Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Цымӕ Йесо афтӕ куы загъта, цӕххӕн йӕ тых куы фесӕфа, зӕгъгӕ, уӕд мыййаг рӕдигӕ фӕкодта?

Чырысти хохыл адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд сын загъта: «Сымах стут зӕххы цӕхх. Фӕлӕ цӕххӕн йӕ тых куы фесӕфа, уӕд ма йӕ цӕмӕй сцӕхджын кӕндзынӕ? Ӕддӕмӕ, адӕмы къӕхты бынмӕ акалыны йеддӕмӕ ӕндӕр ницӕмӕнуал бӕздзӕн» (Матфейы 5:13). Цӕххы фӕрцы хойраг бирӕ фӕлӕууы, нӕ фесӕфы. Уымӕ гӕсгӕ Йесойы ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ бон кӕй уыд ӕмӕ сӕ хӕс дӕр кӕй уыд, цӕмӕй иннӕтӕн сӕ уырнындзинад, стӕй се ’фсарм ӕмӕ се ’гъдау хъахъхъӕнынӕн ӕххуыс кодтаиккой.

Йесойы ныхӕсты фӕдыл иу энциклопедийы фыст ис: «Мард денджызы цы цӕхх уыд, уый-иу арӕхдӕр хӕццӕ уыд ӕндӕр минералтимӕ; цӕхх-иу куы батади, уӕд ма-иу дзы баззад, ад кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм минералтӕ» (The International Standard Bible Encyclopedia). Уӕдӕ ма-иу цӕххӕй цы баззад, уый тыххӕй Йесо дӕр дзӕгъӕлы нӕ загъта, «акалыны йеддӕмӕ ӕндӕр ницӕмӕнуал бӕздзӕн», зӕгъгӕ. Уыцы энциклопедийы ма фыст ис: «Кӕд Мард денджызы цӕхх иннӕ денджызты цӕххытӕй чъизидӕр уыд, уӕддӕр ӕнцон ӕмбырд кӕнӕн кӕй уыд (цӕхх-иу ӕмбырд кодтой доны былгӕрӕтты), уымӕ гӕсгӕ Палестинӕйы арӕхдӕр пайда кодтой уыцы цӕххӕй».

Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы сӕфт драхмӕйы кой ракодта, уый адӕмӕн цӕуыл дзурӕг уыд?

Йесо радзырдта фӕсномыг ныхас, йӕ дӕс драхмӕйӕ иу чи фесӕфта, уыцы сылгоймаджы тыххӕй. Сылгоймаг цырагъ ссыгъта ӕмӕ йӕ хӕдзар мӕрзын райдыдта, ӕмӕ цалынмӕ йӕ драхмӕ не ссардта, уӕдмӕ йӕ агуырдта (Лукайы 15:8–10). Уӕды заман драхмӕ гыццыл ӕхца нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ кусӕгӕн уыд йӕ иу боны мызд. Фӕлӕ ацы фӕсномыг ныхас ӕрмӕст уый тыххӕй нӕу ахсджиаг.

Иуӕй-иу чингуыты фыст ис, сылгоймӕгтӕ-иу драхмӕтӕй арӕх сӕ дзаумӕттӕ кӕй аив кодтой. Чи зоны, Йесо цы драхмӕйы кой кодта, уый дӕр уыд, сылгоймаджы бинонтӕм тынг рагӕй чи уыд, ахӕм аивгӕнӕн кӕнӕ та сылгоймагӕн уыди йӕ чындздзон дзаумӕттимӕ. Хабар афтӕ уыди ӕви нӕ, уӕддӕр, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сылгоймаг, йӕ драхмӕ кӕй фесӕфта, ууыл тынг мӕт кодта ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй агуырдта.

Йесойы заман-иу адӕм хӕдзӕрттӕ арӕзтой афтӕ, цӕмӕй-иу мидӕмӕ хур ма кастаид ӕмӕ дзы тӕвд ма уыдаид. Кӕд-иу хӕдзарӕн рудзгуытӕ уыд, уӕддӕр ӕрмӕст цалдӕр. Хӕдзӕртты пъолтӕ-иу бамбӕрзтой хъӕмпӕй кӕнӕ хус кӕрдӕджы хъӕдтӕй, ӕмӕ драхмӕ уырдӕм куы ’рхаудаид, уӕд тынг зын ссарӕн уыдаид. Иу ахуыргонд загъта: «Ахӕм пъолмӕ-иу исты гыццыл дзаумӕ, зӕгъӕм, ӕхца куы ӕрхауд, уӕд-иу ӕй цӕмӕй ссардтаиккой, уый тыххӕй-иу цырагъ ссыгътой ӕмӕ-иу хӕдзар рамарзтой».

[Ныв 21 фарсыл]

Цӕхх Мард денджызы былгӕрӕтты

[Нывтӕ 21 фарсыл]

Драхмӕ