӕ лӕггад кӕнынмӕ. Абон Хуыцауы чи нӕ зоны, уыдонӕй дӕр чидӕртӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, ацы дуне бирӕ нал ахӕсдзӕн. Уыдон тӕрсынц, зӕххыл цавӕрдӕр стыр бӕллӕх кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕй ӕмӕ цардмӕ кӕсынц ахӕм цӕстӕй: «Хӕрӕм ӕмӕ нуазӕм,– уӕддӕр райсом амӕлдзыстӕм» (1 Кор. 15:32). Фӕлӕ мах фидӕнӕй нӕ тӕрсӕм. Нӕхи иннӕтӕй дард нӕ ласӕм ӕмӕ ӕрмӕст нӕхи мӕт нӕ кӕнӕм (Ӕмб. 18:1). Мах нӕхи тыххӕй нал цӕрӕм ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынӕн ницы ’вгъау кӕнӕм – нӕдӕр нӕ рӕстӕг, нӕдӕр нӕ хъарутӕ. (Бакӕс Матфейы 16:24.) Махӕн нӕ лӕггад стыр циндзинад хӕссы, уӕлдай ӕхсызгон та нын вӕййы иннӕты Хуыцауимӕ зонгӕ кӕнын.

8. Библийӕ цавӕр хабар ӕвдисы, Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ Ныхасыл нӕ ныфс тынгдӕр кӕй хъуамӕ дарӕм?

8 Цыппӕрӕм: уыцы бон ӕмӕ уыцы сахат кӕй нӕ зонӕм, уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ ныфс Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр дарӕм ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр архайӕм, йӕ Ныхасы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ. Ӕнӕххӕст адӕймагӕн йӕ туджы ис йӕ ныфс йӕхиуыл дарын. Павел чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр фӕдзӕхста: «Афтӕ чи хъуыды кӕны, ӕмӕ фидар лӕууы, уый йӕхимӕ кӕсӕд, цӕмӕй ма ахауа». Хуыцауы адӕм Зӕрдӕвӕрд зӕххы къӕсӕрыл куы лӕууыдысты, уӕд израилӕгтӕй дыууын ӕртӕ мин адӕймаджы Йегъовӕйы хорзӕхӕй ӕнӕхай фесты. «Цы хабӕрттӕ сыл ӕрцыд, уыдон,– загъта Павел,– фыст ӕрцыдысты, цӕмӕй дзы мах, ацы дуджы кӕрон чи цӕры, уыдон, нӕхицӕн зонд райсӕм» (1 Кор. 10:8, 11, 12).

9. Зындзинӕдтӕ нын нӕ уырнындзинад куыд фидар кӕнынц ӕмӕ нӕ Хуыцаумӕ куыд ӕввахс кӕнынц?

9 Фӕндзӕм: кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый кӕй нӕ зонӕм, уый фӕрцы нын ис фадат, абон цы зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, уыдонӕй ахуыр кӕнынӕн ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн. (Бакӕс Псалом 119:71.) Ацы цардӕвӕрды фӕстаг бонты ӕцӕгдӕр скодта «тынг уӕззау рӕстӕг» (2 Тим. 3:1–5). Хӕйрӕджы дунейы нӕ бирӕтӕ се сӕфт уынынц, ӕмӕ нӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд дӕр баййафӕм (Иоан. 15:19; 16:2). Сызгъӕрин арты куыд ссыгъдӕг вӕййы, афтӕ махӕн дӕр нӕ уырнындзинад фӕлварӕнты ссыгъдӕг вӕййы ӕмӕ сфидардӕр вӕййы. Сӕрныллӕг куы уӕм ӕмӕ Хуыцауы разамындмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нӕ къухтӕ никуы ӕруадздзыстӕм ӕмӕ йын дарддӕр дӕр лӕггад кӕндзыстӕм. Стӕй ма афтӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уыдзыстӕм, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уыдыстӕм, афтӕ (Иак. 1:2–4; 4:8).

10. Рӕстӕг тагъд кӕд атӕхы?

10 Хатгай адӕймагмӕ афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ рӕстӕг тагъд цӕуы, хатт та йыл ныддаргъ вӕййы. Исты куы фӕкусӕм ӕмӕ сахатмӕ куы нӕ фӕкӕсӕм, уӕд, рӕстӕг кӕуылты атӕхы, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕнӕм. Раст афтӕ, Йегъовӕ нын цы диссаджы куыст радта, уый зӕрдиагӕй куы аразӕм, уӕд, уыцы бон ӕмӕ сахат куыд ӕрцӕудзӕн, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕндзыстӕм. Уыцы хъуыддаджы сӕрст чырыстӕттӕн сӕ фылдӕр сты фӕзминаг. Цыбыртӕй аныхас кӕнӕм, 1914 азы Йесо уӕлӕрвты Паддзах куы сси, уый фӕстӕ цы хабӕрттӕ ’рцыд, ууыл, ӕмӕ фенӕм, иутӕ цӕттӕ куыд разындысты, иннӕтӕ та – нӕ.

СӔРСТ ЧЫРЫСТӔТТӔ ЦӔТТӔ КУЫД РАЗЫНДЫСТЫ

11. 1914 азы фӕстӕ сӕрст чырыстӕттӕй кӕмӕдӕрты афтӕ цӕмӕн фӕкаст, «сиахс» фӕстиат кӕй кӕны?

11 Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм Йесойы фӕсномыг ныхӕстӕ дӕс чызджы тыххӕй ӕмӕ талантты тыххӕй. Уыцы фӕсномыг ныхӕсты дӕс чызджы ӕмӕ цагъартӕ, сиахс кӕнӕ сӕ хицау кӕд ӕрцӕудзӕн, уый куы зыдтаиккой, уӕд, ма бафынӕй уыдаиккой, уый сӕ нӕ хъуыдаид. Фӕлӕ йӕ нӕ зыдтой, ӕмӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр цӕттӕ уыдаиккой. Сӕрст чырыстӕттӕ бирӕ азты дӕргъы ӕнхъӕлмӕ кастысты 1914 азмӕ, зыдтой йӕ, уый тынг ахсджиаг аз кӕй уыдзӕн. Фӕлӕ, цы уыдзӕн ӕмӕ куыд уыдзӕн, уый кӕронмӕ не ’мбӕрстой. Ӕмӕ, уыдон куыд ӕнхъӕлдтой, хабӕрттӕ афтӕ куы нӕ рауадысты, уӕд сӕ кӕмӕдӕрты афтӕ фӕкаст, «сиахс» фӕстиат кӕй кӕны. Иу ӕфсымӕр фӕстӕдӕр загъта: «Чидӕртӕ нӕ ӕцӕгдӕр хъуыды кодтой, [1914 азы] октябры фыццаг къуыри уӕлӕрвтӕм ист кӕй ӕрцӕудзыстӕм».

12. Сӕрст чырыстӕттӕ куыд равдыстой, ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын кӕй сты?

12 Ахъуыды-ма кӕн, куыд зын сын уыдаид – дунейы кӕронмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, фӕлӕ не ’рцыд! Уымӕй уӕлдай ма Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг ӕфсымӕртӕ ӕфхӕрд дӕр баййӕфтой. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ уӕд хъусын кӕныны хъуыддаг ӕрлӕууыд. Уый абарӕн уыд, цыма фынӕй баисты, уыимӕ. Фӕлӕ сӕ 1919 азы иу хабар райхъал кодта! Йесо Чырысти бацыд Хуыцауы ӕнӕуынгӕ кувӕндонмӕ, ӕмӕ уӕд ӕрцыд рӕстӕг хъуыддӕгтӕм ӕркӕсынӕн. Сӕрст чырыстӕттӕй чидӕртӕ уыцы хабармӕ цӕттӕ нӕ разындысты ӕмӕ уый тыххӕй Хицау Йесойӕн лӕггад кӕныны аккаг нал уыдысты (Матф. 25:16). Уыдон разындысты, сӕ цырӕгъты фаг сой чи нӕ ныккодта, уыцы ӕнӕзонд чызджыты хуызӕн. Стӕй ма сӕ зивӕггӕнаг цагъарау нӕ бафӕндыд Хуыцауы Паддзахады тыххӕй сӕхи батыхсын кӕнын. Фӕлӕ сӕрст чырыстӕттӕн сӕ фылдӕр суанг хӕсты рӕстӕг дӕр равдыстой диссаджы иузӕрдиондзинад ӕмӕ сӕ сӕ Хицауӕн лӕггад кӕнын тынг кӕй фӕндыд, уый.

13. Сӕрст чырыстӕттӕ 1914 азы фӕстӕ хабӕрттӕм цы цӕстӕй кастысты? Абон та?

13 «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» 1916 азы 1 февралы дзырд цыди, уыцы рӕстӕг сӕрст чырыстӕттӕн сӕ фылдӕр куыд хъуыды кодтой, уый тыххӕй. Фыст дзы уыд, хабӕрттӕм раст цӕстӕй чи кӕсы, уыдон кӕй нӕ фӕфыдӕнхъӕл сты. Стӕй ма дзы фыст уыд: «Мах уый нӕ фӕндыд, цӕмӕй нӕхи фӕндон сӕххӕст уа. Ӕмӕ 1914 азы октябры хабӕрттӕ, мах куыд ӕнхъӕл уыдыстӕм, афтӕ куы нӕ рауадысты, уӕд цин кодтам, Хицау йӕ Фӕнд мах тыххӕй кӕй нӕ фӕивта. Ӕмӕ нӕ уый фӕндгӕ дӕр нӕ кодта. Мах уымӕ тырнӕм, цӕмӕй йын йӕ фӕндтӕ ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ ӕмбарӕм». Ӕмӕ абон дӕр Хицауы сӕрст лӕггадгӕнджытӕ сты афтӕ сӕрныллӕг ӕмӕ иузӕрдион. Уыдон афтӕ нӕ дзурынц, ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ Хуыцауы комытӕфӕй цӕуынц. Ӕрмӕст сӕ фӕнды, Йесо сын зӕххыл сӕ бар цы куыст бакодта, уый аразын. Ӕмӕ уыдонау цӕттӕ ӕмӕ зынгзӕрдӕ сты, «ӕндӕр фысты» къордӕй чи сты, уыцы «тынг бирӕ адӕм» дӕр – зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕ (Рарг. 7:9; Иоан. 10:16).

ӔНДӔР ФЫСТӔ СТЫ ЦӔТТӔ

Суанг зын уавӕрты дӕр агур уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг

14. Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъармӕ куы хъусӕм, уӕд нын уый цы пайда хӕсдзӕн?

14 Хуыцау йӕ адӕмӕн уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг дӕтты ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары уылты. Ӕмӕ, тынг бирӕ адӕмӕй цӕттӕ чи сты, уыдон дӕр сӕрст чырыстӕттау уыцы цагъармӕ хъусынц. Хуыцауы Ныхасы фӕрцы ӕмӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы уыдон дӕр, зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕ цырӕгътӕ сойӕ байдзаг кӕнынц. (Бакӕс Псалом 119:130; Иоанны 16:13.) Афтӕмӕй кӕронмӕ, кӕнӕ Чырыстийы ӕрцыдмӕ, сты цӕттӕ. Ӕмӕ суанг тынг зын уавӕрты дӕр фидар фӕлӕууынц ӕмӕ иузӕрдионӕй баззайынц. Зӕгъӕм, Гитлеры рӕстӕджы не ’фсымӕртӕ лагеры куы уыдысты, уӕд сӕм фыццаг рӕстӕг уыд ӕрмӕст иу Библи. Ӕмӕ куывтой, цӕмӕй сӕм фылдӕр литературӕ ӕрбафтыдаид ӕмӕ сӕ бон уыдаид сӕ уырнындзинад фидар кӕнын. Гыццыл фӕстӕдӕр базыдтой, иу ӕфсымӕры ма кӕй сбадын кодтой ӕмӕ уыцы ӕфсымӕрӕн кӕй бантыст йемӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фӕстаг номыртӕй цалдӕр бахӕссын, бамбӕхста сӕ йӕ хъӕдын къахы мидӕг. Уыцы лагеры удӕгасӕй чи баззад, уыцы ӕфсымӕртӕй иу уыд Эрнст Вауер, сӕрст чырыстон. Уый фӕстӕдӕр загъта: «Йегъовӕ нын диссаджы хуызы ӕххуыс кодта, цӕмӕй-иу, уыцы статьяты цы хъуыдытӕ уыд, уыдон бахъуыды кодтаиккам, ӕмӕ афтӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар кодта». Стӕй ма загъта: «Абон нӕм уырнындзинад фидаргӕнӕн литературӕ тынг ӕнцонтӕй ӕфты, фӕлӕ йын алкӕд фӕаргъ кӕнӕм? Мӕн уырны, Йегъовӕ тынг бирӕ арфӕдзинӕдтӕ кӕй ӕрцӕттӕ кодта, йӕ ныфс ыл чи дары, иузӕрдион ыл чи у ӕмӕ йӕ фынгӕй чи хӕры, уыдонӕн».

15, 16. Иу бинонтӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы зынгзӕрдӕ куыд разындысты ӕмӕ ахӕм цӕвиттонтӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?

15 Ӕндӕр фыстӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй кӕй архайынц, уымӕй ӕххуыс кӕнынц Чырыстийы ӕфсымӕртӕн (Матф. 25:40). Уыдон, Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы ӕвзӕр ӕмӕ зивӕггӕнаг цагъары кой кодта, уый хуызӕн не сты, фӕлӕ цӕттӕ сты сӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ ӕмӕ архайынц, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад сӕ царды фыццаг бынаты уа. Зӕгъӕм, Йон ӕмӕ Масакойы Кенимӕ куы фӕхуыдтой, цӕмӕй, уыцы бӕстӕйы китайаг ӕвзагыл чи дзуры, уыдонӕн баххуыс кӕной, уӕд фыццаг дызӕрдыг кодтой. Фӕлӕ Хуыцаумӕ куы скуывтой ӕмӕ афтӕмӕй сӕ уавӕртӕм куы ӕркастысты, уӕд сразы сты уырдӕм ацӕуыныл.

16 Зынгзӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кодтой, уый тыххӕй сын Йегъовӕ тынг раарфӕ кодта. Уыдон загътой: «Ам лӕггад кӕнын у диссаг». Йон ӕмӕ Масако Библи ахуыр кӕнын райдыдтой авд адӕймагимӕ ӕмӕ ма сыл бирӕ ӕндӕр диссаджы хабӕрттӕ дӕр ӕрцыд. Уыдон загътой: «Йегъовӕ нын ам лӕггад кӕныны фадат кӕй дӕтты, уый тыххӕй йын алы бон дӕр бузныг дзурӕм». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бирӕ ӕндӕр ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ дӕр хъуыддагӕй ӕвдисынц, кӕй сӕ фӕнды Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын, ацы дунейы кӕрон кӕдфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр. Ахъуыды-ма кӕн, Галаады скъола чи фӕци ӕмӕ миссионертӕй чи лӕггад кӕны кӕнӕ ӕндӕр рӕттӕм лӕггад кӕнынмӕ чи ацыд, уыцы мингай ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотыл. Хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уырдӕм чи ацыд, уыдоны тыххӕй фылдӕр базондзынӕ, 2012 азы 15 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» цы статья уыд, уымӕй: «Уыдон уыдысты цӕттӕ – Эквадор». Уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ цы дзурынц, уый куы кӕсай, уӕд-иу ахъуыды кӕн, дӕ бон фылдӕр лӕггад кӕнын куыд у, ууыл. Фылдӕр куы лӕггад кӕнай, уӕд Хуыцауы кадджын кӕндзынӕ ӕмӕ дӕ циныл дӕр цин бафтдзӕн.

ДЫ ДӔР МА БАФЫНӔЙ У

Хуыцауы хъуыддаджы куы архайӕм, уӕд рӕстӕг тагъддӕр цӕудзӕн

17. Уыцы бон ӕмӕ уыцы сахат кӕй нӕ зонӕм, уый нын пайда куыд у?

17 Ацы дунейы кӕрон бӕлвырдӕй цы бон ӕмӕ цы сахат ӕрцӕудзӕн, уый кӕй нӕ зонӕм, уый тыххӕй фыдӕнхъӕл нӕ фӕвӕййӕм, стӕй нӕ ныфс дӕр нӕ асӕтты. Фӕлӕ бӕрӕг у, уый нын пайда дӕр кӕй у. Уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд Йегъовӕйы фӕндон дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнӕм, ӕмӕ йӕм уый фӕрцы та ӕввахсдӕр кӕнӕм. Йесо нын цы куыст бахӕс кодта, нӕ тыхтӕ уымӕ кӕй сарӕзтам ӕмӕ не ’ргом ӕндӕр цӕмӕдӕр кӕй не здахӕм, уый фӕрцы Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм (Лук. 9:62).

18. Цӕмӕн нӕ фӕнды Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын?

18 Хуыцауы тӕрхоны бон тынг ӕввахс у. Махӕй никӕй фӕнды Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы фӕфыдӕнхъӕл кӕнын. Уыдон нын ацы фӕстаг бонты нӕ бӕрны бакодтой кадджын лӕггад. Ӕмӕ ныл афтӕ кӕй ӕууӕндынц, уымӕн тынг аргъ кӕнӕм! (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 1:12.)

19. Цы хъӕуы, цӕмӕй цӕттӕ уӕм?

19 Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нын ис ӕви зӕххыл дзӕнӕты, цӕй ӕмӕ Хуыцауӕй лӕвӕрд куыст дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй аразӕм – хорз хабар хъусын кӕнӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм. Йегъовӕйы бон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый ныр дӕр нӕ зонӕм, ӕмӕ йӕ, уӕвгӕ, хъӕуы зонын? Нӕ бон у архайын, цӕмӕй нӕхи цӕттӕ дарӕм, ӕмӕ уӕд уыцы бонмӕ ӕцӕгдӕр цӕттӕ уыдзыстӕм (Матф. 24:36, 44). Мах ӕй фидарӕй зонӕм: цалынмӕ нӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дарӕм ӕмӕ йын цалынмӕ йӕ Паддзахад фыццаг бынаты ӕвӕрӕм, уӕдмӕ никуы фӕфыдӕнхъӕл уыдзыстӕм (Ром. 10:11).