Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырысти нын равдыста, куыд хъуамӕ цӕрӕм, цӕмӕй нӕ цардӕй райгонд уӕм

Чырысти нын равдыста, куыд хъуамӕ цӕрӕм, цӕмӕй нӕ цардӕй райгонд уӕм

«Цӕр... Йесо куыд цард, афтӕ» (1 Иоанны 2:6).

АЙРАЗМӔЙЫ статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй Чырысти йӕ цардӕй уыд райгонд. Уӕдӕ цӕмӕй мах дӕр нӕ цардӕй райгонд уӕм, уый тыххӕй хорз уаид, куы йӕ фӕзмиккам ӕмӕ йын йӕ уынаффӕтӕм куы хъусиккам.

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй архайӕм, статьяйы райдианы цы стих ис, уымӕ гӕсгӕ, ома, Чырысти куыд цард, афтӕ цӕрӕм ӕмӕ йын йӕ амындтӕ ӕххӕст кӕнӕм. Уый фӕрцы Хуыцауы хорзӕх ссардзыстӕм ӕмӕ нӕ цардӕй райгонд уыдзыстӕм.

Йесо адӕмӕн кӕй амыдта, уыцы уагӕвӕрдтӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй мах дӕр, уый куыд цард, афтӕ цӕрӕм. Уыцы уагӕвӕрдтӕй бирӕтӕ нӕ бон ссарын у йӕ зындгонд раныхасы. Ӕркӕсӕм-ма дзы цалдӕрмӕ ӕмӕ аныхас кӕнӕм, царды сӕ куыд пайда кӕнӕн ис, ууыл.

УАГӔВӔРД: «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон» (Матфейы 5:3).

АЦЫ УАГӔВӔРД НЫН КУЫД БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ НӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД УӔМ?

Чырыстийы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, адӕймаг афтӕ конд кӕй у, ӕмӕ хъуамӕ Хуыцауы зона. Алкӕйдӕр нӕ фӕнды базонын дзуапп ахӕм фарстатӕн: адӕймаг цӕмӕн цӕры? Зӕххыл уыйбӕрц фыддзинад цӕмӕн ис? Хуыцау ныл ӕцӕгдӕр тыхсы? Мӕрдты исты ис? Цӕмӕй нӕ цардӕй райгонд уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ацы фарстатӕн дзуапп базонӕм. Чырысти зыдта, ацы фарстатӕн раст дзуапп ссарӕн кӕй ис Хуыцауы Ныхасы. Йӕ Фыдмӕ куы куывта, уӕд загъта: «Дӕ ныхас у рӕстдзинад» (Иоанны 17:17). Цымӕ нын Библи ӕцӕгдӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауы базонӕм ӕмӕ амондджын уӕм?

ӔЦӔГ ХАБАР.

Эсӕ уыд зындгонд музыкалон къорды солист, ӕмӕ цӕмӕй йӕ ном дӕрдтыл айхъуыстаид, уымӕ йӕ бирӕ нал хъуыд. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ цардӕй райгонд нӕ уыди. «Цы куыстон, уый кӕд мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд, уӕддӕр мын царды цыдӕр нӕ фаг кодта»,– загъта Эсӕ. Цасдӕры фӕстӕ Эсӕ сӕмбӕлд иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕныл. Эсӕ зӕгъы: «Фарстаты бын ӕй фӕкодтон. Мӕ алы фарстайӕн дӕр мын дзуапп лӕвӕрдта Библийӕ. Йӕ ныхӕстӕ мӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг бахъардтой, ӕмӕ йемӕ Библи ахуыр кӕныныл сразы дӕн». Эсӕ Библи ахуыргӕнгӕйӕ цы базыдта, уый йыл тынг фӕзынд, ӕмӕ Йегъовӕйӕн дзырд радта, амӕй фӕстӕмӕ йын йӕ фӕндон кӕй ӕххӕст кӕндзӕн. Эсӕ загъта: «Раздӕр-иу ӕдзух цыдӕр хабӕртты бахаудтӕн, фӕлӕ ныр мӕ цардӕй ӕцӕгдӕр райгонд дӕн, алцыдӕр, куыд хъуамӕ уа, афтӕ у» *.

УАГӔВӔРД: «Амондджын сты, фӕлмӕнзӕрдӕ чи у, уыдон» (Матфейы 5:7).

АЦЫ УАГӔВӔРД НЫН КУЫД БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ НӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД УӔМ?

Фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг иннӕты рыст фембары ӕмӕ сӕм хорз зӕрдӕ фӕдары. Чырысти уыд фӕлмӕнзӕрдӕ, ӕххуысхъуаг чи уыд, уыдоны хорз ӕмбӕрста. Тӕригъӕд сын кӕй кодта, уымӕ гӕсгӕ сын алкӕддӕр сӕ уавӕр фӕрог кӕнынмӕ цӕттӕ уыд (Матфейы 14:14; 20:30–34). Мах дӕр Чырыстийау фӕлмӕнзӕрдӕ куы уӕм, уӕд нӕ цардӕй райгонд уыдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ иннӕтӕн чи феххуыс кӕны, уый вӕййы амондджын (Хъуыддӕгтӕ 20:35). Фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй стӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, не ’ххуыс кӕй хъӕуа, уыдонӕн-иу ныхасӕй ӕмӕ хъуыддагӕй куы баххуыс кӕнӕм, ӕмӕ-иу сын афтӕмӕй сӕ уавӕр куы фӕрогдӕр кӕнӕм. Цымӕ уӕд нӕ цардӕй ӕцӕгдӕр уыдзыстӕм райгонд?

Марийӕ ӕмӕ Карлос

ӔЦӔГ ХАБАР.

Фӕлмӕнзӕрдӕдзинад стыр арфӕдзинӕдтӕ кӕй хӕссы, уымӕн цӕвиттон сты Марийӕ ӕмӕ йӕ цардӕмбал Карлос. Марийӕйӕн йӕ мад куы амард, уӕд йӕ фыд иунӕгӕй баззад ӕмӕ ныр цалдӕр азы у хуысгӕ рынчын. Куы ӕруатон, уӕд ӕй Марийӕ ӕмӕ Карлос сӕхимӕ ракодтой. Бирӕ ӕгъуыссӕг ӕхсӕвтӕ арвыстой, стӕй-иу ӕм диабетӕй приступтӕ куы уыд, уӕд-иу ӕй ӕвӕстиатӕй хъуыд рынчындонмӕ аласын. Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, кӕд хатт тынг бафӕллайынц, уӕддӕр, Чырысти куыд загъта, афтӕмӕй сты амондджын. Цӕмӕн? Марийӕ ӕмӕ Карлосӕн тынг ӕхсызгон у, Марийӕйы фыдӕн сӕ бон ӕххуыс кӕнын кӕй у, уый.

УАГӔВӔРД: «Амондджын сты, иннӕтимӕ хӕларӕй чи цӕры, уыдон» (Матфейы 5:9).

АЦЫ УАГӔВӔРД НЫН КУЫД БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ НӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД УӔМ?

Ацы стихы дзырдбастӕй, «иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрын», зӕгъгӕ, цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уымӕн йӕ хъуыды у «архайын, цӕмӕй фарн уа». Фӕлӕ цымӕ адӕймаг ууыл куы архайа, уӕд йӕ цардӕй йӕ зӕрдӕ тынгдӕр рухс кӕндзӕн? Уӕд иннӕтимӕ кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбардзыстӕм. Библийы ис ахӕм хорз уынаффӕ: «Уӕ бон цы у, уый аразут, цӕмӕй алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрат» (Ромӕгтӕм 12:18). «Алкӕимӕ дӕр», зӕгъгӕ, нысан кӕны нӕ бинонтимӕ, стӕй, нӕ диныл хӕст чи нӕу, уыдонимӕ дӕр. «Алкӕимӕ дӕр» хӕларӕй куы цӕрӕм, уӕд цымӕ нӕ цардӕй ӕцӕгдӕр райгонд уыдзыстӕм?

Наир

ӔЦӔГ ХАБАР.

Ӕркӕсӕм иу сылгоймаг Наиры хабармӕ. Кӕд Наир бирӕ азты дӕргъы стыр зындзинӕдтӕ ’взары, уӕддӕр архайы, цӕмӕй иннӕтимӕ, уӕлдайдӕр та йӕ бинонтимӕ, хӕларӕй цӕра. Йӕ лӕг ӕй 15 азы размӕ ныууагъта, ӕмӕ йӕ уӕд йӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй хъомыл кӕнын бахъуыд. Йӕ фырттӕй иу наркоман сси, арӕх-иу йӕхи дӕр нал ӕмбӕрста, ӕмӕ-иу йӕ мадмӕ ӕмӕ йӕ хомӕ ӕртхъирӕн кодта. Наир куыд зӕгъы, афтӕмӕй Библийӕ цы базыдта, уый фӕрцы йӕ бон сси уыцы зындзинӕдтӕ сфӕразын. Наир фӕархайы, цӕмӕй макӕимӕ быцӕу кӕна ӕмӕ макӕимӕ хыл кӕна, фӕлӕ иннӕты ӕмбара ӕмӕ хӕларзӕрдӕ уа (Ефесӕгтӕм 4:31, 32). Наир ӕй зоны, иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрыныл кӕй архайы, уый фӕрцы йӕ бинонты ’хсӕн дӕр ис фарн ӕмӕ иннӕтимӕ дӕр хорз цӕры.

ФИДӔНЫЛ АХЪУЫДЫ КӔНӔМ

Чырыстийы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд уыдзыстӕм амондджын ӕмӕ нӕ цардӕй райгонд уыдзыстӕм. Фӕлӕ цӕмӕй нӕ цардӕй ӕцӕгдӕр райгонд уӕм, уый тыххӕй ма хъуамӕ зонӕм, фидӕны цы уыдзӕн, уый. Ӕниу адӕймаг йӕ цардӕй райгонд куыд хъуамӕ уа, кӕд ӕмӕ иууылдӕр зӕронд ӕмӕ рынчын кӕнӕм ӕмӕ ӕппынфӕстаг амӕлдзыстӕм? Ӕцӕгдӕр, абоны дунейы ӕндӕр ницы уынӕм.

Фӕлӕ ис иу хорз хабар! Йегъовӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕ ӕрцӕттӕ кодта, «Йесо куыд цард, афтӕ» чи цӕры, уыдонӕн. Йегъовӕ зӕрдӕ ’вӕры, тагъд ног дуне кӕй ралӕудзӕн ӕмӕ йыл иузӕрдион чи у, уыцы адӕм кӕй цӕрдзысты, Йегъовӕйы куыд фӕнды, афтӕ – цӕрдзысты ӕнустӕм ӕмӕ сӕ къахы ныхӕй дӕр никуыуал схъӕрздзысты. Йӕ Ныхасы фыст ис: «Акӕс-ма! Хуыцауы цатыр ис адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ Хуыцау цӕрдзӕн семӕ, ӕмӕ уыдон уыдзысты йӕ адӕм. Ӕмӕ Хуыцау йӕхӕдӕг уыдзӕн семӕ. Ӕмӕ сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта» (Раргомад 21:3, 4).

Фыццаг статьяйы кӕй кой кодтам, уыцы 84-аздзыд сылгоймаг Марийӕ цингӕнгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ацы ныхӕстӕ кӕд сӕххӕст уыдзысты, уыцы рӕстӕгмӕ. Ды та? «Ӕцӕг цард» цы у, ома, Хуыцауы Паддзахад зӕххӕн разамынд куы дӕтта, уӕд цавӕр цард уыдзӕн, уый тыххӕй дӕ фылдӕр базонын нӕ фӕнды? (1 Тимофеймӕ 6:19). Кӕд о, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕмӕн зӕгъ кӕнӕ, ацы журнал чи мыхуыр кӕны, уыдонмӕ ныффысс *.

^ 8 абз. Эсӕйы царды хабӕрттӕ фыст сты ацы журналы 8 ӕмӕ 9 фӕрстыл.

^ 18 абз. Чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?» бирӕтӕн баххуыс кодта алыхуызон фарстатӕн дзуапп Хуыцауы Ныхасӕй базонынӕн. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.