Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кадджын кӕн Йегъовӕйы стыр ном

Кадджын кӕн Йегъовӕйы стыр ном

«Дӕ ном дын ӕнустӕм бӕрзонд кӕндзынӕн» (ПС. 86:12).

1, 2. Чырыстон динтӕй уӕлдай, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауы номмӕ цы цӕстӕй кӕсынц?

ДУНЕЙЫ цы чырыстон динтӕ ис, уыдон, зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хуыцауы номыл сӕ къух систой. Зӕгъӕм, иу англисаг Библийы разныхасы фыст ис, зӕгъгӕ, «аргъуанӕн бынтондӕр не ’мбӕлы» иунӕг Хуыцауы цавӕрфӕнды номӕй дӕр хонын (Revised Standard Version).

2 Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕхицӕн стыр кадыл нымайынц, Хуыцауы ном кӕй хӕссынц ӕмӕ йӕ кӕй кадджын кӕнынц, уый. (Бакӕс Псалом 86:12; Исайы 43:10.) Уымӕй уӕлдай ма нӕм ахӕм кад дӕр ӕрхауд, ӕмӕ ӕмбарӕм, Хуыцауы ном цы нысан кӕны, уый, стӕй зонӕм, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй ӕгас дун-дунейы дӕр йӕ ном срухс уа (Матф. 6:9). Цӕмӕй уыцы хъуыддӕгтӕн алкӕддӕр аргъ кӕнӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм ӕртӕ фарстамӕ: цы нысан кӕны Хуыцауы ном зонын? Йегъовӕ куыд равдыста, ахӕм кадджын ном хӕссыны аккаг кӕй у? Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы номӕй цӕуын?

ЦЫ НЫСАН КӔНЫ ХУЫЦАУЫ НОМ ЗОНЫН?

3. Цы нысан кӕны Хуыцауы ном зонын?

3 Хуыцауы ном зонын ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ дзырд «Йегъовӕ» зонай. Уымӕ бирӕ фылдӕр хъуыддӕгтӕ хауы, зӕгъӕм, хъуамӕ зонай, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, цавӕр миниуджыты хицау у, цавӕр фӕнд ӕм ис ӕмӕ куыд архайы, уый, зӕгъӕм, йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд у, уый. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕппӕт уыдӕттӕ Йегъовӕ ӕргом кӕны сабыргай, йӕ фӕнд куыд ӕххӕст кӕны, афтӕ (Ӕмб. 4:18). Йегъовӕ йӕ ном раргом кодта Адам ӕмӕ Евӕйӕн дӕр. Зӕгъӕм, Евӕ Хуыцауы номы кой скодта, Каин ын куы райгуырд, уӕд (Райд. 4:1). Хуыцауы ном зыдтой йӕ рагон иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ дӕр – Ной, Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаков. Хуыцау сын кӕй арфӕ кодта, кӕй сыл тыхсти ӕмӕ сын йӕ фӕнд кӕй ӕргом кодта, уый фӕрцы хуыздӕрӕй-хуыздӕр ӕмбӕрстой, йӕ ном цы нысан кӕны, уый. Уымӕй бирӕ фӕстӕдӕр та Хуыцау Моисейӕн йӕ номы тыххӕй раргом кодта ноджыдӕр иу ахсджиаг хабар.

Моисей базыдта, Хуыцауы ном цы нысан кӕны, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ уырнындзинад фӕфидардӕр

4. Моисей Хуыцауы йӕ номы тыххӕй цӕмӕн бафарста ӕмӕ, кӕй тыхсти, уый бамбарӕн цӕмӕн ис?

4 Бакӕс Рацыд 3:10–15. Моисейыл 80 азы куы цыд, уӕд ын Хуыцау бахӕс кодта стыр хъуыддаг. «Ды [мын] мӕ адӕмы, Израилы фыртты, Египетӕй ракӕндзынӕ»,– загъта йын Йегъовӕ. Уӕд ӕм Моисей иу ахсджиаг фарста радта, зӕгъгӕ мӕ израилӕгтӕ дӕ номӕй куы фӕрсой, уӕд-иу сын цы зӕгъон. Цымӕ Моисей уыцы фарста цӕмӕн радта, кӕд ӕмӕ Хуыцауӕн йӕ адӕм йӕ ном рагӕй дӕр зыдтой? Фӕндыд ӕй фылдӕр базонын, уыцы ном чи хӕссы, уый цавӕр Хуыцау у, уый тыххӕй. Уый фӕрцы израилӕгты баууӕндын кодтаид, Хуыцау сӕ ӕцӕгдӕр кӕй ссӕрибар кӕндзӕн, ууыл. Моисей цӕмӕн тыхсти, уый бамбарӕн ис. Израилӕгтӕ бирӕ рӕстӕджы дӕргъы уыдысты цагъартӕ, ӕмӕ, чи зоны, дызӕрдыг кодтаиккой, Йегъовӕ сын ӕцӕгдӕр кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл. Стӕй ма израилӕгтӕй чидӕртӕ египетӕгты хуыцӕуттӕн кувын дӕр райдыдтой! (Йез. 20:7, 8).

5. Йегъовӕ йӕ номы тыххӕй Моисейӕн цы раргом кодта?

5 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейы фарстайӕн цавӕр дзуапп радта? Загъта йын: «Афтӕ-иу зӕгъ Израилы фырттӕн: „ӔЗ СУЫДЗЫНӔН мӕ рарвыста сымахмӕ“» *. Стӕй ма йын бафӕдзӕхста афтӕ зӕгъын дӕр: «Уӕ фыдӕлты Хуыцау... мӕ рарвыста сымахмӕ». Уыцы ныхӕстӕй Хуыцау йӕхи тыххӕй раргом кодта ахсджиаг хабар: йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй суыдзӕн, чи йӕ бафӕнда, уый, ома, цыдӕриддӕр хъӕуа, уый сараздзӕн, цӕмӕй йӕ ныхас сӕххӕст уа. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ йӕ ныхас алкӕддӕр сӕххӕст кӕны. Гъе уый тыххӕй загъта Йегъовӕ афтӕ: «Уый у мӕ ном ӕнустӕм, уыцы номӕй мӕ зондзысты фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ». Ӕппӕт уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ Моисейӕн йӕ уырнындзинад куыннӕ бафидар уыдаид ӕмӕ Хуыцауы куыннӕ скадджын кодтаид!

ЙЕГЪОВӔ РАВДЫСТА, АХӔМ НОМ ХӔССЫНЫ АККАГ КӔЙ У

6, 7. Йегъовӕ, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ куыд сӕххӕст кодта?

6 Йегъовӕ Моисеимӕ куы ныхас кодта, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Израилӕн сси сӕ Ирвӕзынгӕнӕг – куыд сын загъта, афтӕ сӕ ссӕрибар кодта. Египет дӕс ӕфхӕрдӕй бафхӕрдта ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, фараонӕн ӕмӕ египетӕгты хуыцӕуттӕн сӕ бон кӕй ницы у (Рац. 12:12). Уый фӕстӕ Йегъовӕ Сырх денджызы дӕттӕ фӕдих кодта ӕмӕ израилӕгты ууылты акодта, фараоны ӕмӕ йын йе ’фсад та уыцы денджызы фӕдӕлдон кодта (Пс. 136:13–15). «Адӕймагыл тас чи ’фтауы, уыцы стыр ӕдзӕрӕг быдыры» Хуыцау йӕ адӕмӕн сси сӕ Цардхъахъхъӕнӕг – лӕвӕрдта сын хӕринаг ӕмӕ дон. Уыдон та, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты дыууӕ-ӕртӕ милуан адӕймаджы кӕнӕ ноджы фылдӕр. Суанг ма сын сӕ дарӕс ӕмӕ сӕ дзабыртӕ баихсийын дӕр нӕ бауагъта! (Дык. з. 1:19; 29:5). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ ахӕм ном хӕссыны аккаг у. Фӕстӕдӕр Исайӕн загъта: «Ӕз дӕн Йегъовӕ, ӕмӕ мӕн йеддӕмӕ ирвӕзынгӕнӕг нӕй» (Ис. 43:11).

7 Йесо Навин, Моисейы фӕстӕ израилӕгты разамонӕг чи сси, уый дӕр федта, Йегъовӕ Египеты ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры цы хъомысджын хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон. Ӕмӕ йӕ царды кӕрон йӕ бон уыд израилӕгтӕн фидарӕй зӕгъын: «Сымах тынг хорз зонут, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын цы хорз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иу дӕр кӕй нӕ фӕмӕнг – иууылдӕр сӕххӕст сты. Иу дӕр дзы нӕ фӕмӕнг» (Йес. Н. 23:14). Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ сӕххӕст кодта, зӕрдӕ цӕмӕйдӕриддӕр бавӕрдта, уый.

8. Йегъовӕ абон та куыд ӕххӕст кӕны йӕ ныхас?

8 Йегъовӕ абон дӕр ӕххӕст кӕны йӕ ныхас. Йӕ Фырты уылты загъта, фӕстаг бонты йӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар «ӕгас зӕххы цъарыл дӕр» хъуыстгонд кӕй ӕрцӕудзӕн (Матф. 24:14). Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы йеддӕмӕ ӕндӕр кӕй бон уыдаид ахӕм стыр куысты тыххӕй раздӕр зӕгъын ӕмӕ стӕй афтӕ бакӕнын, цӕмӕй ӕххӕстгонд дӕр цӕуа! Диссаг ма уый у, ӕмӕ уыцы куыст кӕны, «ахуырдзинад кӕмӕ нӕй ӕмӕ хуымӕтӕг» чи у, ахӕм адӕмы руаджы! (Хъуыд. 4:13). Уӕдӕ хорз хабар хъусынгӕнгӕйӕ мах ӕххӕст кӕнӕм Библийы фыст пехуымпарад. Мах кадджын кӕнӕм нӕ уӕларвон Фыды, ӕмӕ нын уый куыд ахсджиаг у, ууыл дзурӕг сты нӕ куывды ныхӕстӕ дӕр: «Срухс уӕд дӕ ном. Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матф. 6:9, 10).

ЙӔ НОМ У КАДДЖЫН

Фараон нӕ басасти, Йегъовӕ хъомысджын Хуыцау кӕй у, ууыл

9, 10. Йегъовӕ израилӕгтӕн куыд уыд, уымӕй нӕ бон цы у базонын, цавӕр Хуыцау у, уый тыххӕй?

9 Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр Йегъовӕ йӕ адӕмӕн йӕхи тыххӕй ноджы фылдӕр раргом кодта. Моисейы закъоны фӕрцы семӕ бадзырд скодта ӕмӕ сси сӕ «сӕрыхицау», ӕмӕ афтӕмӕй йӕхимӕ уыцы хӕс райста, лӕг йӕ усыл куыд фӕтыхсы, афтӕ сыл кӕй тыхсдзӕн (Йер. 3:14). Израилӕгтӕ Йегъовӕйӕн систы бинойнаджы хуызӕн. Уыдон уыдысты, йӕ ном ын чи хаста, уыцы адӕм (Ис. 54:5, 6). Йӕ фӕдзӕхстытӕ йын куы ӕххӕст кодтаиккой, уӕд сын арфӕ кодтаид, хъахъхъӕдтаид сӕ ӕмӕ сӕ фарнӕй хайджын кодтаид (Ным. 6:22–27). Ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы стыр ном адӕмты ’хсӕн скадджын уыдаид. (Бакӕс Дыккаг закъон 4:5–8; Псалом 86:7–10.) Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, израилӕгтӕ Йегъовӕйы адӕм куы уыдысты, уӕд ӕндӕрбӕстӕгтӕй бирӕтӕ райдыдтой ӕцӕг Хуыцауӕн кувын. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыдон дӕр, Руф Ноеминӕн куыд загъта, афтӕ загътой: «Дӕ адӕм уыдзысты мӕ адӕм дӕр, ӕмӕ дӕ Хуыцау уыдзӕн мӕ Хуыцау дӕр» (Руф 1:16).

10 Йегъовӕ 1 500 азы дӕргъы израилӕгтӕн куыд уыд, уымӕй ноджы тынгдӕр раргом кодта, цавӕр Хуыцау у, уый. Кӕд-иу йӕ адӕм арӕх ӕгоммӕгӕс разындысты, уӕддӕр сӕм уыд «фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ... мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кодта». Йегъовӕ разынд диссаджы фӕразон Хуыцау (Рац. 34:5–7). Фӕлӕ йӕ бирӕфӕразондзинадӕн дӕр уыди кӕрон, ӕмӕ уыцы кӕрон ӕрцыд, Израилы адӕм ын йӕ Фыртыл куы нӕ баууӕндыдысты ӕмӕ йӕ куы амардтой, уӕд (Матф. 23:37, 38). Зӕххон Израилӕн уый бар нал уыд, цӕмӕй Хуыцауы ном хӕссой. Йегъовӕйы цӕсты систы, чи бахус, ахӕм мард бӕласы хуызӕн (Лук. 23:31). Ӕмӕ цымӕ уый фӕстӕ Хуыцауы номмӕ цы цӕстӕй кӕсын райдыдтой?

11. Куыд рауад афтӕ, ӕмӕ дзуттӕгтӕ Хуыцауы ном нал дзырдтой?

11 Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ дзуттӕгтӕ Хуыцауы номмӕ ахӕм цӕстӕй кӕсын райдыдтой, зӕгъгӕ, уыцы ном афтӕ табуйаг у, ӕмӕ йӕ хъӕрӕй дзурӕн нӕй (Рац. 20:7). Ӕмӕ фӕстагмӕ сӕ дины бынтондӕр нал уыд Хуыцауы номы кой. Йегъовӕйӕн зын куыннӕ уыдаид, йӕ номӕн ын ӕппындӕр кӕй нӕ аргъ кӕнынц, уый (Пс. 78:40, 41). Хуыцау йӕ номӕн аргъ кӕны ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй «домы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уой иузӕрдион». Уӕдӕ дзуттӕгтӕ Хуыцауы ном кӕй ницӕмӕуал дардтой, уый тыххӕй уыцы ном хӕссыны аккаг нал уыдысты (Рац. 34:14). Уыцы хабарӕй ирдӕй зыны, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй не Сфӕлдисӕджы номӕн аргъ кӕнӕм.

ХУЫЦАУЫ НОМ ЧИ ХӔССЫ, УЫЦЫ НОГ АДӔМ

12. Йегъовӕйы ном чи хӕссы, уыцы адӕм чи систы?

12 Йегъовӕ пехуымпар Йеремийы уылты раргом кодта, ног адӕмимӕ «ног бадзырд» скӕнынвӕнд кӕй кӕны, уый. Йереми ныффыста, уыцы адӕм иууылдӕр, «стырӕй-чысылӕй», Йегъовӕйы кӕй зондзысты (Йер. 31:31, 33, 34). Уыцы пехуымпарад ӕххӕст кӕнын райдыдта н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны. Растдӕр уӕд скодта Хуыцау ног бадзырд. Кӕимӕ йӕ скодта, уыцы ног адӕм та чи уыдысты? Библи сӕ хоны «Хуыцауы Израил», ӕмӕ уыцы адӕмы ’хсӕн уыди дзуттӕгтӕ дӕр ӕмӕ ӕндӕр адӕмыхӕттытӕ дӕр. Уыдоны Йегъовӕ схуыдта, мӕ ном мын чи хӕссы, уыцы адӕм, зӕгъгӕ (Гал. 6:16; бакӕс Хъуыддӕгтӕ 15:14–17; Матф. 21:43).

13. а) Фыццаг чырыстӕттӕ Хуыцауы ном дзырдтой? Бамбарын ӕй кӕн. ӕ) Хъусын кӕнгӕйӕ дӕ бон Йегъовӕйы номы тыххӕй дзурын кӕй у, уымӕ цы цӕстӕй кӕсыс?

13 Фыццаг чырыстӕттӕ, Хуыцауы ном чи хӕссы, уыцы адӕм кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ уыцы ном дзургӕ дӕр кодтой. Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, афтӕ кодтой, Дзуттаг Фыстытӕй-иу цавӕрдӕр скъуыддзӕгтӕ куы ӕрхастой, уӕд дӕр *. Зӕгъӕм, н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны апостол Петр ныхасы рацыд бирӕ адӕмы раз, се ’хсӕн уыди дзуттӕгтӕ дӕр ӕмӕ, ӕндӕр адӕмтӕй дзуттаг дин чи райста, ахӕмтӕ дӕр. Уӕд Петр йӕ ныхасы Хуыцауы ном загъта цалдӕр хатты (Хъуыд. 2:14, 20, 21, 25, 34). Фыццаг чырыстӕттӕ Йегъовӕйы кадджын кодтой, ӕмӕ сын уый дӕр сӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн арфӕ кодта. Йегъовӕ абон дӕр арфӕ кӕны нӕ лӕггадӕн, уымӕн ӕмӕ йын йӕ ном сӕрыстырӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ йӕ адӕмӕн сӕ Библиты ӕвдисӕм. Уый стыр кад куыннӕ у – нӕхицӕн дӕр ӕмӕ уыцы адӕмӕн дӕр! Йегъовӕимӕ сӕ кӕй зонгӕ кӕнӕм, уый фӕрцы сӕ бон у, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ суой ӕмӕ йӕм ӕнустӕм дӕр ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕной.

14, 15. Мӕнг ахуыргӕнджытӕ куы сбирӕ сты, уӕд дӕр Йегъовӕ йӕ ном ферох кӕнын куыд нӕ бауагъта?

14 Фӕстӕдӕр, уӕлдайдӕр та апостолты мӕлӕты фӕстӕ, чырыстон ӕмбырды чидӕртӕ райдыдтой мӕнг ахуырӕдтӕ парахат кӕнын (2 Фес. 2:3–7). Уыцы мӕнг ахуыргӕнджытӕ, дзуттӕгтӕм цы ӕгъдау фӕзынд, Хуыцауы ном дзурӕн нӕй, зӕгъгӕ, уыцы ӕгъдау дӕр райстой. Фӕлӕ цымӕ Йегъовӕ йӕ ном ферох кӕнын бауагъта? Ницы хуызы! Хуыцауы ном раджы заманты бӕлвырдӕй куыд дзырдтой, уый абон, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ зонӕм, фӕлӕ уӕддӕр уыцы ном нӕ фесӕфт. Ӕнусты дӕргъы Хуыцауы ном ӕмбӕлд Библийы алыхуызон тӕлмацты, стӕй, Библи чи иртӕста, уыдоны фыстыты дӕр. Зӕгъӕм, 1757 азы Чарлз Петерс ныффыста, зӕгъгӕ, алыхуызон титултӕй уӕлдай, Хуыцауы ном «Йегъовӕ» ӕппӕты хуыздӕр ӕвдисы, цавӕр Хуыцау у, уый. 1797 азы мыхуыры рацыд, Хуыцауӕн кувыны тыххӕй кӕм цыд ныхас, иу ахӕм чиныг, ӕмӕ уыцы чиныджы Хоптон Хейнс фыста, зӕгъгӕ, дзуттӕгтӕ Хуыцауы хуыдтой Йегъовӕ ӕмӕ уыдон дӕр, стӕй Чырысти ӕмӕ йӕ апостолтӕ дӕр, куывтой ӕрмӕстдӕр уымӕн. Генри Гру (1781–1862) Хуыцауы ном ӕрмӕст фысгӕ ӕмӕ дзургӕ нӕ кодта, фӕлӕ ма ӕмбӕрста, уыцы ном кӕй фӕчъизи ӕмӕ йӕ ссыгъдӕг кӕнын кӕй хъӕуы, уый. Хуыцауы номӕй пайда кодта Джордж Сторрз (1796–1879), стӕй йе ’мкусӕг Чарлз Рассел дӕр.

15 Хуыцауы адӕмы историйы 1931 аз уыд тынг ахсджиаг аз. Уӕдмӕ уыдон хуындысты Ӕппӕтдунеон библииртасджытӕ, фӕлӕ уыцы аз райстой ног ном – Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ (Ис. 43:10–12). Афтӕмӕй ӕгас дунейӕн дӕр ӕргом равдыстой, сӕхицӕн стыр кадыл кӕй нымайынц иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнын, йӕ ном ын хӕссын ӕмӕ йӕ кадджын кӕнын (Хъуыд. 15:14). Ӕппӕт уыцы хабӕрттӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц Йегъовӕйы ныхӕстӕ Малахийы 1:11 стихӕй: «Хурыскӕсӕнӕй хурныгуылӕнмӕ адӕмты ’хсӕн мӕ ном кадджын уыдзӕн».

ЙЕГЪОВӔЙЫ НОМӔЙ ЦУ

16. Йегъовӕйы ном кӕй хӕссӕм, уый нӕхицӕн стыр кадыл цӕмӕн хъуамӕ нымайӕм?

16 Пехуымпар Михей ныффыста: «Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр цӕудзысты сӕ хуыцӕутты номӕй, мах та цӕудзыстӕм нӕ Хуыцау Йегъовӕйы номӕй ӕнусӕй-ӕнусмӕ, мыггагмӕ» (Мих. 4:5). Кӕддӕр Йегъовӕ Библииртасджытӕн уый бар кӕй радта, цӕмӕй йын йӕ ном хӕссой, уый сын ӕрмӕст кад нӕ уыд. Уый ма сын ууыл дзурӕг дӕр уыд, ӕмӕ сӕ Хуыцау райгонд кӕй у. (Бакӕс Малахийы 3:16–18.) Дӕхицӕй та цы зӕгъдзынӕ? Ӕппӕт тыхтӕй дӕр архайыс, цӕмӕй «Йегъовӕйы номӕй... цӕуай»?

17. Цы аразын хъӕуы, цӕмӕй Йегъовӕйы номӕй цӕуӕм?

17 Цӕмӕй Йегъовӕйы номӕй цӕуӕм, уый тыххӕй хъуамӕ аразӕм ӕппынкъаддӕр ӕртӕ хъуыддаджы. Фыццаг, хъуамӕ уыцы ном иннӕтӕн хъусын кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ, Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чи кувы, ӕрмӕстдӕр уыдон фервӕздзысты (Ром. 10:13). Дыккаг, махмӕ дӕр хъуамӕ уа, Йегъовӕмӕ цы миниуджытӕ ис, уыдон, уӕлдайдӕр та уарзондзинад. Ӕмӕ ӕртыккаг, хъуамӕ ӕхсызгонӕй ӕххӕст кӕнӕм Хуыцауы раст закъӕттӕ, цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыды ном ма фӕхудинаг кӕнӕм (1 Иоан. 4:8; 5:3). Уӕдӕ «нӕ Хуыцау Йегъовӕйы номӕй ӕнусӕй-ӕнусмӕ» цӕудзынӕ?

18. Йегъовӕйы стыр ном чи кадджын кӕны, уыдон се ’ппӕт дӕр фидӕнмӕ ныфсджынӕй цӕмӕн кӕсынц?

18 Йегъовӕйы ном чи ницӕмӕ дары кӕнӕ йӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдон тагъд рӕстӕджы базондзысты, чи у, уый (Йез. 38:23). Уыдон дӕр сты фараоны хуызӕн, афтӕ чи загъта: «Чи у Йегъовӕ? Цӕмӕн ӕм хъуамӕ байхъусон?» Ӕвӕдза йӕ куыд тагъд базыдта, чи у, уый! (Рац. 5:1, 2; 9:16; 12:29). Фӕлӕ мах нӕхи бафӕндыд Йегъовӕйы базонын. Мах сӕрыстыр стӕм, йӕ ном ын кӕй хӕссӕм ӕмӕ йӕ коммӕгӕс адӕмӕй кӕй стӕм, уымӕй. Уымӕ гӕсгӕ фидӕнмӕ ныфсджынӕй кӕсӕм ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндӕм, 9-ӕм псаломы 10-ӕм стихы цы ис фыст, ууыл: «Дӕ ном дын чи зоны, уыдон дыл сӕ зӕрдӕ дардзысты, уымӕн ӕмӕ ды, о Йегъовӕ, никуы ныууадздзынӕ, чи дӕ агуры, уыдоны».

^ 5 абз. Хуыцауы ном арӕзт у дзуттаг мивдисӕгӕй, «суын», зӕгъгӕ. Уымӕ гӕсгӕ, «Йегъовӕ» нысан кӕны «Ӕз суыдзынӕн, чи мӕ бафӕнда, уый» (Райд. 2:4; кӕс «Библи – Ног дунейы тӕлмац», Уӕлӕмх. 1, 1 абз.).

^ 13 абз. Фыццаг чырыстӕттӕ кӕмӕй пайда кодтой, уыцы дзуттаг тексты Йегъовӕйы ном фыст уыд тетраграмматонӕй, ома цыппар дзуттаг дамгъӕйӕ. Ӕмӕ, Дзуттаг Фыстытӕн грекъаг ӕвзагмӕ цы тӕлмац скодтой, Септуагинтӕ, зӕгъгӕ, уымӕн дӕр йӕ рагон къопиты, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ уыд.