Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕн

Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕн

«Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (ИАК. 4:8).

1, 2. а) Хӕйрӕг куыд архайы, цӕмӕй адӕмыл хинӕй рацӕуа? ӕ) Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм?

ЙЕГЪОВӔ ХУЫЦАУ адӕмы афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм ӕввахс кӕной. Фӕлӕ Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй мах дӕр уыйау афтӕ хъуыды кӕнын райдайӕм, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ нӕ хъӕуы. Уыцы мӕнг ныхӕстӕй Хӕйрӕг адӕмы фӕсайыныл архайы, кӕддӕр Едемы цӕхӕрадоны Евӕйы куы асайдта, уӕдӕй фӕстӕмӕ (Райд. 3:4–6). Ӕмӕ уӕдӕй абоны онг уыцы мӕнг ныхӕстыл бирӕтӕ ӕууӕндынц.

2 Фӕлӕ махӕн нӕ бон у, ӕмӕ нӕхи уыцы къӕппӕгӕй бахизӕм. Хӕйрӕг «куыд архайы, уый нын ӕнӕзонгӕ нӕу» (2 Кор. 2:11). Уый фӕнды, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйӕ адард кӕна, ӕмӕ нӕ уый тыххӕй рӕдыд фӕндагыл ардауы. Айразмӕйы статьяйӕ мах базыдтам, нӕ бон куыд у раст уынаффӕтӕ хӕссын куыст, ирхӕфсӕнтӕ ӕмӕ бинонтимӕ баст хъуыддӕгты. Ацы статьяйы та аныхас кӕндзыстӕм техникӕ, ӕнӕниздзинад, ӕхца ӕмӕ сӕрыстырдзинадыл. Ацы хъуыддӕгтӕм дӕр хъуамӕ раст цӕстӕй кӕсӕм, цӕмӕй нӕ бон уа Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнын (Иак. 4:8).

ТЕХНИКӔ

3. Компьютертӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм техникӕ адӕймагӕн пайда кӕд вӕййынц? Ӕмӕ йын зиан та кӕд фӕхӕссынц?

3 Ӕгас дунейы дӕр фылдӕрӕй-фылдӕр адӕм пайда кӕнынц компьютертӕй ӕмӕ ӕндӕр ахӕм техникӕйӕ. Ӕмбаргӕйӕ дзы куы пайда кӕнӕм, уӕд ахӕм техникӕ хорз ӕххуыс у. Фӕлӕ дзы раст куы нӕ пайда кӕнӕм, уӕд та уый тыххӕй нӕ уӕларвон Фыдӕй адард уыдзыстӕм. Ахӕм техникӕ хорз ӕххуыс цӕмӕй у? Зӕгъӕм, ныр дӕ къухы цы журнал ис, уый фыст ӕрцыд ӕмӕ мыхуыры рацыд компьютерты фӕрцы. Компьютерты руаджы ис бирӕ алыхуызон информаци ссарӕн, стӕй уый фӕрцы адӕмӕн сӕ бон у кӕрӕдзимӕ истытӕ фыссын, кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕнын. Компьютерты фӕрцы ма адӕймаг сӕрибар рӕстӕг йӕхи цӕмӕйдӕрты аирхӕфсы. Фӕлӕ хатт афтӕ рауайы, ӕмӕ адӕймаджы компьютерты йеддӕмӕ ӕндӕр ницӕйуал мӕт вӕййы. Ногӕй-ногмӕ цы техникӕ рауадзынц, уый рекламӕйы афтӕ равдисынц, ӕмӕ адӕймаг ахъуыды кӕны, зӕгъгӕ, ай мӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы. Иу ӕрыгон лӕппуйы цавӕрдӕр къухыхӕсгӕ компьютер афтӕ тынг ӕрхъуыди, ӕмӕ йӕ уыргтӕй иу сусӕгӕй ауӕй кодта, цӕмӕй уыцы компьютер балхӕдтаид. Дӕхицӕн афтӕ бакӕнай, уый ӕнӕзонд ми куыннӕ у!

4. Иу ӕфсымӕр цы сарӕзта, цӕмӕй компьютерыл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг мауал хардз кодтаид?

4 Фӕлӕ уымӕй стырдӕр бӕллӕх та у, компьютерты тыххӕй Йегъовӕйӕ куы адард уай. Адӕймагӕн йӕ хабар афтӕ рауайы, ахӕм техникӕйӕ раст куы нӕ фӕпайда кӕны йе та йыл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг куы фӕхардз кӕны, уӕд. 30 азы бӕрц кӕуыл цӕуы, иу ахӕм чырыстон, Йон *, зӕгъгӕ, афтӕ загъта: «Зонын ӕй, Библи афтӕ кӕй зӕгъы, ӕмӕ хъуамӕ нӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнӕм, ома нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм. Фӕлӕ компьютерыл куы дзурӕм, уӕд мӕхӕдӕг мӕхицӕн цыфыддӕр знаг дӕн». Арӕх-иу Йон суанг ӕмбисӕхсӕвмӕ компьютеры раз бадгӕйӕ баззад. «Мӕ зонгӕтимӕ-иу кӕрӕдзимӕ фыстам,– зӕгъы Йон,– стӕй-иу алыхуызон видеороликтӕм кастӕн, ӕмӕ-иу, раст зӕгъгӕйӕ, алы хатт хорз нӕ уыдысты. Фӕлӕ диссаг уый у, ӕмӕ-иу цас фӕлладдӕр уыдтӕн, уыйас-иу мын зындӕр уыди мӕхи компьютерӕй атонын». Цӕмӕй уыцы ӕвзӕр ахуырыл фӕтых уыдаид, уый тыххӕй Йон йӕ компьютеры ахӕм функци скодта, цӕмӕй-иу ын фынӕй афон йӕхигъӕдӕй ахуыссыдаид. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:15, 16.)

Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй компьютертӕй ӕмбаргӕйӕ пайда кӕной

5, 6. а) Ныййарджытӕн сӕ сывӕллӕтты раз цавӕр хӕс ис? ӕ) Цӕмӕй сывӕллӕттӕн хорз ӕмбӕлттӕ уа, уый тыххӕй ныййарджытӕн сӕ бон цы у аразын?

5 Ныййарджытӕ, сымах та цы хъуамӕ дарат уӕ зӕрдыл? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллӕттӕн сӕ алы къахдзӕф хъахъхъӕнын нӕ хъӕуы. Фӕлӕ, компьютерӕй куыд пайда кӕнынц, уымӕ та хъуамӕ уӕ хъус дарат. Ӕрмӕст сӕ истӕуыл бафтауат ӕмӕ уӕ ма хъыгдарой, уый тыххӕй-иу сӕ компьютеры бар ма бакӕнут, уымӕн ӕмӕ тӕссаг у, ӕнӕгъдау митӕ кӕнӕ спиритизмы кой кӕм ис, ахӕм сайттӕм куы бахизой, тыхми кӕм ис, ахӕм хъӕзтытӕй куы хъазой ӕмӕ Интернеты уылты сӕхи ӕвзӕр адӕмимӕ куы сбӕттой. Сӕхи бар сӕ куы ныууадзат, уӕд ахъуыды кӕндзысты: «Кӕд нын папӕ ӕмӕ мамӕ ницы дзурынц, уӕд дзы ӕвзӕрӕй ницы ис». Ныййарджытӕ, сымахӕн уӕ хӕс у, цӕмӕй уӕ сывӕллӕтты хъахъхъӕнат, Йегъовӕйӕ сӕ цы адард кӕндзӕн, уыдӕттӕй, бынтон гыццыл куы нал уой, уӕддӕр. Суанг ма хъӕддаг сырдтӕ дӕр сӕ лӕппынты куы фӕхъахъхъӕнынц. Ахъуыды-ма кӕнут, арсӕн йӕ лӕппынтӕм исчи куы бахъава, уӕд ын цытӕ акӕндзӕн! (Абар Осийы 13:8.)

6 Бацархайут, цӕмӕй-иу уӕ сывӕллӕттӕ сӕ рӕстӕг ӕрвитой фӕзминаг чырыстӕттимӕ – ӕрыгӕттимӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтимӕ дӕр. Стӕй уӕ зӕрдыл дарут, уӕ сывӕллӕтты ӕппӕты тынгдӕр кӕй хъӕуы, цӕмӕй сымах уат семӕ. Уӕдӕ-иу рӕстӕг рахицӕн кӕнут, цӕмӕй-иу семӕ иумӕ ахудат, истӕмӕй ахъазат, истытӕ бакусат ӕмӕ Хуыцаумӕ иумӕ ӕввахс кӕнат *.

ӔНӔНИЗДЗИНАД

7. Ӕнӕниз уӕм, уый нӕ цӕмӕн фӕнды?

7 «Де ’нӕниздзинад куыд у?» Адӕм кӕрӕдзи арӕх фӕфӕрысынц афтӕ. Фӕлӕ, хъыгагӕн, ацы фарста ӕргом кӕны, адӕм цы ӕвзӕр уавӕры сты, уый. Кӕддӕр нӕ рагфыдӕлтӕ Хӕйрӕджы зондыл кӕй ацыдысты ӕмӕ Йегъовӕйӕ кӕй адард сты, уый тыххӕй не ’ппӕт дӕр рынчын кӕнӕм. Адӕм рынчын кӕй кӕнынц, уый фӕрцы Хӕйрӕгӕн йӕ фӕнд йӕ къухы ӕнцондӕртӕй ӕфты, уымӕн ӕмӕ рынчын куы вӕййӕм, уӕд нын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын зындӕр вӕййы. Ӕмӕ адӕймаг куы амӕлы, уӕд та Хуыцауӕн ӕппындӕр нал фӕлӕггад кӕны (Пс. 115:17). Уӕдӕ нӕ дзӕгъӕлы нӕ фӕнды, цӕмӕй ӕнӕниз уӕм *. Стӕй не ’фсымӕрты ӕмӕ нӕ хоты ӕнӕниздзинадыл дӕр куыннӕ тыхсӕм.

8, 9. а) Цӕмӕй не ’нӕниздзинадыл ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын? ӕ) Нӕ зӕрдӕйы циндзинад уа, уый хорз цӕмӕй у?

8 Фӕлӕ уӕддӕр ӕнӕниздзинадимӕ баст хъуыддӕгтыл хъуамӕ ӕгӕр ма суӕм. Иуӕй-иу чырыстӕттӕ цавӕрдӕр хостӕ, диетӕтӕ кӕнӕ хос кӕныны мадзӕлтты тыххӕй куыд зӕрдиагӕй фӕдзурынц, афтӕ зӕрдиагӕй хорз хабар дӕр нӕ фӕхъусын кӕнынц. Чи зоны сӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ фӕфӕнды иннӕтӕн баххуыс кӕнын. Фӕлӕ уӕддӕр ӕмбырдты ӕмӕ конгрессты размӕ кӕнӕ уый фӕстӕ алыхуызон хостӕ уӕй кӕнын ӕмӕ хи дзӕбӕх кӕныны мадзӕлттыл дзурын раст нӕу. Цӕуылнӕ?

9 Мах уый тыххӕй ӕрӕмбырд вӕййӕм, цӕмӕй-иу нӕ уырнындзинадимӕ баст хъуыддӕгтыл аныхас кӕнӕм. Стӕй ма уыцы фембӕлдты хъуамӕ рӕзын кӕнӕм, Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый, зӕгъӕм, цин (Гал. 5:22). Ахӕм фембӕлдтӕ уый тыххӕй не сты, цӕмӕй иннӕтӕн дзурӕм, се ’нӕниздзинад куыд фӕхуыздӕр кӕной йе та цавӕр хостӕ нуазой, кӕд нӕ сӕхӕдӕг фӕрсой, уӕддӕр. Афтӕмӕй сын сӕ циндзинад ӕрмынӕг кӕндзыстӕм (Ром. 14:17). Адӕймаг йӕхицӕн куыд хос кӕндзӕн, уый хъуамӕ йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕна. Стӕй ма уый дӕр рох кӕнын нӕ хъӕуы, ӕмӕ низтӕн се ’ппӕтӕн хос нӕй. Ӕппӕты хуыздӕр дохтыртӕ дӕр фӕрынчын вӕййынц ӕмӕ базӕронд вӕййынц, стӕй ӕнӕмӕлгӕ дӕр не сты. Не ’нӕниздзинадыл тынг куы мӕт кӕнӕм, уӕддӕр уымӕй нӕ цардыл нӕ бафтаудзыстӕм (Лук. 12:25). Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй хъӕлдзӕг зӕрдӕ та «хосау дзӕбӕх кӕны» (Ӕмб. 17:22).

10. а) Йегъовӕйы цӕсты адӕймаг рӕсугъд цӕмӕй вӕййы? ӕ) Бынтон ӕнӕниз кӕд уыдзыстӕм?

10 Не ’нӕниздзинадыл куыд фӕтыхсӕм, афтӕ не ’ддаг бакастыл дӕр тыхсӕм, ӕмӕ уым диссагӕй ницы ис. Фӕлӕ хъуамӕ ахӕм хъуыдыйыл ма ныллӕууӕм, зӕгъгӕ, цыфӕнды дӕр сараздзынӕн, цӕмӕй мыл мӕ азтӕ ма зыной. Адӕймагӕн йӕ азтӕ цӕмӕй вӕййынц бӕрӕг, уыдӕттӕ арӕх дзурӕг вӕййынц фӕлтӕрддзинадыл, кадыл ӕмӕ удыхъӕды рӕсугъддзинадыл. Зӕгъӕм, Библийы фыст ис: «Адӕймагӕн йӕ урс сӕр у рӕсугъд кадыхуд, рӕстдзинады фӕндагыл куы уа, уӕд» (Ӕмб. 16:31). Гъе ахӕм цӕстӕй нӕм кӕсы Йегъовӕ, ӕмӕ мах дӕр нӕхимӕ хъуамӕ уый цӕстӕй кӕсӕм. (Бакӕс 1 Петры 3:3, 4.) Ӕмӕ ма уӕд не ’ддаг бакаст гыццыл фӕрӕсугъддӕр кӕныны тыххӕй нӕхицӕн тӕссаг операцитӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хабӕрттӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕнӕм? Адӕймаджы ӕцӕг рӕсугъд кӕны, «Йегъовӕ цы циндзинад дӕтты, уый». Ӕмӕ уыцы рӕсугъддзинад та цӕуы зӕрдӕйӕ, адӕймаг цыфӕнды кары ма уа ӕмӕ йе ’нӕниздзинад цыфӕнды уавӕры ма уа, уӕддӕр (Неем. 8:10). Бынтон ӕнӕниз ӕрмӕстдӕр ног дунейы уыдзыстӕм ӕмӕ, ӕрыгонӕй куыд рӕсугъд уыдыстӕм, афтӕ рӕсугъд ӕрмӕстдӕр уӕд суыдзыстӕм (Иов 33:25; Ис. 33:24). Уӕдмӕ та уал ӕмбаргӕйӕ архайӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕмӕ алкӕддӕр ӕввахс уӕм. Афтӕмӕй абон дӕр нӕ цардӕй райгонд уыдзыстӕм, не ’нӕниздзинад цыфӕнды уавӕры ма уа, уӕддӕр (1 Тим. 4:8).

ӔХЦА

11. Куыд ис уый гӕнӕн, ӕмӕ нын ӕхца къӕппӕг суа?

11 Ӕхца ӕвзӕр нӕу, стӕй, ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ӕхца кусай, уым дӕр ӕвзӕрӕй ницы ис (Еккл. 7:12; Лук. 19:12, 13). Фӕлӕ «ӕхцауарзаг» куы суӕм, уӕд ӕнӕмӕнгдӕр Йегъовӕйӕ адард уыдзыстӕм (1 Тим. 6:9, 10). «Ацы царды сагъӕстыл» куы суӕм, ома нӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттыл ӕгӕр куы мӕт кӕнӕм, уӕд нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уыдзӕн. Раст афтӕ рауайдзӕн хабар, «хъӕздыгдзинад нӕ йӕ фӕдыл [куы] асайа», уӕд дӕр, ома афтӕ хъуыды кӕнын куы райдайӕм, ӕмӕ амондджын ӕмӕ ӕдас уыдзыстӕм, бирӕ ӕхца нӕм куы уа, уӕд (Матф. 13:22). Йесо бӕлвырд загъта, «иу адӕймагӕн дӕр» йӕ бон кӕй нӕу Хуыцауӕн дӕр лӕггад кӕнын ӕмӕ хъӕздыгдзинадмӕ дӕр тырнын (Матф. 6:24).

12. Ӕхцаимӕ баст хъуыддӕгты адӕм цавӕр къӕппӕджыты бахауынц? Уыцы къӕппӕджытӕй мах нӕхи куыд бахиздзыстӕм?

12 Ӕхцамӕ раст цӕстӕй куы нӕ кӕсӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ архайгӕ дӕр раст мауал кӕнӕм (Ӕмб. 28:20). Иуӕй-иу чырыстӕттӕ, ӕнӕ фыдӕбонӕй ӕхца бакусой, уый ныфсӕй балхӕнынц лотерейӕйы билеттӕ. Иннӕтӕ та, цыбыр рӕстӕгмӕ бирӕ ӕхца бакусӕн кӕй фӕрцы вӕййы, ахӕм хъуыддаджы ныллӕууынц, ӕмӕ ма фӕархайынц, цӕмӕй ӕмбырды иннӕты дӕр ууыл сразы кӕной. Чидӕртӕ та баууӕндынц ахӕм ныхӕстыл, ӕхца ӕрӕвӕр ӕмӕ фӕстӕмӕ бирӕ фылдӕр райсдзынӕ, зӕгъгӕ, фӕлӕ фӕсайды вӕййынц. Ма бауадз, цӕмӕй дӕ цӕст ӕхцамӕ бабӕлла ӕмӕ уый тыххӕй дӕ дзыпп сафтид уа. Къӕрцхъус ӕмӕ ӕмбаргӕ у. Ныфс дын цӕмӕй ӕвӕрынц, уый дӕм кӕд аргъауы хуызӕн кӕсы, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, ӕцӕгдӕр аргъау у.

13. Ацы дуне ӕхцамӕ цы цӕстӕй кӕсы? Ӕмӕ Йегъовӕ та куыд хъуыды кӕны?

13 «Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад» нӕ царды фыццаг бынаты куы ӕвӕрӕм, уӕд нын Йегъовӕ арфӕ кӕндзӕн ӕмӕ нӕхи дарынхъом уыдзыстӕм (Матф. 6:33; Еф. 4:28). Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕхи фыргуыстӕй марӕм ӕмӕ стӕй ӕмбырды фынӕй кӕнӕм. Нӕ йӕ фӕнды уый дӕр, цӕмӕй Паддзахады залы бадгӕйӕ ӕхцайыл мӕт кӕнӕм. Ацы дунейы бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ абон хъуамӕ сӕ хъарутӕ иууылдӕр ӕхца бакусынмӕ раттой, цӕмӕй сомбон ӕдыхст ӕмӕ ӕнӕмӕт уой. Ӕмӕ уыцы адӕм арӕх сӕ сывӕллӕтты дӕр ахӕм зондыл фӕаразынц. Фӕлӕ Йесо бамбарын кодта, афтӕ хъуыды кӕнын зондыл дзурӕг кӕй нӕу. (Бакӕс Лукайы 12:15–21.) Гиезийы-ма ӕрхъуыды кӕнӕм. Уыцы зыдгӕнаг адӕймаг афтӕ ӕнхъӕлдта, ӕмӕ мулкмӕ куы бӕлла, уӕд дӕр Йегъовӕйы хорзӕхӕй хайджын уыдзӕн. Фӕлӕ куыд тынг рӕдыд! (2 Пад. 5:20–27).

14, 15. Ӕхцайыл нӕ ныфс цӕуылнӕ хъуамӕ дарӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

14 Цӕргӕс стыр кӕсаг куы ’рцахсы ӕмӕ ӕгӕр уӕззау куы разыны, уӕд ӕй кӕсаг йӕ фӕдыл аласы. Ӕмӕ йӕ цӕргӕс куы не суадзы, уӕд аныгъуылы. Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ чырыстоныл дӕр ахӕм исты ӕрцӕуа? Иу хистӕр нӕлгоймаг, Алекс, зӕгъы: «Ӕнӕуи тынг фӕстауӕрцгӕнаг дӕн. Шампунӕй ӕгӕр бирӕ куы ’ркӕнын, уӕд дзы иугыццыл фӕстӕмӕ ныккӕнын». Фӕлӕ иуафон Алекс сфӕнд кодта фылдӕр ӕхца бакусын, цӕмӕй уый фӕстӕ йӕ куыст ныууагътаид ӕмӕ пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтаид. Акцитӕ куыд фелхӕнынц ӕмӕ сӕ куыд фӕуӕй кӕнынц, уыдӕтты тыххӕй фылдӕр базыдта, ӕмӕ йӕм цы ’хца уыд, уымӕй иу компанийы акцитӕ балхӕдта. Куыд дзырдтой, афтӕмӕй сӕ аргъ хъуамӕ цыбыр рӕстӕгмӕ тынг схызтаид. Ӕмӕ дзы цӕмӕй ноджы фылдӕр балхӕдтаид, уый тыххӕй ма хӕс дӕр райста! Фӕлӕ уыцы акцитӕн сӕ аргъ ӕвиппайды ӕрхауд. Алекс зӕгъы: «Ме ’хца сафын мӕ нӕ фӕндыд. Ӕмӕ мӕхицӕн загътон, зӕгъгӕ, банхъӕлмӕ кӕсон, цалынмӕ сӕ аргъ фӕстӕмӕ не схиза, уӕдмӕ».

15 Цалдӕр мӕйы дӕргъы Алексӕн йӕ бон ӕндӕр ницӕуыл уыди хъуыды кӕнын, суанг йӕ лӕггадимӕ баст хъуыддӕгтыл дӕр. Ӕхсӕв фынӕй дӕр нал кодта. Фӕлӕ йӕ акцитӕн сӕ аргъ афтӕ дӕр нал схызт. Алексмӕ капекк дӕр нал баззад, ӕмӕ йӕ йӕ хӕдзар ауӕй кӕнын бахъуыд. «Мӕ бинонтӕн бирӕ маст бавзарын кодтон»,– загъта Алекс. Фӕлӕ йын уыцы хабӕрттӕ хорз зондзонӕн фесты. Мӕнӕ цы зӕгъы уый тыххӕй: «Ныр ӕй зонын, Хӕйрӕджы дунейыл йӕ ныфс чи сӕвӕра, уый афтӕ фӕфыдӕнхъӕл уыдзӕн, ӕмӕ ма йӕ сӕр дӕр хойдзӕн» (Ӕмб. 11:28). Кӕд нӕ ныфс ӕхцайыл ӕвӕрӕм кӕнӕ, нӕ бон ӕхца бакусын кӕй бауыдзӕн, уымӕй ныфсджын стӕм, уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ нӕ ныфс ӕвӕрӕм «ацы цардӕвӕрды хуыцауыл» – Хӕйрӕгыл (2 Кор. 4:4; 1 Тим. 6:17). Алекс уыцы хабӕртты фӕстӕ «хорз хабары тыххӕй» йӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кодта. Ӕмӕ йӕ куы бафӕрсай, уӕд дын зӕгъдзӕн, ныр йӕ бинонтимӕ бирӕ амондджындӕр кӕй сты ӕмӕ Йегъовӕмӕ тынгдӕр кӕй баввахс сты. (Бакӕс Марчы 10:29, 30.)

СӔРЫСТЫРДЗИНАД

16. Сӕрыстыр уай, уый хорз кӕд у? Сӕрбӕрзонд куы суӕм, уӕд нӕ уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн?

16 Хорз хъуыддагӕй сӕрыстыр уай, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Зӕгъӕм, мах хъуамӕ алкӕддӕр сӕрыстыр уӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уымӕй (Йер. 9:24). Нӕхицӕн аргъ кӕнын куы зонӕм, уӕд раст уынаффӕтӕ хӕсдзыстӕм ӕмӕ Хуыцауы раз нӕхи ницӕмӕй фегад кӕндзыстӕм. Фӕлӕ сӕрбӕрзонд куы суӕм ӕмӕ нын нӕхи хъуыды Йегъовӕйы хъуыдыйӕ сӕйрагдӕр куы суа, уӕд дзы адард уыдзыстӕм (Пс. 138:6; Ром. 12:3).

Ӕмбырды дын цавӕрдӕр кадджын хӕстӕ кӕй нӕй, ууыл ма мӕт кӕн, фӕлӕ зӕрдӕрайгӕйӕ лӕггад кӕн

17, 18. а) Библийы кӕй кой ис, уыцы адӕмӕй сӕрныллӕг чи уыд? Сӕрбӕрзонд та? ӕ) Иу ӕфсымӕр куыд бацархайдта, цӕмӕй сӕрбӕрзонддзинады тыххӕй Йегъовӕйӕ ма адард уыдаид?

17 Библийы фыст ис сӕрбӕрзонд адӕмы тыххӕй дӕр ӕмӕ, сӕрныллӕг чи уыд, ахӕм адӕмы тыххӕй дӕр. Паддзах Давид Йегъовӕйӕ сӕрныллӕгӕй агуырдта разамынд, ӕмӕ йын уый дӕр арфӕ кодта (Пс. 131:1–3). Фӕлӕ паддзӕхтӕ Навуходоносор ӕмӕ Валтасар та уыдысты сӕрбӕрзонд, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй Йегъовӕ ӕрныллӕг кодта (Дан. 4:30–37; 5:22–30). Абон дӕр вӕййы ахӕм уавӕртӕ, ӕмӕ дзы нӕ сӕрныллӕгдзинад фӕлвӕрд фӕцӕуы. 32 азы кӕуыл цӕуы, иу ахӕм ӕфсымӕр, Райен, лӕггад кодта кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй. Ног ӕмбырдмӕ куы рахызт, уӕд афтӕ ӕнхъӕлдта, ӕмӕ йӕ тагъд рӕстӕг хистӕр нӕлгоймагӕй снысан кӕндзысты. Фӕлӕ иу аз рацыд, ӕмӕ ницы фӕивта. Цымӕ Райен смӕсты ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕнын райдыдта, зӕгъгӕ мын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нӕ аргъ кӕнынц? Мыййаг, сӕрбӕрзонддзинады тыххӕй Йегъовӕйӕ ӕмӕ йӕ адӕмӕй адард ӕмӕ ӕмбырдтӕм дӕр нал цыд? Ды та куыд бакодтаис?

18 Райен загъта: «Нӕ литературӕйы фӕкастӕн, бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыны тыххӕй дзы цыдӕриддӕр ссардтон, уый» (Ӕмб. 13:12). Стӕй ма загъта: «Сабыргай ӕмбарын райдыдтон, фӕразондзинадыл ӕмӕ мӕ сӕрныллӕгдзинадыл кусын кӕй хъӕуы. Хъуамӕ Йегъовӕйӕн радтаин бар, цӕмӕй мӕ ахуыр кӕна». Райен райдыдта фылдӕр хъуыды кӕнын йӕхиуыл нӕ, фӕлӕ иннӕтыл – йе ’мбырды чи уыд, уыдоныл ӕмӕ, кӕмӕн хъусын кодта, уыцы адӕмыл. Цыбыр рӕстӕгмӕ цалдӕр адӕймагимӕ райдыдта Библи ахуыр кӕнын, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр ахуыр кодтой зӕрдиагӕй. Райен загъта: «Уымӕй афӕдз ӕмӕ ӕрдӕг куы рацыд, уӕд мӕ хистӕр нӕлгоймагӕй снысан кодтой. Ӕз уый ӕнхъӕл ӕппындӕр нӕ уыдтӕн – мӕ лӕггад мын уыйбӕрц циндзинад хаста, ӕмӕ ууыл хъуыды дӕр нал кодтон». (Бакӕс Псалом 37:3, 4.)

ЙЕГЪОВӔЙӔ МАКУЫ АДАРД У!

19, 20. а) Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй, ацы дыууӕ статьяйы цы хъуыддӕгтӕм ӕркастыстӕм, уыдоны тыххӕй Йегъовӕйӕ макуы адард уӕм? ӕ) Йегъовӕмӕ ӕввахс чи уыд ӕмӕ сӕ нӕ бон фӕзмын куыд у?

19 Ацы дыууӕ статьяйы цы авд хъуыддагмӕ ӕркастыстӕм, уыдонӕй царды алкӕцыйӕн дӕр ис йӕхи бынат. Мах сӕрыстыр стӕм, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕй. Амондджын бинонтӕ ӕмӕ фидар ӕнӕниздзинад сты Йегъовӕйы лӕвӕрттӕ. Куыст ӕмӕ ӕхца хъӕуынц, цӕмӕй нӕ бон уа нӕхи ӕмӕ нӕ бинонты дарын. Улӕфын ӕмӕ хи ирхӕфсын дӕр хъӕуы, стӕй алыхуызон техникӕ дӕр бирӕ цӕмӕйдӕрты у пайда. Фӕлӕ уыцы хъуыддӕгтыл ӕгӕр куы мӕт кӕнӕм, ӕгӕр бирӕ рӕстӕг сыл куы хардз кӕнӕм ӕмӕ нӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы хъыгдарой, уӕд нӕ Хуыцауӕй адард уыдзыстӕм.

Йегъовӕйӕ дӕ мацы адард кӕнӕд!

20 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хӕйрӕджы растдӕр уый фӕнды. Фӕлӕ дӕ бон у, ӕмӕ дӕхи ӕмӕ дӕ бинонты ахӕм фыдбылызӕй бахъахъхъӕнай (Ӕмб. 22:3). Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕн ӕмӕ дзы макуы адард у. Афтӕ чи архайдта, ахӕм адӕмы цӕвиттонтӕ Библийы бирӕ ис. Енох ӕмӕ Ной «цыдысты ӕцӕг Хуыцауимӕ» (Райд. 5:22; 6:9). Моисей «уыд фидар, цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы цыма уынгӕ кодта, афтӕ» (Дзут. 11:27). Йесо Чырысти алкӕддӕр арӕзта, йӕ уӕларвон Фыдӕн ӕхсызгон цы уыд, уый, ӕмӕ йын Хуыцау дӕр ӕххуыс кодта (Иоан. 8:29). Ды дӕр уыдоны фӕзм. «Алкӕддӕр цин кӕн. Ӕппынӕдзух кув. Алцӕй тыххӕй дӕр бузныг дзур» (1 Фес. 5:16–18). Ӕмӕ мацӕмӕн ратт уый бар, цӕмӕй дӕ Йегъовӕйӕ адард кӕна!

^ 4 абз. Нӕмттӕ ивд сты.

^ 6 абз. Кӕс 2011 азы октябры «Пробудитесь!», «Как воспитать ребенка ответственным человеком».

^ 7 абз. Кӕс 2011 азы мартъийы «Пробудитесь!», «Пять секретов здоровья».