Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«О» загътат, уӕд уӕ ныхас уӕд «о»

«О» загътат, уӕд уӕ ныхас уӕд «о»

«„О“ загътат, уӕд уӕ ныхас уӕд „о“, „нӕ“ загътат, уӕд та – „нӕ“» (МАТФ. 5:37).

1. Йесо сомы кӕныны тыххӕй цы загъта ӕмӕ цӕмӕн?

АРӔХДӔР ӕцӕг чырыстӕтты нӕ фӕхъӕуы сомы кӕнын, уымӕн ӕмӕ уыдон архайынц Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, зӕгъгӕ, «„о“ загътат, уӕд уӕ ныхас уӕд „о“». Уымӕй Йесойы зӕгъын фӕндыд, адӕймаг йӕ ныхасӕн хицау кӕй хъуамӕ уа. Уыцы ныхӕсты размӕ Йесо загъта: «Сомы ӕппындӕр ма кӕнут». Цымӕ цӕмӕн загъта афтӕ? Уымӕн ӕмӕ бирӕтӕ сӕ алы ныхасы фӕстӕ дӕр сомы фӕкӕнынц кӕнӕ ард фӕхӕрынц, афтӕмӕй та, цы дзурынц, уый аразынмӕ хъавгӕ дӕр нӕ фӕкӕнынц. Ахӕм адӕм «о» кӕнӕ «нӕ»-йӕ «уӕлдай» исты куы фӕзӕгъынц, цӕмӕй сыл иннӕтӕ баууӕндой, уӕд уый ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ сыл ӕцӕгӕй ӕууӕнк нӕй ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, «Фыдбылызы» зондӕй кӕй архайынц. (Бакӕс Матфейы 5:33–37.)

2. Цӕуылнӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ сомы кӕнӕн ӕппындӕр нӕй? Бамбарын ӕй кӕн.

2 Цымӕ Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ сомы кӕнӕн ӕппындӕр нӕй? Нӕ. Амӕйразмӕйы статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй-иу Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Авраам расомы кодтой ахсджиаг хъуыддӕгты тыххӕй. Стӕй-иу Хуыцауы Закъонмӕ гӕсгӕ дӕр цавӕрдӕр дзырддаг хъуыддаг аскъуыддзаг кӕныны тыххӕй хъуыди расомы кӕнын (Рац. 22:10, 11; Ным. 5:21, 22). Уӕдӕ, гӕнӕн ис, чырыстоны дӕр тӕрхондоны бахъӕуа расомы кӕнын, рӕстдзинад кӕй дзурдзӕн, уый тыххӕй. Кӕнӕ та, чи зоны, искуы иу хатт ӕндӕр уавӕрты дӕр афтӕ рауайа, ӕмӕ чырыстон расомы кӕна, йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн кӕнӕ цыдӕр хъуыддаджы фӕдыл рӕстдзинад кӕй дзуры, уый равдисыны тыххӕй. Зӕгъӕм, Йесо дзуттӕгты Сӕйраг тӕрхондоны раз куы лӕууыд ӕмӕ йӕ хистӕр сауджын куы сомы кӕнын кодта, уӕд Йесо ныхмӕ нӕ ныллӕууыд, фӕлӕ загъта, ӕцӕг цы уыд, уый (Матф. 26:63, 64). Фӕлӕ Йесойы никӕй раз хъуыди сомы кӕнын. Кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр-иу, йӕ ныхӕстыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уый сбӕлвырд кӕныны тыххӕй арӕх загъта: «Ӕцӕг цы у, уый [комк. „Ӕцӕг, ӕцӕг“] уын зӕгъын» (Иоан. 1:51; 13:16, 20, 21, 38). Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм, ноджыдӕр ма цӕуыл ахуыр кӕнӕм Йесойӕ, стӕй Павелӕй ӕмӕ Хуыцауы ӕндӕр лӕггадгӕнджытӕй. Уыдон-иу «о» куы загътой, уӕд-иу сӕ ныхас сӕххӕст кодтой.

ЙЕСОЙЫ ХУЫЗӔН НЫН ФӔЗМИНАГ НИЧИ У

Йесо йӕ аргъуыдӕй суанг йӕ мӕлӕты онг ӕххӕст кодта, йӕ Фыдӕн цы дзырд радта, уый

3. Йесо Хуыцаумӕ куы куывта, уӕд ын цы загъта ӕмӕ йӕ уӕларвон Фыд уымӕ цы цӕстӕй ракаст?

3 «О Хуыцау, ӕз ӕрцыдтӕн дӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ» (Дзут. 10:7). Ацы ахсджиаг ныхӕстӕ зӕгъгӕйӕ Йесо дзырд радта, Хуыцауы фӕндон кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ома, зӕрдӕвӕрд Байзӕддаджы тыххӕй цыдӕриддӕр загъд уыд, уый кӕй сараздзӕн, суанг ма кӕй бауадздзӕн, цӕмӕй йын Хӕйрӕг «йӕ зӕвӕтыл фӕхӕца» (Райд. 3:15). Ӕндӕр никуы ничи уыд разы йӕхимӕ ахӕм стыр хӕс райсыныл. Уый фӕстӕ Йегъовӕ уӕлӕрвтӕй ӕрдзырдта ӕмӕ, цы загъта, уымӕй равдыста, йӕ Фырты алы ныхасыл дӕр кӕй ӕууӕнды, ӕмӕ дзы нӕ домдта, цӕмӕй йын расомы кодтаид (Лук. 3:21, 22).

4. Йесо цы арӕзта, цӕмӕй йӕ ныхас макуы фӕсайдтаид?

4 Йесо йӕ ныхас никуы фӕсайдта. Никуы ницӕмӕн радта уый бар, цӕмӕй йӕ бахъыгдардтаид, йӕ Фыд ын кӕй бахӕс кодта, уыцы хъуыддаг аразын – уый ӕдзухдӕр хъусын кодта хорз хабар Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ-иу ӕм Хуыцау кӕй ӕрбакодта, уыцы адӕмӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ суыдаиккой (Иоан. 6:44). Библийӕ бӕрӕг у, Йесо йӕ ныхасӕн хицау кӕй разынд. Фыст дзы ис: «Хуыцау зӕрдӕ цы хорздзинӕдтӕй бавӕрдта, уыдон цасфӕнды ма уой,– уый фӕрцы систы „о“» (2 Кор. 1:20). Йесо йӕ Фыдӕн цы дзырд радта, уый сӕххӕст кодта ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы уый хуызӕн фӕзминаг ничи у. Ныр та аныхас кӕнӕм, Йесойы бафӕзмыныл ӕппӕт хъарутӕй чи архайдта, уыцы адӕймагыл.

ПАВЕЛ ЙӔ НЫХАСӔН УЫД ХИЦАУ

5. Апостол Павел нын фӕзминаг цӕмӕй у?

5 «Хицау, цы кӕнгӕ мын у?» (Хъуыд. 22:10). Ацы ныхӕстӕ загъта Павел (уӕд ӕй зыдтой Савлӕй), Хицау Йесо Чырысти йӕм цӕстылуайӕны куы фӕзынд, уӕд. Савл уӕд чырыстӕтты ӕфхӕрдта, ӕмӕ Йесойы фӕндыд, цӕмӕй йӕ баурӕдтаид. Уыцы хабар Савлыл афтӕ бандӕвта, ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтыл сӕрныллӕгӕй ӕрфӕсмон кодта, донаргъуыд райста ӕмӕ сразы, цы хӕслӕвӕрд ын ӕрцыд лӕвӕрд, уый ӕххӕст кӕныныл: хъуамӕ Йесойы тыххӕй ӕндӕр адӕмтӕн хъусын кодтаид. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Павел Чырыстийы хуыдта йӕ «Хицау», ӕмӕ йӕ зӕххон царды кӕронмӕ цӕргӕ дӕр уымӕ гӕсгӕ кодта (Хъуыд. 22:6–16; 2 Кор. 4:5; 2 Тим. 4:8). Павел нӕ уыди, йӕ ныхас чи не ’ххӕст кодта, уыдоны хуызӕн. Ахӕм адӕмы тыххӕй Йесо афтӕ загъта: «Цы уын зӕгъын, уый куы нӕ кӕнут, уӕд мӕм „Хицау! Хицау!“ цӕмӕн дзурут?» (Лук. 6:46). О, Йесойы фӕнды, цӕмӕй йӕ йӕ Хицауыл чи нымайы, уыдонӕй алчидӕр апостол Павелау йӕ ныхасӕн хицау уа.

6, 7. а) Павел дыккаг хатт Коринфмӕ ацӕуын куы сфӕнд кодта, уӕд йӕ фӕнд цӕмӕн фӕивта? Чи йӕ аххосджын кодта, уыдонӕй цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ раст нӕ уыдысты? ӕ) Разамынд нын чи дӕтты, уыдонмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

6 Павел зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй Къаннӕг Азийы ӕмӕ суанг Европӕйы дӕр, арӕзта ног ӕмбырдтӕ ӕмӕ-иу сӕ цасдӕры фӕстӕ бабӕрӕг кодта. Хатт-иу Павелы йӕ фыстӕджыты бахъуыди расомы кӕнын дӕр, цӕмӕй-иу ын йӕ ныхӕстыл баууӕндыдаиккой (Гал. 1:20). Иухатт ӕй коринфӕгтӕй чидӕртӕ куы фӕаххосджын кодтой, ӕууӕнк ыл нӕй, зӕгъгӕ, уӕд ныффыста: «Хуыцау йӕ ныхас куыд нӕ сайы, афтӕ уын мах цы загътам, уый дӕр нӕ уыди куы „о“, куы та – „нӕ“» (2 Кор. 1:18). Павел ацы ныхӕстӕ ныффыста, Ефесӕй куы ацыд ӕмӕ Македонийыл куы зылди, уӕд, цӕугӕ та кодта Коринфмӕ, цӕмӕй сӕ ногӕй бабӕрӕг кодтаид. Ӕнӕуи йӕ фыццаг йӕ фӕндаг ӕндӕрхуызон акӕнын фӕндыд: нырма уал Коринфмӕ хъуамӕ ацыдаид, стӕй та Македонимӕ (2 Кор. 1:15, 16). Фӕлӕ хатт пълӕнттӕ фӕивын бахъӕуы. Абон дӕр цӕуӕг цӕстдарджыты иуӕй-иу хатт бахъӕуы, кӕцыдӕр ӕмбырдтӕ кӕд бӕрӕг кӕндзысты, уый фӕивын. Ӕмӕ уый, сӕхицӕн ӕнцондӕр кӕй у кӕнӕ сын цыдӕр ӕнӕбары ӕфсон кӕй фӕзынд, уый тыххӕй нӕ вӕййы, фӕлӕ сӕ пълӕнттӕ фӕивынц ӕнӕнхъӕлӕджы, цавӕрдӕр ахсджиаг хъуыддаджы тыххӕй. Павел Коринфмӕ цӕуинаг кӕд уыд, уӕд сӕм кӕй нӕ ацыд, уый ӕмбырдӕн ӕрхаста пайда. Ома куыд?

7 Павел Коринфмӕ ацӕуын куы сфӕнд кодта, уымӕй йӕм иуцасдӕры фӕстӕ ахӕм хабар фӕхӕццӕ, зӕгъгӕ, Коринфы ӕмбырды адӕм ныддихтӕ сты, стӕй дзы чидӕр хӕты (1 Кор. 1:11; 5:1). Ӕмӕ сын Павел йӕ фыццаг фыстӕджы радта ӕргом уынаффӕ, цӕмӕй уыцы хъуыддӕгтӕн кӕрон скодтаиккой. Уый фӕстӕ Ефесӕй комкоммӕ Коринфмӕ нӕ ацыд, фӕлӕ йе ’фсымӕртӕн радта рӕстӕг, цӕмӕй йын йӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ бацархайдтаиккой. Ӕмӕ уый фӕрцы, куы сӕм ӕрцыдаид, уӕд сын сӕ ныфсыл ныфс тынгдӕр бафтыдтаид. Павел йӕ фӕндтӕ ӕцӕгдӕр уый тыххӕй кӕй фӕивта, уый сын йӕ дыккаг фыстӕджы афтӕ бамбарын кодта: «Хуыцау мын ӕвдисӕн: ӕз Коринфмӕ абоны онг дӕр уый тыххӕй не ’рцыдтӕн, ӕмӕ мӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй уӕхимӕ тынгдӕр ныхъхъуыстаиккат» (2 Кор. 1:23). Уӕдӕ макуы уӕм, Павелы чи аххосджын кодта, уыцы адӕмы хуызӕн, фӕлӕ нын разамынд чи дӕтты, уыдоны нымайӕм ӕмӕ сын кад кӕнӕм. Хъуамӕ бафӕзмӕм Павелы, уый Чырыстийы куыд фӕзмыдта, афтӕ (1 Кор. 11:1; Дзут. 13:7).

УЫДОН ДӔР СТЫ ФӔЗМИНАГ

8. Ревеккӕ нын фӕзминаг цӕмӕй у?

8 «Цӕуын» (Райд. 24:58). Ахӕм дзуапп радта Ревеккӕ йӕ мад ӕмӕ йе ’фсымӕрӕн, йӕ фӕндонӕй йӕ куы бафарстой, уӕд. Ревеккӕ разы уыд, цӕмӕй тӕккӕ уыцы бон йӕ хӕдзарӕй ацыдаид ӕнӕзонгӕ адӕймагимӕ ӕмӕ фӕцыдаид 800 километрӕй фылдӕр, цӕмӕй йӕ цард баиу кодтаид Авраамы фырт Исахъимӕ (Райд. 24:50–58). Ревеккӕ «о» загъта, ӕмӕ йӕ ныхас уыд «о». Уый уыд Исахъӕн ӕнувыд цардӕмбал ӕмӕ Хуыцауӕн дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кодта. Ревеккӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххыл фӕцард ӕцӕгӕлонау цатырты. Ӕмӕ йӕ ныхасӕн хицау кӕй разынд, уый тыххӕй йын Хуыцау раарфӕ кодта – Йесо Чырысти, зӕрдӕвӕрд Байзӕддаг, уыди йӕ байзӕддӕгтӕй иу (Дзут. 11:9, 13).

9. Руф йӕ ныхасӕн хицау куыд разынд?

9 «Нӕ! Мах дӕр демӕ цӕуӕм дӕ адӕммӕ» (Руф 1:10). Афтӕ дзырдтой моаваг идӕдз сылгоймӕгтӕ Руф ӕмӕ Орфӕ се ’фсин Ноеминӕн. Уый дӕр уыд идӕдз сылгоймаг ӕмӕ здӕхти Моавӕй Вифлееммӕ. Ноемин сын дзырдта, цӕмӕй фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ аздӕхтаиккой, ӕмӕ ӕппынфӕстаг Орфӕ афтӕ бакодта. Фӕлӕ Руф «нӕ» загъта, ӕмӕ йӕ ныхас уыд «нӕ». (Бакӕс Руф 1:16, 17.) Ноеминыл уыди ӕнувыд ӕмӕ йемӕ баззад, кӕд ӕмӕ йӕ ӕмбӕрста, йӕ бинонты кӕй никуыуал фендзӕн, уӕддӕр. Стӕй Моавы мӕнг дин дӕр ныууагъта. Руф кӕронмӕ дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта, ӕмӕ йын уый раарфӕ кодта – йӕ ном ис, Чырыстийы хӕдзарвӕндаджы цы фондз сылгоймаджы кой ис, уыдоны ’хсӕн (Матф. 1:1, 3, 5, 6, 16).

10. Исай нын фӕзминаг цӕмӕй у?

10 «Мӕнӕ ӕз! Мӕн арвит» (Ис. 6:8). Исай ацы ныхӕстӕ куы загъта, уый размӕ цӕстылуайӕны федта Йегъовӕйы йӕ паддзахбадӕныл бадгӕ. Уыцы диссаджы нывмӕ куыд каст, афтӕ фехъуыста Йегъовӕйы ныхӕстӕ: «Кӕй арвитон? Чи ацӕудзӕн мах тыххӕй?» Афтӕмӕй Йегъовӕ агуырдта, йӕ хивӕнд адӕммӕ кӕй арвыстаид ӕмӕ сын йӕ номӕй чи дзырдтаид, уый. Исай йӕ ныхасӕн хицау разынд – «о» загъта, ӕмӕ йӕ ныхас уыд «о». 46 азӕй фылдӕр уыди Хуыцауы пехуымпар ӕмӕ йӕ хӕс иузӕрдионӕй ӕххӕст кодта: хъусын кодта карз тӕрхӕтты тыххӕй, стӕй, раст дин фӕстӕмӕ йӕ къахыл кӕй слӕудзӕн, уыцы диссаджы хабӕрттӕ дӕр.

11. а) Цӕмӕн у ахсджиаг, цӕмӕй адӕймаг йӕ ныхасӕн хицау уа? ӕ) Йӕ ныхас чи фӕсайдта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ чи уыдысты?

11 Цымӕ Йегъовӕ ацы адӕмы тыххӕй йӕ Ныхасы цӕмӕн ныффыссын кодта? Ӕмӕ цымӕ ахсджиаг у, цӕмӕй, «о» куы зӕгъӕм, уӕд нӕ ныхас «о» уа? Библи комкоммӕ фӕдзӕхсы, зӕгъгӕ, йӕ ныхасӕн хицау чи нӕу, уыдон сты «мӕлӕты аккаг» (Ром. 1:31, 32). Зӕгъӕм, Египеты фараон, Иудӕйы паддзах Седеки, стӕй Анани ӕмӕ Сапфирӕ сӕ ныхас фӕсайдтой ӕмӕ сӕхи бабын кодтой. Уымӕ гӕсгӕ сӕ хабӕрттӕ махӕн сты зондзонӕн (Рац. 9:27, 28, 34, 35; Йез. 17:13–15, 19, 20; Хъуыд. 5:1–10).

12. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу нӕ ныхасӕн хицау уӕм?

12 Мах цӕрӕм «фӕстаг бонты», ӕмӕ нӕ алыварс ис бирӕ «мӕнгард» адӕм, «сӕхи афтӕ ӕвдисынц, цыма Хуыцауӕн кувӕг адӕм сты, фӕлӕ сӕ цардӕй та уый бӕрӕг нӕу» (2 Тим. 3:1–5). Гӕнӕн уӕвгӕйӕ, хъуамӕ ахӕм ӕвзӕр адӕмӕй нӕхи хизӕм ӕмӕ нӕхи ӕдзухдӕр бӕттӕм, йӕ ныхас алкӕддӕр сӕххӕст кӕныныл чи архайы, уыдоныл (Дзут. 10:24, 25).

ӔППӔТЫ АХСДЖИАГДӔР ДЗЫРД

13. Йесо Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг ӕппӕты ахсджиагдӕр дзырд кӕд ратты?

13 Адӕймаг ӕппӕты ахсджиагдӕр дзырд ратты, йӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кӕны, уӕд. Чырыстийы ахуыргӕнинаг суа, уый кӕй бафӕнды, уыдонӕн ӕртӕ хатты вӕййы фадат, цӕмӕй, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый зӕгъой (Матф. 16:24). Ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг суа, уый кӕй фӕфӕнды, уыцы адӕймагимӕ дыууӕ хистӕр нӕлгоймаджы аныхас кӕнынц ӕмӕ йӕ бафӕрсынц: «Ӕцӕгдӕр дӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суай?» Фӕстӕдӕр, адӕймагӕн йӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр куы бафидар вӕййы ӕмӕ йӕ донаргъуыд райсын куы бафӕнды, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ йемӕ фембӕлынц ӕмӕ йӕ бафӕрсынц: «Йегъовӕмӕ скуывтай ӕмӕ йын дӕхи снывонд кодтай?» Ӕмӕ ӕппынфӕстаг, донаргъуыды бон, донаргъуыд чи фӕисы, уыдоны ӕфсымӕр йӕ раныхасы кӕрон бафӕрсы: «Йесо Чырыстийы нывондыл кӕй баууӕндыдтӕ, уымӕ гӕсгӕ дӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтай ӕмӕ Йегъовӕйӕн дзырд радтай, йӕ фӕндон ын кӕй ӕххӕст кӕндзынӕ?» Афтӕмӕй иннӕ адӕмы раз уыцы ног ахуыргӕнинӕгтӕ фӕзӕгъынц, «о», зӕгъгӕ, ома равдисынц, Хуыцауӕн ӕнустӕм лӕггад кӕныны дзырд кӕй радтой.

Ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддаджы цы дзырд радтай, уый ӕххӕст кӕныс?

14. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

14 Уӕлдай нӕу, донаргъуыд ӕрӕджы райстай ӕви Хуыцауӕн бирӕ азты дӕргъы лӕггад кӕныс,– хъуамӕ-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ дӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсай ӕмӕ ахъуыды кӕнай ахӕм фарстатыл: «Йегъовӕйӕн цы дзырд радтон, уый ныр дӕр Йесо Чырыстийау ӕххӕст кӕнын? Ныр дӕр хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг мӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрын ӕмӕ афтӕмӕй Йесойы коммӕ кӕсын?» (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 13:5.)

15. Цавӕр хъуыддӕгты хъуамӕ уӕм нӕ ныхасӕн хицау?

15 Хуыцауӕн цы дзырд радтам, уый ӕххӕст кӕнынмӕ хауы, иннӕ ахсджиаг хъуыддӕгты дӕр нӕ ныхасӕн хицау кӕй уыдзыстӕм. Зӕгъӕм дын кӕд бинонтӕ ис, уӕд дарддӕр дӕр цӕр, дӕ цардӕмбалӕн цы дзырд радтай, уымӕ гӕсгӕ, ома йӕ уарз ӕмӕ йӕ буц дар. Кӕд искӕимӕ цавӕрдӕр куысты фӕдыл контракт скодтай кӕнӕ та Хуыцауы организацийы дӕхимӕ цавӕрдӕр хӕстӕ райстай ӕмӕ анкетӕ ныффыстай, уӕд дӕ ныхасӕн хицау у ӕмӕ, цы дзырд радтай, уый ӕххӕст кӕн. Йе та дӕ, зӕгъӕм, хъӕздыг чи нӕу, ахӕм ӕфсымӕр кӕнӕ хо йӕхимӕ фӕхуыдта, ӕмӕ йын загътай, кӕй ӕрбацӕудзынӕ. Ӕмӕ дӕ уыцы рӕстӕг хуыздӕр ранмӕ куы фӕхоной, уӕддӕр-иу дӕ ныхас ма фӕсай. Кӕнӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусынгӕнгӕйӕ искӕмӕн куы зӕгъай, ногӕй йӕм кӕй ӕрбацӕудзынӕ ӕмӕ йын фылдӕр базонынӕн кӕй баххуыс кӕндзынӕ, уӕд цыфӕндыйӕ дӕр дӕ ныхас сӕххӕст кӕн, ӕмӕ дын уӕд Йегъовӕ дӕ лӕггадӕн арфӕ кӕндзӕн. (Бакӕс Лукайы 16:10.)

НӔ ХИСТӔР САУДЖЫН ӔМӔ ПАДДЗАХЫ ӔХХУЫС

16. Нӕ ныхас куы нӕ сӕххӕст кӕнӕм, уӕд цы хъуамӕ саразӕм?

16 Библийы фыст ис, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ «не ’ппӕт дӕр арӕх [кӕй] рӕдийӕм», уӕлдайдӕр та ныхасӕй (Иак. 3:2). Нӕ ныхас кӕй нӕ сӕххӕст кодтам, уый куы бамбарӕм, уӕд цы хъуамӕ саразӕм? Хуыцау Израилы адӕмӕн цы Закъон радта, уымӕ гӕсгӕ, «исчи ӕнӕахъуыды кӕнгӕйӕ куы расомы кодтаид», уӕд ын уыд ныххатыр кӕнӕн (Лев. 5:4–7, 11). Абон чырыстӕттӕй ахӕм тӕригъӕд чи сараза, уымӕн дӕр ӕй ис ныххатыр кӕнӕн. Уыцы тӕригъӕд Йегъовӕйӕн куы раргом кӕнӕм, уӕд нын нӕ Хистӕр сауджын Йесо Чырыстийы фӕрцы фӕлмӕнзӕрдӕйӕ ныххатыр кӕндзӕн (1 Иоан. 2:1, 2). Фӕлӕ цӕмӕй Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай ма фӕуӕм, уый тыххӕй хъуамӕ хъуыддагӕй равдисӕм, кӕй ӕрфӕсмон кодтам, ома хъуамӕ ахӕм тӕригъӕдтӕ мауал аразӕм ӕмӕ кӕд искӕмӕн не ’нӕрхъуыды ныхасӕй зиан ӕрхастам, уӕд алцыдӕр саразӕм, цӕмӕй хъуыддаг сраст кӕнӕм (Ӕмб. 6:2, 3). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хуыздӕр уаид, искӕмӕн истӕмӕй зӕрдӕ бавӕрыны размӕ уал-иу дзӕбӕх куы ахъуыды кӕниккам, цӕмӕй уый фӕстӕ афтӕ ма рауайа, ӕмӕ нӕ ныхас сӕххӕст кӕнын нӕ бон нӕу. (Бакӕс Екклесиаст 5:2.)

17, 18. Йӕ ныхас ӕххӕст кӕныныл ӕппӕт хъарутӕй чи архайы, уыдонмӕ цавӕр диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

17 Цӕй диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕм, йӕ ныхас ӕххӕст кӕныныл ӕппӕт хъарутӕй чи архайы, уыдонмӕ! 144 000 сӕрст чырыстонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕнӕмӕлгӕ цард уӕлӕрвты. Уым Йесоимӕ «паддзӕхтӕ уыдзысты мин азы» (Рарг. 20:6). Милуангай адӕм та цӕрдзысты зӕххыл дзӕнӕты. Чырысти Хуыцауы Паддзахады Паддзах куы уа, уыцы рӕстӕг буарӕй дӕр ӕмӕ зондӕй дӕр суыдзысты ӕххӕст (Рарг. 21:3–5).

18 Чырыстийы Миназон хицаудзинады кӕрон уыдзӕн фӕстаг фӕлварӕн. Ӕмӕ уыцы фӕлварӕны иузӕрдионӕй чи баззайа, уыдон ӕппындӕр никӕйуал ныхӕстыл дызӕрдыг кӕндзысты, кӕрӕдзийыл ӕууӕнддзысты (Рарг. 20:7–10). «О» чидӕриддӕр зӕгъа, уымӕн йӕ ныхас уыдзӕн «о», «нӕ» чи зӕгъа, уымӕн та – «нӕ», уымӕн ӕмӕ алы адӕймаг дӕр алы хъуыддаджы дӕр фӕзмдзӕн нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд Йегъовӕйы, «рӕстдзинады Хуыцауы» (Пс. 31:5).