Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Коррупцийӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн!

Коррупцийӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн!

«Дӕ ныфс дар Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ фӕндагыл цу... Ӕмӕ фыдгӕнджытӕ куы сӕфой, уӕд ӕй дӕхӕдӕг фендзынӕ» (ПСАЛОМ 37:34).

ӔВӔЦЦӔГӔН, ды дӕр бирӕтау хъуыды кӕныс, коррупцийӕн кӕрон кӕй никуы уыдзӕн. Ӕмӕ дӕ бамбарӕн ис. Ӕнусты дӕргъы адӕм цынӕ хицауад бафӕлвӕрдтой, ахӕм нал баззад. Фӕлӕ сын коррупцийӕн кӕрон скӕнын никуы бантыст. Уӕдӕ, цымӕ, искуы ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ адӕм кӕрӕдзи нал сайдзысты?

Библи зӕгъы, ахӕм рӕстӕг ӕнӕмӕнгӕй кӕй ӕрцӕудзӕн. Фыст дзы ис, тагъд Хуыцау коррупци кӕй фесафдзӕн. Куыд? Йӕ Паддзахад, уӕларвон хицауад, зӕххыл алцыдӕр цӕхгӕр фӕивдзӕн. Уыцы Паддзахад у, Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты кувын кӕй тыххӕй ахуыр кодта, уый. Йӕ зындгонд куывды Чырысти загъта: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матфейы 6:10).

Уыцы Паддзахады Паддзах Йесо Чырыстийы тыххӕй Библийы фыст ис: «Уый фервӕзын кӕндзӕн, ӕххуысмӕ чи дзыназы, уыцы мӕгуыры, ӕфхӕрд адӕймаджы ӕмӕ, ӕххуысгӕнӕг кӕмӕн нӕй, уыдоны. Уый фӕтӕригъӕд кӕндзӕн ӕххуысхъуаг ӕмӕ мӕгуыр адӕймагӕн, ӕмӕ мӕгуырты удтӕ фервӕзын кӕндзӕн. Сӕ уд сын фервӕзын кӕндзӕн ӕфхӕрдӕй ӕмӕ тыхмийӕ» (Псалом 72:12–14). Дӕ хъус-ма ӕрдар, коррупцийы аххосӕй зындзинӕдтӕ чи ӕвзары, уыдоныл Чырысти кӕй мӕт кӕны ӕмӕ сӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Ацы ныхӕстӕ дӕ ныфс нӕ уадзынц?

Уыцы фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хъомысджын Хицауы разамындӕй Хуыцауы Паддзахад коррупцийӕн ӕнустӕм кӕрон скӕндзӕн. Цӕй фӕрцы? Коррупци цы ӕртӕ аххосаджы тыххӕй ис, уыдон фесафдзӕн.

Адӕймаг у тӕригъӕдджын

Абон не ’ппӕты дӕр хъӕуы тох кӕнын, хиуарзон митӕ кӕй аххосӕй фӕкӕнӕм, уыцы тӕригъӕдджын фӕндтимӕ (Ромӕгтӕм 7:21–23). Фӕлӕ, раст цы у, уый аразын кӕй фӕнды, ахӕм адӕм уӕддӕр ис. Уыдоны уырны, Чырысти йӕ туг адӕмы тыххӕй кӕй ныккалдта, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цӕуынц * (1 Иоанны 1:7, 9). Уыцы адӕм хайджын уыдзысты ӕгӕрон арфӕдзинӕдтӕй, Хуыцау йе стыр уарзтӕй цы сарӕзта, уый фӕрцы. Уый тыххӕй нӕ бон у бакӕсын Иоанны 3:16 стихы: «Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа».

Хуыцау, иузӕрдион ыл чи у, уыцы адӕмы тыххӕй сараздзӕн стыр диссаг. Тӕригъӕд адӕмы зонды ӕмӕ зӕрдӕты цы арф хъӕдгӕмттӕ скодта, уыдон тагъд ног дунейы иууылдӕр сдзӕбӕх кӕндзӕн, адӕм суыдзысты ӕххӕст ӕмӕ иууылдӕр рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ архайдзысты (Исай 26:9; 2 Петры 3:13). Тӕригъӕд нал уыдзӕн ӕмӕ сайгӕ дӕр ничиуал кӕндзӕн. Хуыцауы Паддзахады дӕлбар адӕм, коррупци цы у, уый зонгӕ дӕр нал кӕндзысты.

Ацы дунейы зондахаст

Хъыгагӕн, абон бирӕтӕ сӕ мулк фӕфылдӕр кӕныны тыххӕй мӕгуырты стигъынц. Ӕмӕ ма иннӕты дӕр сӕхи хуызӕн скӕнынц. Уыцы адӕмы Библи фӕдзӕхсы: «Фыдгӕнӕг ныууадзӕд йӕ фӕндаг, фыдхъуыддӕгтӕ чи аразы, уый ныууадзӕд йӕ фӕндтӕ». Ацы фӕдзӕхстмӕ куы байхъусой, ӕмӕ куы аивой, уӕд сын Хуыцау «зӕрдиагӕй ныххатыр кӕндзӕн» (Исай 55:7).

Фӕлӕ аивын кӕй нӕ фӕнды ӕмӕ йӕ фыдмитӕ чи нӕ уадзы, уыдоны Хуыцау фесафдзӕн. Хуыцауы Паддзахады фӕрцы сӕххӕст уыдзӕн, Библи зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уый: «Дӕ ныфс дар Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ фӕндагыл цу... Ӕмӕ фыдгӕнджытӕ куы сӕфой, уӕд ӕй дӕхӕдӕг фендзынӕ» * (Псалом 37:34). Фыдгӕнджытӕ кӕм нал уыдзӕн, уыцы дунейы Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ коррупцийы аххосӕй зындзинӕдтӕ нал ӕвзардзысты.

Хӕйрӕг

Тӕригъӕдджынтӕй ӕппӕты ӕнӕсӕттондӕр ӕмӕ ӕгъатырдӕр у Хӕйрӕг. Ӕмӕ куыд бузныг хъуамӕ уӕм Йегъовӕйӕ, тагъд ын йӕ бартӕ кӕй байсдзӕн, ӕмӕ адӕмы йӕ зондыл кӕй нал кӕндзӕн! Ӕппынфӕстаг та йӕ бынтондӕр фесафдзӕн. Тугдзых сырдӕй уӕлдай чи нӕу, уыцы Хӕйрӕгӕн йӕ бон никуыуал бауыдзӕн адӕмы ахӕм зондыл аразын, цӕмӕй кӕрӕдзи сайой.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцау коррупци кӕй фесафдзӕн, ууыл баууӕндын бирӕтӕн зын у. Чи зоны ахъуыды кӕнай: «Хуыцауӕн уый ӕцӕгдӕр у йӕ бон саразын? Кӕд о, уӕд ма цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?» Адон хорз фарстатӕ сты ӕмӕ сын Библийы ис дзуапп *. Фӕнды нӕ, тагъд рӕстӕджы коррупци куы нал уа, уӕд дуне куыд аивдзӕн, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый базонай.

^ 8 абз. Чырысти йӕ цард адӕмы тыххӕй кӕй радта, уый нын цы пайда у, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 5 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

^ 12 абз. Библимӕ гӕсгӕ Хуыцауы ном у Йегъовӕ.

^ 15 абз. Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 3, 8 ӕмӕ 11 сӕртӕ.