Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы тӕрхӕттӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Хуыцау ӕгъатыр у?

Хуыцауы тӕрхӕттӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Хуыцау ӕгъатыр у?

ЦАЛЫНМӔ ацы фарстайӕн дзуапп нӕ раттӕм, уӕдмӕ уал аныхас кӕнӕм Хуыцауы тӕрхӕттӕй дыууӕйыл – Нойы заманы цы Доны хъаймӕт уыд, ууыл ӕмӕ, ханаайнӕгты куы ныццагъта, уыцы хабарыл.

ДОНЫ ХЪАЙМӔТ НОЙЫ ЗАМАН

ИУӔЙ-ИУТӔ ЦЫ ДЗУРЫНЦ? «Хуыцау ӕгъатыр ми бакодта, дӕттӕ куы рауагъта, ӕмӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр куы фесӕфта, Ной ӕмӕ йӕ бинонты та куы фервӕзын кодта, уӕд».

БИБЛИ ЦЫ ЗӔГЪЫ? Хуыцау загъта: «Мӕнӕн фыдгӕнӕджы мӕлӕт нӕу ӕхсызгон, фӕлӕ, фыдгӕнӕг йӕ фӕндаг ныууадза ӕмӕ цӕра, уый» (Йезекил 33:11). Уӕдӕ Нойы заман фыдгӕнджытӕ кӕй фӕцагъды сты, уый Хуыцауӕн ӕхсызгон нӕ уыд. Ӕмӕ уӕд афтӕ цӕмӕн бакодта?

Библийӕ нӕ бон базонын у, Хуыцау-иу раджы заманты фыдгӕнджытӕн мӕлӕты тӕрхон куы рахаста, уӕд-иу уымӕй «равдыста, фидӕны ӕнӕхуыцау адӕмыл цы ’рцӕудзӕн, уый» (2 Петры 2:5, 6). Уымӕй нӕ бон цы у базонын, Хуыцау куыд фӕархайы, уый тыххӕй?

Фыццаг: Хуыцау ӕмбарын кӕны, адӕмы сафын ын зын кӕй у, фӕлӕ уӕддӕр, иннӕтӕн хъизӕмӕрттӕ чи ӕвзарын кӕны, уыцы ӕгъатыр адӕмӕй сӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп ӕрдомдзӕн. Рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд ӕппӕт ӕнӕраст хъуыддӕгтӕн ӕмӕ хъизӕмӕрттӕн дӕр кӕрон скӕндзӕн.

Дыккаг: Хуыцау-иу цалынмӕ йӕ тӕрхон нӕ сӕххӕст кодта, уӕдмӕ-иу адӕмы фӕдзӕхста. Ной уыд рӕстдзинад хъусынгӕнӕг, фӕлӕ йын адӕмӕн сӕ фылдӕр йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ’рдардтой. Библийы кӕсӕм: «Нымады дӕр [сӕм] ницы уыди, цалынмӕ доны хъаймӕт нӕ райдыдта ӕмӕ се ’ппӕты дӕр нӕ фӕласта» (Матфейы 24:39).

Цымӕ-иу Хуыцау алы хатт дӕр адӕмы рагацау бафӕдзӕхста? О. Зӕгъӕм, йӕ адӕмӕн, израилӕгтӕн, загъта, зӕгъгӕ, сӕ алыварс цы адӕм цард, уыдонау фыддзинадыл куы бафтой, уӕд кӕй бауадздзӕн, цӕмӕй се знӕгтӕ сӕ зӕхмӕ бабырсой, сӕ сӕйраг горӕт Иерусалим сын ныппырх кӕной ӕмӕ сӕ уацары акӕной. Фӕлӕ израилӕгтӕ фыддзинадыл бафтыдысты, суанг ма сӕ сывӕллӕтты дӕр мӕнг хуыцӕуттӕн нывондӕн хастой. Цымӕ сӕ Йегъовӕ бафхӕрдта? О, фӕлӕ уал сӕм фыццаг йӕ пехуымпарты ӕрвыста ӕмӕ ’рвыста, цӕмӕй сӕ фӕдзӕхстаиккой, ӕмӕ ма цалынмӕ гӕнӕн уыд, уӕдмӕ се ’взӕр митӕ ныууагътаиккой. Афтӕ дӕр ма сын загъта: «Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ ницы аразы, цалынмӕ йӕ сусӕг хъуыддаг йӕ пехуымпартӕн нӕ раргом кӕны, уӕдмӕ» (Амос 3:7).

АЦЫ ХЪУЫДДАГ ДӔУМӔ КУЫД ХАУЫ? Раджы заманты-иу Йегъовӕ адӕмӕн тӕрхон куы рахаста, уӕд-иу куыд архайдта, уый нын ныфс дӕтты. Абон иннӕтӕн хъизӕмӕрттӕ чи ӕвзарын кӕны, уыцы ӕгъатыр адӕмӕн дӕр Хуыцау тӕрхон рахаста. Ӕмӕ йӕ тӕрхон кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уыцы бонмӕ мах ныфсджынӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Библийы фыст ис: «Фыдгӕнджытӕ фесӕфдзысты... Сабыр адӕм та зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты» (Псалом 37:9–11). Адӕмы сӕ хъизӕмӕрттӕй чи фервӕзын кӕндзӕн, уыцы тӕрхоны тыххӕй цы хъуыды кӕныс? Уый цӕуыл дзурӕг у: Хуыцау ӕгъатыр кӕй у, ууыл ӕви йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл?

ХАНААЙНӔГТЫ НЫЦЦАГЪТА

ИУӔЙ-ИУТӔ ЦЫ ДЗУРЫНЦ? «Хуыцау ханаайнӕгты ныццагъта, нӕ рӕстӕджы дӕр ӕнӕхъӕн адӕмыхатт бындзагъд куыд фӕкӕнынц, афтӕ. Уый уыд ӕгъатыр хӕст».

БИБЛИ ЦЫ ЗӔГЪЫ? «[Хуыцауы] хъуыддӕгтӕ сты ӕнӕфау, йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст. Уый у ӕнувыд Хуыцау, хӕрамӕй йӕм ницы ис» (Дыккаг закъон 32:4). Хуыцауы тӕрхӕттӕ ӕнӕуи хӕстытимӕ абарӕн нӕй. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ адӕмӕй уӕлдай Хуыцау уыны зӕрдӕтӕ, ома мидӕгӕй цавӕр стӕм, уый.

Зӕгъӕм, Хуыцау Содом ӕмӕ Гоморрӕйы фесафынвӕнд куы скодта, уӕд Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Авраам мӕт кодта, уыцы тӕрхон раст уыд ӕви нӕ, ууыл. Авраамы нӕ уырныдта, кӕмӕн куывта, уыцы раст Хуыцау «рӕстгӕнӕджы фыдгӕнӕгимӕ фесафдзӕн», уый. Йегъовӕ йын фӕлмӕнӕй бамбарын кодта, Содомы дӕс рӕстгӕнӕджы дӕр куы уа, уӕд дӕр ӕй кӕй нӕ фесафдзӕн (Райдиан 18:20–33). Бӕрӕг у, Хуыцау уыцы адӕмы зӕрдӕтӕм каст, ӕмӕ уыдта, фыдхъуыддӕгтӕ аразынӕй ӕфсис кӕй нӕ зыдтой (1 Азфыстыты 28:9).

Хуыцау тӕрхон рахаста ханаайнӕгтӕн дӕр. Сӕ миты тыххӕй уыдон дӕр фесафыны аккаг уыдысты. Ханаайнӕгтӕ уыдысты тынг ӕгъатыр, суанг ма-иу сӕ сывӕллӕтты дӕр удӕгасӕй сӕ хуыцӕутты номыл арты басыгътой * (2 Паддзӕхты 16:3). Ханаайнӕгтӕ зыдтой, Йегъовӕ израилӕгтӕн кӕй загъта, цӕмӕй зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр бацахстаиккой. Фӕлӕ ханаайнӕгтӕй сӕ зӕххӕй ацӕуын кӕй нӕ бафӕндыд ӕмӕ семӕ чи схӕцыд, уыдон ӕрмӕст израилӕгты ныхмӕ нӕ рацыдысты, фӕлӕ Йегъовӕйы ныхмӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ хъомысджын хъуыддӕгтӕй иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ равдыста, израилӕгтӕ йе ’взӕрст адӕм кӕй сты.

Фӕлӕ Йегъовӕ фӕтӕригъӕд кодта, ханаайнӕгтӕй йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ чи ныууагъта ӕмӕ йын йӕ раст закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй фӕндыд, уыдонӕн. Зӕгъӕм, ханаайнаг хӕтаг сылгоймаг Раав дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр фервӕзтысты. Стӕй ханаайнаг горӕт Гаваоны цӕрджытӕ Йегъовӕйы хорзӕх ссарыныл кӕй архайдтой, уымӕ гӕсгӕ сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕ дӕр удӕгасӕй баззадысты (Йесо Навин 6:25; 9:3, 24–26).

АЦЫ ХЪУЫДДАГ ДӔУМӔ КУЫД ХАУЫ? Хуыцау ханаайнӕгты кӕй ныццагъта, уый нын хорз зондзонӕн у. Ӕрхӕццӕ кӕны, «ӕнӕхуыцау адӕмыл тӕрхон кӕд сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ кӕд фесӕфдзысты, уыцы бон» (2 Петры 3:7). Кӕд Йегъовӕйы уарзӕм, уӕд арфӕгонд ӕрцӕудзыстӕм, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ, йӕ раст разамындмӕ йын чи нӕ хъусы, уыдоны фесафдзӕн ӕмӕ ӕппӕт хъизӕмӕрттӕн дӕр кӕрон скӕндзӕн.

Ханаайнӕгтӕ уыдысты тынг ӕгъатыр, уыдон рацыдысты Хуыцауы ӕмӕ йӕ адӕмы ныхмӕ

Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, ныййарджытӕ цы равзарой, уый сӕ сывӕллӕттыл дӕр кӕй фӕзындзӕн. Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Равзарут цард, цӕмӕй цӕрат уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕ дӕр. Уарзут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы, хъусут ӕм ӕмӕ йыл ӕнувыд ут» (Дыккаг закъон 30:19, 20). Куыд дӕм кӕсы, адон ӕгъатыр Хуыцауы ныхӕстӕ сты? Ӕви, адӕмы чи уарзы ӕмӕ раст фӕндаг равзарой, уый кӕй фӕнды, ахӕм Хуыцауы ныхӕстӕ?

^ 15 абз. Археологтӕ сбӕлвырд кодтой, ханаайнӕгтӕ сӕ сывӕллӕтты сӕ хуыцӕуттӕн нывондӕн кӕй хастой.