Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цавӕр зӕрдӕйы уаг дын ис?

Цавӕр зӕрдӕйы уаг дын ис?

«Ахӕм хорз зӕрдӕйы уаг уын кӕй ис, уый тыххӕй нӕ Хицау Йесо Чырыстийы стыр хорзӕхӕй хайджын ут» (ФИЛИМ. 25).

1. Павел йӕ фыстӕджыты цалдӕр хатты цӕй кой скодта?

АПОСТОЛ Павел йӕ фыстӕджыты цалдӕр хатты ской кодта, тынг ӕй кӕй фӕндыд, цӕмӕй Хуыцау ӕмӕ Чырысти райгонд уыдаиккой ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты зӕрдӕйы уагӕй. Зӕгъӕм, галатӕгтӕм ныффыста: «Ме ’фсымӕртӕ, ахӕм хорз зӕрдӕйы уаг уын кӕй ис, уый тыххӕй нӕ Хицау Йесо Чырыстийы стыр хорзӕхӕй хайджын ут» (Гал. 6:18). Павелы цы зӕгъын фӕндыд ацы ныхӕстӕй, «ахӕм хорз зӕрдӕйы уаг уын кӕй ис», зӕгъгӕ?

2, 3. а) Павелы фыстӕджыты дзырд «зӕрдӕйы уаг» цӕмӕ амоны? ӕ) Алкӕй дӕр нӕ цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

2 Ацы стихы дзырд «зӕрдӕйы уаг» амоны нӕ зондахастмӕ, кӕнӕ куыд хъуыды кӕнӕм, уымӕ. Адӕймагӕн йӕ зондахаст тынг фӕзыны, цы дзуры ӕмӕ цы аразы, ууыл. Зӕгъӕм, чидӕртӕ вӕййынц уӕздан, фӕлмӕн, хӕларзӕрдӕ, хатыргӕнаг ӕмӕ ӕрхъуыдыджын. Хуыцау тынг аргъ кӕны, «сабыр ӕмӕ фӕлмӕн удыхъӕд» кӕмӕн ис, ахӕм адӕмӕн (1 Пет. 3:4). Чидӕртӕ та уарзынц ӕлхыскъ ныхас кӕнын, фӕбӕллынц хъӕздыгдзинадмӕ, гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр фӕхӕрам вӕййынц кӕнӕ вӕййынц хивӕнд. Иуӕй-иутӕ та суанг чъизи хъуыдытыл бафтынц кӕнӕ Хуыцауы ныхмӕ дӕр рацӕуынц.

3 Уӕдӕ Павел ӕфсымӕрты разӕнгард кодта, цӕмӕй Чырыстийы алцӕмӕй дӕр фӕзмыдтаиккой ӕмӕ Хуыцау сӕ зӕрдӕйы уагӕй райгонд куыд уыдаид, ууыл архайдтаиккой (2 Тим. 4:22; бакӕс Колоссӕгтӕм 3:9–12). Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, махӕй алчидӕр ахӕм фарстатыл куы ахъуыды кӕнид: «Цавӕр зӕрдӕйы уаг мын ис? Цы мӕ хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын, цӕмӕй мӕ Хуыцау райгонд уа? Мӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ӕмбырды иннӕтӕн дӕр хорз зӕрдӕйы уаг уа?» Цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕн ис хурмӕзилӕг дидинджыты быдыр. Цӕй фӕрцы вӕййы афтӕ рӕсугъд? Алы дидинӕг дӕр йӕ сӕр хурмӕ куы сдары, уӕд ӕнӕхъӕн быдыр бур-бурид адары ӕмӕ йӕм цӕст кӕсынӕй нӕ фефсӕды. Мах дӕр уыцы дидинджыты хуызӕн стӕм? Алчидӕр нӕ, йӕ бон цы у, уый аразы, цӕмӕй ӕнӕхъӕн ӕмбырд дӕр рӕсугъд уа? Хъуамӕ ууыл ӕппӕт хъарутӕй архайӕм. Цӕй уӕдӕ аныхас кӕнӕм, цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы уагӕй Хуыцау райгонд уа.

«АЦЫ ДУНЕЙЫ ЗОНДӔЙ» ДӔХИ ХИЗ

4. «Ацы дунейы зонд» цавӕр у?

4 Библийы фыст ис: «Мах... ацы дунейы зондӕй не схайджын стӕм, фӕлӕ, Хуыцауӕй чи цӕуы, уыцы сыгъдӕг тыхӕй» (1 Кор. 2:12). «Ацы дунейы зонд» цавӕр у? Уый базонӕн ис Ефесӕгтӕм 2:2 стихӕй: «Сымах кӕддӕр цардыстут ацы дунейы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, нӕ алыварс уӕлдӕфау чи ахъардта, уыцы зондахасты хицауы, ныртӕккӕ ӕгоммӕгӕс адӕм цы зондӕй архайынц, уый хицауы, фӕндонмӕ гӕсгӕ». Ам цы «уӕлдӕфы» кой цӕуы, уый амоны ацы дунейы адӕмы зондахастмӕ, ома куыд хъуыды кӕнынц, уымӕ. Ӕмӕ уӕлдӕф куыд ис алкӕмдӕр, афтӕ уыцы зонд дӕр ис нӕ алыварс алкӕмдӕр. Зӕгъӕм, бирӕтӕ хӕст сты ахӕм зондыл, «цы аразын, уый никӕй хъуыддаг у» кӕнӕ «дӕ бартыл тох кӕн», зӕгъгӕ. Уыдон сты «ӕгоммӕгӕс адӕм» ӕмӕ цӕуынц Хӕйрӕджы зондыл.

5. Израилӕгтӕй иуӕй-иутӕ цавӕр зондыл хӕст уыдысты?

5 Ахӕм зондыл хӕст адӕймӕгтӕ уыди раджы заманты дӕр. Зӕгъӕм, Моисейы рӕстӕджы Корей рацыд, Израилы адӕмы ’хсӕн бартӕ кӕй къухы уыдысты, уыдоны ныхмӕ. Уый фыццаджыдӕр дзырдта сауджынтӕ Аарон ӕмӕ йӕ фыртты ныхмӕ. Чи зоны сын сӕ хъӕндзинӕдтӕ уыдта кӕнӕ та афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ сын Моисей уыцы кадджын хӕстӕ сӕ бар уый тыххӕй бакодта, ӕмӕ йӕ хиуӕттӕ уыдысты. Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр бӕрӕг у, Корей хъуыддӕгтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕй нал каст. Йегъовӕ кӕй равзӕрста, уыцы нӕлгоймӕгтӕн сӕрбӕрзондӕй загъта: «Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд!» Стӕй бафарста: «Сымах уӕхи Йегъовӕйы ӕмбырдӕй уӕлдӕр цӕмӕн ӕвӕрут?» (Ным. 16:3). Моисейы ныхмӕ рацыдысты Дафан ӕмӕ Авирон дӕр ӕмӕ йын дзырдтой, дӕхи, дам, нын хицау цы кӕныс. Моисей сӕм куы арвыста, уӕд загътой: «Мах никуыдӕм цӕуӕм!» (Ным. 16:12–14). Ахӕм ӕвзӕр зондыл хӕст кӕй уыдысты, уый Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд ӕмӕ сӕ йӕ фыдӕх баййӕфта (Ным. 16:28–35).

6. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй чидӕртӕ ӕвзӕр зондыл хӕст кӕй уыдысты, уый куыд рабӕрӕг? Ахӕм зондыл хӕст цӕмӕн уыдысты?

6 Нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы дӕр чырыстӕттӕй чидӕртӕ «сӕ сӕргълӕуджыты ницӕмӕ дардтой», ома, ӕмбырды бартӕ кӕй къухы уыдысты, уыдоны ныхмӕ дзырдтой (Иуд. 8). Ӕвӕццӕгӕн сӕ фӕндыд, цӕмӕй сын фылдӕр бартӕ уыдаид. Суанг ма ӕмбырды иннӕты дӕр ардыдтой, Хуыцау кӕй равзӕрста ӕмӕ йӕ хӕстӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй чи ӕххӕст кодта, уыдоны ныхмӕ. (Бакӕс 3 Иоанны 9, 10.)

7. Цавӕр хъуыддаджы хъуамӕ уӕм къӕрцхъус?

7 Ахӕм зондахастӕн чырыстон ӕмбырды бынат нӕй. Ӕмӕ хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй мах дӕр ахӕм зондыл ма ацӕуӕм. Моисейы рӕстӕджы ӕмӕ апостол Иоанны рӕстӕджы куыд уыд, афтӕ абон дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сты ӕнӕххӕст. Ӕмӕ, чи зоны, хатт нӕ ныхмӕ дӕр фӕрӕдийынц. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ ацы дунейы зондыл ма цӕуӕм. Хъуамӕ «рӕстдзинад» ма домӕм кӕнӕ афтӕ ма дзурӕм, «уыцы ӕфсымӕр хистӕр нӕлгоймаг хъуамӕ мауал уа», зӕгъгӕ. Хистӕр нӕлгоймӕгты хъӕндзинӕдтӕ Йегъовӕ махӕй хуыздӕр уыны, фӕлӕ сӕм уӕддӕр алы хатт йе ’ргом нӕ раздахы. Махӕн дӕр нӕ бон у афтӕ кӕнын? Уӕззау тӕригъӕд чи саразы, уыдонӕй иуӕй-иуты нӕ бафӕнды, цӕмӕй сын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ баххуыс кӕной, уымӕн ӕмӕ сӕм цавӕрдӕр хъӕндзинӕдтӕ ссарынц. Уыдоны абарӕн ис ахӕм рынчынимӕ, ӕмӕ дохтыр йӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕйдӕр нӕ фӕцыд ӕмӕ йӕ уый тыххӕй нал фӕнды, цӕмӕй йӕ дзӕбӕх кӕна.

8. Цӕмӕй ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм раст цӕстӕй кӕсӕм, уымӕн нын Библийӕ цавӕр стихтӕ баххуыс кӕндзысты?

8 Цӕмӕй нӕхи ахӕм зондӕй бахизӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Библийы Йесойы тыххӕй афтӕ фыст кӕй ис, зӕгъгӕ, «йӕ рахиз къухы ис авд стъалыйы». Уыцы «авд стъалыйы» сты сӕрст цӕстдарджытӕ, фӕлӕ ацы ныхӕстӕ ахӕссӕн ис хистӕр нӕлгоймӕгтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр. Стъалытӕ Йесойы къухы кӕй сты, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сыл йӕ бар цӕуы (Рарг. 1:16, 20). Йесо у ӕмбырды Хистӕр ӕмӕ йӕ хъус дары, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы ӕмӕ куыд фӕаразынц, уымӕ. Библийы ма фыст ис, «йӕ цӕстытӕ судзынц пиллон артау», зӕгъгӕ, ӕмӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ алцыдӕр уыны. Ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй искӕмӕн зонд бацамонын куы хъӕуа, уӕд Йесо ӕнӕмӕнгдӕр ууыл батыхсдзӕн, цӕмӕй йын уынаффӕ раттой йӕ афоныл, стӕй, хуыздӕр куыд уыдзӕн, афтӕ (Рарг. 1:14). Мах та хъуамӕ, Йесойы «рахиз къухы» чи ис, уыцы цӕстдарджытӕн дарддӕр дӕр аргъ кӕнӕм. Павел ныффыста: «Разамынд уын чи дӕтты, уыдон ӕдзухдӕр сымахыл тыхсынц, уымӕн ӕмӕ сӕ сымах тыххӕй дзуапп раттын хъӕудзӕн. Ӕмӕ сӕм уӕдӕ хъусут ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсут, цӕмӕй уыцы хъуыддаг ӕвӕндонӕй ма кӕной, фӕлӕ зӕрдиагӕй. Ӕвӕндонӕй йӕ куы кӕной, уӕд уый сымахӕн хорз нӕу» (Дзут. 13:17).

Йесо ӕмбырды Хистӕр кӕй у, уый дӕ зӕрдыл куы дарай, уӕд уынаффӕмӕ цы цӕстӕй кӕсдзынӕ?

9. а) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ чырыстонӕн зонд куы бацамонынц, уӕд цы рабӕрӕг вӕййы? ӕ) Нӕ рӕдыдмӕ нын куы бацамоной, уӕд хуыздӕр куыд уаид бакӕнын?

9 Чырыстон цавӕр зондыл хӕст у, уый рабӕрӕг вӕййы, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ йын зонд куы бацамонынц кӕнӕ йын ӕмбырды цавӕрдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕныны бар куы нал вӕййы, уӕд. Иу ӕрыгон ӕфсымӕр, тыхми кӕм ис, ахӕм видеохъӕзтытӕй хъазыд, ӕмӕ йын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕлмӕнӕй уынаффӕ радтой. Хъыгагӕн сын сӕ уынаффӕмӕ нӕ байхъуыста, ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ кӕй нал архайдта, уый тыххӕй йын уый бар нал уыд, цӕмӕй кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй лӕггад кодтаид (Пс. 11:5; 1 Тим. 3:8–10). Ӕмӕ уӕд ӕфсымӕр иннӕтӕн дӕр дзурын райдыдта, хистӕр нӕлгоймӕгты уынаффӕимӕ разы кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй. Стӕй филиалмӕ дӕр бирӕ писмотӕ фервыста, ӕфсымӕртӕ, дам, ахӕмтӕ ӕмӕ ахӕмтӕ сты, зӕгъгӕ. Суанг ма ӕмбырды дӕр кӕйдӕрты ахӕм зондыл арӕзта, цӕмӕй уыдон дӕр филиалмӕ ахӕм цыдӕртӕ ныффыстаиккой. Ацы хабар ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ рӕдыдыл куы нӕ сӕттӕм, уӕд дзы нӕхӕдӕг дӕр ницы рамбулдзыстӕм ӕмӕ ма ӕнӕхъӕн ӕмбырды иудзинад дӕр фехалдзыстӕм. Уӕдӕ нын ӕфсымӕртӕ нӕ рӕдыдмӕ куы бацамоной, уӕд хуыздӕр уаид, уый тыххӕй сӕ бузныг куы уаиккам ӕмӕ сын сӕ уынаффӕмӕ ӕнӕ хъуыр-хъуырӕй куы байхъусиккам. (Бакӕс Йеремийы хъарӕг 3:28, 29.)

10. а) Иаковы 3:16–18 фыст ныхӕстӕй куыд зыны, цавӕр зондыл хӕст хъуамӕ уӕм ӕмӕ нӕхи цавӕр зондӕй хъуамӕ хизӕм, уый? ӕ) Хуыцауы зондӕй куы архайӕм, уӕд уый цавӕр тыллӕг ӕрхӕсдзӕн?

10 Цавӕр зондыл хӕст хъуамӕ уӕм ӕмӕ нӕхи цавӕр зондӕй хъуамӕ хизӕм, уый хорз зыны Иаковы 3:16–18 фыст ныхӕстӕй: «Хӕлӕг ӕмӕ загъд кӕм ис, уым нӕдӕр уаг ис, нӕдӕр ӕгъдау, ис дзы алы ӕвзӕрдзинад. Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд та фыццаджыдӕр у сыгъдӕг, стӕй фарнуарзаг, ӕмбаргӕ, коммӕгӕс, ӕгасӕй дӕр у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ алы хорз хъуыддагӕй хайджын, хъулон никӕй кӕны, нӕй йӕм цӕстмӕ митӕ. Уымӕй уӕлдай, рӕстдзинады мыггаг тыд ӕрцӕуы ӕмӕ тыллӕг ӕрхӕссы, фарн кӕм ис, уым ӕмӕ, фарн чи уарзы, уыдонӕн». Уӕдӕ Хуыцауы зондӕй куы архайӕм, уӕд махмӕ дӕр уыдзӕн, уымӕ цавӕр миниуджытӕ ис, ахӕм миниуджытӕ. Ӕмӕ уый фӕрцы нӕ кӕрӕдзи раст зондыл араздзыстӕм ӕмӕ ӕмбырды уыдзӕн фарн.

ӔМБЫРДЫ ИННӔТӔН АРГЪ КӔН

11. а) Алцӕмӕ дӕр раст цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд нын ахсджиаг цы нӕ уыдзӕн? ӕ) Давиды хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

11 Хистӕр нӕлгоймӕгты Йегъовӕ сӕвӕры, цӕмӕй йын йӕ дзуг хизой (Хъуыд. 20:28; 1 Пет. 5:2). Уымӕ гӕсгӕ сын хъуамӕ аргъ кӕнӕм, нӕхӕдӕг хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕнӕм ӕви нӕ, уӕддӕр. Алцӕмӕ дӕр раст цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд нын афтӕ ахсджиаг нӕ уыдзӕн, ӕмбырды нын кадджын хӕстӕ ис ӕви нӕ. Израилы паддзах Саул тарст, Давид ын йӕ паддзахбадӕн куы байса, уымӕй ӕмӕ йӕм уый тыххӕй «зулцӕстӕй кӕсын райдыдта» (1 Сам. 18:9). Ахӕм ӕвзӕр зӕрдӕйы уаг ӕй уымӕ ӕркодта, ӕмӕ ма Давиды марынмӕ дӕр хъавыд. Фӕлӕ Давид кӕд ӕнаххосӕй ӕфхӕрд ӕййӕфта, уӕддӕр, Хуыцау бартӕ кӕй къухмӕ радта, уымӕн аргъ кодта. (Бакӕс 1 Самуилы 26:23.) Уӕдӕ хорз уаид, мах дӕр Давиды куы фӕзмиккам, Саулы зондӕй та нӕхи куы хизиккам.

12. Ӕмбырды иудзинад цӕй фӕрцы хъахъхъӕндзыстӕм?

12 Арӕх афтӕ вӕййы, ӕмӕ цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл ӕмхуызон нӕ фӕхъуыды кӕнӕм, ӕмӕ уый тыххӕй кӕрӕдзимӕ смӕсты вӕййӕм. Афтӕ рауайы сӕ хабар суанг хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр. Ахӕм уавӕры цы аразын хъӕуы, уый тыххӕй Библийы ис хорз уынаффӕтӕ: «Кӕрӕдзийӕн кад кӕнынмӕ-иу иу иннӕйы разӕй фӕуӕд» ӕмӕ «Уӕхимӕ зондджын ма кӕсут» (Ром. 12:10, 16). Иу хъуыддаджы фӕдыл ӕмхуызон куы нӕ хъуыды кӕнӕм, уӕд дӕр-иу хъуамӕ нӕ ныхасыл ма ныллӕууӕм. Хъуамӕ ӕмбарӕм, арӕхдӕр уыцы иу уавӕры алыхуызӕтты кӕй вӕййы бакӕнӕн. Иннӕтӕ цы хъуыды кӕнынц, уый бамбарыныл куы архайӕм, уӕд уый фӕрцы ӕмбырды иудзинад хъахъхъӕндзыстӕм (Фил. 4:5).

13. Цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл нӕ хъуыды куы зӕгъӕм, уӕд уый фӕстӕ хуыздӕр куыд уаид бакӕнын? Библийы уымӕн цавӕр цӕвиттон ис?

13 Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕмбырды цыдӕр сраст кӕнын куы хъӕуа, уӕд уый тыххӕй ӕфсымӕртӕн дзурын нӕ хъӕуы? Нӕ, уый ууыл дзурӕг нӕу. Зӕгъӕм, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй бирӕтӕ иу хъуыддагыл разы нӕ уыдысты. Ӕфсымӕртӕ «бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй уыцы хъуыддаджы фӕдыл Павел, Варнавӕ ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕй цалдӕр ацӕуой Иерусалиммӕ апостолтӕм ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕм» (Хъуыд. 15:2). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы уавӕры куыд бакӕнын хъуыд, уый фӕдыл уыцы ӕфсымӕртӕй алкӕмӕн дӕр уыд йӕхи хъуыды. Фӕлӕ сӕ алчидӕр йӕ хъуыды куы загъта ӕмӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы уынаффӕ хаст куы ’рцыд, уӕд уый фӕстӕ ӕфсымӕртӕй афтӕ ничиуал дзырдта, уӕддӕр мӕнӕ афтӕ растдӕр у, зӕгъгӕ. Уыцы уынаффӕйы тыххӕй ӕмбырдты фыстӕг куы бакастысты, уӕд се ’ппӕт дӕр «бафидар сты ӕмӕ фӕцин кодтой» (Хъуыд. 15:31; 16:4, 5). Абон мах дӕр цавӕрдӕр хъуыддаджы тыххӕй бӕрнон ӕфсымӕртӕн куы зӕгъӕм, уӕд-иу ӕй хъуамӕ дарддӕр сӕ бар бакӕнӕм. Уыдон уыцы фарстамӕ лӕмбынӕг ӕркӕсдзысты ӕмӕ кӕд исты фӕивын хъӕуа, уӕд ӕй фӕивдзысты.

У ХАТЫРГӔНАГ

14. Хорз зӕрдӕйы уаг нын кӕй ис, уый равдисынӕн нын цавӕр фадӕттӕ вӕййы?

14 Хорз зӕрдӕйы уаг нын кӕй ис, уый равдисынӕн нын бирӕ фадӕттӕ вӕййы, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ иумӕ куы вӕййӕм, уӕд. Зӕгъӕм, чи нӕ фӕхъыг кӕны, уымӕн-иу уайтагъд куы ныххатыр кӕнӕм, уӕд уый хӕсдзӕн стыр пайда. Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Исчи уӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕна, уӕддӕр кӕрӕдзийӕн барут ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут. Йегъовӕ уын зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр хъуамӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ хатыр кӕнат» (Кол. 3:13). Ацы ныхӕстӕ, «исчи уӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕна», зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ хатт ӕцӕгдӕр вӕййы, иннӕтӕм цӕй тыххӕй смӕсты уӕм, ахӕм аххосӕгтӕ. Фӕлӕ-иу адӕймаджы гыццыл хъӕндзинӕдтӕм хъуамӕ ма ныккомкоммӕ уӕм, уымӕн ӕмӕ уӕд ӕмбырды фарнӕн фехӕлынӕй тӕссаг у. Хуыздӕр уаид, Йегъовӕ нын зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кӕны, афтӕ мах дӕр не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕн куы хатыр кӕниккам ӕмӕ семӕ дарддӕр зӕрдӕрайгӕйӕ куы лӕггад кӕниккам.

15. а) Хатыр кӕныны хъуыддаджы нын Иов фӕзминаг цӕмӕн у? ӕ) Хуыцаумӕ куы кувӕм, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕм хорз зӕрдӕ дарӕм?

15 Хатыр кӕнын куыд хъӕуы, уыцы хъуыддаджы нын фӕзминаг у Иов. Кӕд ын йе ’ртӕ «ӕмбалы» бирӕ ӕнӕрхъуыды ныхӕстӕй йӕ зӕрдӕ скъахтой, уӕддӕр сын ныххатыр кодта. Цы йын баххуыс кодта? «Иов йе ’мбӕлтты тыххӕй... скуывта» (Иов 16:2; 42:10). Чи нӕ фӕхъыг кӕны, уыцы адӕймаджы тыххӕй куы кувӕм, уӕд ӕм ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдайдзыстӕм. Ӕгас дунейы дӕр нын цы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ ис, уыдоны тыххӕй куы кувӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ Йесо куыд уарзы, мах дӕр сӕ афтӕ уарзӕм (Иоан. 13:34, 35). Стӕй ма Хуыцаумӕ хъуамӕ уый тыххӕй дӕр кувӕм, цӕмӕй нӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй хайджын кӕна (Лук. 11:13). Сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕ удыхъӕды фидар кӕндзыстӕм чырыстон миниуджытӕ ӕмӕ нын ӕнцондӕр уыдзӕн хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ хӕларӕй цӕрын. (Бакӕс Галатӕгтӕм 5:22, 23.)

ДӔ ХОРЗ ЗӔРДӔЙЫ УАГ ӔМБЫРДЫ ФАРНЫЛ ФАРН БАФТАУДЗӔН

16, 17. Ацы статья дӕ цӕмӕ баразӕнгард кодта?

16 Алчидӕр нӕ ууыл куы архайа, цӕмӕй алцӕмӕ дӕр раст цӕстӕй кӕса ӕмӕ иннӕтӕм хорз зӕрдӕ дара, уӕд ӕмбырды уыдзӕн фарн ӕмӕ циндзинад. Чи зоны, ацы статьяйы фӕрцы бамбӕрстай, дӕхиуыл дӕ ноджы фылдӕр бакусын кӕй хъӕуы, цӕмӕй дын хорз зӕрдӕйы уаг уа. Уӕдӕ уӕд Хуыцауы Ныхасмӕ лӕмбынӕг ӕркӕс ӕмӕ ахъуыды кӕн, цы дӕ хъӕуы фӕивын, ууыл (Дзут. 4:12). Павел ӕдзухдӕр ууыл хъуыды кодта, цӕмӕй ӕмбырдтӕн алцӕмӕй дӕр фӕзминаг уыдаид. Уый загъта: «Мӕнӕн мӕ цӕсгом сыгъдӕг у. Фӕлӕ уӕддӕр уымӕй рӕстгӕнӕг нӕ фестадтӕн – Йегъовӕ мын у тӕрхонгӕнӕг» (1 Кор. 4:4).

17 Уӕдӕ нӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон бирӕ у аразын, цӕмӕй ӕмбырды иннӕтӕн дӕр хорз зӕрдӕйы уаг уа. Уый тыххӕй та нӕ хъӕуы Хуыцауы зондӕй архайын. Стӕй-иу хъуамӕ нӕ ныхасыл ма ныллӕууӕм ӕмӕ нын ӕмбырды кадджын хӕстӕ ис ӕви нӕ, уый нын хъуамӕ афтӕ ахсджиаг ма уа. Уымӕй уӕлдай, хатыргӕнаг куы уӕм ӕмӕ, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕм хорзӕй цы ис, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд семӕ хӕларӕй цӕрдзыстӕм (Фил. 4:8). Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ ӕмӕ Йесо райгонд уыдзысты, цы зӕрдӕйы уаг нын ис, уымӕй (Филим. 25).