Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хорз цы у, уый аразгӕйӕ ма бафӕллайут

Хорз цы у, уый аразгӕйӕ ма бафӕллайут

«Хорз цы у, уый аразгӕйӕ нӕ ныфс ма асӕттӕд» (ГАЛ. 6:9).

1, 2. Йегъовӕйӕн ӕнӕхъӕн Дун-дунейы цы организаци ис, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ уый цӕмӕ разӕнгард кӕндзӕн?

АХЪУЫДЫ-МА кӕн, мах стӕм, ӕнӕхъӕн Дун-дунейы чи архайы, уыцы организацийӕ! Йезекилы 1 сӕры ӕмӕ Данелы 7 сӕры цы цӕстылуайӕнтӕ фыст ис, уыдоны ирдӕй ӕвдыст цӕуы, Йегъовӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ кӕй аразы, цӕмӕй йӕ фӕндон сӕххӕст уа. Йегъовӕйы организацийы зӕххон хайӕн разамынд дӕтты Йесо Чырысти. Ӕмӕ уый фӕрцы уыцы зӕххон хай хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ кӕны, хорз хабар хъусынгӕнджыты ахуыр кӕны ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауы, стӕй адӕмӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ суой. Уыдӕттыл хъуыды кӕнгӕйӕ Йегъовӕйы организацийыл куыннӕ хъуамӕ ӕууӕндӕм! (Матф. 24:45).

2 Ды дӕр уыцы диссаджы организациимӕ размӕ цӕуыс? Ӕви, мыййаг, бафиппайдтай, Хуыцауӕн раздӕрау зынгзӕрдӕйӕ кӕй нал лӕггад кӕныс? Иуӕй-иу хатт афтӕ дӕр рауайы. Зӕгъӕм, фыццаг ӕнусы апостол Павелы дӕр бахъуыди йе ’мчырыстӕттӕн зӕгъын, цӕмӕй ахъуыды кодтаиккой Йесойы зынгзӕрдӕдзинадыл. Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ сын уый хъуамӕ баххуыс кодтаид, «цӕмӕй ма бафӕлладаиккой ӕмӕ сӕ ныфс ма асастаид» (Дзут. 12:3). Айразмӕйы статьяйы аныхас кодтам, Йегъовӕйы организаци абон цы диссаджы куыст кӕны, ууыл. Ӕмӕ, фыццаг ӕнусы Йесо Чырыстийы цӕвиттон чырыстӕтты куыд фидар кодта, раст афтӕ махӕн дӕр Йегъовӕйы организацийы цӕвиттон баххуыс кӕндзӕн Хуыцауӕн фидарӕй ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынӕн.

3. Цӕмӕй ма бафӕллайӕм, уый тыххӕй нӕ цы аразын хъӕуы? Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

3 Фӕлӕ, Павел куыд загъта, афтӕмӕй фылдӕр цыдӕр хъӕуы, цӕмӕй ма бафӕллайӕм. Загъта, зӕгъгӕ, хъуамӕ, «хорз цы у, уый аразӕм» (Гал. 6:9). Бӕрӕг у, хъуамӕ иу ран ма бадӕм, фӕлӕ архайӕм. Уӕдӕ ӕркӕсӕм фондз хъуыддагмӕ – уыцы хъуыддӕгтӕ куы аразӕм, уӕд алкӕддӕр уыдзыстӕм зынгзӕрдӕ ӕмӕ Йегъовӕйы организациимӕ размӕ цӕудзыстӕм. Уыцы фондз хъуыддагыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд фендзыстӕм, нӕхи кӕнӕ нӕ бинонты нӕ хъус тынгдӕр цӕмӕ хъӕуы ӕрдарын, уый.

ИУМӔ ӔМБЫРД КӔНӔМ, ЦӔМӔЙ НӔ КӔРӔДЗИЙЫ ФИДАР КӔНӔМ ӔМӔ ХУЫЦАУӔН КУВӔМ

4. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн иумӕ ӕмбырд кӕнын алкӕддӕр уыд ахсджиаг?

4 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн иумӕ ӕмбырд кӕнын алкӕддӕр ахсджиаг уыд. Уӕлӕрвты дӕр Йегъовӕ бӕлвырд рӕстӕг зӕдты ӕрӕмбырд кӕны (1 Пад. 22:19; Иов 1:6; 2:1; Дан. 7:10). Раджы заманты-иу израилӕгтӕ хъуамӕ иумӕ ӕрӕмбырд уыдаиккой, цӕмӕй-иу «хъуыстаиккой ӕмӕ ахуыр кодтаиккой» (Дык. з. 31:10–12). Фыццаг ӕнусы дӕр дзуттӕгтӕм уыд ахӕм ӕгъдау, ӕмӕ-иу ӕмбырдгӕнӕнтӕм цыдысты ӕмӕ-иу уым Фыстад кастысты (Лук. 4:16; Хъуыд. 15:21). Чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уӕд Йесойы фӕдылдзӕуджытӕн дӕр ахсджиаг уыд иумӕ ӕмбырд кӕнын, ӕмӕ уый ахсджиаг у абон махӕн дӕр. Ӕцӕг чырыстӕттӕ «сӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнынц, цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕной уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм». Уӕдӕ хъуамӕ нӕ «кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм, ӕмӕ, [Йегъовӕйы] бон куыд хӕстӕг кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм, уыйас ноджы тынгдӕр» (Дзут. 10:24, 25).

5. Ӕмбырдты нӕ бон куыд у нӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауын?

5 Ӕмбырдты нӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс куыд ӕфтауӕм? Зӕгъӕм, дзуапп куы фӕдӕттӕм, уӕд. Дзуапп дӕттын нӕ бон у комкоммӕ абзацӕй кӕнӕ Библийы стихмӕ гӕсгӕ. Йе та нӕ бон у цыбыртӕй радзурын, Библийы уынаффӕ нын царды куыд феххуыс ис, уый тыххӕй (Пс. 22:22; 40:9). Ӕмбырдтӕм рагӕй цӕуыс ӕви нӕ, уӕддӕр, ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ, нӕ хотӕ ӕмӕ нын не ’фсымӕртӕ,– кӕстӕртӕ дӕр ӕмӕ хистӕртӕ дӕр,– сӕ зӕрдӕбын дзуаппытӕй нӕ ныфсыл ныфс кӕй бафтауынц.

6. Ӕмбырдтӕ нын цавӕр хъуыддӕгты сты ӕххуыс?

6 Ӕмбырдтӕ ӕмӕ ма нын конгресстӕ ӕххуыс сты бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр. Зӕгъӕм, иумӕ кӕй ӕмбырд кӕнӕм, уый фӕрцы, нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц кӕнӕ нӕм ӕппындӕр куы ничи фӕхъусы, уӕд дӕр хорз хабар ныфсджынӕй фӕдзурӕм (Хъуыд. 4:23, 31). Библимӕ гӕсгӕ арӕзт раныхӕстӕй ӕмӕ программӕйы ӕндӕр хӕйттӕй цы базонӕм, уый фӕрцы нӕ хъарутыл хъарутӕ бафты ӕмӕ нӕ уырнындзинад бафидар вӕййы (Хъуыд. 15:32; Ром. 1:11, 12). Не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотимӕ иумӕ кӕй ӕмбырд кӕнӕм, уый руаджы стӕм ӕцӕг амондджын, стӕй нын уый хӕссы «удӕнцой... бӕллӕхы бон» дӕр (Пс. 94:12, 13). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕппӕт дунейы дӕр цы ӕмбырдтӕ ис, уыдонӕн Ахуырадон комитет цӕттӕ кӕны конгрессты ӕмӕ ӕмбырды фембӕлдты программӕтӕ (уыцы комитетмӕ йӕ хъус дары Разамонӕг совет). Къуырийӕ-къуыримӕ, азӕй-азмӕ ӕмбырдты цы диссаджы уынаффӕтӕ фехъусӕм, уыдоны тыххӕй Йегъовӕйӕ куыд тынг бузныг стӕм!

7, 8. а) Не ’мбырдтӕн сӕ сӕйраг нысан цы у? ӕ) Ӕмбырдтӕ дӕуӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?

7 Мах ӕмбырдтӕм ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ цӕуӕм, ӕмӕ нын пайда сты. Иумӕ сӕйраджыдӕр уый тыххӕй ӕмбырд кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм. (Бакӕс Псалом 95:6.) Ӕмбырдты нӕ диссаджы Хуыцауӕн фӕзарӕм кады зарджытӕ, ӕмӕ уыцы фадатӕн мах тынг аргъ кӕнӕм (Кол. 3:16). Не ’мбырдты дзуапп кӕй фӕдӕттӕм, уымӕй дӕр Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм. Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ ахӕм кады аккаг у (Рарг. 4:11). Уӕдӕ нӕ Библи дзӕгъӕлы нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй, «иуӕй-иутӕ куыд ахуыр сты, афтӕ не ’мбырдтӕ ма цух кӕнӕм»! (Дзут. 10:25).

8 Ӕмбырдты фӕрцы нын Йегъовӕ ӕххуыс кӕны, цӕмӕй, цалынмӕ ацы фыддуне нӕ фесафа, уӕдмӕ фидар лӕууӕм. Ды дӕр ӕмбырдтӕм ахӕм цӕстӕй кӕсыс? Кӕд о, уӕд дын ӕмбырдтӕ уыдзысты, «ахсджиагдӕр цы у, уый», ӕмӕ-иу тынг ӕнӕвдӕлон куы уай, уӕддӕр-иу сын рӕстӕг ссардзынӕ (Фил. 1:10). Исты хабар ма ӕрцӕуа, уый йеддӕмӕ нӕ хъуамӕ алчидӕр ӕмбырды уа.

ЗЫНГЗӔРДӔЙӔ ХЪУСЫН КӔН

9. Кӕцӕй йӕ зонӕм, хъусын кӕныны хъуыддаг ахсджиаг кӕй у?

9 Зынгзӕрдӕйӕ куы хъусын кӕнӕм, уӕд нын уый дӕр ӕххуыс кӕндзӕн Йегъовӕйы организациимӕ размӕ цӕуынӕн. Хъусын кӕныны хъуыддагӕн бындур ӕрӕвӕрдта Йесо, зӕххыл куы уыд, уӕд (Матф. 28:19, 20). Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйы организацийӕн,– йӕ уӕларвон хайӕн дӕр ӕмӕ йӕ зӕххон хайӕн дӕр,– хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын у йӕ сӕйраг нысан. Ӕмӕ абон бирӕ хабӕрттӕй у бӕрӕг, «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды», ахӕм адӕмы ссарынӕн нын зӕдтӕ кӕй ӕххуыс кӕнынц (Хъуыд. 13:48; Рарг. 14:6, 7). Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Йегъовӕйы организацийы зӕххон хай уый тыххӕй арӕзт ӕрцыд, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ цӕуа. Дӕуӕн дӕр уыцы хъуыддаг царды ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддаг у?

10. а) Иу ӕфсымӕрӕн цы ’ххуыс кӕны, цӕмӕй рӕстдзинад ноджы тынгдӕр уарза? ӕ) Хорз хабар кӕй хъусын кӕныс, уый дын куыд ӕххуыс кӕны?

10 Зынгзӕрдӕйӕ куы хъусын кӕнӕм, уӕд рӕстдзинад ноджы тынгдӕр уарздзыстӕм. Уый йӕхиуыл бавзӕрста не ’фсымӕр Митчел, бирӕ рӕстӕг хистӕр нӕлгоймаг чи у ӕмӕ пионерӕй чи лӕггад кӕны, уый. Митчел зӕгъы: «Адӕмимӕ рӕстдзинады тыххӕй дзурын тынг уарзын. „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“ ӕмӕ „Пробудитесь!“-ы ног номыртӕ куы фӕкӕсын, уӕд алы хатт дӕр дис фӕкӕнын, куыд бирӕ арф хъуыдытӕ дзы вӕййы. Стӕй алы статья дӕр вӕййы диссаджы фыст – кӕд дзы цавӕрдӕр хъуыдытӕ ӕргом фыст вӕййынц, уӕддӕр сӕ адӕймагӕн тыхӕй нӕ фӕхъарынц. Фӕфӕнды мӕ тагъддӕр уацамынды ацӕуын ӕмӕ фенын, уыцы статьяты фӕрцы адӕмы куыд бацымыдис кӕндзынӕн. Хъусын кӕнынмӕ кӕй цӕуын, уый руаджы нӕ рох кӕнын, царды ахсджиагдӕр цы у, уый. Ӕз афтӕ фӕархайын, цӕмӕй, хъусын кӕнынӕн цы рӕстӕг рахицӕн кӕнын, уый-иу мын ӕндӕр хъуыддӕгтыл ма ацӕуа». Мах дӕр Хуыцауӕн зынгзӕрдӕйӕ куы лӕггад кӕнӕм, уӕд ацы фӕстаг бонты фидар лӕудзыстӕм. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:58.)

НӔ ЛИТЕРАТУРӔЙЫ ФӔРЦЫ ДӔХИ ФИДАР КӔН

11. Нӕ публикацитӕ кӕсын ӕмӕ дзы цы базонӕм, ууыл хъуыды кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у?

11 Йегъовӕ нын парахатӕй дӕтты литературӕ, ӕмӕ нын уый фӕрцы дӕр нӕ хъарутыл хъарутӕ ӕфтауы. Ӕвӕццӕгӕн, дӕуӕн дӕр афтӕ уыди, ӕмӕ нӕ публикациты цыдӕр бакастӕ, ӕмӕ загътай: «Мӕнӕ диссӕгтӕ, ай, мӕн цы хъуыди, уый куы у! Раст ӕй цыма Йегъовӕ мӕн тыххӕй ныффыста!» Фидарӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ афтӕ ӕнӕуи нӕ рауайы. Уыцы литературӕйы фӕрцы нӕ Йегъовӕ ахуыр кӕны ӕмӕ нын фӕндаг амоны. Йегъовӕ загъта: «Ӕмбаргӕдзинад дын ратдзынӕн ӕмӕ дӕ цы фӕндагыл цӕуын хъӕуы, ууыл дӕ сараздзынӕн» (Пс. 32:8). Нӕ публикацитӕй алкӕцы дӕр бакӕсӕм ӕмӕ дзы цы базонӕм, ууыл ахъуыды кӕнӕм? Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд ацы фӕстаг уӕззау рӕстӕджыты алкӕддӕр дыргъ хӕсдзыстӕм ӕмӕ уыдзыстӕм фидар. (Бакӕс Псалом 1:1–3; 35:28; 119:97.)

12. Нӕ литературӕйӕн цӕй фӕрцы аргъ кӕндзыстӕм?

12 Нӕ литературӕйӕн фылдӕр аргъ кӕндзыстӕм, куыд ӕй цӕттӕ кӕнынц, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд. Мыхуыры цы литературӕ уадзӕм, стӕй Интернеты нӕ сайты цы ӕрмӕг сӕвӕрӕм, уый бацӕттӕ кӕнынӕн фӕхъӕуы стыр куыст бакӕнын: ӕрмӕг бацагурын, текст ныффыссын, нывтӕ ӕмӕ йын къамтӕ скӕнын, стӕй текст ӕндӕр ӕвзӕгтӕм дӕр ратӕлмац кӕнын. Ӕмӕ уыцы куыстӕн дзуапп дӕтты Фысджыты комитет (йӕ хъус ӕм дары Разамонӕг совет). Типографитӕ нын кӕм ис, уыцы филиалты литературӕ куы ныммыхуыр кӕнынц, уӕд ӕй арвитынц ӕмбырдтӕм, суанг дард рӕттӕм дӕр. Ахӕм стыр куыст арӕзт цӕмӕн цӕуы? Цӕмӕй Йегъовӕйы адӕм, сӕ уырнындзинад сын чи фидар кӕны, уыцы хӕринагӕй ӕфсӕст уой (Ис. 65:13). Уӕдӕ нын Йегъовӕйы организаци цы хӕринаг дӕтты, уымӕй нӕхи цух макуы уадзӕм! (Пс. 119:27).

ЙЕГЪОВӔЙЫ ОРГАНИЗАЦИЙӔН ӔХХУЫС КӔН

13, 14. Йегъовӕйы организацийӕн уӕлӕрвты чи ӕххуыс кӕны? Махӕн та нӕ бон куыд у Йегъовӕйы организацийӕн ӕххуыс кӕнын?

13 Апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта Йесойы урс бӕхыл бадгӕ. Уый рацыди, цӕмӕй, Йегъовӕйы ныхмӕ чи у, уыдоныл фӕуӕлахиз уа (Рарг. 19:11–15). Иоанн ма федта, Йесойы фӕдыл бӕхтыл кӕй цыдысты иузӕрдион зӕдтӕ ӕмӕ, уӕларвон цардмӕ чи райгас, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ. Уымӕй бӕрӕг у, Йесойы сӕ Разамонӕгыл кӕй нымайынц ӕмӕ йӕм кӕй хъусынц (Рарг. 2:26, 27). Уыцы уӕларвон ӕфсӕдтӕ Йегъовӕйы разамындмӕ куыд хъусынц, уымӕй фӕзминаг куыннӕ сты!

14 Раст афтӕ тынг бирӕ адӕм дӕр алцӕмӕй дӕр ӕххуыс кӕнынц, Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕй ма зӕххыл чи ис, уыдонӕн. (Бакӕс Захарийы 8:23.) Алкӕмӕн дӕр нӕ йӕ бон куыд у Йегъовӕйы организацийӕн ӕххуыс кӕнын? Зӕгъӕм, разамынд нын чи дӕтты, уыдонмӕ куы хъусӕм (Дзут. 13:7, 17). Ӕмӕ афтӕ хъуамӕ архайӕм фыццаджыдӕр нӕхи ӕмбырды. Хистӕр нӕлгоймӕгты тыххӕй цы фӕдзурӕм, уый цымӕ иннӕты уымӕ фӕразӕнгард кӕны, цӕмӕй сын кад кӕной ӕмӕ сын сӕ фыдӕбонӕн аргъ кӕной? Цымӕ нӕ сывӕллӕттӕн фӕамонӕм, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн аргъ кӕной ӕмӕ сын сӕ уынаффӕтӕм хъусой? Ахъуыды-ма кӕнӕм ӕндӕр хъуыддӕгтыл дӕр. Ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн мысайнаг цас ныппардзыстӕм, уый-иу нӕ бинонтимӕ рагацау спълан кӕнӕм? (Ӕмб. 3:9; 1 Кор. 16:2; 2 Кор. 8:12). Паддзахады зал ӕфснайын ӕмӕ йӕм зилын нӕхицӕн кадыл нымайӕм? Хуыцауы организацийӕн ацы хъуыддӕгты кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый уынгӕйӕ нын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй рӕдауӕй хай кӕндзӕн. Ӕмӕ уый фӕрцы ацы фӕстаг бонты уыдзыстӕм фидар ӕмӕ, хорз цы у, уый аразгӕйӕ нӕ бафӕллайдзыстӕм (Ис. 40:29–31).

ЦЫ ХАБАР ХӔССӔМ, УЫМӔ ГӔСГӔ ЦӔРӔМ

15. Цӕмӕй Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕрӕм, уый тыххӕй нӕ ӕдзухдӕр тох кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

15 Цӕмӕй фидар уӕм ӕмӕ Йегъовӕйы организациимӕ размӕ цӕуӕм, уый тыххӕй хъуамӕ «бӕлвырд кӕнӕм, нӕ Хицауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый» ӕмӕ, цы хабар хӕссӕм, уымӕ гӕсгӕ цӕрӕм (Еф. 5:10, 11). Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, стӕй нӕ ацы фыддуне ӕмӕ Хӕйрӕг кӕй рӕдийын кӕнынц, уый тыххӕй нын, раст цы у, уый аразын ӕнцон нӕу. Нӕ зынаргъ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, сымахӕй кӕйдӕрты алы бон дӕр хъӕуы тох кӕнын, цӕмӕй уын Йегъовӕимӕ цы хӕлардзинад ис, уый бахъахъхъӕнат. Ӕмӕ уӕ уый тыххӕй Йегъовӕ тынг бирӕ уарзы. Уӕдӕ уӕ къухтӕ макуы ’руадзут! Нӕ цард Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ куы аразӕм, уӕд уыдзыстӕм амондджын ӕмӕ йӕ зондзыстӕм, нӕ лӕггад дзӕгъӕлы кӕй нӕу (1 Кор. 9:24–27).

16, 17. а) Кӕд уӕззау тӕригъӕд ӕруагътам, уӕд цы хъуамӕ саразӕм? ӕ) Энны хабар нын цӕуыл дзурӕг у?

16 Фӕлӕ, зӕгъӕм, уӕззау тӕригъӕд ӕруагътай. Уӕд дӕ куыд хъӕуы бакӕнын? Хъӕуы дӕ ӕххуыс ракурын, ӕмӕ цас тагъддӕр, уыйас хуыздӕр. Дӕ тӕригъӕд куы ӕмбӕхсай, уӕд дӕ уавӕр фыддӕр цы фӕуыдзӕн, ӕндӕр ницы. Ӕрхъуыды-ма кӕн, Давид афтӕ кӕй загъта, мӕ тӕригъӕдтӕ куы ӕмбӕхстон, уӕд «бон-изӕрмӕ хъӕрзыдтӕн ӕмӕ ме стджытӕ ныххус сты», зӕгъгӕ (Пс. 32:3). Уӕдӕ нӕ тӕригъӕд куы сусӕг кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕйы циндзинад нал уыдзӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕ адард уыдзыстӕм. Йӕ тӕригъӕдтӕ чи «раргом кӕны ӕмӕ сӕ чи ныууадзы, уымӕ та уыдзысты фӕлмӕнзӕрдӕ» (Ӕмб. 28:13).

17 Ӕркӕсӕм нӕ хо Энны * хабармӕ. Ссӕдз азы бӕрц ыл куы цыди, уӕд лӕггад кодта пионерӕй. Фӕлӕ уыцы рӕстӕг сусӕгӕй райдыдта ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразын. Уый йӕ цӕмӕ ӕркодта, уый тыххӕй Энн зӕгъы: «Ме ’фсармӕй ма цы баззади, уый мын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта. Мӕхимӕ ныхъхъуыстон ӕмӕ мӕм ӕппындӕр ницыуал цыди». Ӕмӕ Энн дарддӕр куыд бакодта? Йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй, иу бон ӕмбырды Иаковы 5:14, 15 стихтыл дзырд куы цыди, уӕд бамбӕрста, ӕххуыс ракурын ӕй кӕй хъӕуы. Ӕмӕ уый фӕстӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕм бацыд. Уыцы хабары тыххӕй Энн афтӕ зӕгъы: «Йӕ уырнындзинад кӕмӕн фӕцудыдта, уыдонӕн ацы стихтӕ сты, Йегъовӕ сын кӕй рафыста, уыцы хос. Хос ӕнцон нуазӕн нӕу, фӕлӕ ӕххуыс кӕны. Ӕз бакодтон, ацы стихты куыд фыст уыд, афтӕ, ӕмӕ мын уый стыр ӕххуыс фӕци». Уымӕй рацыд цалдӕр азы, ӕмӕ та Энн Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕны ӕмӕ йӕ цӕсгом йӕ разы у сыгъдӕг.

18. Нӕ хъарутӕ цӕмӕ хъуамӕ саразӕм?

18 Цӕй стыр кад нын у, ацы фӕстаг бонты Йегъовӕйы диссаджы организацийӕ кӕй стӕм! Уый нӕ макуы рох кӕнӕд. Цӕй уӕдӕ нӕ бинонтимӕ иумӕ ӕмбырдтӕм ӕдзух цӕуӕм, хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм ӕмӕ нӕ публикацитӕ иууылдӕр кӕсӕм. Стӕй ма, йӕхимӕ разамынд чи исы, уыдонмӕ хъусӕм ӕмӕ, цы хабар хӕссӕм, уымӕ гӕсгӕ цӕрӕм. Афтӕмӕй Йегъовӕйы организациимӕ размӕ цӕудзыстӕм ӕмӕ, хорз цы, уый аразгӕйӕ никуы бафӕллайдзыстӕм!

^ 17 абз. Ном ивд у.