Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бӕрӕгбонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ

Бӕрӕгбонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ

«Куы нӕ дӕ фӕнда, уӕддӕр иннӕтӕм кӕсгӕйӕ ды дӕр бар-ӕнӕбары стыхсдзынӕ. Бӕрӕгбонмӕ уыйбӕрц цыдӕртӕ фӕхъӕуы саразын, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ бинонтӕн ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн рӕстӕг нал баззайы. Адӕймаг хъуамӕ цин кӕна, фӕлӕ хатт уыдӕттӕй афтӕ бафӕллайы, ӕмӕ йӕ ницыуал фӕхъӕуы» (ОКЛАХОМӔЙЫ [АИШ] РАЗДӔРЫ ГУБЕРНАТОР, БРЭД ГЕНРИ, 2008 АЗЫ 23 ДЕКАБРЬ).

ЧЫРЫСТИЙЫ райгуырӕн боны номыл кӕй фӕкӕнынц, уыцы бӕрӕгбон (Рождество) цас хӕстӕгдӕр вӕййы, уыйас арӕхдӕр ахӕм зарджытӕ фӕзарынц, стӕй ахӕм кинотӕ ӕмӕ программӕтӕ февдисынц, цӕмӕй адӕм цин кӕной ӕмӕ бӕрӕгбонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсой. Ды та куыд хъуыды кӕныс, бӕрӕгбонмӕ адӕймаг сӕйраджыдӕр цӕмӕн фенхъӕлмӕ кӕсы? Уыцы рӕстӕг ӕппӕты ахсджиагдӕр цы вӕййы:

● Чырыстийы мысын?

● Иннӕтӕн лӕвӕрттӕ кӕнын?

● Ӕххуыс кӕнын мӕгуыртӕн?

● Бинонтимӕ рӕстӕг ӕрвитын?

● Фарнмӕ тырнын?

Уӕлдӕр кӕй ныхӕстӕ фыст сты, уыцы губернатор куыд загъта, афтӕмӕй, ацы бӕрӕгбон чи бӕрӕг кӕны, уыдонӕй бирӕтӕн ацы хъуыддӕгтӕй иу дӕр сӕ къухы нӕ бафты. Уыцы рӕстӕг арӕх адӕймаг стыхсы ӕмӕ дуне ӕхца бахардз кӕны. Рождествойы адӕм хъуамӕ цин кӕной ӕмӕ кӕрӕдзийӕн хорздзинад аразой. Фӕлӕ цымӕ уымӕн гӕнӕн ис?

Библи не ’ппӕты дӕр фӕдзӕхсы, цӕмӕй Чырыстийы нӕ зӕрдыл дарӕм, рӕдау уӕм, иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм ӕмӕ нӕ рӕстӕг нӕ бинонтимӕ ӕрвитӕм. Стӕй нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй фарнмӕ тырнӕм. Ацы статьяты, иуӕй-иутӕ Рождество цӕуылнӕ бӕрӕг кӕнынц, ууыл нӕ дзурдзыстӕм *, фӕлӕ ӕркӕсдзыстӕм цалдӕр фарстамӕ.

● Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ Рождество цӕмӕн хъӕуы бӕрӕг кӕнын?

● Кӕд Рождествойы рӕстӕг адӕм хъуамӕ цин кӕной ӕмӕ кӕрӕдзийӕн хорздзинад аразой, уӕд сын уый зын цӕмӕн вӕййы?

● Милуангай адӕмӕн Библийӕ цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кодтой, Рождествойӕ хуыздӕр цы ис, уый ссарынӕн?

[Фиппаинаг]

^ 10 абз. Иуӕй-иутӕ Рождество кӕй нӕ бӕрӕг кӕнынц, уымӕн Библийӕ цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис ӕрхӕссӕн, уый базонӕн ис статьяйӕ «Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц. Иуӕй-иутӕ Рождество цӕуылнӕ бӕрӕг кӕнынц?», 10 фарс.