Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Цымӕ Матфейы 19:10–12 Чырыстийы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ, бинонтӕ чи не скӕны, уыдонӕн уый Хуыцауӕй диссаджы хуызы лӕвӕрд вӕййы?

Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Йесо уыцы ныхӕстӕ цы уавӕры загъта, уый. Фарисейтӕ йӕм ӕрбацыдысты ӕмӕ йӕ бафарстой хицӕн кӕныны тыххӕй. Ӕмӕ сын Йесо бӕлвырд загъта, Йегъовӕ бинонтӕн цы уаг ӕмӕ ӕгъдау сфидар кодта, уый. Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ нӕлгоймагӕн бар уыди, цӕмӕй, йӕ «усӕн йӕ митӕ ӕнӕуаг куы уыдаиккой», уӕд ын ныффыстаид гӕххӕтт, кӕй дзы ахицӕн, уый тыххӕй. Фӕлӕ фыццаг афтӕ нӕ уыд (Дык. з. 24:1, 2). Уый фӕстӕ Йесо загъта: «Йӕ усмӕ хӕтыны азым ӕрхӕссӕн кӕмӕн нӕ уа, афтӕмӕй дзы чи ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕры чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны» (Матф. 19:3–9).

Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд загътой: «Кӕд афтӕ у, уӕд фӕлтау ус ма ракур». Уӕд сын Йесо загъта: «Алкӕй бон нӕу афтӕ бакӕнын, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр, Хуыцауӕй лӕвӕрд кӕмӕн у, уыдонӕн. Ис ахӕмтӕ, ӕмӕ ус нӕ курынц, уымӕн ӕмӕ мады гуыбынӕй сахъат рахастой, ис ма ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ сӕ адӕм фӕсахъат кодтой. Фӕлӕ ма ис ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ ус нӕ курынц уӕларвон паддзахады тыххӕй. Кӕмӕн у йӕ бон афтӕ бакӕнын, уый афтӕ бакӕнӕд» (Матф. 19:10–12).

Иуӕй-иу нӕлгоймӕгтӕ-иу мады гуыбынӕй сахъат рахастой, иуӕй-иутӕ та-иу сахъатӕй баззадысты исты ӕнамонд хабары тыххӕй кӕнӕ-иу сӕ исчи фӕсахъат кодта. Фӕлӕ уыди ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ-иу кӕд сахъат нӕ уыдысты, уӕддӕр-иу бинонтӕ не скодтой, афтӕ сӕхи кӕй фӕндыд, уый тыххӕй. Уыдонӕн бинонтӕ скӕныны бар уыд, фӕлӕ сӕ бон уыди сӕхиуыл хӕцын ӕмӕ-иу сӕ цард никӕимӕ баиу кодтой. Афтӕ кодтой «уӕларвон паддзахады тыххӕй». Йесойау уыдон дӕр аскъуыддзаг кодтой, бинонтӕ кӕй не скӕндзысты, цӕмӕй сӕ хъарутӕ иууылдӕр Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн раттой. Бинонтӕ ма скӕной, уый сӕ бон кӕй уыд, уый нӕдӕр сӕ мады гуыбынӕй рахастой, нӕдӕр сын диссаджы хуызы уыд лӕвӕрд. Уыдон сӕхӕдӕг бацархайдтой, цӕмӕй сӕ бон бауыдаид афтӕ бакӕнын.

Йесо цы хъуыддаджы кой кодта, уый тыххӕй ма ныффыста апостол Павел дӕр. Уый бамбарын кодта, чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр, бинонтӕ сын уа ӕви ма уа, уӕддӕр сӕ бон кӕй у сӕ лӕггадӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын. Фӕлӕ, дам, йӕхицӕн фидарӕй чи загъта, ус кӕй нӕ ракурдзӕн кӕнӕ мой кӕй не скӕндзӕн, уый, дам, кӕны «ноджы хуыздӕр». Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Бинонтӕ кӕмӕн ис, уыдон сӕ хъарутӕ ӕмӕ сӕ рӕстӕгӕй хъуамӕ дӕттой сӕ цардӕмбалӕн, цӕмӕй-иу ын йӕ зӕрдӕ барухс кӕной ӕмӕ йыл тыхсой. Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыцы чырыстӕттыл та ахӕм хӕс нӕй, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ бон у Хицауы хъуыддагӕн сӕхи ӕгасӕй дӕр раттын. Ахӕм фадат сын кӕй ис, уый нымайынц Хуыцауы «лӕварыл» (1 Кор. 7:7, 32–38).

Уӕдӕ, Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй, чырыстӕттӕй исчи бинонтӕ куы не скӕны, уӕд ын уый Хуыцауӕй диссаджы хуызы лӕвӕрд нӕ вӕййы. Уый йӕхӕдӕг сфӕнд кӕны, бинонтӕ кӕй не скӕндзӕн, цӕмӕй йӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын мацы хъыгдара, ӕмӕ уыцы лӕварӕй афтӕмӕй схайджын вӕййы. Абон бирӕтӕ, цӕмӕй сын Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн фылдӕр рӕстӕг уа, уый тыххӕй сӕхицӕн фидарӕй загътой, ус кӕй нӕ ракурдзысты кӕнӕ кӕй не смой кӕндзысты. Ӕмӕ сын иннӕтӕ хъуамӕ сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауой.