Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Ныхас дӕуӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр стыр ӕххуыс уӕд

Хуыцауы Ныхас дӕуӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр стыр ӕххуыс уӕд

«Дӕ бардзырдтӕ дын иууылдӕр нымайын растыл, дӕ алы бардзырд дӕр» (ПС. 119:128).

1. Хуыцауы Ныхасыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ цӕмӕн хъуамӕ ӕууӕндӕм?

БИБЛИ чи ахуыр кӕны, ахӕм адӕймаг цалынмӕ ӕмбырдимӕ хъусын кӕнын райдайа, уӕдмӕ уал хъуамӕ равдиса, Библи Хуыцауы Ныхасыл кӕй нымайы *. Ӕмӕ, раст зӕгъгӕйӕ, не ’ппӕтӕн дӕр нӕ ныхӕстӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, Библийыл кӕй ӕууӕндӕм. Цӕмӕн? Хуыцауы Ныхасыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы ӕууӕндӕм ӕмӕ дзы уацамынды арӕхстджынӕй куы пайда кӕнӕм, уӕд иннӕтӕн дӕр баххуыс кӕндзыстӕм Йегъовӕйы базонынӕн ӕмӕ фервӕзынӕн.

2. Цы базыдтам, ууыл амӕй фӕстӕмӕ дӕр фидар цӕмӕн хъуамӕ хӕцӕм?

2 Апостол Павел Тимофеймӕ куы фыста, уӕд ын йӕ хъус ӕрдардта, Хуыцауы Ныхас адӕймагӕн куыд ахсджиаг у, уымӕ. Павел ӕм ныффыста: «Цы базыдтай ӕмӕ дӕ фидарӕй цӕуыл баууӕндын кодтой, ууыл амӕй фӕстӕмӕ дӕр фидар хӕц». Тимофей «цы базыдта», уымӕ хаудысты, хорз хабарыл кӕй фӕрцы баууӕндыд, уыцы ахуырӕдтӕ Фыстадӕй. Абон махӕн дӕр нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕны, Библийӕ цы базонӕм, уый фӕрцы. Ӕмӕ нын уый дӕтты «зонд, цӕмӕй фервӕзӕм» (2 Тим. 3:14, 15). Павел Тимофеймӕ дарддӕр цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдон арӕх адӕмӕн бакӕсӕм, цӕмӕй сын равдисӕм, Библи Хуыцауӕй кӕй у. Фӕлӕ ма уыцы ныхӕстӕй ноджыдӕр цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм. Фыст сты 2 Тимофеймӕ 3:16. (Бакӕс ӕй.) Цӕй ӕмӕ сӕм лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм. Уый фӕрцы ноджы тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм, Йегъовӕйы уынаффӕтӕ иууылдӕр раст кӕй сты, ууыл (Пс. 119:128).

«ПАЙДА У АДӔЙМАДЖЫ АХУЫР КӔНЫНӔН»

3–5. а) Фӕндзайӕм боны адӕм Петры раныхасмӕ цы цӕстӕй ракастысты ӕмӕ цӕмӕн? ӕ) Фессалоникӕгтӕй бирӕтӕ хорз хабарыл цӕмӕн баууӕндыдысты? б) Абон куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд бирӕтӕ цы бафиппайынц?

3 Йесо Чырысти израилӕгтӕн загъта: «Фервитын [уӕм] пехуымпарты, зондджын лӕгты ӕмӕ зондамонджыты» (Матф. 23:34). Чырысти кодта йӕ ахуыргӕнинӕгты кой, уымӕн ӕмӕ уыдонӕн бацамыдта, адӕмӕн хъусын кӕнгӕйӕ Фыстадӕй куыд хъуамӕ пайда кодтаиккой, уый. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны уыцы «зондамонджытӕй» иу, апостол Петр, Иерусалимы тынг бирӕ адӕмы раз ныхасы рацыд. Петр йӕ ныхасы ӕрхаста цалдӕр скъуыддзаджы Дзуттаг Фыстытӕй. Куы сӕ бамбарын кодта, уӕд уыцы ныхӕстӕ адӕмӕй бирӕтӕн сӕ «зӕрдӕты арф ахызтысты» ӕмӕ Хуыцауы раз сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтой. Ӕмӕ уыцы бон ӕртӕ мин адӕймаджы бӕрц донаргъуыд райстой ӕмӕ чырыстӕттӕ систы (Хъуыд. 2:37–41).

4 Йесо кӕй кой кодта, уыцы «зондамонджытӕй» уыд апостол Павел дӕр. Уый хорз хабар хъусын кодта Иерусалимӕй бирӕ дарддӕр. Зӕгъӕм, хъусын кодта Македонийы, горӕт Фессалоникӕйы. Уым Павел дзуттӕгты ӕмбырдгӕнӕны ӕртӕ сабаты «адӕмимӕ ныхас кодта Фыстадмӕ гӕсгӕ. Ӕмбарын сын кодта, Чырысти кӕй хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ ӕртыккаг бон мӕрдтӕй кӕй хъуамӕ райгас уыдаид, ӕмӕ сын Фыстадӕй бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста». Гъемӕ дзуттӕгтӕй чидӕртӕ, стӕй грекъӕгтӕй дӕр бирӕтӕ «систы уырнджытӕ» (Хъуыд. 17:1–4).

5 Абон бирӕтӕ ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕвӕййынц, нӕ ныхӕстӕ Библийӕ куыд арӕхстджынӕй бӕлвырд кӕнӕм, уый. Швейцарийы нӕ хо хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусынгӕнгӕйӕ иу нӕлгоймагӕн Библийӕ стих куы бакаст, уӕд ӕй уыцы нӕлгоймаг бафарста: «Кӕцы динӕй стут?» Хо йын дзуапп радта: «Мах стӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ». Уӕд ын уый загъта: «Мӕхӕдӕг ӕй куыннӕ базыдтон! Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты йеддӕмӕ ма мӕм хӕдзармӕ Библиимӕ чи хъуамӕ ӕрбацыдаид!»

6, 7. а) Ӕмбырды сценӕйӕ чи фӕдзуры, уыдонӕн сӕ бон куыд у Библийӕ хорз пайда кӕнын? ӕ) Искӕимӕ Библи ахуыр кӕнгӕйӕ нӕ бон куыд у Хуыцауы Ныхасӕй арӕхстджынӕй пайда кӕнын?

6 Иннӕты ахуыр кӕнгӕйӕ нӕ бон куыд у Библийӕ хуыздӕр пайда кӕнын? Кӕд дын раныхас йе та ӕндӕр исты хӕслӕвӕрд уа, уӕд-иу Библийы стихтӕ дӕр ӕрхӕсс. Стихтӕ-иу дӕхи ныхӕстӕй ма дзур, стӕй-иу сӕ ӕнӕуи гӕххӕттӕй ма кӕс, фӕлӕ-иу Библи байгом кӕн ӕмӕ-иу сӕ уырдыгӕй бакӕс. Ӕмӕ-иу дӕ ныхасмӕхъусджыты дӕр уымӕ баразӕнгард кӕн. Стӕй-иу сын уыцы стихтӕ афтӕ бамбарын кӕн, цӕмӕй уый фӕрцы Йегъовӕмӕ баввахс уой. Зынӕмбарӕн цӕвиттонтӕ ма хӕсс ӕмӕ, адӕм ӕрмӕстдӕр худгӕ кӕуыл акӕной, ахӕм хабӕрттӕ ма дзур, фӕлӕ ӕмбарын кӕн Хуыцауы Ныхас.

7 Искӕимӕ Библи куы ахуыр кӕнӕм, уӕд та нӕ цы хъӕуы нӕ зӕрдыл дарын? Не ’рмӕджы Библийӕ цы стихтӕ уой амынд, уыдонӕй-иу кӕцыдӕртӕ бакӕсын ма ферох кӕнӕм. Хъуамӕ-иу адӕймаджы баразӕнгард кӕнӕм уыцы стихтӕ Библийӕ бакӕсынмӕ, стӕй-иу ын баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй сӕ бамбара. Куыд ын ис баххуыс кӕнӕн? Алы стихы фӕдыл-иу ын лекци ма бакӕсӕм, фӕлӕ-иу ӕй бафӕрсӕм, куыд ӕй бамбӕрстай, зӕгъгӕ. Цӕуыл хъуамӕ баууӕнда кӕнӕ цы хъуамӕ сараза, уый йын нӕхӕдӕг ма дзурӕм, фӕлӕ йӕм ахӕм фарстатӕ дӕттӕм, цӕмӕй-иу йӕхӕдӕг раст хатдзӕгтӕм ӕрцӕуа *.

«ПАЙДА У... УАЙДЗӔФ КӔНЫНӔН»

8. Павелы цӕимӕ хъуыди тох кӕнын?

8 «Тӕригъӕдджын митӕ чи кӕны, уыдонӕн уайдзӕф кӕнын» у хистӕр нӕлгоймӕгты хӕс (1 Тим. 5:20; Тит. 1:13). Фӕлӕ ма нӕ алкӕй дӕр хъӕуы йӕхицӕн дӕр «уайдзӕф кӕнын». Павел уыди, Хуыцауӕн сыгъдӕг цӕсгомӕй чи лӕггад кодта, ахӕм фӕзминаг чырыстон (2 Тим. 1:3). Фӕлӕ уӕддӕр афтӕ ныффыста: «Ме уӕнгты... цӕры ӕндӕр закъон – уый тох кӕны мӕ зонды закъонимӕ. Уый у тӕригъӕды закъон ӕмӕ мӕ кӕны йӕ уацайраг». Ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм, Павел йӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ куыд тох кодта, ууыл. (Бакӕс Ромӕгтӕм 7:21–25.)

9, 10. а) Цы ис зӕгъӕн, Павелы цы лӕмӕгъдзинӕдтимӕ хъуыди тох кӕнын, уый тыххӕй? ӕ) Павел йӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ куыд тох кодта?

9 Павелы цавӕр лӕмӕгъдзинӕдтимӕ хъуыди тох кӕнын? Уый тыххӕй бӕлвырдӕй ницы загъта, фӕлӕ Тимофеймӕ ныффыста, ӕз кӕддӕр «ӕдзӕсгом адӕймаг» уыдтӕн, зӕгъгӕ (1 Тим. 1:13). Павел, цалынмӕ йӕхӕдӕг дӕр чырыстон не сси, уӕдмӕ чырыстӕтты карзӕй ӕфхӕрдта. Йесойы фӕдылдзӕуджытӕм цы зӕрдӕ дардта, уый тыххӕй ӕргом загъта: «Мӕ маст сӕм... тынг фыхти» (Хъуыд. 26:11). Кӕд Павел йӕ маст уромын сахуыр, уӕддӕр-иу ын хатт зын уыди йӕхиуыл фӕхӕцын (Хъуыд. 15:36–39). Цы йын ӕххуыс кодта уыцы тохы?

10 Павел йӕхӕдӕг йӕхицӕн куыд «уайдзӕф кодта», уый кой ракодта, Коринфы цӕрӕг чырыстӕттӕм цы фыстӕг ныффыста, уым. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 9:26, 27.) Цӕмӕй йӕ лӕмӕгъдзинӕдтыл фӕтых уыдаид, уый тыххӕй архайдта фӕндфидарӕй ӕмӕ арӕзта бӕлвырд къахдзӕфтӕ. Нӕ бон у зӕгъын, ӕмӕ Павел зонд агуырдта Хуыцауы Ныхасы, Йегъовӕйӕ ӕххуыс куырдта ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр архайдта йӕхи фӕивыныл *. Павелы цӕвиттонӕй нӕ бон бирӕ у зондӕн райсын, уымӕн ӕмӕ мах дӕр уыйау нӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ тох кӕнӕм.

11. Рӕстдзинады фӕндагыл фидар къахдзӕфтӕй цӕуӕм ӕви нӕ, уый нӕ бон куыд у сбӕлвырд кӕнын?

11 Афтӕ хъуамӕ макуы ахъуыды кӕнӕм, мӕн нал хъӕуы мӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ тох кӕнын, зӕгъгӕ. Хъуамӕ-иу нӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсӕм, цӕмӕй-иу сбӕлвырд кӕнӕм, рӕстдзинады фӕндагыл фидар къахдзӕфтӕй цӕуӕм ӕви нӕ (2 Кор. 13:5). Зӕгъӕм, Колоссӕгтӕм 3:5–10 кӕнӕ ӕндӕр ахӕм стихтӕ куы кӕсӕм, уӕд нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Мӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ ӕппӕт хъарутӕй тох кӕнын, ӕви, Йегъовӕ ӕвзӕр кӕй хоны, уыцы хъуыддӕгтӕ мӕ зӕрдӕмӕ цӕуын райдыдтой? Интернеты исты куы фӕагурын ӕмӕ, ӕнӕгъдау хабӕрттӕ кӕм ис, ахӕм сайт куы байгом вӕййы, уӕд ӕй уайтагъд сӕхгӕнын, ӕви ахӕм сайттӕ мӕхӕдӕг фӕагурын?» Хуыцауы Ныхасы уынаффӕтӕ махӕн нӕхимӕ куыд хауынц, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд уыдзыстӕм «цырддзаст ӕмӕ къӕрцхъус» (1 Фес. 5:6–8).

«ПАЙДА У... ХЪУЫДДӔГТӔ РАСТ КӔНЫНӔН»

12, 13. а) «Хъуыддӕгтӕ раст кӕнгӕйӕ» нӕ нысан цы хъуамӕ уа? Уыцы хъуыддаджы нӕ бон Йесойы бафӕзмын куыд у? ӕ) Цавӕрдӕр «хъуыддӕгтӕ сраст кӕнын» нӕ куы фӕнда, уӕд нӕхи хъуамӕ цавӕр ныхасыуагӕй хизӕм?

12 «Хъуыддӕгтӕ раст кӕнын»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уымӕн йӕ хъуыды у «исты схорз кӕнын, банывыл кӕнын, раст уавӕрмӕ ӕркӕнын». Хъуыддӕгтӕ раст кӕнын хатт фӕхъӕуы, исчи нӕ куы нӕ бамбары, уӕд. Зӕгъӕм, дзуттаг дины разамонджытӕ Йесойы фаудтой, «хъалонисджытӕм ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕм» хӕларзӕрдӕ кӕй уыд, уый тыххӕй. Ӕмӕ сын уӕд Йесо загъта: «Дохтыр рынчынты хъӕуы, ӕнӕниз чи у, уыдоны нӕ, фӕлӕ. Уӕдӕ ацӕут ӕмӕ уал базонут, цӕуыл дзурӕг сты ацы ныхӕстӕ: „Мӕн нывӕндтӕ нӕ хъӕуы, фӕлӕ, фӕлмӕнзӕрдӕ уат, уый“» (Матф. 9:11–13). Йесо алкӕмӕн дӕр фӕразонӕй ӕмӕ хӕларзӕрдӕйӕ ӕмбарын кодта Хуыцауы ныхӕстӕ. Ӕмӕ уый фӕрцы сӕрныллӕг адӕм бамбӕрстой, Йегъовӕ кӕй у «фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр у раст» (Рац. 34:6). Хуыцауы Фырт «хъуыддӕгтӕ раст кӕныныл» кӕй архайдта, уый фӕрцы бирӕтӕ хорз хабарыл баууӕндыдысты.

13 Йесойы цӕвиттонӕй бӕрӕг у, искӕмӕн нӕ цавӕрдӕр хъуыддаджы зонд бацамонын куы фӕнда, уӕд куыд хъуамӕ архайӕм. 2 Тимофеймӕ 3:16 фыст ныхӕстӕ, «хъуыддӕгтӕ раст кӕнын», зӕгъгӕ, афтӕ ӕмбаргӕ не сты, ӕмӕ адӕймагимӕ карзӕй хъуамӕ дзурӕм. Фыстад нын уый бар нӕ дӕтты, цӕмӕй искӕмӕ хыл кӕнӕм. Карз уайдзӕф у «карды цӕфау», маст бирӕ ӕрхӕссы, пайда та – ницы (Ӕмб. 12:18).

14–16. а) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у «хъуыддӕгтӕ раст кӕнын», исчи сӕ ӕххуыс куы ракура, уӕд? ӕ) Сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнгӕйӕ хъуыддӕгтӕ Фыстадмӕ гӕсгӕ раст кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у?

14 Уӕдӕ нӕ бон куыд у «хъуыддӕгтӕ раст кӕнгӕйӕ» фӕразонӕй ӕмӕ хӕларзӕрдӕйӕ архайын? Зӕгъӕм, чырыстон бинонтӕ арӕх кӕрӕдзиимӕ фӕбыцӕу кӕнынц ӕмӕ хистӕр нӕлгоймагӕн загътой, цӕмӕй сын уыцы хъуыддаг банывыл кӕнынӕн баххуыс кӕной. Куыд бакӕндзӕн хистӕр нӕлгоймаг? Уый нӕдӕр сӕ иуы фарс рахӕцдзӕн, нӕдӕр сӕ иннӕйы, фӕлӕ семӕ аныхас кӕндзӕн Библийы уагӕвӕрдтыл. Ахӕм уагӕвӕрдтӕ йӕ бон у ссарын, зӕгъӕм, чиныджы «Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у», 3 сӕры. Уыдӕттыл ныхас кӕнгӕйӕ лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр, чи зоны, феной, сӕ дыууӕйы дӕр цыдӕртӕ фӕивын кӕй хъӕуы. Рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд сӕ хистӕр нӕлгоймаг афӕрсдзӕн, хъуыддаг куыд цӕуы, уымӕй, стӕй ма сӕ, мыййаг, исты ӕххуыс хъӕуы ӕви нӕ, уымӕй дӕр.

 15 Ныййарджытӕн та сӕ бон куыд у «хъуыддӕгтӕ раст кӕнын», цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн алцӕмӕ дӕр Хуыцауы цӕстӕй кӕсынӕн баххуыс кӕной? Зӕгъӕм, де ’рыгон чызгӕн фӕзынд ног ӕмбал, фӕлӕ дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ йын бынтон хорз ӕмбал нӕу. Уӕд уал фыццаг хъуамӕ уыцы адӕймаджы тыххӕй фылдӕр базонай. Ӕмӕ кӕд ӕцӕгдӕр, ды куыд хъуыды кодтай, афтӕ разына, уӕд дӕ чызгимӕ аныхас кӕн. Дӕ бон у, чиныджы «Ответы на твои вопросы», 2 томы уыцы фарстайы фӕдыл цы уынаффӕтӕ ис, уыдон йемӕ равзарын. Ӕмӕ уый фӕстӕ бацархай, цӕмӕй йемӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвитай. Дӕ хъус-иу дар, уацамынды цы зӕрдӕйӕ фӕцӕуы, уымӕ, стӕй, бинонтимӕ йӕ рӕстӕг ӕхсызгонӕй фервиты ӕви нӕ, уымӕ дӕр. Фӕразон ӕмӕ хӕларзӕрдӕ куы уай, уӕд дӕ чызг фендзӕн, кӕй йӕ уарзыс ӕмӕ йыл кӕй тыхсыс, уый. Ӕмӕ йын уӕд дӕ уынаффӕмӕ байхъусын ӕнцондӕр уыдзӕн, ӕмӕ афтӕмӕй йӕхи фыдбылызӕй бахиздзӕн.

Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн Библийы фӕрцы хӕларзӕрдӕйӕ куы ӕххуыс кӕной, уӕд сӕ бирӕ мӕстытӕй бахиздзысты (Кӕс  15 абзац)

16 Кӕмӕн ма у нӕ бон афтӕ фӕразонӕй ӕмӕ хӕларзӕрдӕйӕ ӕххуыс кӕнын? Зӕгъӕм, йе ’нӕниздзинадыл чи мӕт кӕны йе та, ӕнӕ куыстӕй чи баззад ӕмӕ уый тыххӕй йӕ ныфс кӕмӕн асаст, уыдонӕн. Стӕй ма, Библийӕ цавӕрдӕр ахуырад зынӕмбарӕн кӕмӕ кӕсы, уыдонӕн дӕр. «Хъуыддӕгтӕ раст кӕнгӕйӕ» Хуыцауы Ныхасӕй куы фӕпайда кӕнӕм, уӕд уый не ’ппӕтӕн дӕр стыр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕссы.

«ПАЙДА У... РАСТ ЗОНДЫЛ АРАЗЫНӔН»

17. Зондамындмӕ хъусын хорз цӕмӕн у?

17 «Адӕймагӕн зонд куы фӕамонынц, уӕд ын ӕхсызгон нӕ вӕййы – хъыг ӕм фӕкӕсы». Фӕлӕ уӕддӕр «уый фӕстӕ, уыцы зондамындӕй цӕуылдӕр чи сахуыр вӕййы, уыдонӕн уый ӕрхӕссы фарны тыллӕг – раст хъуыддӕгтӕ» (Дзут. 12:11). Йӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕмӕн сты, уыцы чырыстӕттӕй бирӕтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй сын стыр пайда фӕци, гыццылӕй-иу сын сӕ ныййарджытӕ зонд кӕй бацамыдтой, уый. Йегъовӕ нын хистӕр нӕлгоймӕгты уылты цы зондамынд дӕтты, уый дӕр нын ӕххуыс кӕны царды фӕндагыл дарддӕр цӕуынӕн (Ӕмб. 4:13).

18, 19. а) Цӕмӕй иннӕты «раст зондыл аразӕм», уый тыххӕй ахсджиаг цӕмӕн у, Ӕмбисӕндты 18:13 цы уагӕвӕрд ис, уымӕ гӕсгӕ архайын? ӕ) Тӕригъӕд чи ракӕны, ахӕм адӕймагимӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕлмӕн ӕмӕ хӕларзӕрдӕ куы вӕййынц, уӕд хъуыддаг арӕх куыд рауайы?

18 Зонд амонынӕн стыр арӕхстдзинад хъӕуы. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн фӕдзӕхсы, цӕмӕй-иу иннӕты «раст зондыл аразой» (2 Тим. 3:16). Уый тыххӕй та хъӕуы Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайын. Иу ахӕм уагӕвӕрд ис Ӕмбисӕндты 18:13: «Адӕймагмӕ куы нӕ байхъусай, афтӕмӕй дзуапп куы раттай, уӕд уый у ӕнӕзонд ми ӕмӕ худинаг». Уӕдӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн кӕцыдӕр ӕфсымӕр кӕнӕ хойӕ афтӕ куы зӕгъой, уӕззау тӕригъӕд ракодта, зӕгъгӕ, уӕд уал уыцы адӕймагимӕ фембӕлыны размӕ хъуамӕ хъуыддаг бӕстон сбӕрӕг кӕной (Дык. з. 13:14). Ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй уыдзӕн сӕ бон адӕймаджы «раст зондыл саразын».

19 Уымӕй уӕлдай, Хуыцауы Ныхас хистӕр нӕлгоймӕгтӕн зӕгъы, цӕмӕй зонд амоной «фӕлмӕнӕй». (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 2:24–26.) Раст у, тӕригъӕд чи ракӕны, уый Йегъовӕйы ном фӕхудинаг кӕны ӕмӕ ӕнаххос адӕмӕн сӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕны. Фӕлӕ хистӕр нӕлгоймаг ахӕм адӕймагимӕ мӕстыйӕ куы ныхас кӕна, уӕд ын нӕ баххуыс кӕндзӕн. Хуыцау куыд хӕларзӕрдӕйӕ архайы, уый дӕр афтӕ куы архайа, уӕд та, чи зоны, уыцы адӕймагӕн ӕрфӕсмон кӕнынӕн баххуыс кӕна (Ром. 2:4).

20. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн зонд куы амоной, уӕд цавӕр уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ хъуамӕ архайой?

20 Цӕмӕй ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты, «Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ» хъомыл кӕной ӕмӕ сӕ «йӕ зондыл аразой», уый тыххӕй хъуамӕ архайой Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ (Еф. 6:4). Зӕгъӕм, фыдӕн исчи йӕ фыртӕй куы рахъаст кӕна, уӕд хъуамӕ ӕрмӕст уыцы адӕймаджы ныхасӕй ма бафхӕра йӕ фырты, фӕлӕ хъуамӕ хъуыддаг бӕлвырд базона. Стӕй чырыстон ныййарӕгӕн уый бар нӕй, цӕмӕй йӕ сывӕллоны ӕгъатырӕй ӕфхӕра. «Йегъовӕ фӕлмӕн уарзтӕй... уарзы ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ... у». Ӕмӕ ныййарджытӕ, сӕ сывӕллӕттӕн зонд куы амоной, уӕд хъуамӕ Хуыцауы фӕзмой (Иак. 5:11).

ЙЕГЪОВӔЙЫ ЗЫНАРГЪ ЛӔВАР

21, 22. Псаломы 119:97–104 стихтӕй тынгдӕр кӕцы ныхӕстӕ ӕвдисынц, Йегъовӕйы Ныхасы тыххӕй ды цы хъуыды кӕныс, уый?

21 Кӕддӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй иу ныффыста, Йегъовӕйы закъон цӕмӕн уарзы, уый тыххӕй. (Бакӕс Псалом 119:97–104). Фыстад иртасгӕйӕ ссардта зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад. Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй архайдта, уый фӕрцы хызт уыд, бирӕтӕ масты хай кӕй тыххӕй фесты, уыцы рӕдыдтытӕй. Уымӕн Фыстад ахуыр кӕнын уыд ӕхсызгон ӕмӕ, Хуыцауы закъӕттӕ кӕй ӕххӕст кодта, уый фӕрцы уыди бирӕ хорздзинӕдтӕй хайджын. Ӕмӕ йӕ фидар фӕнд уыди, цӕмӕй цӕрӕнбонтӕм хъуыстаид, ахӕм диссаджы фӕдзӕхстытӕ йын чи радта, уыцы Хуыцаумӕ.

22 Ды дӕр Библийӕн афтӕ аргъ кӕныс? Библийы фӕрцы ды фидарӕй ӕууӕндыс, Хуыцау йӕ фӕнд кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл. Уыцы чиныджы ис Хуыцауы уынаффӕтӕ, ӕмӕ дӕ уыдон хъахъхъӕнынц, мӕлӕтмӕ чи кӕны, уыцы тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕй. Стӕй ма Библийы фӕрцы дӕ бон у иннӕтӕн дӕр баххуыс кӕнын, цӕмӕй царды фӕндагыл слӕууой ӕмӕ йыл цӕуой. Цӕй уӕдӕ не ’ппӕт дӕр Фыстадӕй хорз пайда кӕнӕм ӕмӕ афтӕмӕй лӕггад кӕнӕм нӕ зондджын ӕмӕ нӕ уарзӕгой Хуыцау Йегъовӕйӕн!

^ 1 абз. Кӕс чиныг «Организованы, чтобы исполнять волю Иеговы», 79 фарс.

^ 7 абз. Йесо Чырысти адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд-иу сӕм арӕх радта ахӕм фарстатӕ, зӕгъгӕ, куыд хъуыды кӕнут, кӕнӕ, цы зӕгъдзыстут. Стӕй-иу сын сӕ дзуапмӕ банхъӕлмӕ каст (Матф. 18:12; 21:28; 22:42).

^ 10 абз. Павел йӕ фыстӕджыты чырыстӕтты арӕх разӕнгард кодта, цӕмӕй сӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ тох кодтаиккой (Ром. 6:12; Гал. 5:16–18). Ӕмӕ дызӕрдыггаг нӕу, иннӕтӕн цы уынаффӕтӕ лӕвӕрдта, уыдонмӕ гӕсгӕ йӕхӕдӕг дӕр кӕй архайдта (Ром. 2:21).