Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ историйы хӕзнадонӕй

«Уымӕй хуыздӕр хабар никуыма ничи фехъуыста»

«Уымӕй хуыздӕр хабар никуыма ничи фехъуыста»

«АДОН та цы сты?» – бафарста ӕфсымӕр Джордж Нейш, 18 метры дӕргъӕн хъӕдтӕм амонгӕйӕ. Хъӕдтӕ кӕрӕдзи сӕртыл амадӕй лӕууыдысты хӕцӕнгӕрзты скълады горӕт Саскатуны (Канадӕ, провинци Саскачеван). Куыд ын радзырдтой, афтӕмӕй уыцы хъӕдтӕй Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг арӕзтой, фӕдисы тырысатӕ-иу кӕм систой, ахӕм мӕсгуытӕ. «Куы сӕ федтон, уӕд ахъуыды кодтон, зӕгъын, ацы хъӕдтӕй радиостанцӕйы мӕсгуытӕ куы саразиккам, уӕд цы хорз уаид,– дзырдта фӕстӕдӕр ӕфсымӕр Нейш.– Афтӕмӕй нӕм фӕзынд, хорз хабар кӕцӕй хъусын кодтаиккам, ахӕм радиостанцӕ саразыны хъуыды». Иу аз йеддӕмӕ нӕ рацыд, афтӕ, 1924 азы, кусын райдыдта ног радиостанцӕ (CHUC). Уӕды заман Канадӕйы, дины хабӕрттыл кӕм дзырдтой, ахӕм радиостанцӕтӕ бирӕ нӕ уыд. Ӕмӕ сӕ иу уыди нӕ радиостанцӕ.

1) Радиостанцӕ Эдмонтоны (провинци Альбертӕ); 2) ӕфсымӕр архайы датчикы лампочкӕтимӕ (Торонто, провинци Онтарио)

Канадӕ ӕнӕхъӕн Европӕйы йас у, ӕмӕ ахӕм стыр бӕстӕйы хорз хабар хъусын кӕнынӕн радио стыр ӕххуыс уыди. «Нӕ радиопередачӕты фӕрцы рӕстдзинад фехъуыстой, нӕ бон фембӕлын кӕимӕ нӕ уыди, бирӕ ахӕм адӕм,– загъта, Саскатуны радиостанцӕйы чи куыста, иу ахӕм хо, Флоренс Джонсон.– Радио уӕд нырма ног цыдӕр уыди, ӕмӕ дзы цыфӕнды ма дзырдтаиккой, уӕддӕр ӕм адӕм тынг цымыдисӕй хъуыстой». 1926 азмӕ Библииртасджытӕн (Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы рӕстӕг афтӕ хуындысты) сӕхи радиостанцӕтӕ уыди Канадӕйы цыппар горӕты *.

Радиостанцӕ CHUC (Саскатун, провинци Саскачеван)

Цымӕ-иу уыцы радиопередачӕты цы уыди фехъусӕн? Бынӕттон ӕмбырды ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй-иу дзы чидӕртӕ зарыдысты, чидӕртӕ та-иу сын музыкалон инструменттыл цагътой. Хатт-иу дзы цагъта гыццыл оркестр дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуыддаг-иу зарджытыл нӕ ахицӕн. Ӕфсымӕртӕн-иу дзы уыди раныхӕстӕ, стӕй-иу алыхуызон фарстатыл ныхас кодтой. Хо Эми Джонс йӕхӕдӕг дӕр уыцы радиопередачӕты архайдта ӕмӕ афтӕ загъта: «Уацамынды-иу хӕдзары хицауӕн мӕхи куы бацамыдтон, уӕд-иу мын дзы чидӕртӕ загътой, ӕз дӕ куы зонын, радиойӕ дӕм хъуыстон, зӕгъгӕ».

«Уыйбӕрц адӕм-иу нӕм ӕрбадзырдта, ӕмӕ-иу се ’ппӕтыл нӕ аххӕссыдыстӕм»

Горӕт Галифаксы (провинци Ног Шотланди) Библииртасджытӕ сӕ передачӕ куыд скодтой, уый уӕды рӕстӕджы бирӕтӕн ӕнӕзонгӕ цыдӕр уыди. Фыццаг уал-иу дзы уыди раныхас, стӕй-иу радиомӕхъусджытӕн загътой, цӕмӕй радиостанцӕмӕ ӕрбадзырдтаиккой ӕмӕ сӕм Библийӕ фарстатӕ лӕвӕрдтаиккой. «Адӕмы зӕрдӕмӕ уый тынг цыди,– ныффыста иу ӕфсымӕр.– Уыйбӕрц адӕм-иу нӕм ӕрбадзырдта, ӕмӕ-иу се ’ппӕтыл нӕ аххӕссыдыстӕм».

Апостол Павелы рӕстӕджы куыд уыди, афтӕ уыцы рӕстӕг дӕр Библииртасджытӕм чидӕртӕ хъуыстой, чидӕртӕ та – нӕ (Хъуыд. 17:1–5). Цы хабар хъусын кодтой, уый иуӕй-иуты зӕрдӕмӕ тынг цыди. Зӕгъӕм, Гектор Маршалл радиойӕ фехъуыста, ӕхсӕз томӕй чи рацыд, уыцы чиныджы тыххӕй, «Фыстад иртасӕн куыст», зӕгъгӕ, ӕмӕ ӕхсӕз томы дӕр ныззакъаз кодта. «Дины скъолайы ахуыргӕнӕгӕй куыстон ӕмӕ хъуыды кодтон, уыцы чингуытӕ мын мӕ куысты стыр ӕххуыс кӕй фӕуыдзысты»,– ныффыста фӕстӕдӕр Гектор. Фӕлӕ 1-аг том куы бакаст, уӕд аскъуыддзаг кодта, йӕ аргъуан кӕй ныууадздзӕн. Гектор сси зынгзӕрдӕ хъусынгӕнӕг ӕмӕ йӕ мӕлӕты онг, 1998 азмӕ, Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта. Ног Шотландийы скӕсӕн хайы иухатт не ’фсымӕртӕн радиойы уыди раныхас, «Хуыцауы Паддзахад – адӕмы ныфс», зӕгъгӕ. Ӕмӕ дыккаг бон полковник Дж. А. Макдональд уым цӕрӕг ӕфсымӕртӕй иуӕн загъта: «Сакъадах Кейп-Бретоны цӕрджытӕ знон цы хабар фехъуыстой, уымӕй хуыздӕр хабар никуыма ничи фехъуыста ацы стыр бӕстӕйы».

Фӕлӕ дины разамонджытӕ та мӕстӕй сыгъдысты. Галифаксы ма иуӕй-иу католиктӕ ӕртхъирӕн дӕр кодтой, Библииртасджыты передачӕтӕ кӕцӕй хъуысынц, уыцы радиостанцӕ, дам, срӕмудздзыстӕм. 1928 азы дины разамонджыты ардыдӕй хицауад ӕнӕнхъӕлӕджы фехъусын кодта, Библииртасджытӕн сӕ радиостанцӕты куыст кӕнынӕн ног лицензи лӕвӕрд кӕй нал ӕрцӕудзӕн. Уӕд ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ апарахат кодтой листовкӕ «Уӕлдӕфы уылӕнтӕ кӕй къухы сты?». Дзырд дзы цыди, ӕнаххосӕй сӕ кӕй бафхӕрдтой, уый тыххӕй. Фӕлӕ уӕддӕр хицауад Библииртасджытӕн ног лицензи нал радта.

Канадӕйы уыцы рӕстӕг Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ армыдзаг йеддӕмӕ нӕ уыдысты, ӕмӕ сын цымӕ уыцы хабар сӕ ныфс асаста? «Фыццаг нӕм афтӕ каст, ӕмӕ не знӕгты фӕндиаг фестӕм,– загъта Изабел Уэйнрайт.– Фӕлӕ йӕ ӕз фидарӕй зыдтон, Йегъовӕйы фӕндон куы уыдаид, уӕд сӕ кӕй бакъуылымпы кодтаид ӕмӕ дарддӕр дӕр радиойӕ кӕй хъусын кодтаиккам. Уӕдӕ нын уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ нӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынӕн ссарын хъуыди ӕндӕр, стӕй хуыздӕр мадзӕлттӕ». Канадӕйы Библииртасджытӕ афтӕ нӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр радиойы фӕрцы ис хъусын кӕнӕн. Уыдон сӕ хъарутӕ иууылдӕр уымӕ сарӕзтой, цӕмӕй адӕммӕ хӕдзӕрттӕм цыдаиккой ӕмӕ семӕ афтӕмӕй ныхас кодтаиккой. Фӕлӕ уӕддӕр уыцы рӕстӕг радио стыр ӕххуыс фӕци ӕппӕты хуыздӕр хабар хъусын кӕнынӕн. (Нӕ архивтӕй Канадӕйы.)

^ 4 абз. Канадӕйы ӕфсымӕртӕ ма ӕндӕр радиостанцӕтӕн дӕр бафыстой, цӕмӕй сын хорз хабар хъусын кӕнынӕн эфиры бӕлвырд рӕстӕг рахицӕн кодтаиккой.