Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ у нӕ фидар мӕсыг

Йегъовӕ у нӕ фидар мӕсыг

«О Йегъовӕ, ды махӕн дӕ нӕ фидар мӕсыг фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ» (ПС. 90:1).

1, 2. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ рагӕй фӕстӕмӕ дӕр ацы дунейы сӕхи кӕуыл нымайынц? Цавӕр «хӕдзар» сын ис?

 АЦЫ дуне дын дӕхи хӕдзары ад кӕны? Кӕд нӕ, уӕд ма дын ӕмбӕлттӕ ис! Ӕнусты дӕргъы, Йегъовӕйы ӕцӕгдӕр чи уарзта, уыдон ацы дунейы сӕхи нымадтой ӕцӕгӕлӕттыл. Зӕгъӕм, афтӕ уыд сӕ хабар, Ханааны зӕххыл иу ранӕй иннӕ ранмӕ цӕрынмӕ чи цыд, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн. Уыдон «ӕргом дзырдтой, кӕм цардысты, уыцы зӕххыл ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ кӕй сты» (Дзут. 11:13).

2 Раст афтӕ Чырыстийы сӕрст фӕдылдзӕуджытӕ дӕр ацы дунейы сӕхи нымайынц «ӕрцӕуӕггӕгтыл ӕмӕ рӕстӕгмӕйы цӕрджытыл». Уыдонӕн «сӕ бӕстӕ ис уӕлӕрвты» (Фил. 3:20; 1 Пет. 2:11). Чырыстийы «ӕндӕр фыстӕ» дӕр «ацы дунейӕ не сты», йӕхӕдӕг куыд нӕ уыд ацы дунейӕ, афтӕ (Иоан. 10:16; 17:16). Фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауы адӕмӕн ис «хӕдзар». Уый, цӕстӕй фенӕн кӕй ис, ахӕм хӕдзар нӕу. Фӕлӕ махӕн уымӕй ӕдасдӕр бынат нӕй ӕмӕ нын уымӕй хуыздӕр ӕндӕр никӕм у. Цымӕ уыцы «хӕдзар» цы у? Моисей ныффыста: «О Йегъовӕ, ды махӕн дӕ нӕ фидар мӕсыг фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ» * (Пс. 90:1). Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн ӕцӕгдӕр у сӕ «мӕсыг», кӕнӕ хӕдзар. Йегъовӕ рагзаманты йӕ лӕггадгӕнджытӕн сӕ «мӕсыг» куыд уыд? Абон та йӕ адӕмӕн куыд у сӕ «фидар мӕсыг»? Ӕмӕ сын фидӕны та сӕ иунӕг «фидар мӕсыг» куыд суыдзӕн?

ЙЕГЪОВӔ РАГЗАМАНТЫ ЙӔ ЛӔГГАДГӔНДЖЫТӔН УЫД «ФИДАР МӔСЫГ»

3. 90-ӕм псаломы 1-аг стихы Йегъовӕ цӕимӕ барст цӕуы ӕмӕ цӕмӕн?

3 Йегъовӕ Библийы арӕх барст фӕцӕуы, цӕстӕй фенӕн кӕй ис, ахӕм цӕимӕдӕрты, цӕмӕй уый фӕрцы хуыздӕр бамбарӕм, цавӕр миниуджыты хицау у, уый. 90-ӕм псаломы 1-аг стихы Йегъовӕ барст цӕуы мӕсыгимӕ, ома, цӕрӕн кӕм ис, ахӕм бынатимӕ, кӕнӕ хӕдзаримӕ. Ӕмӕ Йегъовӕйы ӕцӕгдӕр ис хӕдзаримӕ абарӕн. Цӕмӕн? Хӕдзар у, уарзондзинад ӕмӕ фарн кӕм цӕры ӕмӕ адӕймагӕн ӕдас кӕм у, ахӕм бынат. Ӕмӕ Йегъовӕйы тыххӕй дӕр Библи зӕгъы, Хуыцау у уарзондзинад, зӕгъгӕ (1 Иоан. 4:8). Стӕй ма Йегъовӕ у фарны Хуыцау ӕмӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кӕй хъахъхъӕны, уый фӕрцы «цӕрынц ӕдасӕй» (Пс. 4:8). Цӕвиттонӕн ӕркӕсӕм, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковӕн куыд уыд, уымӕ.

4, 5. Хуыцау Авраамӕн йӕ «фидар мӕсыг» куыд уыд?

4 Йегъовӕ Авраамӕн загъта: «Ныууадз дӕ бӕстӕ, дӕ хӕстӕджыты... ӕмӕ дын ӕз цы бӕстӕмӕ бацамондзынӕн, уырдӕм ацу». Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, Авраам хъуыдытӕ кодта, Йегъовӕ мын афтӕ цӕмӕн зӕгъы, зӕгъгӕ. Фӕлӕ, кӕд тыхстис, уӕддӕр дзы стыр ныфс бауагътаиккой, Хуыцау дарддӕр кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ: «Ӕз дӕуӕй рауадздзынӕн стыр адӕм, раарфӕ дын кӕндзынӕн ӕмӕ дӕ скадджын кӕндзынӕн... Ӕз арфӕ кӕндзынӕн, дӕуӕн чи арфӕ кӕна, уыдонӕн, чи дӕ ралгъита, уый та ме ’лгъыст баййафдзӕн» (Райд. 12:1–3).

5 Уыцы ныхӕстӕй Йегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ бавӕрдта, Авраамӕн йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн дӕр сӕ «фидар мӕсыг» кӕй уыдзӕн, ома сӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ сын кӕй арфӕ кӕндзӕн, уымӕй. Ӕмӕ йӕ ныхас нӕ фӕсайдта (Райд. 26:1–6). Зӕгъӕм, Йегъовӕ Египеты фараоны, стӕй та Герары паддзах Авимелехы дӕр нӕ бауагъта, цӕмӕй Саррӕмӕ бавнӕлдтаиккой ӕмӕ Авраамы та амардтаиккой. Исахъ ӕмӕ Ревеккӕйы дӕр бахъахъхъӕдта ахӕм фыдбылызӕй (Райд. 12:14–20; 20:1–14; 26:6–11). Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Йегъовӕ «никӕй уагъта, цӕмӕй сӕ сайдтаиккой, фӕлӕ-иу уыдоны тыххӕй паддзӕхтӕн карзӕй загъта: „Ма мын бавналут мӕ сӕрст лӕггадгӕнджытӕм, мӕ пехуымпартӕн мын мацы ӕвзӕрдзинад ракӕнут“» (Пс. 105:14, 15).

«Ӕз дӕ нӕ ныууадздзынӕн»

6. Исахъ Иаковӕн цы бафӕдзӕхста ӕмӕ Иаков цӕуыл хъуыдытӕ кодтаид?

6 Йегъовӕ кӕуыл тыхст, уыцы «пехуымпартӕй» уыд Авраамы фырты фырт Иаков дӕр. Иаков ус ӕркӕнын куы сфӕнд кодта, уӕд ын йӕ фыд, Исахъ, загъта: «Ханаайнаг чызг ма ракур. Фӕлӕ ацу Паддан-Араммӕ, дӕ мадыфыд Вафуилы хӕдзармӕ, ӕмӕ... Лаваны чызджытӕй иуы ракур» (Райд. 28:1, 2). Иаков йӕ фыды ныхасмӕ байхъуыста. Йӕ бинонты Ханааны ныууагъта ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, иунӕгӕй, араст Харранмӕ – Ханаанӕй цалдӕр сӕдӕ километры дарддӕр чи уыд, уыцы бӕстӕмӕ (Райд. 28:10). Чи зоны, Иаков хъуыдытӕ кодта: «Цымӕ мӕ цас рӕстӕг бахъӕудзӕн? Цымӕ мыл мӕ мадыфсымӕр бацин кӕндзӕн? Йегъовӕйы чи уарзы, ахӕм бинойнаг ссардзынӕн?» Фӕлӕ кӕд Иаков уыдӕттыл ӕцӕгдӕр сагъӕстӕ кодта, уӕддӕр иу хабары фӕстӕ йӕ зӕрдӕ ӕнӕмӕнг ӕрсабыр уыдаид. Уыцы хабар ӕрцыд, Иаков Вирсавийӕ 100 километры бӕрц куы ацыд ӕмӕ Лузмӕ куы бахӕццӕ, уӕд. Цымӕ цавӕр хабар уыд?

7. Хуыцау Иаковы куыд бафидар кодта?

7 Лузы Йегъовӕ Иаковмӕ фыны фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Ӕз демӕ дӕн, ӕмӕ дӕ дӕ фӕндагыл алы ран дӕр хъахъхъӕндзынӕн ӕмӕ дӕ фӕстӕмӕ ацы зӕхмӕ ӕркӕндзынӕн. Ӕз дӕ нӕ ныууадздзынӕн, цы дын загътон, уый ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕндзынӕн» (Райд. 28:15). Уыцы ныфсы ныхӕстӕ Иаковы куыннӕ бафидар кодтаиккой! Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, уый фӕстӕ Иаков йӕ фӕндагыл куыд фидар къахдзӕфтӕй фӕцӕйцыдаид ӕмӕ куыд бӕллыдаид, Хуыцауы ныхӕстӕ куыд сӕххӕст уыдзысты, уый фенынмӕ. Кӕд ды дӕр дӕ хӕдзарӕй дард дӕ, зӕгъӕм, ӕндӕр бӕстӕйы лӕггад кӕныс, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, Иаковы сагъӕстӕ бамбардзынӕ. Фӕлӕ дын Йегъовӕ куыд ӕххуыс кӕны, уый дӕр куыннӕ уындзынӕ.

8, 9. Йегъовӕ Иаковӕн йӕ «фидар мӕсыг» куыд уыд ӕмӕ уымӕй Йегъовӕйы тыххӕй нӕ бон цы у базонын?

8 Иаков Харранмӕ куы бахӕццӕ, уӕд ыл йӕ мадыфсымӕр Лаван тынг бацин кодта ӕмӕ йын фӕстӕдӕр Лийӕ ӕмӕ Рахилы радта. Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ Лаван Иаковыл хинӕй цӕуын райдыдта – цӕуыл баныхас кодтой, уый дӕс хатты аивта! (Райд. 31:41, 42). Фӕлӕ Иаков ӕппӕт уыдӕттӕн бабыхста, уымӕн ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндыд, Йегъовӕ йын дарддӕр дӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Ӕмӕ йын, ай-гъай дӕр, ӕххуыс кодта! Хуыцау Иаковӕн ахӕм арфӕ ракодта, ӕмӕ йын афтӕ куы загъта, фӕстӕмӕ Ханаанмӕ аздӕх, зӕгъгӕ, уӕдмӕ йын уыд «стыр дзугтӕ, теуатӕ ӕмӕ хӕрджытӕ, лӕггадгӕнӕг-нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгтӕ» (Райд. 30:43). Иаков Йегъовӕйӕ тынг бузныг уыд ӕмӕ йӕм скуывта: «Ды мӕн, дӕ цагъары, де ’нувыд уарзтӕй куыд барӕвдыдтай ӕмӕ мыл куыд иузӕрдион уыдтӕ, ӕз уый аккаг нӕ дӕн. Иорданы цӕугӕдоныл куы ахызтӕн, уӕд мӕм лӕдзӕг йеддӕмӕ ницы уыди, ныр та дыууӕ стыр къорды хицау дӕн» (Райд. 32:10).

9 Ацы цӕвиттонтӕй бӕрӕг у, Моисей дзӕгъӕлы кӕй нӕ загъта: «О Йегъовӕ, ды махӕн дӕ нӕ фидар мӕсыг фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ» (Пс. 90:1). Уыцы ныхӕстӕ абон дӕр ис фидарӕй зӕгъӕн, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ, «аууон куыд ивы, афтӕ... нӕ ивы» ӕмӕ абон дӕр йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты йӕ уарзтӕй тавы ӕмӕ сӕ хъахъхъӕны (Иак. 1:17). Ӕркӕсӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг у, уымӕ.

ЙЕГЪОВӔ АБОН ДӔР У НӔ «ФИДАР МӔСЫГ»

10. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн абоны онг дӕр сӕ «фидар мӕсыг» кӕй у, уый кӕцӕй зонӕм?

10 Дӕхи-ма ахӕм уавӕры сӕвӕр: тӕрхондоны ӕвдисӕн лӕууыс, ӕнӕхъӕн дунейы чи архайы, ахӕм фыдгӕнӕг къорды ныхмӕ. Сӕ сӕргълӕууӕгӕн йӕ бон бирӕ у, стӕй у тынг зондджын ӕмӕ хинӕйдзаг, сайӕгой ӕмӕ лӕгмар. Тӕрхоны фӕстӕ тӕрхондонӕй куы рацыдаис, уӕд дӕхицӕн нӕ тарстаис? Куыннӕ! Дӕхицӕн дӕ хъахъхъӕнджытӕ ракурын дӕр бахъуыдаид! Ацы цӕвиттонӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ цы уавӕры сты, уый. Уыдон дӕр фидарӕй дзурынц Йегъовӕйы сӕрыл ӕмӕ хъӕбатырӕй ӕвдисӕн лӕууынц йӕ фыдызнаг Хӕйрӕджы ныхмӕ. (Бакӕс Раргомад 12:17.) Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй Хуыцауы адӕмы ныхъхъус кӕна. Фӕлӕ йын дзы цымӕ исты уайы? Кӕцӕй! Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг ноджы ӕнтыстджындӕрӕй цӕуы размӕ. Уый бамбарын кӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр афтӕ: ацы фӕстаг бонты дӕр Йегъовӕ у нӕ хъахъхъӕнӕг, нӕ «фидар мӕсыг». (Бакӕс Исайы 54:14, 17.) Фӕлӕ кӕд афтӕ у, уӕддӕр, Хӕйрӕгӕн уый бар куы раттӕм, цӕмӕй нӕ не ’мбӕхсӕн бынатӕй расайа, уӕд Йегъовӕ нӕ «фидар мӕсыг» нал уыдзӕн.

Хуыцауы зӕдтӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кӕнынц ӕмӕ сӕ хъахъхъӕнынц

11. Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

11 Ӕркӕсӕм, Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковӕй ноджыдӕр цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уымӕ. Кӕд Ханааны зӕххыл цардысты, уӕддӕр уыцы бӕстӕйы адӕмимӕ нӕ хӕццӕ кодтой, се ’взӕр хъуыддӕгтӕй ӕмӕ сын се ’нӕгъдау митӕй се сӕфт уыдтой (Райд. 27:46). Уыдонӕн алы хъуыддаджы фӕдыл, раст куыд бакӕнын уыдзӕн, уый амонын нӕ хъуыд. Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый зыдтой ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайдтой. Йегъовӕ уыд сӕ «мӕсыг», сӕ цӕрӕнбынат, ӕмӕ сӕ цардӕй ӕвдыстой, дунейӕ кӕй не сты. Уымӕй нын фӕзминаг куыннӕ сты! Ды дӕр ӕппӕт тыхтӕй архайыс, цӕмӕй уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты фӕзмай? Цымӕ, кӕимӕ лымӕн кӕныс ӕмӕ дӕхи куыд ирхӕфсыс, уымӕй бӕрӕг у, ацы дунеимӕ дын иумӕйагӕй кӕй ницы ис? Хъыгагӕн, ӕмбырдты дӕр иуӕй-иутӕн Хӕйрӕджы дуне цӕмӕйдӕрты сӕ зӕрдӕмӕ цӕуы. Кӕд уыцы хъуыддаджы дӕ зӕрдӕ дӕхимӕ иу гыццыл дӕр ӕхсайы, уӕд Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ дзы ӕххуыс кур. Рох дӕ ма уӕд, ацы дунейы хицау у Хӕйрӕг, ӕмӕ уый куыд дурзӕрдӕ ӕмӕ хиуарзон у, афтӕ у ацы дуне дӕр (2 Кор. 4:4; Еф. 2:1, 2).

12. а) Йегъовӕ йӕ адӕмӕн цӕй фӕрцы ӕххуыс кӕны? ӕ) Хуыцау нын цы ӕххуыс дӕтты, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

12 Цӕмӕй нӕ Хӕйрӕг ма асайа, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи цух ма уадзӕм, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн цӕмӕйдӕриддӕр ӕххуыс кӕны, уымӕй. Ӕххуыс та нын кӕны, зӕгъӕм, ӕмбырдтӕ ӕмӕ бинонты ахуыры фӕрцы, стӕй хистӕр нӕлгоймӕгты фӕрцы дӕр. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ махӕн сты «лӕвӕрттӕ», нӕ ныфсыл нын ныфс ӕфтауынц, цӕмӕй нӕ бон уа царды зындзинӕдтимӕ тох кӕнын (Еф. 4:8–12). Джордж Гангас, бирӕ азты дӕргъы Разамонӕг советы чи уыд, уыцы ӕфсымӕр, афтӕ ныффыста: «[Хуыцауы адӕмимӕ] куы вӕййын, уӕд раст цыма хӕдзары мӕ бинонтимӕ дӕн, афтӕ фенкъарын мӕхи». Ды дӕр дӕхицӕй афтӕ зӕгъдзынӕ?

13. Дзуттӕгтӕм 11:13 стихы цавӕр ахсджиаг хъуыды ис?

13 Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытӕ ма нын фӕзминаг уымӕй дӕр сты, ӕмӕ нӕ тарстысты, сӕ алыварс цӕрӕг адӕмӕй тынг кӕй хицӕн кодтой, уый равдисынӕй.  Фыццаг абзацы куыд бакастыстӕм, афтӕмӕй уыдон «ӕргом дзырдтой, кӕм цардысты, уыцы зӕххыл ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ кӕй сты» (Дзут. 11:13). Дӕуӕй дӕр ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ ӕргом ӕвдисыс, ацы дунейы адӕмы хуызӕн кӕй нӕ дӕ, уый? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый алкӕд ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ дын Хуыцауы ӕмӕ де ’мчырыстӕтты ӕххуысы фӕрцы алцыдӕр бантысдзӕн. Зон ӕй, иунӕг нӕ дӕ. Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдонӕй алкӕй дӕр хъӕуы Хӕйрӕджы ныхмӕ ӕмӕ ацы дунейы ныхмӕ тох кӕнын (Еф. 6:12). Фӕлӕ нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл куы дарӕм ӕмӕ йӕ нӕ «фидар мӕсыгыл» куы нымайӕм, уӕд уыцы тохы фӕуӕлахиз уыдзыстӕм.

14. Авраам цавӕр «горӕтмӕ» ӕнхъӕлмӕ каст?

14 Авраамы ма хъуамӕ бафӕзмӕм ноджыдӕр иу ахсджиаг хъуыддаджы: цы хӕрзиуӕг нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм (2 Кор. 4:18). Апостол Павел ныффыста: «Авраам ӕнхъӕлмӕ касти, фидар бындур кӕмӕн ис, йӕ саразӕг ӕмӕ йе скӕнӕг Хуыцау кӕмӕн у, уыцы горӕтмӕ» (Дзут. 11:10). Уыцы «горӕт» амыдта Хуыцауы Паддзахадмӕ. Ӕмӕ йӕм Авраамы ӕцӕгдӕр хъуыди ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Фӕлӕ мах та, зӕгъӕн ис, ӕмӕ нал хъӕуы, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад ныр дӕр уӕлӕрвты архайы. Стӕй Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уымӕй бӕрӕг у, тагъд рӕстӕджы йӕ бар кӕй цӕудзӕн ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр. Уыцы Паддзахад архайын кӕй райдыдта, ууыл ӕууӕндыс? Кӕд о, уӕд уый, дӕ цард куыд аразыс ӕмӕ ацы дунемӕ цы цӕстӕй кӕсыс, уымӕй бӕрӕг у? (Бакӕс 2 Петры 3:11, 12.)

ЙЕГЪОВӔ ДАРДДӔР ДӔР УЫДЗӔН НӔ «ФИДАР МӔСЫГ»

15. Йӕ ныфс ацы дунейыл чи дары, уыдоныл цы ’рцӕудзӕн?

15 Хӕйрӕджы дунейӕн йе сӕфт куыд хӕстӕгдӕр кӕна, афтӕ «тухитӕ» дӕр, ома зындзинӕдтӕ, фылдӕрӕй-фылдӕр кӕндзысты (Матф. 24:7, 8). Стыр бӕллӕхы рӕстӕг та уавӕр ноджы фӕфыддӕр уыдзӕн. Дунейы рӕстмӕ ницыуал кусдзӕн, бӕстӕ схӕццӕ уыдзӕн ӕмӕ адӕм сӕ цардӕн дӕр тӕрсдзысты (Ав. 3:16, 17). Цы ма кӕной, уый нал зондзысты ӕмӕ, Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй «лӕгӕтты ӕмӕ къӕдзӕхты ’хсӕн» ӕмбӕхсдзысты (Рарг. 6:15–17). Фӕлӕ сӕ нӕдӕр ӕцӕг хӕхтӕ бахъахъхъӕндзысты, нӕдӕр, хӕхтимӕ абарӕн кӕй ис, уыцы политикон ӕмӕ экономикон организацитӕ.

16. Ӕмбырдтӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм ӕмӕ цӕмӕн?

16 Фӕлӕ Йегъовӕйы адӕм стыр бӕллӕхы рӕстӕг дӕр уыдзысты ӕдас, уымӕн ӕмӕ сӕ Хуыцау уыдзӕн сӕ «фидар мӕсыг». Пехуымпар Аввакумау уыдонӕн дӕр «Йегъовӕ уыдзӕн се стыр цин» ӕмӕ «цин кӕндзысты сӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауыл» (Ав. 3:18). Цымӕ нын уыцы змӕст рӕстӕг Йегъовӕ «фидар мӕсыг» цы хуызы уыдзӕн? Хъӕуы нӕ банхъӕлмӕ кӕсын, ӕмӕ йӕ уӕд фендзыстӕм. Фӕлӕ фидарӕй зонӕм уый, ӕмӕ «тынг бирӕ адӕм» хъусдзысты Хуыцауы разамындмӕ ӕмӕ архайдзысты бӕлвырд уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, израилӕгтӕ Египетӕй куы цыдысты, уӕд куыд уыд, раст афтӕ (Рарг 7:9; бакӕс Рацыд 13:18). Цы аразын нӕ хъӕудзӕн, уый нын Йегъовӕ, ӕвӕццӕгӕн, амондзӕн ӕмбырдты уылты. Исайы чиныджы цы «мидӕггаг уӕтты» кой ис, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, амонынц, ӕгас дунейы дӕр нын цы ӕмбырдтӕ ис, уыдонмӕ. (Бакӕс Исайы 26:20.) Ӕмбырды фембӕлдтӕн аргъ кӕныс? Йегъовӕ нын уыцы фембӕлдты уылты цы разамынд ратты, уымӕ уайтагъд байхъусыс? (Дзут. 13:17).

17. Йегъовӕ, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй чи амард, уыдонӕн дӕр сӕ «фидар мӕсыг» куыд у?

17 Йегъовӕ «фидар мӕсыг» уыдзӕн, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй стыр бӕллӕхы размӕ чи амӕла, суанг уыдонӕн дӕр. Ома куыд? Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаков куы амардысты, уымӕй бирӕ фӕстӕдӕр Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ӕз дӕн... Авраамы Хуыцау, Исахъы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау» (Рац. 3:6). Уыцы ныхӕстӕ загъта Йесо дӕр ӕмӕ сӕм стӕй бафтыдта: «Хуыцау мӕрдты Хуыцау нӕу, фӕлӕ удӕгӕсты, уымӕн ӕмӕ уымӕн иууылдӕр удӕгас сты» (Лук. 20:38). Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй чи амард, уыдон ӕнӕмӕнг райгас уыдзысты, ӕмӕ сӕм уымӕ гӕсгӕ Хуыцау ныр дӕр ахӕм цӕстӕй кӕсы, цыма удӕгас сты (Еккл. 7:1).

18. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн ног дунейы сӕ «фидар мӕсыг» цы хуызы уыдзӕн?

18 Ног дунейы Йегъовӕ йӕ адӕмӕн сӕ «фидар мӕсыг» суыдзӕн ӕндӕр хуызы дӕр. Раргомады 21:3 фыст ис: «Акӕс-ма! Хуыцауы цатыр ис адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ Хуыцау цӕрдзӕн семӕ». Мин азы дӕргъы Йегъовӕ адӕмӕн разамынд дӕтдзӕн Йесо Чырыстийы уылты. Уыцы рӕстӕджы Чырысти кӕронмӕ сӕххӕст кӕндзӕн, йӕ Фыдмӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый, ӕмӕ стӕй Паддзахад фӕстӕмӕ Йегъовӕйы къухмӕ ратдзӕн (1 Кор. 15:28). Уӕд адӕм уыдзысты ӕххӕст, ӕмӕ нал хъӕудзӕн, цӕмӕй адӕмы ӕмӕ Хуыцауы ’хсӕн минӕвар уа – Хуыцау йӕхӕдӕг уыдзӕн семӕ. Цӕй диссаджы цард нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы! Уӕдӕ Хуыцауӕн рагзаманты иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, уыдоны фӕзмӕм ӕмӕ Йегъовӕйы нӕ «фидар мӕсыгыл» нымайӕм.

^ 2 абз. Иу англисаг Библийы Псалом 90:1 ратӕлмац кодтой афтӕ: «Нӕ Хуыцау, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ ды дӕ нӕ хӕдзар» (Contemporary English Version).