Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Ныхас хуыздӕр базон

Хуыцау Чырыстийы зӕхмӕ цӕмӕн рарвыста?

Хуыцау Чырыстийы зӕхмӕ цӕмӕн рарвыста?

Ацы статьяйы ӕвзӕрст цӕуынц, ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр кӕуыл хъуыды кодтай, ахӕм фарстатӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ демӕ ӕхсызгонӕй аныхас кӕндзысты, уыцы фарстатӕй алкӕцыйӕн дӕр Библи цы дзуапп дӕтты, ууыл.

1. Чырысти кӕм уыд, цалынмӕ йӕ Хуыцау зӕхмӕ нӕ рарвыста, уӕдмӕ?

Чырысти цалынмӕ Вифлеемы нӕ райгуырд, уӕдмӕ уыд зӕд ӕмӕ цард уӕлӕрвты. Хуыцау ӕппӕты фыццаг уый сфӕлдыста. Йӕхӕдӕг ӕй кӕй сфӕлдыста, уымӕ гӕсгӕ йӕ Библи хоны Хуыцауы иунӕггуырд Фырт. Уӕлӕрвты куы уыд, уӕд-иу арӕх дзырдта Хуыцауы номӕй. Уымӕ гӕсгӕ ма йӕ Библи хоны Дзырд дӕр. Уымӕй уӕлдай Фырт йӕ Фыдӕн ӕххуыс кодта ӕмӕ, Дун-дунейы цыдӕриддӕр ис, уыдон сфӕлдыстой иумӕ (Иоанны 1:1–3, 14, фиппаинаг). Хуыцау цалынмӕ адӕмы не сфӕлдыста, уӕдмӕ Чырысти йемӕ уӕлӕрвты цард миллиардгай азтӕ. (Бакӕс Михей 5:2; Иоанны 17:5.)

2. Хуыцау афтӕ куыд бакодта, ӕмӕ йӕ Фырт зӕххыл райгуырд?

Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы руаджы афтӕ бакодта, ӕмӕ йӕ Фырт райгуырд Марийӕйӕ. Уымӕ гӕсгӕ Чырыстийӕн зӕххон фыд нӕ уыд. Зӕдтӕ уыцы хабар фехъусын кодтой, сӕ дзугтимӕ ӕхсӕвыгон быдыры чи уыд, уыцы фыййӕуттӕн (Лукайы 2:8–12). Уӕдӕ бӕрӕг у, Чырысти зымӕджы хъызты кӕй нӕ райгуырд, фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, октябры райдианы, уазал куы нӕма уыд, уыцы рӕстӕг. Цасдӕры фӕстӕ Марийӕ ӕмӕ йӕ сӕрыхицау Иосиф Йесойы ӕркодтой Назаретмӕ ӕмӕ йӕ уым хъомыл кодтой. Йесо Иосифӕн хи хъӕбулӕй уӕлдай нӕ уыд. (Бакӕс Матфейы 1:18–23.)

Йесойыл 30 азы бӕрц куы цыд, уӕд донаргъуыд райста, ӕмӕ Хуыцау уӕлӕрвтӕй ӕрдзырдта, Йесо йӕ Фырт кӕй у. Уый фӕстӕ Йесо райдыдта, Хуыцау ӕй зӕхмӕ кӕй тыххӕй рарвыста, уыцы куыст кӕнын. (Бакӕс Матфейы 3:16, 17.)

3. Хуыцау Йесойы зӕхмӕ цӕмӕн рарвыста?

Хуыцау Йесойы зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй адӕмӕн рӕстдзинады тыххӕй дзырдтаид. Чырысти адӕмӕн дзырдта, Хуыцауы Паддзахад, ома, уӕлӕрвты чи ис, уыцы хицауад, зӕхмӕ фарн кӕй ӕрхӕсдзӕн. Чырыстийы фӕрцы адӕмӕн фӕзынд ӕнустӕм цӕрыны ныфс (Иоанны 4:14; 18:36, 37). Йесо адӕмӕн амыдта, цы сӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй ӕцӕг амондджын уой (Матфейы 5:3; 6:19–21). Ӕмӕ сын цы амыдта, уый хъуыддагӕй дӕр ӕвдыста. Зӕгъӕм, равдыста, Хуыцауы фӕндон цыфӕнды зын уавӕрты дӕр кӕй ис ӕххӕст кӕнӕн. Кӕд-иу ӕй ӕфхӕрдтой, уӕддӕр йӕ маст никӕмӕй иста. (Бакӕс 1 Петры 2:21–24.)

Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты ахуыр кодта, цӕмӕй иннӕты удуӕлдай уарзтӕй уарзтаиккой. Чырысти уыд зӕд ӕмӕ уӕлӕрвты йӕ Фыдимӕ цард, фӕлӕ йӕ Фыды ныхасыл сӕрныллӕгӕй сразы, ӕмӕ зӕхмӕ ӕрцыд, цӕмӕй адӕмы ’хсӕн цардаид. Ӕцӕг уарзондзинад цы у, уый Йесо куыд равдыста, афтӕ ничи. (Бакӕс Иоанны 15:12, 13; Филиппӕгтӕм 2:5–8.)

4. Чырыстийы мӕлӕт адӕмӕн цы пайда ӕрхаста?

Хуыцау ма Чырыстийы зӕхмӕ уый тыххӕй рарвыста, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдты тыххӕй йӕ цард радтаид (Иоанны 3:16). Мах не ’ппӕт дӕр стӕм тӕригъӕдджынтӕ, ома стӕм ӕнӕххӕст ӕмӕ арӕх рӕдийӕм. Рынчын дӕр ӕмӕ мӕлгӕ дӕр уый тыххӕй кӕнӕм. Махӕй уӕлдай фыццаг нӕлгоймаг Адам уыд ӕххӕст адӕймаг. Райдианы Адаммӕ ницы тӕригъӕд уыд, ӕмӕ мӕлгӕ дӕр хъуамӕ макуы акодтаид, стӕй рынчын дӕр хъуамӕ макуы фӕуыдаид. Фӕлӕ Хуыцауы коммӕ куы нӕ бакаст, уӕд ӕххӕст нал уыд. Адамӕй нӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастам, мӕлгӕ дӕр уый тыххӕй кӕнӕм. (Бакӕс Ромӕгтӕм 5:12; 6:23.)

Чырысти, ӕххӕст адӕймаг, йӕхи тӕригъӕдты тыххӕй нӕ амард, фӕлӕ мах тӕригъӕдты тыххӕй. Чырыстийы мӕлӕты фӕрцы нӕ бон у, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм ӕмӕ Хуыцауы арфӕдзинӕдтӕй хайджын уӕм. (Бакӕс 1 Петры 3:18.)

Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс ацы чиныг, «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 4 ӕмӕ 5 сӕртӕ. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.