Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ организацийы скъолатӕ дзурӕг сты Йегъовӕйы уарзондзинадыл

Нӕ организацийы скъолатӕ дзурӕг сты Йегъовӕйы уарзондзинадыл

ЙЕГЪОВӔ у нӕ «Кадджын Зондамонӕг» (Ис. 30:20). Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдоны ахуыр кӕны ӕмӕ сын зонд амоны, уымӕн ӕмӕ сӕ уарзы. Зӕгъӕм, Йесойы кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ йын ӕвдисы, «йӕхӕдӕг цыдӕриддӕр аразы, уый» (Иоан. 5:20). Ӕмӕ мах дӕр кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ нын дӕтты «ахуыргӕнинӕгты ӕвзаг», цӕмӕй йын йӕ ном кадджын кӕнӕм ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм (Ис. 50:4).

Разамонӕг советы чи ис, уыцы ӕфсымӕрты дӕр уарзондзинад разӕнгард кӕны, цӕмӕй, кӕй фӕнды ӕмӕ йӕ уавӕртӕ кӕй амонынц, уыдоны ахуыр кӕной. Ӕмӕ уый тыххӕй нӕ организацийы ис дӕс скъолайы, йӕ цӕст сӕм дары Ахуырадон комитет. Уыцы скъолатӕм ды та цы цӕстӕй кӕсыс? Дӕуӕн дӕр Йегъовӕйы уарзондзинадыл дзурӕг сты?

Ӕркӕсӕм, цавӕр скъолатӕ ис нӕ организацийы ӕмӕ базонӕм, чи дзы ахуыр кодта, уыдонӕн цы пайда ӕрхастой. Ӕмӕ-иу уый фӕстӕ ахъуыды кӕн: «Мӕ бон цы у саразын, цӕмӕй уыцы скъолатӕ мӕнӕн дӕр пайда хӕссой?»

УЫЦЫ СКЪОЛАТӔ НЫН СТЫР ӔХХУЫС СТЫ

Уарзондзинады Хуыцау Йегъовӕ нӕ кӕй ахуыр кӕны, уый фӕрцы нӕ цардӕй райгонд стӕм, алыхуызон зындзинӕдты сӕрты хизӕм ӕмӕ нын нӕ лӕггад стыр циндзинад хӕссы (2 Кор. 13:11). Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттау мах дӕр алцӕмӕй цӕттӕ стӕм, цӕмӕй иннӕты «ахуыр кӕнӕм», Чырысти цы бафӕдзӕхста, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын (Матф. 28:20).

Кӕд ацы скъолатӕй алкӕцыйы нӕ бон нӕу ахуыр кӕнын, уӕддӕр нӕ бон у, ӕмӕ дзы иу кӕнӕ цалдӕр рацӕуӕм. Нӕ бон ма пайда кӕнын у, Йегъовӕ нын ӕмбырды уылты цы зонындзинӕдтӕ дӕтты, уыдонӕй. Стӕй фӕлтӕрд хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ иумӕ куы хъусын кӕнӕм, уӕд уый фӕрцы дӕр арӕхстджындӕр уыдзыстӕм.

Ахъуыды кӕн: «Мӕ уавӕртӕ мӕ амонынц, цӕмӕй ацы скъолатӕй искӕцыйы сахуыр кӕнон?»

Мах нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм, нӕ бон кӕй у уыцы скъолаты ахуыр кӕнын. Уӕдӕ ды дӕр архай, цӕмӕй уыцы скъолаты фӕрцы Хуыцаумӕ ноджы тынгдӕр баввахс уай ӕмӕ дыл йӕ разы цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнынмӕ алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уай. Уыцы скъолатӕ дын уӕлдай стыр ӕххуыс уыдзысты нӕ сӕйраг хӕс ӕххӕст кӕнынӕн – хорз хабар хъусын кӕнынӕн.