Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ацы уӕззау рӕстӕджы фидар лӕууӕм

Ацы уӕззау рӕстӕджы фидар лӕууӕм

«Хуыцау у не ’мбӕхсӕн ӕмӕ нӕ хъару, зын сахат нӕм уайтагъд ӕххуысмӕ фӕзыны» (ПС. 46:1).

1, 2. Абон бирӕтӕ цавӕр зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, фӕлӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджыты цы фӕнды?

МАХ цӕрӕм тынг уӕззау рӕстӕджы. Адӕм иу ӕнамонд хабарӕй сӕхимӕ нӕма ӕрцӕуынц, афтӕ та ӕндӕр ӕрцӕуы: зӕххӕнкъуыстытӕ, цунамитӕ, тыхдымгӕтӕ, стӕй хъӕдтӕ судзынц, дон раивылы, вулкантӕ срӕмудзынц. Уымӕй уӕлдай ма адӕм сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ бинонтӕ дӕр ӕвзарынц зындзинӕдтӕ, ӕмӕ уый тыххӕй сӕ ныфс асӕтты ӕмӕ ӕнцой нӕ арынц. Ӕцӕгдӕр, «кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны» (Еккл. 9:11).

2 Кӕд Хуыцауы адӕм дӕр ахӕм зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уӕддӕр фидар лӕууынц. Фӕлӕ мах фӕнды, цӕмӕй нӕ алчидӕр цӕттӕ уа, ацы дунейы фӕстаг бонты ма цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдзыстӕм, уыдонмӕ. Цы хъӕуы, цӕмӕй-иу алыхуызон ӕвзӕр хабӕртты тыххӕй нӕ ныфс ма асӕтта? Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ацы уӕззау рӕстӕджы фидар лӕууӕм?

ЗЫНДЗИНӔДТЫ ФИДАР ЧИ ФӔЛӔУУЫД, УЫДОНЫ БАФӔЗМ

3. Ромӕгтӕм 15:4 цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ нын зын уавӕры удӕнцой ӕмӕ ныфс цы ратдзӕн?

3 Абон зындзинӕдтӕ кӕмӕн нӕй, ахӕм адӕймаг зын ссарӕн у. Фӕлӕ раздӕр дӕр адӕм бынтон ӕнӕмӕт цард нӕ кодтой. Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытӕ-иу зындзинӕдты фидар куыд фӕлӕууыдысты ӕмӕ сӕ нӕ бон бафӕзмын куыд у, уымӕ (Ром. 15:4).

4. Давид цытӕ бавзӕрста ӕмӕ йын фидар фӕлӕууынӕн цы баххуыс кодта?

4 Ахъуыды-ма кӕнӕм Давидыл. Цас цыдӕртӕ бавзӕрста: паддзах Саул ӕй марынмӕ хъавыд, знӕгтӕ йемӕ хӕцыдысты, иухатт та йын йӕ устыты уацары акодтой, стӕй йӕхи адӕмӕй чидӕртӕ йӕ ныхмӕ фыдвӕнд скодтой. Хатт та-иу йӕхимӕ дӕр ныхъхъуыста (1 Сам. 18:8, 9; 30:1–5; 2 Сам. 17:1–3; 24:15, 17; Пс. 38:4–8). Библийы Давиды царды тыххӕй цы фыст ис, уымӕй бӕрӕг у, уыцы зындзинӕдтӕ йын цас маст ӕрхастой, уый. Фӕлӕ уыдӕтты тыххӕй йӕ уырнындзинад не ’рлӕмӕгъ. Давид уыцы ныфсджынӕй загъта: «Йегъовӕ у мӕ царды фидар мӕсыг. Кӕй раз хъуамӕ ризон тӕссӕй?» (Пс. 27:1; бакӕс Псалом 27:5, 10).

5. Авраам ӕмӕ Саррӕ зындзинӕдтӕ цӕй фӕрцы бафӕрӕзтой?

5 Авраам ӕмӕ Саррӕ та сӕ царды фылдӕр рӕстӕг фӕцардысты ӕцӕгӕлон бӕстӕты ӕрцӕуӕггӕгтӕй, цӕргӕ та кодтой цатырты. Уыдонмӕ дӕр цард алкӕд йӕ мидбылты нӕ худт. Зӕгъӕм, ӕххормаг заман дӕр бавзӕрстой, стӕй-иу сын сӕ сыхаг адӕмтӕй дӕр тӕссаг уыд. Фӕлӕ уӕддӕр уыдысты фидар ӕмӕ ныфсджын (Райд. 12:10; 14:14–16). Цӕй фӕрцы? Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, «Авраам ӕнхъӕлмӕ касти, фидар бындур кӕмӕн ис, йӕ саразӕг ӕмӕ йе скӕнӕг Хуыцау кӕмӕн у, уыцы горӕтмӕ» (Дзут. 11:8–10). Авраам ӕмӕ Саррӕйӕн сӕ хъуыдытӕ ӕдзухдӕр уыдысты, разӕй цы уыд, ууыл, ӕмӕ сын зындзинӕдтӕ сӕ ныфс нӕ асастой.

6. Нӕ бон куыд у Иовы бафӕзмын?

6 Иов цынӕ бавзӕрста, ахӕм нӕ уыд. Ахъуыды-ма кӕн, йӕхи куыд хатыдаид, афтӕ йӕм куы каст, ӕмӕ йӕ цард ӕрбайхӕлд (Иов 3:3, 11). Йӕ уавӕр ма йын фыддӕр уый кодта, ӕмӕ йӕ не ’мбӕрста, йӕ сӕр ӕппӕт уыдӕттӕ цӕмӕн ӕвзары. Фӕлӕ уӕддӕр фидар фӕлӕууыд. Уӕддӕр Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивта ӕмӕ йӕ уырнындзинад нӕ фӕцудыдта. (Бакӕс Иов 27:5.) Ахӕм диссаджы адӕймаг нын фӕзминаг куыннӕ у!

7. Павел Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ цытӕ бавзӕрста? Цы йын ӕххуыс кодта, цӕмӕй йӕ къухтӕ ма ӕруагътаид?

7 Ахъуыды-ма кӕнӕм апостол Павелыл дӕр. Цытӕ бавзӕрста, уый тыххӕй ныффыста: «Тӕссаг мын уыди горӕты дӕр, ӕдзӕрӕг быдыры дӕр ӕмӕ денджызы дӕр». Стӕй ма загъта, зӕгъгӕ, «уыдтӕн-иу ӕххормаг ӕмӕ дойны», «зонын, цы у уазал ӕмӕ бӕгънӕг». Цалдӕр хатты уыд афтӕ, ӕмӕ-иу цы науыл цыди, уый-иу ныппырх, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыцы хабӕрттӕй иуы кой кӕнгӕйӕ Павел ныффыста, «ӕхсӕв ӕмӕ бон арвыстон денджызы астӕу», зӕгъгӕ (2 Кор. 11:23–27). Ӕмӕ-иу йӕ цардӕн тӕссаг куы уыди, уӕд дӕр-иу йӕ ныфс нӕ асаст. Иухатт ӕй марынмӕ хъавыдысты, фӕлӕ аирвӕзт, ӕмӕ уыцы хабары фӕстӕ Павел загъта: «Уый афтӕ уымӕн уыди, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл ма дарӕм, фӕлӕ, мӕрдты чи ӕгас кӕны, уыцы Хуыцауыл. О, уый нӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кодта, ӕмӕ нӕ ныфс ис, дарддӕр дӕр нӕ кӕй ирвӕзын кӕндзӕн» (2 Кор. 1:8–10). Павел цас цыдӕртӕ бавзӕрста, уыйбӕрц бирӕтӕ нӕ бавзӕрстой. Фӕлӕ-иу Павел цы ӕнкъардта, уый махӕй бирӕтӕн ӕнӕзонгӕ нӕу. Уӕдӕ, Павел афтӕ хъӕбатыр ӕмӕ фидар кӕй уыд, уый дӕр нын стыр ныфсы хос у.

ӔВЗӔР ХАБӔРТТЫ ТЫХХӔЙ ДӔ НЫФС МА АСӔТТӔД

8. Ацы царды зындзинӕдтӕ ныл хатт куыд бандавынц? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

8 Дунемӕ куы акӕсай, уӕд иу бӕллӕх иннӕйы фӕдыл цӕуы, адӕм алыхуызон зындзинӕдтӕй ӕмӕ сагъӕстӕй сӕ хъуырмӕ сты, ӕмӕ бирӕтӕн сӕ ныфс асӕтты. Афтӕ ӕрцӕуы суанг чырыстӕттӕй дӕр кӕуылдӕрты. Нӕ хо Лани * йӕ цардӕмбалимӕ Австралийы ӕххӕстрӕстӕг куы лӕггад кодта, уӕд ын йӕ риуы рак ссардтой. Уыцы хабарӕй Лани арвы цӕфау фӕци. «Цы хостӕ мын кодтой,– зӕгъы Лани,– уыдоны тыххӕй тынг ныллӕмӕгъ дӕн ӕмӕ мӕхимӕ ницыуал кастӕн». Уымӕй уӕлдай ма йӕ хъуыди йӕ лӕгмӕ кӕсын дӕр – уымӕн та йӕ астӕуыстӕгыл операци скодтой. Ахӕм уавӕры куы бахауӕм, уӕд цы хъуамӕ аразӕм?

9, 10. а) Хӕйрӕгӕн бар цӕмӕн хъуамӕ ма раттӕм? ӕ) Хъуыддӕгты 14:22 стихы цы «бирӕ зындзинӕдты» кой ис, уыдон сфӕразынӕн нын цавӕр зондахаст баххуыс кӕндзӕн?

9 Хъуамӕ нӕ рох ма уа, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдонӕй Хӕйрӕг кӕй пайда кӕны, цӕмӕй нын нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ кӕна ӕмӕ нын нӕ циндзинад байса. Фӕлӕ йын хъуамӕ уый бар ма раттӕм. Ӕмбисӕндты 24:10 фыст ис: «Зын сахат дӕ ныфс куы асӕтта, уӕд дӕм тых кӕцӕй уыдзӕн?» Библийы кӕй тыххӕй фыст ис, зӕгъӕм, гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыдоныл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд-иу нӕ ныфсыл ныфс бафтдзӕн ӕмӕ зындзинӕдты рӕстӕг фидар лӕудзыстӕм.

10 Стӕй ма хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, уый гӕнӕн кӕй нӕй, цӕмӕй ныртӕккӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕй дӕр фервӕзӕм (2 Тим. 3:12). Хъуыддӕгты 14:22 стихы фыст ис: «Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуынӕн нӕ бирӕ зындзинӕдтӕ бавзарын хъӕуы». Зындзинӕдтӕ дын дӕттынц фадат, цӕмӕй равдисай, Хуыцауы ӕххуысыл кӕй ӕууӕндыс. Ӕмӕ сӕм ахӕм цӕстӕй куы кӕсай, уӕд-иу дӕхимӕ нӕ ныхъхъусдзынӕ.

11. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нӕ зындзинӕдтӕ сӕ быны ма скӕной?

11 Хъуамӕ-иу хъуыды кӕнӕм, нӕ царды хорзӕй цы ис, ууыл. Хуыцауы Ныхас нын зӕгъы: «Зӕрдӕ хъӕлдзӕг куы вӕййы, уӕд цӕсгом дӕр ныррухс вӕййы, зӕрдӕйы маст та ныфс асӕтты» (Ӕмб. 15:13). Дохтыртӕ рагӕй сбӕрӕг кодтой, рынчыны ныфс куы вӕййы, кӕй адзӕбӕх уыдзӕн, уӕд ӕцӕгдӕр кӕй фӕхуыздӕр вӕййы. Бирӕ хатт-иу уыд афтӕ, ӕмӕ-иу рынчынӕн хосы ӕфсон радтой, ӕцӕгӕй хос чи нӕ уыд, ахӕм таблеткӕтӕ (плацебо), ӕмӕ-иу адӕймаг фӕхуыздӕр, уымӕн ӕмӕ йӕ уырныдта, уыцы хостӕ йын кӕй ӕххуыс кӕнынц. Адӕймагӕн-иу афтӕ куы загътой, ацы хос дын зиан ӕрхӕсдзӕн, зӕгъгӕ, уӕд та-иу февзӕрдӕр. Уӕдӕ, нӕ бон фӕивын кӕй нӕу, уыцы ӕвзӕр хабӕрттыл ӕдзух куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕм цӕрын дӕр нал цӕудзӕн. Мах Йегъовӕйӕ бузныг стӕм, ӕцӕгӕй чи не ’ххуыс кӕны, ахӕм ӕфсоны «хостӕ» нын кӕй нӕ дӕтты. Суанг уӕззау рӕстӕджыты дӕр нын дӕтты ӕцӕг ӕххуыс – фидар нӕ кӕны йӕ Ныхасы фӕрцы, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ӕххуысы фӕрцы, стӕй нын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы хъарутӕ ратты. Ӕмӕ уыдӕттыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд та-иу нӕ базыртыл схӕцдзыстӕм. Ӕвзӕр цӕуылдӕрты хъуыды кӕныны бӕсты зын уавӕры, дӕ бон цы у, уый араз ӕмӕ, дӕ царды хорзӕй цы ис, ууыл хъуыды кӕн (Ӕмб. 17:22).

12, 13. а) Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй ӕрдзон бӕллӕхты чи бахауд, уыдонӕн фидар фӕлӕууынӕн цы баххуыс кодта? Ӕрхӕсс цӕвиттон. ӕ) Адӕймагӕн царды сӕйрагдӕр цы у, уый бӕллӕхты рӕстӕг куыд рабӕрӕг вӕййы?

12 Фӕстаг азты иуӕй-иу бӕстӕты ӕрцыд стыр ӕрдзон бӕллӕхтӕ. Уыцы бӕстӕты цӕрӕг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ тынг фидар разындысты. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сын ӕнцон уыд. 2010 азы февралы Чилийы стыр зӕххӕнкъуыст ӕмӕ цунамийы аххосӕй не ’фсымӕртӕй бирӕтӕн сӕ хӕдзӕрттӕ ныппырх сты, ӕмӕ сын ницыуал баззад. Чидӕртӕ та сӕ ӕнӕ куыстӕй дӕр баззадысты. Фӕлӕ ахӕм уавӕрты дӕр ӕфсымӕртӕ дарддӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кодтой. Йӕ хӕдзар бынтондӕр кӕмӕн ныппырх, иу ахӕм ӕфсымӕр, Самуэль, зӕгъы: «Суанг ахӕм фыдуавӕрты дӕр мӕ бинойнагимӕ иу ӕмбырд дӕр никуы рауагътам ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ дӕр цыдыстӕм. Мӕ бон у фидарӕй зӕгъын, ӕмбырдтӕм ӕмӕ уацамындмӕ цӕуын ахуыр кӕй уыдыстӕм, уый фӕрцы нӕхимӕ кӕй нӕ ныхъхъуыстам». Уыдон ӕмӕ ма ноджыдӕр бирӕ ’фсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ уыцы зындзинады сӕрты ахызтысты ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн ныфсджынӕй лӕггад кодтой.

13 2009 азы сентябры Филиппинты сӕйраг горӕт Манилӕйӕн йӕ 80 процентӕй фылдӕр тӕрккъӕвдаты тыххӕй доны бын фӕци. Уыцы рӕстӕг йӕ фӕллойӕ бирӕ кӕмӕн фесӕфт, иу ахӕм хъӕздыг лӕг загъта: «Ацы донивылд хъӕздгуыты ӕмӕ мӕгуырты ӕмрӕнхъ сӕвӕрдта – сӕ иутӕ дӕр ӕмӕ се ’ннӕтӕ дӕр ӕмхуызонӕй бавзӕрстой зындзинӕдтӕ ӕмӕ маст». Ацы ныхӕстӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц Йесо Чырыстийы зондджын уынаффӕ: «Уӕхицӕн хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнут уӕлӕрвты – уым сӕ нӕдӕр рӕмпӕг хӕры, нӕдӕр згӕ, уӕдӕ сӕм давджытӕ дӕр нӕ баирвӕзынц ӕмӕ сӕ нӕ адавынц» (Матф. 6:20). Мулк ӕмӕ ӕхца абон сты, райсом та – нал, ӕмӕ адӕймаг йӕ цард уыдӕттыл куы бӕтта, уӕд иу бон фӕфыдӕнхъӕл уыдзӕн. Уӕдӕ цас хуыздӕр у, нӕ цард Йегъовӕйыл куы бӕттӕм! Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уымӕй нӕ ӕнӕхай ницы фӕкӕндзӕн, нӕ алыварс цыфӕнды ма цӕуа, уӕддӕр! (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:5, 6.)

ЦӔМӔН ХЪУАМӔ УӔМ ФИДАР ӔМӔ НЫФСДЖЫН

14. Ныфсджын ӕмӕ фидар цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

14 Йесо зыдта, фӕстаг бонты уӕлӕрвты Паддзах куы уа, уыцы рӕстӕг йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ зӕххыл зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзардзысты. Фӕлӕ сын загъта: «Ма тӕрсут» (Лук. 21:9). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, цӕмӕй хъуамӕ тӕрсӕм, кӕд ӕмӕ Чырысти у нӕ Паддзах ӕмӕ нын Дун-дуне сфӕлдисӕг Йегъовӕ Хуыцау ӕххуыс кӕны, уӕд! Павел Тимофейы фидар кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Хуыцау нын цы сыгъдӕг тых радта, уый нӕ тӕппудтӕ нӕ аразы, фӕлӕ нӕ уадзы тых, дӕтты нын уарзондзинад ӕмӕ уӕззау зонд» (2 Тим. 1:7).

15. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ цавӕр ныхӕстӕй равдыстой, сӕ Хуыцауӕй ныфсджын кӕй сты, уый? Махӕн та нӕ бон куыд у, ӕмӕ уыдонау ныфсджын уӕм?

15 Ӕркӕсӕм-ма, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ цы ныхӕстӕй равдыстой, сӕ Хуыцауӕй ныфсджын кӕй сты, уый. Давид загъта: «Йегъовӕ у мӕ хъару ӕмӕ мӕ уарт. Мӕ зӕрдӕ уымӕй уыди ныфсджын, ӕмӕ мын баххуыс кодта, ӕмӕ мӕ зӕрдӕ цинӕй райы» (Пс. 28:7). Павел Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ куыд фидарӕй дардта, уый та бӕрӕг у мӕнӕ ацы ныхӕстӕй: «Мах ӕппӕт уыдӕттыл уӕлахиз кӕнӕм, чи нӕ бауарзта, уый фӕрцы» (Ром. 8:37). Йесойӕн йӕ царды ӕппӕты уӕззаудӕр рӕстӕг куы ралӕууыд, уӕд йӕ апостолтӕн цы загъта, уымӕй равдыста, Хуыцауимӕ куыд фидар тӕгтӕй баст уыд, уый. Чырысти загъта: «Ӕз иунӕг нӕ дӕн, уымӕн ӕмӕ мӕ Фыд мемӕ ис» (Иоан. 16:32). Цӕуыл дзурӕг сты сӕ ныхӕстӕ? Йегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ фидарӕй кӕй дардтой, ууыл. Мах дӕр Хуыцауӕй афтӕ ныфсджын куы уӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн цыфӕнды уӕззау уавӕры дӕр фидар фӕлӕууын. (Бакӕс Псалом 46:1–3.)

ХУЫЦАУ НЫН ЦЫ ӔХХУЫС ДӔТТЫ, УЫМӔЙ ПАЙДА КӔН

16. Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын нын ахсджиаг цӕмӕн у?

16 Чырыстон фидар ӕмӕ хъӕбатыр уӕд уыдзӕн, йӕхицӕй ныфсджын куы нӕ уа, фӕлӕ Хуыцауы хорз куы зона ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ куы дара, уӕд. Ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнӕм. Депрессийӕ рынчын чи у, иу ахӕм хо, йӕ низимӕ тох кӕнынӕн ын цы ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Библийӕ мын уӕлдай стыр ныфс ӕмӕ удӕнцойы хос цы ныхӕстӕ сты, уыдон ногӕй ӕмӕ ногӕй фӕкӕсын». Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар нын куыд бауынаффӕ кодта, афтӕ алы къуыри дӕр нӕ бинонтимӕ Библи фӕахуыр кӕнӕм? Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд мах дӕр псаломзарӕггӕнӕгау зӕгъдзыстӕм: «Куыд тынг дын уарзын дӕ закъон! Ӕнӕхъӕн бон ууыл сты мӕ хъуыдытӕ» (Пс. 119:97).

17. а) Цы ма нын ӕххуыс кӕны фидар лӕууынӕн? ӕ) Нӕ журналты цы биографитӕ вӕййы, уыдонӕй дын кӕцыдӕр куыд баххуыс кодта, уый тыххӕй радзур.

17 Цӕмӕй нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл тынгдӕр дарӕм, уымӕн ма нын ӕххуыс кӕны Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ дӕр. Нӕ журналты цы биографитӕ вӕййы, уыдон бирӕ хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн баххуыс кодтой. Зӕгъӕм, иухатт дзы уыд, раздӕр миссионерӕй чи лӕггад кодта, ахӕм ӕфсымӕры биографи. Уыцы ӕфсымӕр фӕрынчын депрессийӕ (йӕ низ бӕлвырдӕй хуыйны «биполярное расстройство»). Фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауӕн дарддӕр иузӕрдионӕй лӕггад кодта. Ӕмӕ уыцы биографи стыр ӕххуыс фӕци Азийӕ иу хойӕн. Уый дӕр у уыцы низӕй рынчын, ӕмӕ афтӕ ныффыста: «Уыцы биографийы фӕрцы мӕ уавӕр хуыздӕр бамбӕрстон ӕмӕ мӕ ныфс дӕр бацыд».

Уӕззау рӕстӕджы дӕхи цух ма уадз, Йегъовӕ нын цы ӕххуыс дӕтты, уымӕй

18. Хуыцаумӕ арӕх кувын цӕмӕн хъӕуы?

18 Зын рӕстӕджы ма хъӕуы Хуыцаумӕ кувын дӕр. Ахӕм уавӕр нӕй, ӕмӕ нын куывд ма баххуыс кӕна. Кувын куыд ахсджиаг у, уый равдыста апостол Павел ахӕм ныхӕстӕй: «Мӕт мацӕуыл кӕнут, фӕлӕ алы уавӕры дӕр Хуыцаумӕ кувут, лӕгъстӕ йын кӕнут, бузныг ын дзурут ӕмӕ дзы афтӕмӕй курут, цы уӕ хъӕуы, уый. Ӕмӕ уын Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн, Йесо Чырыстийы фӕрцы бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд» (Фил. 4:6, 7). Зын уавӕры цас арӕхдӕр кувай, уыйас хуыздӕр. Ӕмӕ мах дӕр афтӕ фӕкӕнӕм? Великобританийӕ иу ӕфсымӕр, Алекс, рагӕй у депрессийӕ рынчын. Ӕмӕ афтӕ загъта: «Йегъовӕимӕ куы нӕ ныхас кӕнин ӕмӕ мын цы дзуры, уый Библийы куы нӕ кӕсин, уӕд нӕ зонын, куыд кӕнин».

19. Ӕмбырдтӕм ӕнӕмӕнг цӕмӕн хъӕуы цӕуын?

19 Йегъовӕ ма нын ӕххуыс кӕны ӕмбырдты фӕрцы дӕр. Псаломзарӕггӕнӕг ныффыста: «Мӕ уд бӕллы Йегъовӕйы кӕртытӕм, батад уыдон мысгӕйӕ» (Пс. 84:2). Мах дӕр афтӕ зӕгъиккам? Лани, райдианы кӕй кой уыд, уыцы хо, загъта: «Ӕмбырдтӕм цӕуон, уый фӕндонӕй нӕ уыд. Ӕз ӕй зыдтон, ӕмӕ мӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй мын Йегъовӕ баххуыс кӕна, уӕд уым кӕй хъуамӕ уон».

20. Хъусын кӕнынмӕ куы цӕуӕм, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн?

20 Фидар фӕлӕууынӕн ма нӕм хъарутӕ уыдзӕн, хорз хабар ӕдзухдӕр куы хъусын кӕнӕм, уӕд (1 Тим. 4:16). Австралийы иу хо бавзӕрста бирӕ зындзинӕдтӕ. Ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Хъусын кӕнынмӕ цӕуын мӕ ӕппындӕр нӕ фӕндыд. Фӕлӕ мӕ иу хистӕр нӕлгоймаг йемӕ уацамындмӕ фӕхуыдта, ӕмӕ ӕз дӕр ацыдтӕн. Уый уыд Йегъовӕйы ӕххуысы къух. Уацамынды-иу куы уыдтӕн, уӕд-иу алы хатт дӕр афтӕ цин кодтон, ӕмӕ диссаг» (Ӕмб. 16:20). Бирӕтӕ йӕ сӕхицӕй зонынц: иннӕтӕн Йегъовӕйыл баууӕндынӕн куы феххуыс кӕнынц, уӕд сӕхи уырнындзинад дӕр бафидар вӕййы. Иннӕтӕн ӕххуысгӕнгӕйӕ сӕ сӕ зындзинӕдтӕ ферох вӕййынц ӕмӕ сӕ хъуыдытӕ вӕййынц, ахсджиагдӕр цы у, ууыл (Фил. 1:10, 11).

21. Кӕд зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уӕддӕр фидарӕй нӕ бон цы у зӕгъын?

21 Йегъовӕ нын алцӕмӕй дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй, абон цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдоны фидар лӕууӕм. Ӕмӕ нӕхи Йегъовӕйы ӕххуысӕй цух куы нӕ уадзӕм, стӕй Хуыцауы хъӕбатыр лӕггадгӕнджыты цӕвиттоныл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ сӕ куы фӕзмӕм, уӕд-иу цыфӕнды зындзинады сӕрты дӕр ахиздзыстӕм. Ацы дунейы кӕрон куыд ӕввахсдӕр кӕны, афтӕ ма, гӕнӕн ис, ӕмӕ бирӕ ӕвзӕр хабӕрттӕ ӕрцӕуа. Фӕлӕ мах дӕр Павелау зӕгъдзыстӕм: «Ссӕндынц нӕ, фӕлӕ уӕддӕр нӕ сӕфӕм. [...] Нӕ ныфс нӕ сӕтты» (2 Кор. 4:9, 16). Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕйы фӕрцы ацы уӕззау рӕстӕджы фидар фӕлӕудзыстӕм. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 4:17, 18.)

^ 8 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.