Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Биографи

Ӕмбӕлттӕ 60 азы дӕргъы – ӕмӕ нырма алцыдӕр разӕй ис

Ӕмбӕлттӕ 60 азы дӕргъы – ӕмӕ нырма алцыдӕр разӕй ис

1951 азы иу сӕрдыгон изӕр Итакӕйы (штат Нью-Йорк, АИШ) цыппар ӕрыгон лӕппуйы, кӕрӕдзийы фарсмӕ чи лӕууыд, ахӕм телефоны будкӕтӕй дзырдтой дард рӕттӕм – Мичиганмӕ, Айовӕмӕ ӕмӕ Калифорнимӕ. Лӕппутӕй алкӕуыл дӕр цыди 20 азӕй гыццыл фылдӕр. Фырцинӕй зӕххыл дӕр нал лӕууыдысты. Ӕмӕ, афтӕ тынг кӕуыл цин кодтой, уыцы хабар хъуамӕ сӕ хиуӕттӕн дӕр радзырдтаиккой!

УЫЦЫ аз февралы мӕйы 122 пионеры ӕрцыдысты Саут-Лансингмӕ (штат Нью-Йорк) Галаады скъолайы 17 къласы ахуыр кӕнынмӕ. Фидӕны миссионерты ’хсӕн уыдысты Лоуэлл Тёрнер, Вильям (Билл) Кастен, Ричард Келси ӕмӕ Реймон Темплтон. Лоуэлл ӕмӕ Билл уыдысты Мичиганӕй, Ричард уыд Айовӕйӕ, Реймон та – Калифорнийӕ. Ӕмӕ ацы цыппар ӕфсымӕры тагъд балымӕн сты.

Галиуырдыгӕй рахизырдӕм: Ричард, Лоуэлл, Реймон ӕмӕ Билл, балымӕн сты Галаады скъолайы

Иу-фондз мӕйы фӕстӕ студенттӕн куы фехъусын кодтой, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайадӕй ӕрцӕудзӕн ӕфсымӕр Нейтан Норр, уӕд се ’ппӕт дӕр фырцинӕй базмӕлыдысты. Цыппар ӕмбалы уымӕй размӕ загътой, зӕгъгӕ нӕ фӕндид, цӕмӕй нӕ иумӕ иу бӕстӕмӕ снысан кӕной – кӕд гӕнӕн ис, уӕд. Цымӕ йӕ ныр базондзысты, миссионертӕй сӕ кӕдӕм арвитдзысты, уый? Ӕнӕмӕнг!

Иууылдӕр ӕнхъӕлмӕ кастысты – ӕфсымӕр Норр мӕнӕ-мӕнӕ хъуамӕ загътаид, кӕй кӕцы бӕстӕмӕ снысан кодтой, уый. Сценӕмӕ фыццаг фӕхуыдтой уыцы цыппар ӕфсымӕры. Тынг тыхстысты, фӕлӕ йӕ куы базыдтой, иумӕ кӕй лӕггад кӕндзысты, уӕд сулӕфыдысты. Фӕлӕ кӕм лӕггад кӕндзысты? Германийы! Уый ӕнхъӕл ничи уыд. Ӕмӕ студенттӕ иууылдӕр нымдзӕгъд кодтой ӕмӕ нал ӕмӕ нал ӕнцадысты.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Германийы Гитлеры рӕстӕджы 1933 азӕй фӕстӕмӕ цы иузӕрдиондзинад ӕвдыстой, ууыл дис кодтой хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕппӕт дунейы дӕр. Студенттӕй бирӕтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ Европӕмӕ се ’фсымӕртӕн уӕлӕдарӕс ӕмӕ ӕндӕр хъӕугӕ дзаумӕттӕ ӕрвитынӕн куыд ӕххуыс кодтой, уый. Хуыцауы адӕм Германийы цы уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад равдыстой, сӕ ныфс Йегъовӕйыл куыд дардтой ӕмӕ куыд фидар разындысты, уый уыд диссаг. Ӕфсымӕр Лоуэлл зӕгъы: «Уӕд ахъуыды кодтон, зӕгъгӕ, ныр уыцы зынаргъ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ базонгӕ уыдзыстӕм». Уӕдӕ уыцы цыппар лӕппуйы ай-гъайдӕр цин кодтой ӕмӕ сӕ фӕндыди уыцы хабар иннӕтӕн дӕр телефонӕй радзурын!

ГЕРМАНИМӔ ФӔЦӔУЫНЦ

Реймон уадзы Скъола бӕрнон ӕфсымӕртӕн

1951 азы 27 июлы Нью-Йоркӕй Ист-Риверы наулӕууӕнӕй рацыд пароход «Хоумленд». Уыцы науыл нӕ цыппар ӕмбалы хъуыди Германимӕ 11 боны цӕуын. Уӕдмӕ немыцагау цалдӕр хъуыдыйады сахуыр кодтой, бацамыдта сын сӕ ӕфсымӕр Альберт Шрёдер, Галаады скъолайы ахуыргӕнджытӕй иу (фӕстӕдӕр сси Разамонӕг советы уӕнг). Ӕмӕ сӕ ныр ныфс уыди, ӕмӕ, семӕ науыл цы цалдӕр немыцаджы цыди, уыдонӕй фылдӕр базондзысты. Фӕлӕ йӕ куыд бамбӕрстой, афтӕмӕй уыцы немыцӕгтӕ дзырдтой алыхуызон диалекттыл. Ӕмӕ сын дзы ницы рауад!

Денджызыл цӕуын сын ӕнцон нӕ уыд – сӕ зӕрдӕ-иу хӕццӕ кодта. Фӕлӕ ӕппынфӕстаг 7 августы, дыццӕджы райсомӕй, бахӕццӕ сты Гамбургмӕ ӕмӕ науӕй Германийы зӕхмӕ ӕрхызтысты. Хӕст куы фӕци, уымӕй ӕхсӕз азы йеддӕмӕ нӕма рацыд, ӕмӕ алы ран дӕр уыдтой, хӕст кӕй ныууагъта, уыцы хъӕдгӕмттӕ. Сӕ зӕрдӕтӕ уыдӕттыл тынг фӕрыстысты. Стӕй изӕрӕй поездыл сбадтысты ӕмӕ ацыдысты Висбаденмӕ – филиал уӕд уым уыди.

Ричард кусы адристӕ мыхуыргӕнӕн машинӕйыл Вефилы (Висбадены)

Висбаденмӕ ӕрхӕццӕ сты ӕртыццӕджы райсомӕй. Германийы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй фыццаг кӕуыл фембӕлдысты, уый уыди ӕфсымӕр Ганс. Уыди йын сыгъдӕг немыцаг ном. Ганс сӕ аласта вокзалӕй Вефилмӕ ӕмӕ сӕ уым иу фидар ацӕргӕ хойы бар бакодта. Уыцы хо англисагау нӕ дзырдта. Ӕмӕ йӕм, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ касти, ӕмӕ хъӕрдӕр куы дзура, уӕд ӕй бамбардзысты. Фӕлӕ кӕд йӕ ныхас хъӕрӕй-хъӕрдӕр кодта, уӕддӕр уымӕй кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбарын нӕ райдыдтой, ӕрмӕст ма тынгдӕр тыхстысты. Фӕстагмӕ сӕм ӕфсымӕр Эрих Фрост куы ӕрбацыд ӕмӕ сын англисагау зӕрдиагӕй «ӕгас цӕут» куы загъта, уӕд ӕфсымӕртӕ гыццыл сулӕфыдысты.

Августы кӕрон цыппар ӕфсымӕры уыдысты Германийы сӕ фыццаг конгрессы. Уыцы конгресс хуынд «Сыгъдӕг дин» ӕмӕ цыди горӕт Франкфурт-на-Майнейы. Уыди дзы 47 432 адӕймаджы, 2 373 адӕймаджы та дзы донаргъуыд райстой. Ӕмӕ ӕфсымӕртӕ уый куы федтой, уӕд та сӕ зӕрдӕты зынг ногӕй ссыгъди ӕмӕ та сӕ тынг бафӕндыд миссионертӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ хъусын кӕнын. Фӕлӕ сын цалдӕр боны фӕстӕ ӕфсымӕр Норр загъта, Вефилы кӕй лӕггад кӕндзысты.

Сӕ лӕггад сын уыйбӕрц циндзинад хаста, ӕмӕ йӕ бамбӕрстой: Йегъовӕ алы хатт дӕр хуыздӕр фӕзоны, куыд хъӕуы бакӕнын, уый

Реймонӕн уый размӕ уыд фадат, цӕмӕй Америкӕйы Иугонд Штатты Вефилы лӕггад кодтаид, фӕлӕ не сразы, уымӕн ӕмӕ йӕ миссионерӕй лӕггад кӕнын фӕндыд. Уӕдӕ Ричард ӕмӕ Билл дӕр Вефилы лӕггад кӕныныл никуы хъуыды кодтой. Фӕлӕ сын сӕ лӕггад уыйбӕрц циндзинад хаста, ӕмӕ йӕ бамбӕрстой: Йегъовӕ алы хатт дӕр хуыздӕр фӕзоны, куыд хъӕуы бакӕнын, уый. Уӕдӕ цас растдӕр у, цӕмӕй, нӕхи цы фӕнды, уый ма аразӕм, фӕлӕ хъусӕм Йегъовӕйы разамындмӕ! Афтӕ кӕй у, уый чи бамбӕрста, уыцы адӕймаджы кӕдӕмфӕнды ма арвитой ӕмӕ йын цыфӕнды куыст ма бахӕс кӕной, уӕддӕр Йегъовӕйӕн зӕрдӕрайгӕйӕ лӕггад кӕндзӕн.

«ФЕРБОТЕН!»

Германийы Вефилы бирӕтӕ бацин кодтой, америкӕгтӕ сӕм кӕй фӕзынди, ууыл, уымӕн ӕмӕ сӕ бон уыд семӕ англисагау дзурын. Фӕлӕ иу бон хӕрӕндоны уыцы ныфсытӕй ницыуал баззад. Ӕфсымӕр Фрост, куыд зыдта, афтӕ зӕрдиагӕй райдыдта немыцагау дзурын, ӕмӕ йӕ хъӕлӕсы уагӕй бӕрӕг уыд, хуымӕтӕджы хъуыддагыл кӕй нӕ дзуры. Вефилӕгтӕн сӕ фылдӕр ныхъхъус сты ӕмӕ сӕ цӕстытӕ сӕ тӕбӕгътӕй нал истой. Кӕд ног ӕрцӕуӕггӕгтӕ не ’мбӕрстой, дзырд цӕуыл цыди, уый, уӕддӕр сӕм сабыргай хъарын райдыдта, сӕ кой кӕй кодта. Ӕмӕ ӕфсымӕр Фрост арвнӕрдау куы загъта, «ФЕРБОТЕН!» (ома «бар нӕй!»), зӕгъгӕ, стӕй ма йӕ дыккаг хатт ноджы хъӕрдӕрӕй куы загъта, уӕд хорзау нал фесты. Цымӕ ахӕмӕй цы сарӕзтой, цӕмӕй ӕфсымӕр Фрост афтӕ дзура?

Ӕфсымӕр Фрост (рахизырдыгӕй) ӕмӕ иннӕтӕ, ӕфсымӕр Норр (галиуырдыгӕй) куы ’рцыд, уӕд

Хӕрд куы фесты, уӕд иууылдӕр сӕ уаттӕм ныййарц сты. Фӕстӕдӕр сын иу ӕфсымӕр бамбарын кодта: «Цӕмӕй нын баххуыс кӕнат, уый тыххӕй хъуамӕ немыцагау дзурын зонат. Ӕфсымӕр Фрост уый тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, цалынмӕ ӕвзаг нӕ сахуыр кӕнат, уӕдмӕ нын уемӕ англисагау дзурын у ФЕРБОТЕН».

Вефилӕгтӕ иууылдӕр уайтагъд байхъуыстой уыцы уынаффӕмӕ. Уый фӕрцы цыппар ӕфсымӕры немыцаг ӕвзаг дӕр тагъддӕр сахуыр кодтой, стӕй ма бамбӕрстой ноджыдӕр иу хъуыддаг: чи дӕ уарзы, ахӕм ӕфсымӕр дын уынаффӕ куы ратта ӕмӕ дӕм фыццаг зынӕххӕстгӕнӕн куы фӕкӕса, уӕддӕр ӕм хъӕуы байхъусын, уымӕн ӕмӕ фылдӕр хатт дӕхи пайдайӕн вӕййы. Ӕфсымӕр Фросты уынаффӕйӕ бӕрӕг уыд, Йегъовӕйы организацийыл дӕр кӕй тыхсы ӕмӕ ӕфсымӕрты дӕр кӕй уарзы *. Ӕмӕ диссаг нӕу, фӕстӕдӕр ӕй уыцы цыппар ӕфсымӕры кӕй бауарзтой, уый.

НЕ ’МБӔЛТТӔЙ БИРӔ ЦӔУЫЛДӔРТЫ САХУЫР ВӔЙЙӔМ

Отпусчы Швейцарийы, 1952 аз

Хуыцауӕй чи тӕрсы, ахӕм ӕмбӕлттӕй бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр вӕййӕм, ӕмӕ афтӕмӕй та Йегъовӕимӕ дӕр хуыздӕр хӕлӕрттӕ свӕййӕм. Лоуэлл, Билл, Ричард ӕмӕ Реймон дӕр бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр сты иузӕрдион немыцаг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй – афтӕ бирӕ сты, ӕмӕ се ’ппӕты номгай нӕ ранымайдзынӕ. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай сӕ кӕрӕдзийӕ дӕр ахуыр кодтой. Ричард зӕгъы: «Лоуэлл уый размӕ дӕр немыцаг ӕвзаг иу гыццыл зыдта ӕмӕ йӕм хорз арӕхст. Фӕлӕ не ’ртӕйӕн ӕвзаг ахуыр кӕнын зынтӕй уади. Стӕй Лоуэлл уыди не ’ппӕтӕй дӕр хистӕр, ӕмӕ уый тыххӕй афтӕ рауад, ӕмӕ-иу ӕвзаджы тыххӕй дӕр уый фарстам ӕмӕ-иу алыхуызон хъуыддӕгты разамынд уый иста йӕхимӕ». Реймон дӕр иу хабар радзырдта: «Германийы иу аз куы фӕлӕггад кодтам, уӕд фыццаг хатт отпусчы цыдыстӕм. Иу швейцариаг ӕфсымӕр нын загъта, зӕгъгӕ, дам, мын Швейцарийы хъӕуы ис хӕдзар, ӕмӕ уӕ бон у, ӕмӕ дзы ацӕрат. Мӕ цинӕн кӕрон дӕр нал уыд! Дыууӕ къуырийы уыдзыстӕм ӕрмӕстдӕр нӕхӕдӕг, ӕмӕ немыцаг ӕвзагӕй дӕр баулӕфдзыстӕм! Фӕлӕ Лоуэллыл нӕ ахъуыды кодтон. Уый фидарӕй загъта, алы райсом дӕр стих немыцагау кӕй ӕвзардзыстӕм! Мӕн бӕргӕ нӕ фӕндыд, фӕлӕ Лоуэлл йӕ хъуыды нӕ аивта. Фӕлӕ уыцы хабарӕй мах нӕхицӕн зонд райстам: зӕрдӕйӕ дыл чи тыхсы, уыдонмӕ хъус, семӕ разы куы нӕ уай, уӕд дӕр. Ахӕм зондыл хӕст кӕй уыдыстӕм, уый нын алкӕддӕр стыр ӕххуыс уыди ӕмӕ нын уый фӕрцы ӕнцондӕр уыди Хуыцауы организацийы разамындмӕ хъусын».

Цыппар ӕмбалы ма сахуыр сты, сӕ кӕрӕдзимӕ хорзӕй цы уыд, уымӕн аргъ кӕнын дӕр, растдӕр Филиппӕгтӕм 2:3 куыд фыст ис, афтӕ: «Ут сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты уӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрут». Зӕгъӕм, арӕх-иу кӕцыдӕр хъуыддӕгтӕ бакодтой Биллы бар, уымӕн ӕмӕ-иу се ’ртӕ дӕр разы уыдысты, Билл сӕ хуыздӕр кӕй сараздзӕн. «Исты зын хъуыддаг ӕрнывыл кӕнынӕн арӕх бахъӕуы, ӕнцонсаразӕн ӕмӕ дын ӕхсызгон чи нӕу, ахӕм къахдзӕфтӕ скӕнын. Ӕмӕ-иу афтӕ куы уыд, уӕд-иу Биллӕн загътам, цӕмӕй хъуыддаг йӕхимӕ райса,– дзуры Лоуэлл.– Ахӕм уавӕрты куыд архайын хъӕуы, уый-иу не ’ппӕт дӕр зыдтам, фӕлӕ-иу нӕ ныфс нӕ хастам кӕнӕ та-иу нӕ арӕхстыстӕм. Билл та уыдӕттӕм афтӕ дӕсны уыд, ӕмӕ диссаг».

АМОНДДЖЫН БИНОНТӔ

Цыппар ӕфсымӕры дӕр иу иннӕйы фӕдыл сфӕнд кодтой бинонтӕ скӕнын. Уыдон ӕмбӕлттӕ систы, Йегъовӕйы кӕй уарзтой ӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг кӕй лӕггад кодтой, уый фӕрцы. Ӕмӕ сӕ фӕндыд, Йегъовӕ йӕ царды фыццаг бынаты кӕмӕн уыд, ахӕм цардӕмбӕлттӕ ссарын. Ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнгӕйӕ бамбӕрстой, райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг кӕй у ӕмӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы фӕндтӕй ахсджиагдӕр кӕй хъуамӕ уа Хуыцауы Паддзахад. Уымӕ гӕсгӕ сӕхицӕн цардӕмбӕлттӕн равзӕрстой, ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кодта, ахӕм хоты. Ӕмӕ афтӕмӕй сӕ цыппар дӕр скодтой ӕнгом ӕмӕ амондджын бинонтӕ.

Ӕмбӕлттӕ, стӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзиимӕ цы тӕгтӕй баст сты, уыдон цӕмӕй макуы аскъуыйой, уый тыххӕй ма хъуамӕ баст уой Йегъовӕимӕ дӕр (Еккл. 4:12). Кӕд Билл ӕмӕ Реймонӕн сӕ цардӕмбӕлттӕ амардысты, уӕддӕр ӕй сӕхиуыл бавзӕрстой, дӕ фарсмӕ ӕнувыд бинойнаг уа, уый цӕй стыр арфӕдзинад у. Лоуэлл ӕмӕ Ричард ныр дӕр сты уыцы арфӕдзинадӕй хайджын. Билл та дыккаг хатт ус ӕрхаста ӕмӕ та ахӕм цардӕмбал равзӕрста, цӕмӕй сӕ бон уыдаид дарддӕр дӕр иумӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын.

Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ сӕ снысан кодтой алы рӕттӕм – фылдӕр лӕггад кодтой Германийы, Австрийы, Люксембурджы, Канадӕйы ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штатты. Уый тыххӕй цыппар ӕмбалӕн фадат нал уыд, цӕмӕй иумӕ, цас сӕ фӕндыд, уыйбӕрц рӕстӕг ӕрвыстаиккой. Фӕлӕ кӕд кӕрӕдзийӕ дард уыдысты, уӕддӕр кӕрӕдзи нӕ рох кодтой, сӕ цин, сӕ хъыг уыд иу (Ром. 12:15). Ахӕм ӕмбӕлттӕ сты ӕцӕг хӕзна ӕмӕ сын хъӕуы аргъ кӕнын. Уыдон сты Йегъовӕйы лӕвӕрттӕ (Ӕмб. 17:17). Абоны дунейы ӕцӕг ӕмбӕлттӕ куыд зын у ссарын! Фӕлӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ ахӕм ӕмбӕлттӕй цух не сты. Махӕн, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн, ис бирӕ ӕмбӕлттӕ – ӕппӕт дунейы дӕр нын ис хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ. Ӕмӕ сӕйраджыдӕр та нӕ хӕлӕрттӕ сты Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырысти.

Алы адӕймагӕн дӕр йӕ царды куыд вӕййы, афтӕ уыцы цыппар ӕмбалӕн дӕр сӕ царды зындзинӕдтӕ куыннӕ уыди. Зӕгъӕм, бавзӕрстой, цардӕмбалы зиан цы маст ӕрхӕссы кӕнӕ уӕззау низимӕ тох кӕнын куыд зын у, уый. Хъуыдис сӕ сӕ ацӕргӕ ныййарджытӕм кӕсын, стӕй ма ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнгӕйӕ сывӕллон хъомыл кӕнын дӕр. Йегъовӕйы организацийы-иу сын ног хӕслӕвӕрдтӕ куы радтой, уӕд дӕр-иу куыннӕ тыхстысты. Уымӕй уӕлдай ма ныр та бонӕй-бонмӕ сӕхиуыл тынгдӕр ӕнкъарынц азты уӕз. Фӕлӕ уыцы цыппар сӕхицӕй зонынц: Йегъовӕйы чи уарзы, уыдон цыфӕнды зындзинад дӕр сфӕраздзысты се ’мбӕлтты фӕрцы – сӕ фарсмӕ уой ӕви дард уой, уӕддӕр.

ӔМБӔЛТТӔ ӔНУСТӔМ

Ацы ӕфсымӕртӕ сӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодтой бынтон ӕрыгонӕй: Лоуэллыл цыди 18 азы, Реймоныл – 12 азы, Биллыл – 11 азы, Ричардыл та – 10 азы. Ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын куы райдыдтой, уӕд та сыл цыди 17 азӕй 21 азы онг. Ӕвӕдза, уый куыд хорз уыди! Уыдон бакодтой, Екклесиасты 12:1 куыд фыст ис, афтӕ: «Дӕ зӕрдыл дар де Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы де ’взонджы бонты».

Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ сымах дӕр, Йегъовӕ уын куыд зӕгъы, афтӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын райдайут. Ӕмӕ уӕд Хуыцауы стыр хорзӕхы фӕрцы сымах дӕр уыцы цыппар ӕмбалау стыр циндзинадӕй схайджын уыдзыстут – уӕ бон уыдзӕн районон, облӕстон кӕнӕ зоналон цӕстдарджытӕй лӕггад кӕнын, йе та Вефилы, суанг ма филиалы комитеты дӕр. Стӕй ма уӕ бон уыдзӕн, бӕрнон ӕфсымӕртӕн ӕмӕ пионертӕн цы скъолатӕ вӕййы, уыдон уадзын. Уыдзӕн уын раныхӕстӕ стыр ӕмӕ гыццыл конгрессты. Уыцы цыппар ӕмбалы куыд цин кодтой, сӕ лӕггад дӕсгай мин адӕмӕн пайда кӕй ӕрхаста! Ӕмӕ сын уыйбӕрц цӕмӕн бантыст? Уымӕн ӕмӕ сӕ ӕрыгонӕй Йегъовӕ зӕрдиагӕй фӕхуыдта, цӕмӕй йын ӕппӕт удӕй лӕггад кӕной, ӕмӕ сразы сты (Кол. 3:23).

Галиуырдыгӕй рахизырдӕм: Ричард, Билл, Лоуэлл ӕмӕ Реймон, фембӕлдысты Зельтерсы, 1984 азы ног филиал Хуыцауӕн куы нывонд кодтой, уӕд

Ныртӕккӕ та Лоуэлл, Ричард ӕмӕ Реймон ногӕй Вефилы иумӕ лӕггад кӕнынц, ацы хатт – Зельтерсы (Германи). Хъыгагӕн, 2010 азы Билл фӕзиан. Уӕд лӕггад кодта сӕрмагонд пионерӕй Америкӕйы Иугонд Штатты. 60 азы дӕргъы цыппар ӕмбалы баст уыдысты хӕлардзинады тӕгтӕй, фӕлӕ дзы ныр иу таг мӕлӕт аскъуыдта! Фӕлӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕ йӕ хӕлӕртты никуы ферох кӕны. Мах ӕй фидарӕй зонӕм, йӕ Паддзахад зӕххыл куы ралӕууа, уӕд, мӕлӕт рӕстӕгмӕ кӕй фӕхицӕн кодта, уыцы ӕмбӕлттӕ та ногӕй уыдзысты иумӕ.

«Ныр 60 азы дӕргъы ӕмбӕлттӕ стӕм, ӕмӕ мӕ бон ӕвзӕрӕй ӕппындӕр ницы у ӕрхъуыды кӕнын»

Билл йӕ мӕлӕтӕй гыццыл раздӕр ныффыста: «Ныр 60 азы дӕргъы ӕмбӕлттӕ стӕм, ӕмӕ мӕ бон ӕвзӕрӕй ӕппындӕр ницы у ӕрхъуыды кӕнын. Нӕ хӕлардзинадӕн алкӕддӕр тынг аргъ кодтон». Ӕмӕ йе ’ртӕ ӕмбалы, ног дунейы ӕнустӕм дӕр ӕмбӕлттӕ кӕй уыдзысты, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ уыцы ныхӕстӕм уайтагъд бафтыдтой: «Ӕмӕ нырма алцыдӕр разӕй ис».

^ 17 абз. Ӕфсымӕр Фросты цымыдисаг биографи мыхуыр уыд 1961 азы 15 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 244–249 фӕрстӕ (англ.).