Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ хатыргӕнаг Хуыцау кӕй у, уый дӕуӕн цӕуыл дзурӕг у?

Йегъовӕ хатыргӕнаг Хуыцау кӕй у, уый дӕуӕн цӕуыл дзурӕг у?

«Йегъовӕ [у] фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны... хатыр кӕны рӕдыд дӕр, фыдракӕнд дӕр ӕмӕ тӕригъӕд дӕр» (РАЦ. 34:6, 7).

1, 2. а) Йегъовӕ Израилы адӕмӕн цавӕр Хуыцау уыд? ӕ) Ацы статьяйы ныхас цавӕр фарстайыл цӕудзӕн?

НЕЕМИЙЫ рӕстӕджы левиттӕй чидӕртӕ адӕмы раз Йегъовӕмӕ скуывтой ӕмӕ загътой, сӕ фыдӕлты йӕ фӕдзӕхстытӕм хъусын кӕй нӕ фӕндыд ӕмӕ сӕ кӕй не ’ххӕст кодтой. Фӕлӕ та-иу сын Йегъовӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй ныххатыр кодта, уымӕн ӕмӕ у «хатыргӕнаг, тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау... мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт». Неемийы рӕстӕджы дӕр, уацарӕй фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ чи ӕрыздӕхт, уыдоны Йегъовӕ йе стыр хорзӕхӕй хайджын кодта (Неем. 9:16, 17).

2 Алкӕмӕн дӕр нӕ йӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Йегъовӕ хатыргӕнаг Хуыцау кӕй у, уый мӕнӕн цӕуыл дзурӕг у?» Цӕмӕй ацы ахсджиаг фарстайӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм, Йегъовӕ куыд ныххатыр кодта дыууӕ паддзахӕн – Давидӕн ӕмӕ Манассийӕн – ӕмӕ сын уый хорзӕй цы ’рхаста.

ДАВИДЫ СТЫР ТӔРИГЪӔДТӔ

3–5. Давид цавӕр стыр тӕригъӕдтӕ сарӕзта?

3 Кӕд Давид Хуыцауыл иузӕрдион уыд, уӕддӕр сарӕзта цалдӕр уӕззау тӕригъӕды. Уыцы тӕригъӕдтӕй дыууӕ баст уыдысты иу бинонтимӕ – Ури ӕмӕ Вирсавиимӕ. Уыцы тӕригъӕдты тыххӕй Давид дӕр, Ури дӕр ӕмӕ Вирсави дӕр фыдбылызты хай баисты. Фӕлӕ, Йегъовӕ Давидӕн йӕ рӕдыдмӕ куыд бацамыдта, уымӕй бирӕ ис базонӕн, Йегъовӕ куыд хатыр кӕны, уый тыххӕй. Ӕркӕсӕм уыцы хабӕрттӕм.

4 Давид Израилы ӕфсад арвыста аммонӕгты сӕйраг горӕт Раввӕ бацахсынмӕ. Раввӕ уыд Иорданы цӕугӕдоны иннӕ фарс, Иерусалимӕй скӕсӕнырдӕм, хъуыди йӕм 80 километры бӕрц цӕуын. Давид йӕхӕдӕг баззад Иерусалимы. Ӕмӕ иу изӕр йӕ хӕдзары сӕрӕй федта кӕйдӕр усы йӕхи найгӕ, уый уыд Вирсави. Уыцы рӕстӕг йӕ лӕг хӕдзары нӕ уыд, хӕсты уыди. Давид Вирсавимӕ афтӕ смондаг, ӕмӕ йӕ йӕ галуанмӕ ӕрбакӕнын кодта ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцыд (2 Сам. 11:1–4).

5 Давид куы базыдта, Вирсави кӕй басывӕрджын, уӕд ын йӕ лӕг Урийы фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ ӕрцӕуын кодта, зӕгъгӕ, кӕд йӕ усимӕ ӕмуат ӕрцӕуид. Фӕлӕ йын Давид цынӕ фӕкодта, уӕддӕр Ури йӕ хӕдзармӕ цӕугӕ дӕр нӕ бакодта. Уӕд паддзах сусӕгӕй йе ’фсады сӕргълӕууӕгмӕ ныффыста, зӕгъгӕ, карздӕр тох кӕм цӕуа, уым-иу разӕй сӕвӕрут Урийы ӕмӕ йӕ стӕй иунӕгӕй фӕуадзут. Ӕмӕ, Давид куыд сфӕнд кодта, афтӕ рауад: Ури уыцы тохы фӕмард (2 Сам. 11:12–17). Афтӕмӕй паддзах, цы тӕригъӕд ракодта, уымӕ ма ноджы фыддӕр тӕригъӕд бафтыдта – ӕнаххос адӕймаджы амарын кодта.

ДАВИД БАМБӔРСТА, ЦЫ САРӔЗТА, УЫЙ

6. Давид стыр тӕригъӕдтӕ куы сарӕзта, уӕд Хуыцау куыд бакодта? Уымӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн?

6 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ алцыдӕр федта. Хуыцауӕй ницы ис бамбӕхсӕн (Ӕмб. 15:3). Кӕд паддзах Давид фӕстӕдӕр Вирсавийы ракуырдта, уӕддӕр, «цы сарӕзта, уый Йегъовӕйы цӕсты уыд стыр тӕригъӕд» (2 Сам. 11:27). Ӕмӕ Йегъовӕ куыд бакодта? Йӕ пехуымпар Нафаны йӕм арвыста. Йегъовӕ хатыргӕнаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕндыд Давидмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисын. Фӕлӕ йӕ уый тыххӕй хъуыди базонын, Давид йӕ тӕригъӕдтыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ фӕсмон кӕны ӕви нӕ. Йегъовӕ ахӕм Хуыцау кӕй у, уый дын дӕ зӕрдӕ нӕ агайы? Хуыцау Давидӕн комкоммӕ афтӕ нӕ загъта, дӕ рӕдыдыл басӕтт, зӕгъгӕ, фӕлӕ йын Нафанӕн радзурын кодта иу хабар, цӕмӕй йӕ бамбӕрстаид, куыд стыр тӕригъӕдтӕ сарӕзта. (Бакӕс 2 Самуилы 12:1–4.) Уыцы зын хъуыддаг Йегъовӕ куыд зондджынӕй аскъуыддзаг кодта, уый диссаг у!

7. Нафан Давидӕн цы хабар радзырдта, уый йын йӕ зӕрдӕ куыд бацагайдта?

7 Нафан цы хабар радзырдта, уым, раст чи уыд ӕмӕ чи нӕ уыд, уый Давид уайтагъд бамбӕрста. Давид хъӕздыг лӕгмӕ афтӕ смӕсты, ӕмӕ Нафанӕн загъта: «Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ дын сомы кӕнын, афтӕ чи бакодта, уыцы адӕймаг маринаг у». Стӕй ма Давид загъта, уыцы хъӕздыг лӕг мӕгуыр лӕгӕн йӕ уӕрыччы тыххӕй кӕй хъуамӕ бафида. Фӕлӕ уый фӕстӕ цы ныхӕстӕ фехъуыста, уыдонӕй арвы цӕфау фӕци. «Ды дӕ уыцы адӕймаг!» – загъта йын Нафан. Ӕмӕ ма йын загъта, йӕ тӕригъӕдты тыххӕй йӕ байзӕддӕгтӕй чидӕртӕ «карды комӕй» сӕ мӕлӕт кӕй ссардзысты ӕмӕ йӕ бинонтыл фыдбылызтӕ кӕй цӕудзӕн, стӕй ма адӕмы раз кӕй фӕхудинаг уыдзӕн. Давид бамбӕрста, цӕй стыр тӕригъӕд сарӕзта, ӕмӕ загъта: «Тӕригъӕд ракодтон Йегъовӕйы раз» (2 Сам. 12:5–14).

ДАВИД ХУЫЦАУМӔ СКУЫВТА, ӔМӔ ЙЫН УЫЙ НЫХХАТЫР КОДТА

8, 9. Цы ис базонӕн 51-ӕм псаломӕй, Давиды зӕрдӕйы цавӕр ӕнкъарӕнтӕ уыд, уый тыххӕй ӕмӕ Йегъовӕйы тыххӕй?

8 Паддзах Давид уый фӕстӕ цы зарӕг ныффыста, уымӕй бӕрӕг уыд, куыд тынг ӕрфӕсмон кодта, уый. 51-ӕм псаломы фыст ис, Йегъовӕйӕн куыд лӕгъстӕ кодта, уый тыххӕй, ӕмӕ йӕ ныхӕстӕй зыны, йӕ тӕригъӕдтыл ӕрмӕст сӕтгӕ кӕй нӕ бакодта, фӕлӕ ма сыл фӕсмон дӕр кӕй кодта. Давидӕн сӕйрагдӕр уыди Хуыцауимӕ йӕ хӕлардзинад бахъахъхъӕнын. Уый ӕргом загъта: «Дӕ разы, ӕрмӕстдӕр дӕ разы, сарӕзтон тӕригъӕд». Давид Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта: «Скӕн мын мӕ мидӕг сыгъдӕг зӕрдӕ, о Хуыцау, ӕмӕ мын ратт ног зонд, цӕмӕй ӕнӕфӕцудгӕ уон... цы ирвӕзындзинад дӕттыс, уый цинӕй мӕ фӕстӕмӕ схайджын кӕн, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕйы ссудз зынг, цӕмӕй мӕ фӕнда дӕ коммӕ кӕсын» (Пс. 51:1–4, 7–12). Ды дӕр дӕ рӕдыдтытыл Йегъовӕйы раз афтӕ басӕттыс, ницы дзы басусӕг кӕныс?

9 Йегъовӕ Давиды нӕ бахызта, йӕ тӕригъӕдтӕ йӕ цы бӕллӕхтӕм ӕркодтой, уыдонӕй. Цӕрӕнбонты маст ӕвзӕрста. Фӕлӕ Давид ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй ӕрфӕсмон кодта, «зӕрдӕсаст ӕмӕ рыст» кӕй уыд, уый тыххӕй йын Йегъовӕ ныххатыр кодта (Бакӕс Псалом 32:5; Пс. 51:17). Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау ӕрмӕст тӕригъӕд нӕ уыны, фӕлӕ йӕ адӕймаг цӕмӕн саразы, стӕй йӕ зӕрдӕйы ӕцӕгӕй цы ис, уый дӕр. Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ тӕрхонгӕнджытӕ хъуамӕ Давид ӕмӕ Вирсавийӕн мӕлӕты тӕрхон рахастаиккой, фӕлӕ Йегъовӕ тӕрхоны хъуыддаг йӕхимӕ райста ӕмӕ сӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыста (Лев. 20:10). Ӕмӕ ма сын сӕ фырт Соломоны дӕр Давиды фӕстӕ Израилы паддзахӕй сӕвӕрдта (1 Аз. 22:9, 10).

10. а) Йегъовӕ ма Давидӕн ноджыдӕр цӕмӕн ныххатыр кодтаид? ӕ) Адӕймаг цы хъуамӕ араза, цӕмӕй йын Йегъовӕ ныххатыр кӕна?

10 Ӕвӕццӕгӕн ма Йегъовӕ Давидӕн ныххатыр кодта, Давид йӕхӕдӕг Саулӕн кӕй хатыр кодта, уый тыххӕй дӕр (1 Сам. 24:4–7). Йесо Чырысти куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй, мах иннӕтӕн куыд уӕм, Йегъовӕ дӕр нын афтӕ уыдзӕн. Йесо загъта: «Макӕй кой кӕнут, ӕмӕ сымах кой дӕр ничи кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ иннӕтӕй цы дзурат, уый дзурдзысты сымахӕй дӕр, ӕмӕ уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, ахӕм барӕнӕй бардзысты сымахӕн дӕр» (Матф. 7:1, 2). Адӕймагӕн ныфсы хос куыннӕ у, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у суанг уӕззау тӕригъӕдтӕ дӕр ныххатыр кӕнын – хӕтындзинад дӕр ӕмӕ, адӕймаг искӕй куы амара, уый дӕр! Йегъовӕ нын ныххатыр кӕндзӕн, нӕхӕдӕг-иу иннӕтӕн куы хатыр кӕнӕм, йӕ разы нӕ тӕригъӕдтыл куы басӕттӕм, стӕй нӕ зондахаст куы фӕивӕм ӕмӕ нӕ тӕригъӕдтӕм Хуыцауы цӕстӕй кӕсын куы райдайӕм, уӕд. Тӕригъӕд чи ракодта, уый ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы ӕрфӕсмон кӕна, уӕд дзы Йегъовӕ «ног хъарутӕ бауадздзӕн». (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 3:19.)

МАНАССИ СТЫР ТӔРИГЪӔДТӔ РАКОДТА, ФӔЛӔ ӔРФӔСМОН КОДТА

11. Паддзах Манасси цавӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ арӕзта?

11 Ӕркӕсӕм ноджыдӕр иу хабармӕ. Уымӕй дӕр бӕрӕг у, Йегъовӕ цас цыдӕртӕ ныххатыр кӕны, уый. Давид паддзах куы сси, уымӕй иу-360 азы фӕстӕ Иудӕйы паддзах сси Манасси ӕмӕ паддзах уыд 55 азы дӕргъы. Йегъовӕйӕн Манассимӕ йӕ маст рафыхт, йӕ разы тынг ӕвзӕр ӕмӕ ӕлгъаг хъуыддӕгтӕ кӕй арӕзта, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, Ваалӕн нывондхӕссӕнтӕ сӕвӕрдта, куывта, «арвыл цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕн», йӕ фыртты мӕнг хуыцӕуттӕн арты басыгъта, хинтӕ-кӕлӕнтӕ кодта. Ӕцӕгдӕр, Манасси «Йегъовӕйы цӕсты бирӕ ӕвзӕрдзинад арӕзта» (2 Аз. 33:1–6).

12. Манасси Йегъовӕмӕ куыд раздӕхт?

12 Ӕппынфӕстаг Манассийы уацары акодтой ӕмӕ йӕ бакодтой Вавилоны ахӕстоны. Уым, ӕвӕццӕгӕн, ӕрхъуыды кодта, Моисей израилӕгтӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдон: «Фӕстагмӕ дыл ӕппӕт ацы ныхӕстӕ куы сӕххӕст уой ӕмӕ дыл уынгӕджы бон куы скӕна, уӕд раздӕхдзынӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ ӕмӕ йӕм хъусдзынӕ» (Дык. з. 4:30). Ӕмӕ Манасси ӕцӕгдӕр Йегъовӕмӕ раздӕхт. Куыд? «Йӕхи тынг ӕрныллӕг кодта» ӕмӕ «Хуыцаумӕ куывта» (кӕс, 21 фарсыл цы ныв ис, уымӕ) (2 Аз. 33:12, 13). Манасси куыд куывта, уый Библийы фыст не ’рцыд, фӕлӕ, гӕнӕн ис, Давид 51-ӕм псаломы цы ныхӕстӕ загъта, уый дӕр ахӕм ныхӕстӕ загътаид. Куыдфӕнды ма уыдаид, Манасси йӕ зондахаст бынтондӕр фӕивта.

13. Йегъовӕ Манассийӕн цӕмӕн ныххатыр кодта?

13 Цымӕ Йегъовӕ Манассийы куывдтытӕн дзуапп радта? Йегъовӕ йын «йӕ лӕгъстӕ фехъуыста», «йӕ хорзӕх дзы куырдта, ӕмӕ йӕ фехъуыста». Манасси дӕр Давидау бамбӕрста, куыд стыр тӕригъӕдтӕ сарӕзта, ӕмӕ сыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодта. Ӕмӕ йын Хуыцау дӕр ныххатыр кодта ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ ӕркодта ӕмӕ та йын йӕ паддзахы бартӕ радта. Ӕмӕ «афтӕ Манасси базыдта, Йегъовӕ ӕцӕг Хуыцау кӕй у» (2 Аз. 33:13). Ацы хабарӕй дӕр бӕрӕг у, йӕ тӕригъӕдтыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау кӕй ныххатыр кӕны. Ӕмӕ нын уый стыр ныфсы хос куыннӕ у!

Йегъовӕ Манассийӕн ныххатыр кодта ӕмӕ йын фӕстӕмӕ йӕ паддзахы бартӕ радта

ЦЫМӔ ЙЕГЪОВӔ АЛКӔДДӔР НЫХХАТЫР КӔНЫ?

14. Тӕригъӕд чи сарӕзта, уымӕн Йегъовӕ ныххатыр кӕндзӕн ӕви нӕ, уый цӕмӕй аразгӕ у?

14 Давид ӕмӕ Манасси цы стыр тӕригъӕдтӕ сарӕзтой, ахӕм тӕригъӕдты тыххӕй абон Хуыцауы адӕмӕй стӕмты бахъӕудзӕн Хуыцауӕй хатыр курын. Фӕлӕ, Йегъовӕ уыцы дыууӕ паддзахӕн кӕй ныххатыр кодта, уый фӕрцы йӕ ӕмбарӕм, адӕймаг ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы ӕрфӕсмон кӕна, уӕд ын нӕ Хуыцау стыр тӕригъӕдтӕ дӕр кӕй ныххатыр кӕндзӕн.

15. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕ алкӕд кӕй нӕ ныххатыр кӕны?

15 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ Йегъовӕ алкӕддӕр ӕмӕ алкӕмӕн дӕр ныххатыр кӕны. Ӕркӕсӕм-ма, Давид ӕмӕ Манасси цӕмӕй хицӕн кодтой Израилы ӕмӕ Иудӕйы хивӕнд адӕмӕй. Давид тӕригъӕд куы сарӕзта, уый фӕстӕ йӕм Хуыцау арвыста Нафаны ӕмӕ йын афтӕмӕй фадат радта, цӕмӕй ӕрфӕсмон кодтаид. Давид уый тыххӕй Хуыцауӕй бузныг уыд ӕмӕ ӕрфӕсмон кодта. Манасси зын уавӕры куы бахауд, уӕд уый дӕр ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодта. Израилы ӕмӕ Иудӕйы цӕрджытӕ та-иу арӕх сӕ рӕдыдтытыл не ’рфӕсмон кодтой. Афтӕмӕй та сӕм Йегъовӕ йӕ пехуымпарты иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ арвыста, цӕмӕй сын бамбарын кодтаид, сӕ ӕгоммӕгӕсдзинадмӕ сын цы цӕстӕй кӕсы, уый. Фӕлӕ йӕм хъусӕг нӕ уыд, ӕмӕ сын уый тыххӕй Йегъовӕ нӕ ныххатыр кодта. (Бакӕс Неемийы 9:30.) Израилӕгтӕ Вавилонӕй фӕстӕмӕ сӕ бӕстӕмӕ куы ӕрыздӕхтысты, уӕд сӕм Йегъовӕ дарддӕр ӕрвыста йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты, зӕгъӕм, сауджын Ездрӕйы ӕмӕ пехуымпар Малахийы. Ӕмӕ-иу адӕм Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ куы архайдтой, уӕд-иу хайджын уыдысты стыр цинӕй (Неем. 12:43–47).

16. а) Израилы адӕм кӕй не ’рфӕсмон кодтой, уый сӕ цӕмӕ ӕркодта? ӕ) Рагон израилӕгты байзӕддӕгтӕн цавӕр фадат ис?

16 Йегъовӕ Йесойы зӕхмӕ куы рарвыста ӕмӕ уый йе ’ххӕст цард нывондӕн куы ӕрхаста, уӕдӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйы нал хъуыдысты, Израилы адӕм ын цы фосы нывӕндтӕ хастой, уыдон (1 Иоан. 4:9, 10). Йесо алцӕмӕ дӕр йӕ Фыды цӕстӕй кӕй каст, уый бӕрӕг у ацы ныхӕстӕй: «Иерусалим, Иерусалим, пехуымпарты чи мары ӕмӕ йӕм кӕй арвитынц, уыдоны дуртӕй чи фӕхойы! Цал хатты мӕ фӕндыд, карк йӕ цъиуты йӕ базырты бын куыд ӕрбамбырд кӕны, афтӕ дӕ хъӕбулты ӕрбамбырд кӕнын! Фӕлӕ уӕ нӕ бафӕндыд». Ӕмӕ Йесо загъта: «Ныр уын Хуыцау уӕ хӕдзар ныууадздзӕн» (Матф. 23:37, 38). Уымӕ гӕсгӕ, сӕ тӕригъӕдтыл чи не ’рфӕсмон кодта, уыцы адӕмы бӕсты Йегъовӕ равзӕрста «Хуыцауы Израил» (Матф. 21:43; Гал. 6:16). Рагон израилӕгты байзӕддӕгтӕ абон чи сты, уыдонӕй та цы зӕгъӕн ис? Хуыцауыл ӕмӕ сӕ Йесо Чырыстийы нывондыл чи баууӕнда, уыдонӕн Йегъовӕ сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕндзӕн ӕмӕ сӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисдзӕн. Ахӕм фадат ма уыдзӕн, йӕ тӕригъӕдтыл чи не ’рфӕсмон кодта ӕмӕ афтӕмӕй чи амард, фӕлӕ зӕххыл дзӕнӕты чи райгас уыдзӕн, уыдонӕн дӕр (Иоан. 5:28, 29; Хъуыд. 24:15).

ЙЕГЪОВӔ ХАТЫРГӔНАГ КӔЙ У, УЫЙ НЫН ЦАВӔР ХОРЗДЗИНӔДТӔ ХӔССЫ

17, 18. Йегъовӕ нын хатыр кӕд кӕндзӕн?

17 Йегъовӕ хатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у, уымӕ мах цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? Хъуамӕ-иу бакӕнӕм, Давид ӕмӕ Манасси куыд бакодтой, афтӕ: тӕригъӕдджынтӕ кӕй стӕм, ууыл-иу басӕттӕм, нӕ рӕдыдтытыл-иу ӕрфӕсмон кӕнӕм, Йегъовӕйӕн-иу лӕгъстӕ кӕнӕм, цӕмӕй нын ныххатыр кӕна ӕмӕ дзы курӕм, цӕмӕй нын нӕ мидӕг скӕна сыгъдӕг зӕрдӕ (Пс. 51:10). Уӕззау тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд та хъуамӕ ӕххуыс ракурӕм хистӕр нӕлгоймӕгтӕй дӕр (Иак. 5:14, 15). Цыфӕнды уавӕры ма уӕм, уӕддӕр нын нӕ ныфсыл ныфс ӕфтауы, Йегъовӕ ныр дӕр кӕй у «фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр у раст. Йе ’нувыд уарзтӕй хай кӕны мингай фӕлтӕртӕн, хатыр кӕны рӕдыд дӕр, фыдракӕнд дӕр ӕмӕ тӕригъӕд дӕр» (Рац. 34:6, 7).

18 Йегъовӕ спайда кодта ирд цӕвиттонӕй, цӕмӕй, чи ӕрфӕсмон кодта, уыцы израилӕгтӕн равдыстаид, сӕ тӕригъӕдтӕй сӕ бынтондӕр кӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн. Загъта сын, зӕгъгӕ, уӕ тӕригъӕдтӕ «сырх-сырхид» куы уой, уӕддӕр «митау» урс кӕй фестдзысты. (Бакӕс Исайы 1:18.) Уӕдӕ Йегъовӕ хатыргӕнаг кӕй у, уый нын цӕуыл дзурӕг у? Хатыргӕнаг кӕй у, уый тыххӕй дзы бузныг куы уӕм ӕмӕ-иу нӕ тӕригъӕдтыл ӕмӕ нӕ рӕдыдтытыл куы ӕрфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын сӕ ныххатыр кӕндзӕн ӕмӕ сӕ ферох кӕндзӕн.

19. Иннӕ статьяйӕ цы базондзыстӕм?

19 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын Йегъовӕ куыд хатыр кӕны, мах дӕр иннӕтӕн афтӕ хатыр кӕнӕм? Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй-иу нын афтӕ ма рауайа, ӕмӕ, уӕззау тӕригъӕд чи сарӕзта, фӕлӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи ӕрфӕсмон кодта, уымӕн нӕ бон нӕу ныххатыр кӕнын? Иннӕ статья нын баххуыс кӕндзӕн нӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсынӕн, цӕмӕй тынгдӕр фӕзмӕм нӕ Фыд Йегъовӕйы, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ, хатыр кӕнынмӕ цӕттӕ чи у, уыцы Хуыцауы (Пс. 86:5).