Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцаумӕ хъус, ӕмӕ дын йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ пайда ӕрхӕссой

Хуыцаумӕ хъус, ӕмӕ дын йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ пайда ӕрхӕссой

«[Хуыцау] расомы кодта йӕхицӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ бон йӕхицӕй уӕлдӕр никӕмӕй уыд расомы кӕнын» (ДЗУТ. 6:13).

1. Йегъовӕ цы фӕзӕгъы, уый куыд хицӕн кӕны, ӕнӕххӕст адӕм цы фӕзӕгъынц, уымӕй?

ЙЕГЪОВӔ у «рӕстдзинады Хуыцау» (Пс. 31:5). Ӕнӕххӕст адӕмыл алы хатт нӕ вӕййы ӕууӕндӕн, фӕлӕ «Хуыцауӕн йӕ бон... нӕу фӕсайын» (Дзут. 6:18; бакӕс Нымӕцтӕ 23:19). Хуыцау адӕмы тыххӕй цы сфӕнд кӕны, уый алкӕддӕр сӕххӕст кӕны. Зӕгъӕм, зӕххыл ӕппӕт дӕр сфӕлдыста ӕхсӕз сфӕлдыстадон бонмӕ, фӕлӕ уыдон, 24 сахаты кӕм ис, ахӕм бонтӕ нӕ уыдысты. Алкӕцы дӕр дзы ахаста дӕргъвӕтин рӕстӕг. Алы сфӕлдыстадон боны райдианы дӕр Хуыцау загъта, цы хъуамӕ сараза, уый, ӕмӕ-иу куыддӕриддӕр загъта, афтӕ-иу бакодта. Ӕмӕ ӕхсӕзӕм сфӕлдыстадон боны кӕрон «Хуыцау йӕ цӕст ахаста, цыдӕриддӕр сфӕлдыста, ууыл, ӕмӕ ӕппӕт дӕр уыд тынг хорз» (Райд. 1:6, 7, 30, 31).

2. Цы у Хуыцауы ӕнцойады бон ӕмӕ Хуыцау уыцы бон «сыгъдӕг» цӕмӕн скодта?

2 Йегъовӕ Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕттыл йӕ цӕст куы ахаста, уӕд бамбарын кодта, ӕвдӕм бон кӕй райдыдта. Ӕвдӕм бон дӕр иннӕ ӕхсӕз бонау, 24 сахаты кӕм ис, ахӕм бон нӕу, фӕлӕ дӕргъвӕтин рӕстӕг. Уыцы «бон» Хуыцау улӕфын райдыдта, ома зӕххыл ногӕй ницыуал фӕлдисы (Райд. 2:2). Хуыцауы ӕнцойады бон нӕма фӕци (Дзут. 4:9, 10). Уыцы бон бӕлвырдӕй кӕд райдыдта, уый Библийы фыст нӕй. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, райдыдта, Хуыцау Адамӕн Евӕйы куы сфӕлдыста, уымӕй иу цасдӕры фӕстӕ. Уыцы хабар та ӕрцыд иу-6 000 азы размӕ. Тагъд райдайдзӕн Йесо Чырыстийы Миназон хицаудзинад ӕмӕ уыцы рӕстӕг Хуыцау кӕронмӕ сӕххӕст кӕндзӕн, зӕххы тыххӕй йӕм цы фӕнд ис, уый – фӕнды йӕ, цӕмӕй зӕхх суа дзӕнӕт ӕмӕ йыл ӕнустӕм цӕрой ӕххӕст адӕм (Райд. 1:27, 28; Рарг. 20:6). Ахӕм диссаджы цард дӕхи цӕстӕй кӕй фендзынӕ, ууыл дӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау раарфӕ кодта ӕвдӕм бонӕн ӕмӕ йӕ иннӕ бонтӕй рахицӕн кодта [комк. „ӕмӕ йӕ скодта сыгъдӕг“]». Ацы ныхӕстӕ уыдысты бӕлвырдгӕнӕн, ӕмӕ, цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр Хуыцау йӕ фӕнд ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст кӕндзӕн йе ’нцойады боны кӕронмӕ (Райд. 2:3).

3. а) Хуыцауы ӕнцойады бон куы райдыдта, уӕд цы ’рцыд? ӕ) Йегъовӕ куыд бамбарын кодта, цы ’рцыд, уымӕн кӕрон куыд скӕндзӕн, уый?

3 Фӕлӕ, Хуыцауы ӕнцойады бон куы райдыдта, уӕд, Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй чидӕртӕ йӕ ныхмӕ рацыдысты. Зӕдтӕй иуы, Сайтаны, бафӕндыд, цӕмӕй иннӕтӕ Хуыцауы бӕсты уымӕн куывтаиккой. Уый загъта фыццаг мӕнг ныхас ӕмӕ Евӕйы фӕсайдта, ӕмӕ уый дӕр Хуыцауы ныхасы сӕрты ахызт (1 Тим. 2:14). Уый фӕстӕ Евӕ йӕ лӕджы дӕр Хуыцауы ныхмӕ рацӕуын кодта (Райд. 3:1–6). Уӕд Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уымӕй ӕвзӕрдӕр хъуыддагӕн скӕнӕн нӕ уыд. Фӕлӕ кӕд Сайтаны ныхӕстӕй афтӕ уади, ӕмӕ Йегъовӕ сайгӕ кӕны, уӕддӕр Йегъовӕ афтӕ нӕ ахъуыды кодта, ӕмӕ йӕ ныр расомы кӕнын хъӕуы, зӕххы тыххӕй йӕ фӕнд кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый сбӕлвырд кӕнынӕн. Фӕлӕ ӕнӕуи загъта, цы ’рцыд, уымӕн кӕрон куыд скӕндзӕн, уый: «Ӕз дӕу [ома Сайтаны] ӕмӕ сылгоймаджы, дӕ байзӕддаг ӕмӕ уый байзӕддаджы кӕрӕдзийӕн скӕндзынӕн знӕгтӕ. Уый [ома зӕрдӕвӕрд Байзӕддаг] дын дӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн, ды та йын йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцдзынӕ». Ацы ныхӕстӕн сӕ хъуыды раргом фӕстӕдӕр (Райд. 3:15; Рарг. 12:9).

СОМЫ РАКӔНЫН – ХЪУЫДДАГ ӔЦӔГ КӔЙ У, УЫМӔН БӔЛВЫРДГӔНӔН

4, 5. Авраам-иу йӕ ныхас сбӕлвырд кӕнынӕн цы загъта?

4 Зынтӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ, Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн цы дзырдты къӕбиц радта, уым сомыйы ныхӕстӕ уыдаид. Хуыцауы чи уарзы ӕмӕ йӕ алы хъуыддаджы дӕр чи фӕзмы, уыцы ӕххӕст удгоймӕгты сомы кӕнын нӕ хъӕуы. Уыдон алкӕддӕр дзурынц, ӕцӕг цы у, уый ӕмӕ кӕрӕдзийыл ӕууӕндынц. Фӕлӕ адӕм тӕригъӕд куы сарӕзтой ӕмӕ ӕнӕххӕст куы систы, уӕд хабар фӕивта. Бирӕтӕ райдыдтой сайын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цавӕрдӕр ахсджиаг хъуыддӕгты тыххӕй хъуыди сомы кӕнын, цӕмӕй-иу адӕймагӕн йӕ ныхӕстыл баууӕндыдаиккой. Уыцы сомы-иу чи фӕсайдта, уый-иу сӕ закъонмӕ гӕсгӕ ӕфхӕрд баййӕфта.

5 Хуыцауы лӕггадгӕнӕг Авраам дӕр-иу расомы кодта, ӕмӕ уый уыд ӕппынкъаддӕр ӕртӕ хатты (Райд. 21:22–24; 24:2–4, 9). Иу хатт уыди, Еламы паддзахыл ӕмӕ, йемӕ цы паддзӕхтӕ уыди, уыдоныл куы фӕуӕлахиз ӕмӕ фӕстӕмӕ куы здӕхт, уӕд. Салимы паддзах ӕмӕ Содомы паддзах йӕ размӕ рацыдысты. Салимы паддзах Мелхиседек ма уыди «Иунӕг Стыр Хуыцауы сауджын» дӕр. Ӕмӕ уый Авраамӕн раарфӕ кодта ӕмӕ Хуыцауы скадджын кодта, Авраамӕн кӕй баххуыс кодта, уый тыххӕй (Райд. 14:17–20). Уый фӕстӕ Содомы паддзахы фӕндыд Авраамӕн лӕвар скӕнын, йӕ адӕмы йын знаджы ӕфсӕдтӕй кӕй фервӕзын кодта, уый тыххӕй. Фӕлӕ Авраам расомы кодта: «Мӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ сомы кӕнын Иунӕг Стыр Хуыцау Йегъовӕйы раз, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕджы раз: дӕу цы у, уымӕй ӕз ницы райсдзынӕн – ӕндах дӕр, дзабыры бӕттӕн дӕр, цӕмӕй афтӕ ма зӕгъай, Аврамы ӕз схъӕздыг кодтон, зӕгъгӕ» (Райд. 14:21–23).

ЙЕГЪОВӔ АВРААМӔН ЗӔРДӔ БАВӔРДТА ӔМӔ ЙЫН РАСОМЫ КОДТА

6. а) Авраам нын фӕзминаг куыд у? ӕ) Авраам Хуыцауы коммӕ кӕй бакаст, уый махӕн цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

6 Йегъовӕ Хуыцау дӕр-иу расомы кодта, цӕмӕй-иу ын ӕнӕххӕст адӕм йӕ ныхӕстыл баууӕндыдаиккой. Расомы-иу кодта афтӕ: «„Ӕз, удӕгас Хуыцау, сомы кӕнын мӕхицӕй“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ» (Йез. 17:16). Йегъовӕ-иу кӕй расомы кодта, уый кой Библийы ис 40 хаттӕй фылдӕр. Ӕвӕццӕгӕн нӕ алчидӕр хорз зоны, Авраамӕн-иу куыд расомы кодта, уый. Йегъовӕ Авраамимӕ скодта цалдӕр бадзырды, кӕнӕ йын цалдӕр хатты зӕрдӕ бавӕрдта. Ӕмӕ уыцы бадзырдтӕй бӕрӕг уыд, зӕрдӕвӕрд Байзӕддаг кӕй уыдзӕн Авраамы хӕдзарвӕндагӕй, бӕлвырдӕй та Исахъӕй кӕй рацӕудзӕн (Райд. 12:1–3, 7; 13:14–17; 15:5, 18; 21:12). Уый фӕстӕ Йегъовӕ Авраамӕн стыр фӕлварӕн скодта, загъта йын, цӕмӕй йӕ уарзон хъӕбулы нывондӕн ӕрхӕсса. Авраам Хуыцауы ныхасыл дыууӕ нал загъта. Фӕлӕ Исахъы нывондӕн ӕрхӕссынмӕ куыд хъавыд, афтӕ йӕ Хуыцауы зӕд баурӕдта. Ӕмӕ йын уӕд Хуыцау расомы кодта: «Мӕхицӕй сомы кӕнын... Ды ацы хъуыддаг кӕй бакодтай ӕмӕ мын дӕ фырты, дӕ иунӕг хъӕбулы, кӕй нӕ бавгъау кодтай, уый тыххӕй дын ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзынӕн ӕмӕ, арвыл стъалытӕ ӕмӕ денджызы был змис куыд бирӕ ис, афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты, ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты бауыдзысты се знӕгты горӕттӕ. Ӕмӕ дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕудзысты зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр, мӕ ныхасмӕ мын кӕй байхъуыстай, уый тыххӕй» (Райд. 22:1–3, 9–12, 15–18).

7, 8. а) Хуыцау Авраамӕн цӕмӕн расомы кодта? ӕ) Хуыцау Авраамӕн цӕй тыххӕй расомы кодта, уый фӕрцы Йесойы «ӕндӕр фыстӕ» арфӕгонд куыд ӕрцӕудзысты?

7 Цымӕ Хуыцау Авраамӕн цӕмӕн расомы кодта, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты, уый тыххӕй? Афтӕ уымӕн бакодта, цӕмӕй, «байзӕддагмӕ» ма ноджыдӕр чи хъуамӕ хаудаид ӕмӕ Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ чи хъуамӕ уыдаид, уыдонӕн сӕ ныфсыл ныфс бафтыдтаид ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад бафидар кодтаид. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 6:13–18; Гал. 3:29.) Апостол Павел куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй Йегъовӕ «йӕ ныхас сомыйӕ сфидар кодта, цӕмӕй, Хуыцауӕн йӕ бон цы дыууӕ ӕнӕивгӕ хъуыддаджы нӕу фӕсайын, уыдон [ома йӕ зӕрдӕвӕрд ӕмӕ йӕ сомы] мах... разӕнгард кӕной, цы ныфс нын ис, ууыл фидар хӕцынмӕ».

Авраам тагъд йӕхи цӕстӕй фендзӕн, Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ куыд сӕххӕст сты, уый

8 Фӕлӕ, Йегъовӕ Авраамӕн цӕй тыххӕй расомы кодта, уый ӕрмӕст сӕрст чырыстӕттӕн нӕ хӕссы пайда. Йегъовӕ расомы кодта, зӕгъгӕ, Авраамы «байзӕддаджы» фӕрцы «арфӕгонд ӕрцӕудзысты зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр» (Райд. 22:18). Уыдонмӕ хауынц, Чырыстийӕн коммӕгӕс чи у, уыцы «ӕндӕр фыстӕ» дӕр – ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы адӕм (Иоан. 10:16). Дӕуӕн уӕлӕрвты цӕрыны ныфс ис ӕви зӕххыл цӕрыны ныфс – алы хъуыддаджы дӕр Хуыцауы коммӕ кӕс ӕмӕ афтӕмӕй уыцы ныфсыл «фидар хӕц». (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 6:11, 12.)

ФӔСТӔДӔР ЙЕГЪОВӔ НОГӔЙ РАСОМЫ КОДТА

9. Авраамы байзӕддӕгтӕ Египеты цагъартӕ куы уыдысты, уӕд Хуыцау цӕй тыххӕй расомы кодта?

9 Цалдӕр ӕнусы фӕстӕ та Йегъовӕ ногӕй расомы кодта, Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый тыххӕй. Уый уыди, Авраамы байзӕддӕгтӕ Египеты цагъартӕ куы уыдысты ӕмӕ сӕм Моисейы куы арвыста, уӕд (Рац. 6:6–8). Фӕстӕдӕр уыцы хабары кой кӕнгӕйӕ, Хуыцау загъта: «Израилы адӕмы куы равзӕрстон, уыцы бон... сын ӕз, мӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ, расомы кодтон, кӕй сӕ ракӕндзынӕн Египеты зӕххӕй ӕмӕ сӕ кӕй бакӕндзынӕн, уыдоны тыххӕй кӕй басгӕрстон, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уыцы зӕхмӕ» (Йез. 20:5, 6).

10. Хуыцау Израилы адӕмы Египетӕй куы ракодта, уӕд сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?

10 Йегъовӕ Израилы адӕмы Египетӕй куы ракодта, уӕд та сын иу цасдӕры фӕстӕ ногӕй зӕрдӕ бавӕрдта ӕмӕ сын расомы кодта: «Кӕд ныр алы хъуыддаджы дӕр мӕ коммӕ кӕсат ӕмӕ мын мӕ бадзырд ӕххӕст кӕнат, уӕд ӕппӕт адӕмтӕй дӕр сымах суыдзыстут мӕ адӕм, уыдзыстут мын, уӕлдай зынаргъ мын чи у, уыцы адӕм, уымӕн ӕмӕ зӕхх ӕгасӕй дӕр мӕн у. Сымах мын суыдзыстут сауджынты паддзахад ӕмӕ сыгъдӕг адӕм» (Рац. 19:5, 6). Хуыцау Израилы цӕй стыр кады аккаг скодта! Уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ, Хуыцауы коммӕ куы кастаиккой, уӕд дзы кӕйдӕрты равзӕрстаид ӕмӕ сӕ скодтаид сауджынты паддзахад. Ӕмӕ уыцы паддзахады фӕрцы зӕххыл иннӕ адӕм дӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдаиккой. Уыцы рӕстӕг Йегъовӕ цы сарӕзта, уый тыххӕй афтӕ загъта: «Уӕд... дын расомы кодтон ӕмӕ демӕ скодтон бадзырд» (Йез. 16:8).

11. Хуыцау Израилы адӕмӕн куы загъта, ӕппӕт адӕмтӕй суыдзыстут мӕ адӕм, зӕгъгӕ, уӕд куыд бакодтой?

11 Йегъовӕ израилӕгтӕй нӕ домдта, зӕгъгӕ мын расомы кӕнут, мӕ коммӕ кӕй кӕсдзыстут, уый тыххӕй. Стӕй кӕд афтӕ загъта, ӕппӕт адӕмтӕй суыдзыстут мӕ адӕм, зӕгъгӕ, уӕддӕр сӕ домгӕ нӕ кодта, цӕмӕй сразы уыдаиккой. Уыдоны сӕхи бафӕндыд расомы кӕнын, ӕмӕ загътой: «Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакӕндзыстӕм» (Рац. 19:8). Ӕртӕ боны фӕстӕ Йегъовӕ Израилы адӕмӕн фехъусын кодта, йе ’взӕрст адӕмы цы хъӕудзӕн аразын, уый. Фыццаг уал сын радта Дӕс фӕдзӕхсты, уый фӕстӕ та сын Моисей фехъусын кодта ӕндӕр фӕдзӕхстытӕ дӕр. Фыст сты Рацыды 20:22 стихӕй Рацыды 23:33 стихы онг. Цавӕр дзуапп радтой израилӕгтӕ? «Адӕм ӕмхъӕлӕсӕй загътой: „Йегъовӕ цыдӕриддӕр загъта, уый кӕндзыстӕм“» (Рац. 24:3). Уый фӕстӕ Моисей уыцы закъӕттӕ «бадзырды чиныджы» ныффыста ӕмӕ сӕ хъӕрӕй бакаст, ӕппӕт адӕм та сӕ ногӕй куыд фехъуыстаиккой. Уӕд адӕм ӕртыккаг хатт расомы кодтой: «Йегъовӕ цыдӕриддӕр загъта, уый кӕндзыстӕм ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсдзыстӕм» (Рац. 24:4, 7, 8).

12. Йегъовӕ Израилы адӕмимӕ бадзырд куы скодта, уӕд цы сарӕзта? Израилы адӕм та?

12 Йегъовӕ уайтагъд райдыдта архайын, Израилы адӕмимӕ бадзырд скӕнгӕйӕ сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, ууыл. Уый саразын кодта кувӕн цатыр ӕмӕ дзы сауджынты сӕвӕрдта, цӕмӕй ӕнӕххӕст адӕмӕн Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнынӕн ӕххуыс кодтаиккой. Израилӕгтӕ та уайтагъд ферох кодтой, сӕхи Хуыцауӕн кӕй снывонд кодтой, уый, ӕмӕ «бауагътой маст Израилы сыгъдӕг Хуыцауы» (Пс. 78:41). Зӕгъӕм, Моисей Синайы хохыл куы уыд ӕмӕ йын Хуыцау амындтӕ куы лӕвӕрдта, уӕд израилӕгтӕн сӕ бон ӕнхъӕлмӕ кӕсын нал уыди ӕмӕ сӕ уырнындзинад лӕмӕгъ кӕнын райдыдта. Афтӕ сӕм фӕкаст, ӕмӕ сӕ Моисей ныууагъта. Гъемӕ сызгъӕрин род сарӕзтой ӕмӕ дзурын райдыдтой: «Израил, мӕнӕ дӕ Хуыцау – Египетӕй дӕ уый ракодта» (Рац. 32:1, 4). Уый фӕстӕ скодтой бӕрӕгбон – схуыдтой йӕ «бӕрӕгбон Йегъовӕйы номыл». Ӕмӕ адӕймаджы къухӕй конд гуымирыйӕн кувын райдыдтой ӕмӕ йын нывӕндтӕ хастой. Йегъовӕ уыдӕттӕ куы федта, уӕд Моисейӕн загъта: «Куыд тагъд адзӕгъӕл сты, цы фӕндагыл сын бафӕдзӕхстон цӕуын, уымӕй!» (Рац. 32:5, 6, 8). Хъыгагӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ уыд афтӕ, ӕмӕ-иу израилӕгтӕ Хуыцауӕн расомы кодтой ӕмӕ-иу стӕй сӕ ныхас фӕсайдтой (Ным. 30:2).

ХУЫЦАУ МА НОДЖЫДӔР ДЫУУӔ ХАТТЫ РАСОМЫ КОДТА

13. Йегъовӕ паддзах Давидӕн цӕй тыххӕй расомы кодта ӕмӕ уый зӕрдӕвӕрд Байзӕддагмӕ куыд хауы?

13 Паддзах Давиды рӕстӕджы ма Йегъовӕ ноджыдӕр дыууӕ хатты расомы кодта. Ӕмӕ уӕд зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый хъуамӕ арфӕдзинад ӕрхастаид, йӕ коммӕ чидӕриддӕр кӕсы, уыдонӕн. Фыццаг хатт Йегъовӕ Давидӕн расомы кодта, йӕ байзӕддӕгтӕ йӕ паддзахбадӕныл ӕнустӕм кӕй баддзысты (Пс. 89:35, 36; 132:11, 12). Уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ зӕрдӕвӕрд Байзӕддаг, ома Чырысти, Давиды хӕдзарвӕндагӕй кӕй уыдзӕн ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ «Давиды фырт» кӕй хондзысты (Матф. 1:1; 21:9). Давид ӕй сӕрныллӕгӕй схуыдта йӕ «Хицау», уымӕн ӕмӕ Чырысти хъуамӕ ахстаид Давидӕй уӕлдӕр бынат (Матф. 22:42–44).

14. Йегъовӕ зӕрдӕвӕрд Байзӕддаджы тыххӕй куыд расомы кодта ӕмӕ уый махӕн цы пайда хӕссы?

14 Дыккаг хатт уыди, Йегъовӕ Давидӕн куы ныффыссын кодта, зӕрдӕвӕрд Байзӕддаг ӕрмӕст Паддзах кӕй нӕ уыдзӕн, фӕлӕ ма Хистӕр сауджын ӕппӕт адӕмӕн дӕр. Ахӕм хабар никуыма уыд. Рагон Израилы-иу сауджынтӕ хъуамӕ уыдаиккой Левийы мыггагӕй, паддзӕхтӕ та – Иудӕйы мыггагӕй. Фӕлӕ уыцы фидӕны Паддзахы тыххӕй та Давид загъта: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ мӕ Хицауӕн: „Бад мӕ рахиз фарс, цалынмӕ дын де знӕгты дӕ къӕхты бын не ’рӕвӕрон, уӕдмӕ“. Йегъовӕ расомы кодта,– ӕмӕ фӕсмон нӕ фӕкӕндзӕн: „Ды дӕ Мелхиседекы хуызӕн сауджын ӕнустӕм!“» (Пс. 110:1, 4). Уыцы пехуымпарад сӕххӕст, ӕмӕ ныр Йесо Чырысти, зӕрдӕвӕрд Байзӕддаг, ис уӕлӕрвты ӕмӕ у Паддзах. Стӕй ма у Хистӕр сауджын дӕр ӕмӕ, йӕ тӕригъӕдтыл чи ’рфӕсмон кӕны, уыцы адӕмӕн ӕххуыс кӕны Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнынӕн. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 7:21, 25, 26.)

НОГ ИЗРАИЛ – ХУЫЦАУЫ ИЗРАИЛ

15, 16. а) Библийы цавӕр дыууӕ Израилы кой ис ӕмӕ дзы Хуыцау абон кӕцыйӕн арфӕ кӕны? ӕ) Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн сомы кӕныны тыххӕй цы бафӕдзӕхста?

15 Израилы адӕм Йесо Чырыстийыл сӕ къух кӕй систой, уый тыххӕй сӕ ӕппынфӕстаг Хуыцау йе ’взӕрст адӕмыл нал нымадта ӕмӕ, искуы «сауджынты паддзахад» суыдаиккой, уыцы фадат дӕр сын нал уыд. Йесо дзуттаг разамонджытӕн загъта: «Хуыцауы паддзахад сымахӕй байсдзысты ӕмӕ йӕ ратдзысты, уыцы паддзахады аккаг хъуыддӕгтӕ чи кӕна, уыцы адӕмӕн» (Матф. 21:43). Уыцы ног адӕм фӕзынд н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны, Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ – 120 бӕрц – Иерусалимы куы ӕрӕмбырд сты ӕмӕ сыл Хуыцау йӕ сыгъдӕг тых куы ӕруагъта, уӕд. Уыцы адӕм систы «Хуыцауы Израил». Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ ма сӕм ӕрбаиу цалдӕр мин адӕймаджы ӕппӕт адӕмтӕй дӕр (Гал. 6:16).

16 Израилӕгтӕй уӕлдай ацы ног адӕм – «Хуыцауы Израил» – алы хъуыддаджы дӕр кӕсынц Хуыцауы коммӕ ӕмӕ афтӕмӕй ӕдзухдӕр хӕссынц хорз дыргъ. Ацы адӕм цы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынц, уыдонӕй иу хауы сомы кӕнынмӕ. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд адӕм ацы хъуыддагмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтой. Сайгӕйӕ дӕр-иу расомы кодтой кӕнӕ та сомы кодтой хъӕуа-нӕхъӕуа (Матф. 23:16–22). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Сомы ӕппындӕр ма кӕнут... „О“ загътат, уӕд уӕ ныхас уӕд „о“, „нӕ“ загътат, уӕд та – „нӕ“. Уымӕй уӕлдай цы зӕгъат, уый та у Фыдбылызӕй» (Матф. 5:34, 37).

Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ алкӕддӕр сӕххӕст вӕййынц

17. Иннӕ ахуыргӕнӕн статьяйы дзырд цавӕр фарстатыл цӕудзӕн?

17 Цымӕ уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ сомы кӕнӕн ӕппындӕр нӕй? Уымӕй ахсджиагдӕр фарста та у: цы нысан кӕны, «о» загътат, уӕд уӕ ныхас уӕд «о», зӕгъгӕ? Ацы фарстатыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы. Цӕй ӕмӕ дарддӕр дӕр Хуыцауы Ныхасыл арф хъуыды кӕнӕм ӕмӕ нӕ уый разӕнгард кӕнӕд ӕдзухдӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕсынмӕ. Ӕмӕ нын уӕд ӕнустӕм дӕр ӕхсызгонӕй арфӕ кӕндзӕн – куыддӕриддӕр зӕрдӕ бавӕрдта ӕмӕ расомы кодта, афтӕ.