Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Коррупци алы ран дӕр ис?

Коррупци алы ран дӕр ис?

«Нӕ фирмӕ хицауадӕн цыдӕр куыстытӕ фӕкӕны. Арӕхдӕр нӕ не ’хцамӕ фӕхъӕуы дыууӕ-ӕртӕ мӕйы ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Фӕлӕ мӕм ӕрӕджы телефонӕй иу хицау ӕрбадзырдта ӕмӕ мын загъта, зӕгъгӕ, дам, уӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй уын уе ’хца тагъддӕр раттӕм, уӕд, дам, нын дзы иу цасдӕр ныууадзут» (ДЖОН) *.

ӔВӔЦЦӔГӔН ӕй дӕуӕн дӕр дзурын нӕ хъӕуы, коррупци адӕмӕн цас зындзинӕдтӕ ӕвзарын кӕны, уый. Кӕд Джонӕй уӕлдай дӕуӕй комкоммӕ ӕхца никуы ничи домдта, уӕддӕр дӕуыл дӕр, ӕвӕццӕгӕн, коррупцийы аххосӕй искуы исты ӕвзӕр хабар ӕрцыд.

Иу организаци, «Трансперенси интернешнл» (Transparency International), алы аз дӕр рауадзы Индекс. Уым ӕвдыст вӕййы, адӕм коррупцимӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уый. 2011 азы Индексы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 183 бӕстӕ ӕмӕ территорийӕн сӕ фылдӕры коррупци у тынг парахат. Уыцы организаци 2009 азы хыгъды ныффыста: «Иу бӕстӕйӕ дӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ дзы хицӕуттӕ сӕ бартӕй алкӕддӕр раст пайда кӕндзысты».

«Коррупци у, адӕймаг йӕ бартӕй йӕ дзыпп байдзаг кӕнынӕн куы фӕпайда кӕны, уый. Уый аххосӕй бирӕтӕ стыр зындзинӕдтӕ ’взарынц, уымӕн ӕмӕ сӕ цард, сӕ амонд ӕмӕ сӕ цӕрынӕн цы хъӕуы, уыдӕттӕ кӕнгӕ сты, йӕ бартӕй раст чи пайда кӕны, ахӕм хицӕуттӕй» (ТРАНСПЕРЕНСИ ИНТЕРНЕШНЛ).

Коррупцийы аххосӕй стыр бӕллӕхтӕ дӕр ӕрцӕуы. Зӕгъӕм, журнал «Тайм»-ы фыст уыди, зӕгъгӕ, 2010 азы Гаитийы стыр зӕххӕнкъуысты уыйбӕрц адӕм кӕй фӕмард, уымӕн йӕ аххосӕгтӕй иу уыди уый, ӕмӕ хицӕуттӕ сӕхи схъӕздыг кӕныныл архайдтой, стӕй сӕ хӕстӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кастысты. Фыст ма дзы уыд: «Хӕдзӕрттӕ куы арӕзтой, уӕд дзы, зӕгъӕн ис, ӕмӕ инженертӕ ӕппындӕр нӕ уыд, фӕлӕ дзы уыд, стыр гӕртӕмттӕ чи иста, бирӕ ахӕм инспектортӕ».

Цымӕ искуы ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ коррупци нал уыдзӕн? Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй уал хъӕуы бамбарын, коррупци цӕмӕн ис, уый. Ууыл ныхас цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

^ 2 абз. Ном ивд у.