Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сывӕллӕттӕ сӕ бафидар кодтой

Сывӕллӕттӕ сӕ бафидар кодтой

2009 азы декабры Уӕрӕсейы Сӕйраг Тӕрхондон сразы, Таганрогы цӕрӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй ӕндӕр тӕрхондон цы уынаффӕ рахаста, уыимӕ. Уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ сын сӕ хъуыддаг сӕхгӕдтой ӕмӕ сын сӕ Паддзахады зал байстой, стӕй дзы нӕ публикацитӕй 34 банымадтой экстремистон литературӕйыл. Ацы хабары тыххӕй ныффыстам нӕ сайты, стӕй ма дзы сӕвӕрдтам Таганрогы цӕрӕг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты къамтӕ дӕр, уыимӕ сывӕллӕтты къамтӕ дӕр.

Австралиаг сывӕллӕттӕ

Фондз мӕйы фӕстӕ Уӕрӕсейы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты разамынддӕттӕг центрмӕ Австралийӕ, Квинслендӕй, уыцы хабары тыххӕй Интернеты чи бакаст, иу ахӕм бинонтӕ ӕрбарвыстой гыццыл къопп ӕмӕ йемӕ писмо дӕр. Писмойы фыст уыди: «Нӕ зынаргъ ӕфсымӕртӕ, нӕ дыууӕ сывӕллонӕн, Коди ӕмӕ Ларисӕйӕн, сӕ зӕрдӕ тынг бацагайдта, Уӕрӕсейы се ’мгӕрттӕ уыцы фӕлварӕнты куыд фидар фӕлӕууыдысты, уый. Уыдон писмотӕ ӕмӕ открыткӕтӕ ныффыстой, мах та гыццыл лӕвӕрттӕ бацӕттӕ кодтам, цӕмӕй сӕ Таганрогы цӕрӕг сывӕллӕттӕн арвитат. Фӕнды нӕ, цӕмӕй йӕ зоной, дард кӕмдӕр ма кӕй цӕры, Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны ӕмӕ сыл чи тыхсы, ахӕм сывӕллӕттӕ. Коди ӕмӕ ма Ларисӕ загътой, нӕ бӕсты дам-иу сын ахъӕбыс кӕнӕнт ӕмӕ-иу сын зӕгъӕнт, бирӕ сӕ кӕй уарзӕм».

Таганрогы нӕ гыццыл хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ лӕвӕрттӕ куы райстой, уӕд уыдон дӕр уыцы бинонтӕм Австралимӕ писмотӕ ныффыстой ӕмӕ дзы нывтӕ дӕр скодтой. Коди ӕмӕ Ларисӕ уыцы сывӕллӕтты афтӕ кӕй бафидар кодтой, уый, Уӕрӕсейы филиалы чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕры дисы бафтыдта, ӕмӕ сӕм ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Ӕвӕццӕгӕн ӕй зонут, гыццылтӕн дӕр ӕмӕ стыртӕн дӕр куыд зын вӕййы, ӕнаххосӕй сӕ куы бафхӕрынц, уӕд. Таганрогы не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕ дӕр ӕвзӕрӕй ницы сарӕзтой, афтӕмӕй сын сӕ Паддзахады зал байстой. Уый тыххӕй тынг ӕнкъард кӕнынц. Ӕмӕ зӕххы иннӕ кӕрон чи цӕры, уыдон сыл афтӕ кӕй тыхсынц, уый сӕ тынг бафидар кӕндзӕн. Бузныг уын, уӕ гыццыл зӕрдӕты хъармӕй сӕ кӕй батавтат, уый тыххӕй».

Уӕрӕсейаг сывӕллӕттӕ австралиаг сывӕллӕтты ӕрвыст лӕвӕрттимӕ

Ӕцӕгдӕр, ӕгас дунейы нын цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ис, уыдонимӕ цӕрӕм иу бинонтау. Ӕмӕ нӕ кӕрӕдзи кӕй уарзӕм, уый фӕрцы нӕ бон у фӕлварӕнты ӕмӕ зындзинӕдты фидар фӕлӕууын. Тӕрхондӕтты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты аххосджын кӕнынц, адӕмы, дам, кӕрӕдзи ныхмӕ ардауынц. Фӕлӕ цалынмӕ тӕрхондӕтты уыцы хъуыддӕгтӕ ӕвзарынц, уӕдмӕ нӕ сывӕллӕттӕ та кӕрӕдзи ныфсыл ныфс ӕфтауынц. Уӕлдай сын нӕу, чи сӕ кӕцы бӕстӕйы цӕры ӕмӕ сӕ чи кӕцы адӕмыхаттӕй у. Афтӕмӕй уыдон ӕвдисынц, Чырыстийы ныхӕстӕ раст кӕй сты. Уый загъта: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (Иоан. 13:35).