Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бынӕн нын лӕвӕрд чи ӕрцыд, уыцы хӕзнайӕн аргъ кӕныс?

Бынӕн нын лӕвӕрд чи ӕрцыд, уыцы хӕзнайӕн аргъ кӕныс?

«Хуыцау иннӕ адӕмтӕм... ӕркаст, цӕмӕй уыдонӕй йӕхицӕн скӕна, йӕ ном ын чи хӕсса, ахӕм адӕм» (ХЪУЫД. 15:14).

1, 2. а) «Давиды... хӕдзар» цӕмӕ амыдта ӕмӕ ногӕй арӕзт куыд хъуамӕ ӕрцыдаид? ӕ) Абон Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны?

НӔ ЭРӔЙЫ 49 азы разамонӕг советӕн Иерусалимы цы ахсджиаг фембӕлд уыд, уым ахуыргӕнинаг Иаков загъта: «Симеон [Петр] радзырдта, Хуыцау иннӕ адӕмтӕм фыццаг хатт куыд ӕркаст, цӕмӕй уыдонӕй йӕхицӕн скӕна, йӕ ном ын чи хӕсса, ахӕм адӕм. Ууыл дзурӕг сты Пехуымпарты чингуыты фыст ныхӕстӕ дӕр: „Уый фӕстӕ ӕз раздӕхдзынӕн ӕмӕ Давиды хӕлд хӕдзар ногӕй сараздзынӕн. Йӕ хӕлддзӕгтӕ йын ӕрӕмбырд кӕндзынӕн ӕмӕ та йӕ ногӕй сараздзынӕн, цӕмӕй ма ацы адӕмӕй чи баззайа, уыдон, ӕппӕт адӕмтӕй мын мӕ ном чи хӕссы, уыдонимӕ иумӕ Йегъовӕйы зӕрдиагӕй агурой,– зӕгъы Йегъовӕ, ацы хъуыддӕгтӕ чи аразы ӕмӕ адӕттӕ саразын тынг раджы чи сфӕнд кодта, уый“» (Хъуыд. 15:13–18).

2 «Давиды... хӕдзар» амыдта, йӕ хӕдзарвӕндагӕй паддзӕхтӕ чи уыд, уыдонмӕ, ӕмӕ хӕлд та ӕрцыд, паддзах Седекийы йӕ паддзахбадӕнӕй куы раппӕрстой, уӕд (Амос 9:11). Фӕлӕ уыцы «хӕдзар» хъуамӕ ногӕй арӕзт ӕрцыдаид, Давиды байзӕддаг Йесо ӕнустӕм паддзах куы суыдаид, уӕд (Йез. 21:27; Хъуыд. 2:29–36). Иаков уыцы ахсджиаг фембӕлды куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй Амосы пехуымпар-ныхасмӕ гӕсгӕ Йесоимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ хъуамӕ уой, дзуттӕгтӕй ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ. Сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдон ӕмӕ Чырыстийы «ӕндӕр фыстӕ» Йегъовӕйӕн иумӕ лӕггад кӕнынц ӕмӕ, Библийы цы рӕстдзинад ис, уый тыххӕй хъусын кӕнынц (Иоан. 10:16).

ДЗУТТӔГТЫ УАЦАРЫ АКОДТОЙ

3, 4. Йегъовӕйы адӕм Вавилоны сӕ уырнындзинад куыд бахъахъхъӕдтой?

3 Дзуттӕгты н. э. размӕ 607 азы Вавилонмӕ уацары куы акодтой, уӕд ма йӕ цы бамбарын хъуыди, «Давиды... хӕдзар» хӕлд кӕй ӕрцыд. Вавилойнӕгтӕ иууылдӕр мӕнг диныл хӕст уыдысты. Ӕмӕ уӕд ахӕм уавӕрты Хуыцауы адӕм 70 азы дӕргъы сӕ уырнындзинад куыд хъахъхъӕдтой? Абон Йегъовӕйы адӕм Хӕйрӕджы дунейы сӕ уырнындзинад куыд хъахъхъӕнынц, раст афтӕ (1 Иоан. 5:19). Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн уый сӕ къухы ӕфты, бынӕн сын лӕвӕрд чи ӕрцыд, уыцы хӕзнайы фӕрцы.

4 Уыцы хӕзнамӕ хауы Хуыцауы Ныхас, Библи. Вавилоны уацары чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕм Сыгъдӕг Фыстад ӕнӕхъӕнӕй нӕ уыд. Фӕлӕ зыдтой Моисейы закъон ӕмӕ дзы цы Дӕс фӕдзӕхсты уыд, уыдон. Рох сӕ нӕ уыдысты «Сионы зарджытӕ», стӕй, Соломон ӕмӕ иннӕтӕ кӕй ныффыстой, уыцы ӕмбисӕндтӕ дӕр. Уыимӕ ма зыдтой, Йегъовӕйы рагон лӕггадгӕнджытӕ сӕ Хуыцауыл куыд иузӕрдион уыдысты, уый тыххӕй дӕр. Уыцы дзуттӕгтӕ Сион мысгӕйӕ куыдтой ӕмӕ Йегъовӕйы нӕ рох кодтой. (Бакӕс Псалом 137:1–6.) Ӕппӕт уыцы хъуыддӕгты фӕрцы сӕ уырнындзинад бахъахъхъӕдтой, кӕд вавилойнӕгтӕ мӕнг ахуырӕдтӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттыл хӕст уыдысты, уӕддӕр.

ТРОИЦӔ НОГ АХУЫРАД НӔУ

5. Рагон Вавилоны ӕмӕ Египеты цы ӕртыгай хуыцӕуттӕн куывтой, уыдоны тыххӕй цы зонӕм?

5 Раджы заманты адӕм куывтой ӕртыгай хуыцӕуттӕн. Зӕгъӕм, Вавилоны цы ӕртыгай хуыцӕуттӕн куывтой, уыдонӕй сӕ иутӕ уыдысты Син (мӕйы бардуаг), Шамаш (хуры бардуаг) ӕмӕ Иштар (ус-хуыцау, уарзт ӕмӕ хӕсты бардуаг). Рагон Египеты цы ӕртыгай хуыцӕуттӕн куывтой, уыдон-иу арӕх уыдысты фыд, мад ӕмӕ фырт, ӕмӕ-иу фыд алы хатт хистӕрыл нымад нӕ уыд, стырдӕр бынат-иу уыди мадӕн, ус-хуыцауӕн. Зӕгъӕм, ахӕм ӕртӕ хуыцауы уыдысты хуыцау Осирис, ус-хуыцау Исидӕ ӕмӕ сӕ фырт Гор.

6. Троицӕ цы у? Йегъовӕйы адӕм уыцы мӕнг ахуырадыл цӕуылнӕ ӕууӕндынц?

6 Абон чырыстон динтыл хӕст адӕм дӕр кувынц ӕртӕ хуыцауӕн – Троицӕйӕн. Сӕ сауджынтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, дам, Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг уд, кӕнӕ тых, сты иу Хуыцау ӕмӕ, дам, уый у Троицӕ. Фӕлӕ уыцы ахуырад Йегъовӕйы бартӕ ӕмӕ кад дӕлӕмӕ кӕны, уымӕн ӕмӕ йӕ афтӕ ӕвдисы, цыма иу Хуыцау нӕу, фӕлӕ Хуыцауӕн ӕрмӕстдӕр йе ’ртыккаг хай. Йегъовӕйы адӕм уыцы мӕнг ахуырадыл не ’ууӕндынц, уымӕн ӕмӕ разы сты Библийы фыст ныхӕстимӕ: «Байхъус, Израил! Нӕ Хуыцау Йегъовӕ у иунӕг Йегъовӕ» (Дык. з. 6:4). Уыцы ныхӕстӕ загъта Йесо Чырысти дӕр. Ӕмӕ йӕхи ӕцӕг чырыстон чи хоны, уыдонӕй йемӕ чи не сразы уыдзӕн? (Мар. 12:29).

7. Троицӕйыл чи ӕууӕнды, ахӕм адӕймагӕн йӕ бон донаргъуыд райсын цӕуылнӕ у?

7 Троицӕйы ахуырад у, Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы бафӕдзӕхста, уый ныхмӕ. Йесо загъта: «Ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг тыхы номыл» (Матф. 28:19). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, адӕймаджы донаргъуыд райсын куы фӕнда, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суа ӕмӕ ӕцӕг чырыстоныл нымад ӕрцӕуа, уӕд хъуамӕ ӕууӕнда, Фыд, ома Йегъовӕ, Йесойӕ уӕлдӕр кӕй у, Йесо та кӕй у Хуыцауы Фырт ӕмӕ зӕхмӕ йӕхи нывондӕн ӕрхӕссынмӕ кӕй ӕрцыд. Стӕй ма хъуамӕ ӕууӕнда ууыл дӕр, ӕмӕ сыгъдӕг тых кӕй у Хуыцауы архайгӕ тых, Троицӕйы хай нӕ, фӕлӕ (Райд. 1:2). Раздӕр Троицӕйыл чи ӕууӕндыд ӕмӕ уыцы ахуырадыл йӕ къух чи нӕ систа, ахӕм адӕймагӕн йӕ бон нӕу донаргъуыд райсын. Троицӕйы ахуырад Хуыцауы ӕгад кӕны. Ӕмӕ, уыцы ахуырады тыххӕй рӕстдзинад кӕй зонӕм, уый хауы, бынӕн нын лӕвӕрд чи ӕрцыд, уыцы хӕзнамӕ.

СПИРИТИЗМ

8. Хуыцӕутты ӕмӕ хӕйрӕджыты тыххӕй вавилойнӕгты цы уырныдта?

8 Вавилойнӕгтӕ ӕрмӕст сӕ хуыцӕуттыл не ’ууӕндыдысты, фӕлӕ ма хӕйрӕджытыл дӕр, ӕмӕ хӕст уыдысты спиритизмыл, ома хинтӕ-кӕлӕнтыл ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтыл. Иу энциклопедийы фыст ис, зӕгъгӕ, вавилойнӕгтӕн сӕ дины фыццаг бынаты уыдысты сӕ хуыцӕуттӕ, дыккаг бынаты та – хӕйрӕджытӕ. Уырныдта сӕ, хӕйрӕджытӕн сӕ бон кӕй у адӕймагыл алыхуызон низтӕ бафтауын. Сӕ дины ӕгъдӕуттӕй бирӕтӕ баст уыдысты, хӕйрӕджыты ныхмӕ куыд фӕлӕууыдаиккой, уыимӕ. Ӕмӕ адӕм сӕ хуыцӕуттӕй куырдтой, цӕмӕй сӕ уыцы хӕйрӕджытӕй хъахъхъӕдтаиккой (The International Standard Bible Encyclopaedia).

9. а) Дзуттӕгтӕ Вавилоны уацары куы уыдысты, уӕд сӕ бирӕтӕ мӕнг диныл куыд бафтыдысты? ӕ) Спиритизм цы зиан хӕссы, уымӕй цӕй фӕрцы стӕм хызт?

9 Дзуттӕгтӕ Вавилоны уацары куы уыдысты, уӕд сӕ бирӕтӕ вавилойнӕгты мӕнг диныл бафтыдысты. Фӕстӕдӕр та, грекъӕгты ахуырӕдтӕ куы апарахат сты, уӕд дзуттӕгтӕй бирӕтӕ райдыдтой ӕууӕндын, хӕйрӕджытӕй хӕрзгӕнджытӕ дӕр кӕй ис. Фӕлӕ махӕн Хуыцау ӕмбарын кӕны, спиритизм, ома хӕйрӕджытимӕ цыдӕриддӕр баст у, уый, тӕссаг кӕй у ӕмӕ дзы нӕхи кӕй хъуамӕ хизӕм. Уыцы хъуыддаг кӕй зонӕм, уый дӕр хауы, бынӕн нын лӕвӕрд чи ӕрцыд, уыцы хӕзнамӕ (Ис. 47:1, 12–15). Хуыцау спиритизмы тыххӕй цы дзуры, уымӕ кӕй хъусӕм, уый фӕрцы хызт стӕм, спиритизм цы зиан хӕссы, уымӕй. (Бакӕс Дыккаг закъон 18:10–12; Раргомад 21:8.)

10. Стыр Вавилоны ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ йӕ ахуырӕдтӕ кӕцӕй равзӕрдысты?

10 Рагон Вавилоны цӕрӕг адӕмау, абон мӕнг диныл хӕст чи у, уыдонӕй дӕр бирӕтӕ кӕнынц спиритизмимӕ баст хъуыддӕгтӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй, зӕххыл цыдӕриддӕр мӕнг динтӕ ис, уыдоны Библи хоны Стыр Вавилон (Рарг. 18:21–24). Уыцы мӕнг динтӕ ӕцӕгдӕр сты рагон Вавилоны дины хуызӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ мӕнг ахуырӕдтӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ уырдыгӕй равзӕрдысты. Уӕдӕ мӕнгхуыцӕуттӕн кӕм кувынц, спиритизмыл ӕмӕ ӕндӕр тӕригъӕдджын хъуыддӕгтыл хӕст кӕм сты, уыцы Стыр Вавилон абон дӕр ис. Фӕлӕ йӕ бонтӕ нымад сты! (Бакӕс Раргомад 18:1–5.)

11. Нӕхи спиритизмӕй цӕмӕн хъуамӕ хизӕм, уый тыххӕй нӕ публикациты цы уыди фыст?

11 Йегъовӕ загъта: «Дӕсны ма фӕрсут ӕмӕ кӕлӕнтӕ ма кӕнут» (Лев. 19:26). 19 ӕнусы спиритизм тынг парахат уыд. Уымӕ гӕсгӕ «Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» 1885 азы майы номыры уый фӕдыл фыст уыд: «Адӕймаг куы амӕлы, уӕд ма дзы цыдӕр цӕргӕйӕ кӕй баззайы, уыцы хъуыды ног нӕу. Рагон динтӕ дӕр уый амыдтой, стӕй алыхуызон адӕмты мифологи дӕр уыцы хъуыдыйыл арӕзт у». Фыст ма дзы уыд, хӕйрӕджытӕ мӕрдты ӕфсон адӕмимӕ кӕй фӕдзурынц ӕмӕ афтӕмӕй бирӕтӕн сӕ зондыл ӕмӕ сӕ цардыл кӕй ӕндавынц. Уыцы рӕстӕг цы трактат рацыд, «Сыгъдӕг Фыстад спиритизмы тыххӕй цы дзуры?», зӕгъгӕ, уым дӕр фыст уыди, нӕхи спиритизмӕй цӕмӕн хъуамӕ хизӕм, уый тыххӕй. Ууыл дзырд цыди, фӕстаг рӕстӕг цы публикацитӕ рауагътам, уыдоны дӕр.

АДӔМЫ УДТӔ ЗЫНДОНЫ ХЪИЗӔМАР КӔНЫНЦ?

12. Мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый тыххӕй Соломон Хуыцауы фӕндӕй цы ныффыста?

12 «Рӕстдзинад чи базыдта, уыдон се ’ппӕт дӕр» зонынц, мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый (2 Иоан. 1). Соломон ныффыста: «Удӕгас куыдзӕн мард домбайӕ хуыздӕр у. Удӕгӕстӕ зонынц, кӕй амӕлдзысты, мӕрдтӕ та ӕппындӕр ницы зонынц... Цыфӕнды ма аразай, араз ӕй ӕппӕт хъарутӕй, уымӕн ӕмӕ ингӕны – кӕдӕм ацӕудзынӕ, уым, нӕдӕр куыст ис, нӕдӕр фӕндтӕ, нӕдӕр зонындзинӕдтӕ, нӕдӕр зонд» (Еккл. 9:4, 5, 10).

13. Дзуттӕгтыл грекъӕгты дин ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ куыд фӕзындысты?

13 Дзуттӕгтӕ зыдтой, мӕрдтӕ ӕцӕгӕй цы уавӕры сты, уый. Фӕлӕ Македойнаг Алыксандры ӕфсады цыппар сӕргълӕууӕджы Грецийы зӕххытӕ куы адих кодтой, уӕд сӕ фӕндыд Иудӕ Сиримӕ ӕрбаиу кӕнын, ӕмӕ архайдтой, цӕмӕй адӕм иууылдӕр грекъаг дин ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ райстаиккой. Уыйадыл дзуттӕгтӕ райдыдтой ӕууӕндын ахӕм мӕнг ахуырадыл, зӕгъгӕ, адӕймагӕн йӕ уд ӕнӕмӕлгӕ у ӕмӕ мӕрдты бӕстӕм куы бахауы, уӕд уым фӕхъизӕмар кӕны. Уыцы мӕнг ахуырадыл грекъӕгтӕй раздӕр ӕндӕр адӕмтӕ дӕр ӕууӕндыдысты. Зӕгъӕм, иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, вавилойнӕгты уырныдта, дӕлдзӕхы ахӕм ӕвирхъау бынат кӕй ис, ӕмӕ дзы хъомысджын, тасӕфтауӕг хуыцӕуттӕ ӕмӕ хӕйрӕджытӕ адӕмы удтӕ хъизӕмарӕй марынц (The Religion of Babylonia and Assyria). Уӕдӕ куыд зыны, афтӕмӕй вавилойнӕгты уырныдта, адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд кӕй ис.

14. Мӕлӕт ӕмӕ райгасдзинады тыххӕй Иов ӕмӕ Авраам цы зыдтой?

14 Рӕстгӕнӕг Иовмӕ кӕд Фыстад нӕ уыд, уӕддӕр зыдта, адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы уавӕры вӕййы, уый. Зыдта уый дӕр, ӕмӕ Йегъовӕ уарзӕгой Хуыцау кӕй у ӕмӕ, Иов куы амардаид, уӕд йӕ райгас кӕнынмӕ кӕй бӕллыдаид (Иов 14:13–15). Авраам дӕр ӕууӕндыд, Хуыцау мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн, ууыл. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:17–19.) Уӕдӕ фидарӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ не ’ууӕндыдысты, адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд кӕй ис, ууыл, уымӕн ӕмӕ райгас кӕнӕн ис, мӕлгӕ чи акодта, ӕрмӕстдӕр уый. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы Иов ӕмӕ Авраам ӕмбӕрстой, мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый ӕмӕ, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл ӕууӕндыдысты. Мӕрдты тыххӕй рӕстдзинад кӕй зонӕм, уый дӕр хауы, бынӕн нын лӕвӕрд чи ӕрцыд, уыцы хӕзнамӕ.

ЧЫРЫСТИЙЫ НЫВОНД АДӔМЫ СӔРИБАР КӔНЫ

15, 16. Хуыцау нӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй цӕй фӕрцы сӕрибар кӕны?

15 Хуыцау нын бамбарын кодта, тӕригъӕд ӕмӕ нӕ мӕлӕтӕй цӕй фӕрцы сӕрибар кӕны, уый. Ӕмӕ дзы уый тыххӕй мах тынг бузныг стӕм (Ром. 5:12). Мах зонӕм, Йесо Чырысти уый тыххӕй кӕй не ’рцыд, «цӕмӕй йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ йӕ уд ратта бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Мар. 10:45). «Йесо Чырысти нӕ кӕй балхӕдта ӕмӕ кӕй ссӕрибар стӕм», уый зонын куыд хорз у! (Ром. 3:22–24).

16 Фыццаг ӕнусы дзуттӕгты ӕмӕ ӕндӕр адӕмты хъуыди сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ Чырыстийы нывондыл баууӕндын. Ӕнӕ уымӕй сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд не ’рцыдаиккой. Абон дӕр хабар афтӕ у (Иоан. 3:16, 36). Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕмӕ мӕнг ахуырӕдтӕ куы цӕуой, зӕгъӕм, Хуыцау Троицӕ кӕй у ӕмӕ адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд кӕй ис, уӕд йӕ бон нӕу, цӕмӕй, Чырыстийы нывонд цы хорздзинӕдтӕ хӕссы, уыдонӕй схайджын уа. Фӕлӕ махӕн та нӕ бон у. Мах зонӕм рӕстдзинад Хуыцауы «уарзон Фырты» тыххӕй – «йӕ Фырт нӕ кӕй балхӕдта, уый фӕрцы ссӕрибар стӕм, ома нын нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдысты» (Кол. 1:13, 14).

ДАРДДӔР ДӔР СӔРЫСТЫРӔЙ ХУЫЦАУЫ НОМ ХӔССӔМ!

17, 18. Нӕ организацийы историйы тыххӕй фылдӕр базонӕн кӕм ис ӕмӕ нын уыцы хабӕрттӕ зонын цы пайда у?

17 Бынӕн нын лӕвӕрд чи ӕрцыд, уыцы хӕзнамӕ ма хауы, Хуыцауы фӕрцы раст кӕй ӕмбарӕм, бирӕ ӕндӕр ахӕм ахуырӕдтӕ дӕр, стӕй ма нын Йегъовӕ ноджыдӕр цы хъуыддӕгты ӕххуыс кӕны ӕмӕ нӕ цы арфӕдзинӕдтӕй хайджын кӕны, уыдон дӕр. Бирӕ азты дӕргъы нӕ журналты мыхуыргонд цӕуынц статьятӕ, не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕ алы ӕмӕ алы бӕстӕты куыд лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй. Стӕй ма дзы фыст вӕййы, сӕхӕдӕг кӕй радзурынц, ахӕм зӕрдӕмӕхъаргӕ хабӕрттӕ дӕр. Ноджы фылдӕр хабӕрттӕ та базонӕн ис «Ӕрвылазон чиныгӕй», стӕй ма ӕндӕр публикацитӕй дӕр, зӕгъӕм, чиныгӕй «Свидетели Иеговы – возвещатели Царства Бога» ӕмӕ кинонывтӕй «Свидетели Иеговы – вера в действии», 1 ӕмӕ 2 хӕйттӕ.

18 Йегъовӕйы организацийы истори зонын махӕн стыр пайда у. Раст афтӕ израилӕгтӕн дӕр пайда уыди, Хуыцау сӕ Египетӕй куыд ссӕрибар кодта, ууыл хъуыды кӕнын (Рац. 12:26, 27). Моисей йӕхи цӕстӕй федта, Хуыцау цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдон ӕмӕ куы базӕронд, уӕд израилӕгтӕн загъта: «Ӕрхъуыды-ма кӕн рагон замантӕ, акӕс-ма фӕстӕмӕ, раздӕры фӕлтӕрты хабӕрттӕм. Бафӕрс дӕ фыды, ӕмӕ дын ӕй зӕгъдзӕн, бафӕрс зӕрӕдты, ӕмӕ дын ӕй радзурдзысты» (Дык. з. 32:7). Мах стӕм Йегъовӕйы «адӕм ӕмӕ, кӕй хизы, уыцы фыстӕ», ӕмӕ не ’ппӕт дӕр цингӕнгӕйӕ дзурӕм йӕ кады тыххӕй ӕмӕ йӕ хъомысджын хъуыддӕгты тыххӕй (Пс. 79:13). Нӕ организацийы историйӕ цы зонӕм, уый нын ӕххуыс кӕндзӕн Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр лӕггад кӕнынӕн.

19. Хуыцауы рухсы кӕй цӕуӕм, уымӕ гӕсгӕ цы хъуамӕ аразӕм?

19 Ацы дунейы адӕмау талынджы кӕй не стӕм, фӕлӕ Хуыцауы рухсы кӕй цӕуӕм, уый тыххӕй Йегъовӕйӕ куыд бузныг стӕм! (Ӕмб. 4:18, 19). Уӕдӕ цӕй ӕмӕ Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг иртасӕм ӕмӕ рӕстдзинад зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм. Кӕддӕр псаломзарӕггӕнӕг йӕ зарӕджы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйы цы ныхӕстӕй кадджын кодта, уыцы ныхӕстӕ зӕгъын фӕнды мах дӕр: «Ӕз дзурдзынӕн дӕ рӕстдзинады тыххӕй, ӕрмӕстдӕр дӕу рӕстдзинады тыххӕй. О Хуыцау, ды мӕ ахуыр кодтай мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ, ӕмӕ ныры онг дӕр дзурын дӕ диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй. Ӕмӕ куы базӕронд уон ӕмӕ мӕ сӕр куы сурс уа, уӕд дӕр мӕ, о Хуыцау, ма ныууадз, цӕмӕй дӕ цонджы хъаруйы тыххӕй радзурон иннӕ фӕлтӕрӕн, дӕ хъомысы тыххӕй – ӕрцӕуинаг чи у, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр» (Пс. 71:16–18).

20. Цавӕр дзырддаг фарстатӕ сӕвзӕрд ӕмӕ уыцы фарстаты тыххӕй ды цы хъуыды кӕныс?

20 Мах, Йегъовӕйы адӕм, зонӕм, Хуыцауы хицаудзинады тыххӕй ӕмӕ адӕмы иузӕрдиондзинады тыххӕй цы дзырддаг фарстатӕ сӕвзӕрд, уыдон. Ӕмӕ иннӕтӕн дӕр хъусын кӕнӕм, Йегъовӕ кӕй у Дунедарӕг Стыр Хуыцау ӕмӕ уый аккаг кӕй у, цӕмӕй йыл иузӕрдион уӕм (Рарг. 4:11). Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхӕй хайджын кӕй стӕм, уый фӕрцы сабыр адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнӕм, зӕрдӕсаст адӕмӕн сӕ хъӕдгӕмттӕ бӕттӕм ӕмӕ сабыр кӕнӕм, маст чи кӕны, уыдоны зӕрдӕтӕ (Ис. 61:1, 2). Хӕйрӕг бӕргӕ архайы, цӕмӕй Хуыцауы лӕггадгӕнджытыл ӕмӕ ӕппӕт адӕмыл дӕр йӕ бар цӕуа, фӕлӕ йын дзы ницы рауайдзӕн. Мах тынг аргъ кӕнӕм, бынӕн нын лӕвӕрд чи ӕрцыд, уыцы хӕзнайӕн ӕмӕ нӕхицӕн фидарӕй загътам, дарддӕр дӕр Хуыцауы раз рӕстӕй кӕй цӕрдзыстӕм ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйы ныр дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр кӕй кадджын кӕндзыстӕм. (Бакӕс Псалом 26:11; 86:12.)