Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ хӕс ӕххӕст кӕн – хъусын кӕн хорз хабар

Дӕ хӕс ӕххӕст кӕн – хъусын кӕн хорз хабар

«Хорз хабар хъусын кӕн, дӕ лӕггады рохуаты мацы уадз» (2 ТИМ. 4:5).

1. Хорз хабар хъусынгӕнӕг фыццаджыдӕр Йегъовӕйы цӕмӕн ис схонӕн?

ХОРЗ хабар алкӕмӕй раздӕр фехъусын кодта Йегъовӕ Хуыцау. Ӕмӕ уыцы хъуыддаджы Хуыцауимӕ абарӕн дӕр никӕй ис. Адам ӕмӕ Евӕ йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уый хӕдфӕстӕ Йегъовӕ фехъусын кодта, Сайтан Хӕйрӕг сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн (Райд. 3:15). Ӕнусты дӕргъы Йегъовӕ ӕргом кодта, йӕ ном куыд ссыгъдӕг кӕндзӕн ӕмӕ, Хӕйрӕджы тыххӕй цы зындзинӕдтӕ фӕзынд, уыдон куыд аиуварс кӕндзӕн, уый. Стӕй ма раргом кодта, адӕмӕн та ӕнустӕм цӕрыны ныфс цӕй фӕрцы уыдзӕн, уый дӕр. Ӕппӕт ацы хорз хабӕрттӕ Хуыцау ныффыссын кодта йӕ Ныхас Библийы.

2. а) Хъусын кӕныны хъуыддаджы зӕдтӕ куыд архайынц? ӕ) Хорз хабар хъусынгӕнджытӕн Йесо Чырысти фӕзминаг куыд у?

2 Зӕдтӕ дӕр сты хъусынгӕнджытӕ. Уыдон сӕхӕдӕг дӕр хӕссынц хорз хабар ӕмӕ йӕ зӕххыл чи хъусын кӕны, уыдонӕн дӕр ӕххуыс кӕнынц (Лук. 1:19; 2:10; Хъуыд. 8:26, 27, 35; Рарг. 14:6). Цы зӕгъӕн ис хистӕр зӕд Михаилӕй та, ома Йесо Чырыстийӕ? Зӕххыл куы уыд, уӕд ын сӕйраг уыди хорз хабар хъусын кӕнын. Ӕмӕ уымӕй равдыста, махӕн дӕр уыцы хъуыддаг ӕппӕты ахсджиагдӕр кӕй хъуамӕ уа (Лук. 4:16–21).

3. а) Цавӕр хорз хабар хъусын кӕнӕм? ӕ) Дзуапп цавӕр фарстатӕн хъуамӕ базонӕм?

3 Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр бафӕдзӕхста хорз хабар хъусын кӕнын (Матф. 28:19, 20; Хъуыд. 1:8). Апостол Павел дӕр Тимофейӕн загъта: «Хорз хабар хъусын кӕн, дӕ лӕггады рохуаты мацы уадз» (2 Тим. 4:5). Уӕдӕ цавӕр хорз хабар хъусын кӕнӕм? Мах адӕмӕн дзурӕм, нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ не ’ппӕты дӕр кӕй уарзы, уый тыххӕй (Иоан. 3:16; 1 Пет. 5:7). Хуыцау адӕмы кӕй уарзы, уый сӕйраджыдӕр бӕрӕг у, йӕ Паддзахад кӕй сфидар кодта, уымӕй. Ӕмӕ мах дӕр алкӕмӕн дӕр зӕрдиагӕй хъусын кӕнӕм, йӕхи Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи бакӕна, Хуыцаумӕ чи хъуса ӕмӕ рӕстӕй чи цӕра, уыдонӕн сӕ бон кӕй у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлӕрттӕ суой (Пс. 15:1, 2). Йегъовӕ адӕмы ӕппӕт хъизӕмӕрттӕй дӕр ссӕрибар кӕндзӕн. Стӕй афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ адӕм, царды сыл ӕвзӕрӕй цы ӕрцыд, ууыл маст нал кӕндзысты. Цӕй диссаджы хабар у уый! (Ис. 65:17). Хъусынгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хорз уаид дзуапп базонын дыууӕ ахсджиаг фарстайӕн: адӕмы хорз хабар фехъусын цӕмӕн хъӕуы? Цы хӕс ныл ис, уый ӕнтыстджынӕй ӕххӕст кӕнын нӕ бон куыд у?

АДӔМЫ ХОРЗ ХАБАР ФЕХЪУСЫН ЦӔМӔН ХЪӔУЫ?

Хорз фарстаты фӕрцы адӕймаг, цӕуыл ӕууӕнды ӕмӕ цӕмӕн, уый йӕхи ныхӕстӕй бамбарын кӕны

4. Адӕм Хуыцауы тыххӕй цавӕр мӕнг ныхӕстӕ фӕдзурынц?

4 Зӕгъӕм дын чидӕр загъта, уӕ фыд уӕ кӕй ныууагъта. Чидӕр та дын дзуры, зӕгъгӕ, ӕз дын дӕ фыды хорз зонын, ды йӕ ӕппындӕр нӕ хъӕуыс, цыдӕртӕ дӕ сусӕг кӕны, стӕй у ӕгъатыр. Ӕндӕр чидӕр та дын зӕгъы, дӕ фыд амард ӕмӕ йӕ агургӕ дӕр мауал кӕн, зӕгъгӕ. Раст ахӕм мӕнг ныхӕстӕ бирӕтӕ фӕдзурынц Хуыцауы тыххӕй. Фӕзӕгъынц, Хуыцауы базонӕн кӕй нӕй кӕнӕ ӕгъатыр кӕй у. Зӕгъӕм, иуӕй-иу динты разамонджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуыцау ӕвзӕр адӕмы зындоны ӕнустӕм хъизӕмарӕй мары. Иннӕтӕ та зӕгъынц, зӕгъгӕ, ӕрдзон бӕллӕхтӕ Хуыцауӕй сты. Ӕмӕ кӕд уыцы бӕллӕхты хорз адӕм дӕр ӕмӕ ӕвзӕр адӕм дӕр амӕлы, уӕддӕр фӕзӕгъынц, уый, дам, сӕ Хуыцау бафхӕрдта.

Фарстаты фӕрцы адӕмы зӕрдӕтӕ бацагайӕм, ӕмӕ хорз хабармӕ байхъусынц

5, 6. Эволюцийы ахуырад ӕмӕ мӕнг дины ахуырӕдтӕ адӕмыл куыд ӕндавынц?

5 Ис ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ зӕгъынц, Хуыцау, дам, нӕй. Сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, адӕм фӕзындысты эволюцийы фӕрцы. Уыцы хъуыдыйыл хӕст чи у, уыдон фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, цард чидӕр не сфӕлдыста, фӕлӕ йӕхигъӕдӕй фӕзынд. Чидӕртӕ сӕ суанг афтӕ дӕр фӕдзурынц, ӕмӕ, дам, адӕм цӕрӕгойтӕй равзӕрдысты ӕмӕ ӕгъатыр ӕмӕ хиуарзон дӕр уый тыххӕй вӕййынц. Уыдон афтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, дам, ацы дунейы рӕстдзинад никуы уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ, дам, адӕмӕн «ӕрдзы закъон» афтӕ амоны, цӕмӕй тыхджынтӕ лӕмӕгъты ссӕндой. Куыд уынӕм, афтӕмӕй эволюцийы ахуырад адӕмӕн фидӕнӕй ӕппындӕр ницы ныфс дӕтты.

6 Уӕдӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ эволюцийы ахуырады тыххӕй ӕмӕ мӕнг дины ахуырӕдты тыххӕй ацы фӕстаг бонты адӕмӕн сӕ цард ноджы зындӕр кӕны (Ром. 1:28–31; 2 Тим. 3:1–5). Уыцы ахуырӕдтӕ хорз хабар схонӕн ӕппындӕр нӕй. Уыдоны тыххӕй, апостол Павел куыд загъта, афтӕмӕй адӕм «зондӕй сты талынджы ӕмӕ, Хуыцауӕй чи цӕуы, уыцы цардӕй сты дард» (Еф. 4:17–19). Стӕй ма уыцы ахуырӕдты тыххӕй адӕмӕн зын у баууӕндын, Хуыцауӕй цы хорз хабар цӕуы, ууыл дӕр. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 2:11–13.)

Фарстаты фӕрцы ма иннӕтӕн раст хъуыдымӕ ӕрцӕуынӕн баххуыс кӕнӕм

7, 8. Хорз хабар кӕронмӕ бамбарӕн ӕрмӕстдӕр цӕй фӕрцы ис?

7 Цӕмӕй адӕймаг Йегъовӕмӕ баввахс уа, уый тыххӕй уал хъуамӕ баууӕнда, Хуыцау кӕй ис, ууыл ӕмӕ йӕ хъуамӕ хуыздӕр базона. Адӕймагӕн Йегъовӕйы базонынӕн баххуыс кӕндзыстӕм, Хуыцауы сконд хъуыддӕгтыл хъуыды кӕнынмӕ йӕ куы баразӕнгард кӕнӕм, уӕд. Ӕмӕ, йӕхӕдӕг цӕуыл ӕууӕнды, ууыл цӕхгӕр куы нӕ ныллӕууа ӕмӕ, йӕ алыварс дунейы цы уыны, ууыл куы ахъуыды кӕна, уӕд дзы фендзӕн Хуыцауы стыр зонд ӕмӕ тых (Ром. 1:19, 20). Хуыцауы сконд хъуыддӕгтӕ иууылдӕр диссаг кӕй сты, уый бамбарынӕн ын цӕй фӕрцы баххуыс кӕндзыстӕм? Хорз хъуыдытӕ ис брошюрӕты «Была ли жизнь создана?» ӕмӕ «У истоков жизни. Пять вопросов, которые требуют ответа», ӕмӕ сӕ нӕ бон у спайда кӕнын. Фӕлӕ, Хуыцау цы сфӕлдыста, ӕрмӕст ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ нӕй дзуапп ссарӕн мӕнӕ ацы ахсджиаг фарстатӕн: Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы? Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цавӕр фӕнд ис? Цымӕ мыл Хуыцау ӕцӕгдӕр тыхсы?

8 Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ йӕ фӕндоны тыххӕй хорз хабар кӕронмӕ бамбарӕн ис, Библи куы иртасӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд. Цӕй стыр кад нын у, адӕмӕн сӕ фарстатӕн дзуапп ссарынӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм! Фӕлӕ сын цӕмӕй сӕ зӕрдӕтӕ бацагайӕм, уый тыххӕй сын, хабар куыд у, уый дзурын фаг нӕу. Хъуамӕ-иу сӕ «баууӕндын кӕнӕм», ома-иу сын бамбарын кӕнӕм, цӕуылдӕр цӕмӕн хъуамӕ ӕууӕндой, уый (2 Тим. 3:14). Ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы фӕзминаг у Йесо Чырысти. Цӕй фӕрцы-иу ын бантыст адӕмы цӕуылдӕр баууӕндын кӕнын? Зӕгъӕм, фарстатӕ арӕхстджынӕй кӕй лӕвӕрдта, уый фӕрцы. Уӕдӕ йӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын?

ӔНТЫСТДЖЫН ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ АРӔХСЫНЦ ФАРСТАТӔ ДӔТТЫНМӔ

9. Цӕмӕй адӕмӕн хорз хабарыл баууӕндынӕн баххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм?

9 Йесойау мах дӕр, хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ, адӕммӕ фарстатӕ цӕмӕн хъуамӕ дӕттӕм? Уый бамбарӕн ис иу цӕвиттонӕй. Зӕгъӕм, цӕмӕйдӕр рынчын дӕ, ӕмӕ дын дохтыр зӕгъы, зӕгъгӕ дын операци куы скӕнон, уӕд адзӕбӕх уыдзынӕ. Ӕмӕ йыл, чи зоны, баууӕндай. Фӕлӕ дӕ ӕппындӕр куы ницӕмӕй бафӕрса ӕмӕ дын операцийы кой афтӕмӕй куы скӕна, уӕд та? Уӕд ыл, ӕвӕццӕгӕн, зынтӕй баууӕнддзынӕ. Цыфӕнды хорз дохтыр ма уа, уӕддӕр уал дӕ фыццаг хъуамӕ бафӕрса, цы дӕ тыхсын кӕны, уымӕй ӕмӕ дын ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ зӕгъа, куыд бакӕнын хъӕуы, уый. Раст афтӕ мах дӕр, цӕмӕй адӕмӕн хорз хабарыл баууӕндынӕн баххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ арӕхсӕм фарстатӕ дӕттынмӕ. Ӕрмӕстдӕр уӕд бамбардзыстӕм, куыд сын ис баххуыс кӕнӕн, уый.

Цӕмӕй адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ бацагайӕм, уый тыххӕй йын хъуамӕ бамбарын кӕнӕм, цӕуылдӕр цӕмӕн хъуамӕ ӕууӕнда, уый

10, 11. Йесо адӕмы куыд ахуыр кодта, мах дӕр иннӕты афтӕ куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нын цы бантысдзӕн?

10 Йесо зыдта, ахуыргӕнӕгӕн хорз фарстаты руаджы йӕ къухы ӕрмӕст уый кӕй нӕ бафты, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинаджы хуыздӕр базоны. Фарстаты руаджы ма йӕ баразӕнгард кӕны ахъуыды кӕнынмӕ ӕмӕ йӕ хъуыды зӕгъынмӕ дӕр. Зӕгъӕм, Йесойы йӕ ахуыргӕнинӕгты сӕрныллӕгдзинадыл сахуыр кӕнын куы фӕндыд, уӕд уал сӕм радта, сӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсынӕн сын чи баххуыс кодтаид, ахӕм фарста (Мар. 9:33). Ӕндӕр хатт та Йесо Петрмӕ радта, дыууӕ алыхуызон дзуаппы раттӕн кӕмӕн уыд, ахӕм фарста, цӕмӕй Петрӕн лӕмбынӕг ахъуыды кӕнынӕн баххуыс кодтаид (Матф. 17:24–26). Иухатт та Йесойы фӕндыд, йӕ ахуыргӕнинӕгты зӕрдӕты цы уыд, уый базонын, ӕмӕ сӕм цалдӕр фарстайы радта, цӕмӕй сӕ хъуыды загътаиккой. (Бакӕс Матфейы 16:13–17.) Уӕдӕ Йесо адӕмӕн, цы сӕ хъӕуы аразын, ӕрмӕст уый нӕ дзырдта, фӕлӕ ма сӕм фарстатӕ дӕр лӕвӕрдта. Уый фӕрцы-иу сын сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг ссардта ӕмӕ-иу сӕ баразӕнгард кодта сӕ цард фӕивынмӕ.

11 Мах дӕр Йесойау фарстатӕ дӕттынмӕ куы арӕхсӕм, уӕд нӕ къухы бафтдзӕн ӕппынкъаддӕр ӕртӕ хъуыддаджы. Иу уый, ӕмӕ фендзыстӕм, адӕймагӕн хуыздӕр куыд ис баххуыс кӕнӕн. Иннӕ хъуыддаг та уый у, ӕмӕ нын исчи нӕ ныхас ӕрдӕгыл куы аскъуына, уӕд дӕр нӕ бон уыдзӕн нӕ ныхас адарддӕр кӕнын. Ӕртыккаг та уый, ӕмӕ-иу адӕймагмӕ фарстатӕ куы дӕттӕм, уӕд-иу фендзӕн, цы базыдта, уый йӕ цардмӕ куыд хауы. Ӕркӕсӕм ӕртӕ цӕвиттонмӕ ӕмӕ базонӕм, нӕ бон фарстатӕ арӕхстджынӕй дӕттын куыд у, уый.

12–14. Дӕ бон куыд у дӕ сывӕллонӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй ныфсджындӕрӕй хъусын кӕна? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

12 Фыццаг цӕвиттон. Зӕгъӕм дын дӕ сывӕллон загъта: «Ме ’мкъласӕгтӕй мӕ исчи куы бафӕрса, Хуыцауыл цӕмӕн ӕууӕндыс, зӕгъгӕ, уӕд ын цы зӕгъон?» Куыд ын ис баххуыс кӕнӕн, цӕмӕй йӕ уырнындзинады тыххӕй фидарӕй дзура? Уайдзӕф кӕнынмӕ-иу ма фӕу, стӕй-иу ын дӕхӕдӕг ма радзур, цы зӕгъа ӕмӕ куыд зӕгъа, уый. Хуыздӕр уыдзӕн, Йесойы куы бафӕзмай ӕмӕ йӕм фарстатӕ куы раттай, цӕмӕй йӕ хъуыды зӕгъа. Уый дын цӕй фӕрцы бантысдзӕн?

13 Дӕ сывӕллонимӕ иумӕ ӕркӕсут брошюрӕмӕ «У истоков жизни. Пять вопросов, которые требуют ответа». Стӕй йӕ бафӕрс, зӕгъгӕ дзы дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ фӕцыд. Баразӕнгард ӕй кӕн, цӕмӕй йӕхи ныхӕстӕй бамбарын кӕна, Сфӕлдисӕгыл цӕмӕн ӕууӕнды ӕмӕ йӕ цӕмӕн фӕнды Хуыцауӕн лӕггад кӕнын (Ром. 12:2). Зӕгъ ын, ӕнӕмӕнг кӕй нӕу, ӕмӕ уын иухуызон хъуыдытӕ уа, Хуыцауыл цӕмӕн ӕууӕндут, уый фӕдыл.

14 Уый фӕстӕ йын зӕгъ, ды куыд аныхас кодтай йемӕ, афтӕ уымӕн дӕр йӕ бон кӕй у йе ’мкъласагимӕ аныхас кӕнын. Иу цалдӕр бӕлвырдгӕнӕны йын ӕрхӕссӕд ӕмӕ йӕ стӕй бафӕрсӕд, ды та куыд хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ. Зӕгъӕм, брошюрӕйы «У истоков жизни» 21 фарсыл цы рамкӕ ис, уый йын равдисӕд. Куы йӕ бакӕса, уӕд ын зӕгъӕд: «ДНК-йы цас информаци цӕуы, уыйбӕрц иу компьютеры дӕр нӕ бацӕудзӕн, афтӕ нӕу?» Ӕмӕ йе ’мкъласаг, ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзӕн. Уӕд ӕй бафӕрсӕд: «Уӕдӕ кӕд компьютер йӕхигъӕдӕй нӕ фӕзынд, уӕд ДНК та йӕхигъӕдӕй куыд хъуамӕ фӕзындаид?» Цӕмӕй дӕ сывӕллон йӕ уырнындзинады тыххӕй ныфсджынӕй дзура, уый тыххӕй-иу хӕдзары рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ афӕлварут иумӕ ацы цӕвиттонмӕ гӕсгӕ аныхас кӕнын. Дӕ сывӕллоны фарстатӕ дӕттын куы ахуыр кӕнай, уӕд дзы хорз хъусынгӕнӕг рауайдзӕн.

15. Йӕхи атеист чи хоны, ахӕм адӕймагимӕ фарстаты фӕрцы нӕ бон куыд уыдзӕн аныхас кӕнын?

15 Дыккаг цӕвиттон. Хъусын кӕнгӕйӕ хатт сӕмбӕлӕм, Хуыцау кӕй ис, ууыл чи дызӕрдыг кӕны йе та йыл бынтондӕр чи не ’ууӕнды, ахӕм адӕмыл. Адӕймаг нын куы зӕгъа, атеист дӕн, зӕгъгӕ, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ ныхас хъуамӕ уыйадыл фӕуӕм. Нӕ бон у адӕймаджы уӕзданӕй бафӕрсын, рагӕй дӕ атеист ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕнын цӕмӕн райдыдтай, зӕгъгӕ. Цы зӕгъа, уымӕ куы байхъусӕм, уӕд дзы нӕ бон у раппӕлын, хъуыддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы, уый тыххӕй. Стӕй йын нӕ бон у зӕгъын: «Цард йӕхигъӕдӕй кӕй нӕ фӕзынд, уымӕн ис цавӕрдӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ, ӕмӕ куыд хъуыды кӕныс, раст нӕ уаид уыдонмӕ дӕр ӕркӕсын?» Кӕд хӕдзары хицау сразы уа, уӕд ын дӕ бон у раттын брошюрӕ «Была ли жизнь создана?» кӕнӕ брошюрӕ «У истоков жизни». Адӕймаджы чи нӕ фӕхъыг кӕндзӕн, ахӕм фарстатӕ йӕм уӕзданӕй куы дӕттӕм, уӕд ын йӕ зӕрдӕмӕ фӕндаг ссардзыстӕм ӕмӕ хорз хабармӕ байхъусдзӕн.

16. Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уый дзуапп комкоммӕ чиныгӕй кӕнӕ брошюрӕйӕ куы кӕса, уӕд уый фагыл цӕуылнӕ хъуамӕ нымайӕм?

16 Ӕртыккаг цӕвиттон. Зӕгъӕм, кӕимӕдӕр Библи ахуыр кӕнӕм ӕмӕ дзуапп йӕхи ныхӕстӕй нӕ фӕдӕтты, фӕлӕ йӕ комкоммӕ чиныгӕй кӕнӕ брошюрӕйӕ бакӕсы. Ахӕм дзуаппытӕ фагыл куы нымайӕм, уӕд адӕймагӕн йӕ уырнындзинад тынг сындӕггай рӕздзӕн. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ-иу куы нӕ ахъуыды кӕна, афтӕмӕй-иу куы ратта дзуапп, уӕд рӕстдзинады арф уидӕгтӕ нӕ ауадздзӕн. Ӕмӕ, зӕгъгӕ, ӕфхӕрд ӕййафын райдыдта, уӕд уайтагъд фӕцуддзӕн (Матф. 13:20, 21). Цӕмӕй йыл ахӕм хабар ма ӕрцӕуа, уый тыххӕй-иу ӕй хъуамӕ бафӕрсӕм, цы базыдта, уый фӕдыл цы хъуыды кӕны. Ноджы ахсджиагдӕр та у, афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕны, уый базонын. Стӕй-иу хъуамӕ йемӕ Библийы стихтыл аныхас кӕнӕм, цӕмӕй-иу раст хъуыдымӕ йӕхӕдӕг ӕрцӕуа (Дзут. 5:14). Фарстатӕ дӕттынмӕ хорз куы арӕхсӕм, уӕд, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уымӕн йӕ уырнындзинад сфидар уыдзӕн. Ӕмӕ йӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд нӕ фӕцуддзӕн, стӕй йӕ мӕнг ныхӕстӕй дӕр ничи асайдзӕн (Кол. 2:6–8). Ноджыдӕр ма нын цы баххуыс кӕндзӕн хорз хабар ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнынӕн?

ӔНТЫСТДЖЫН ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ КӔРӔДЗИЙӔН ӔХХУЫС КӔНЫНЦ

17, 18. Ӕфсымӕр кӕнӕ хоимӕ уацамынды куы уай ӕмӕ уый искӕимӕ куы ныхас кӕна, уӕд ын дӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын?

17 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты хъусын кӕнынмӕ ӕрвыста дыгӕйттӕй (Мар. 6:7; Лук. 10:1). Фӕстӕдӕр апостол Павел дӕр кодта йӕ «ӕмкусджыты» кой ӕмӕ загъта, уыдон йемӕ «фӕрсӕй-фӕрстӕм [кӕй] тох кодтой хорз хабары тыххӕй» (Фил. 4:3). Уымӕ гӕсгӕ 1953 азы нӕ организаци дӕр скодта ахӕм программӕ, ӕмӕ, хъусын кӕнынмӕ хорз чи арӕхст, уыдон хъуамӕ иннӕты дӕр ахуыр кодтаиккой *.

18 Ӕфсымӕр кӕнӕ хоимӕ уацамынды куы уай ӕмӕ уый искӕимӕ куы ныхас кӕна, уӕд ын дӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын? (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 3:6–9.) Библийӕ цы стихтӕ кӕса, уыдон-иу ды дӕр дӕ Библийы байгом кӕн. Сӕ ныхасмӕ-иу сын дӕ хъус лӕмбынӕг дар, цӕмӕй-иу, мыййаг, де ’мбал куы фӕтыхса, уӕд-иу ын ныхас адарддӕр кӕнынӕн баххуыс кӕнай (Еккл. 4:12). Фӕлӕ сӕ ныхас хорз куы цӕуа, уӕд-иу сӕ ма бахъыгдар, цыфӕнды диссаджы хъуыды зӕгъын дӕ куы бафӕнда, уӕд дӕр. Кӕннод де ’мбал фӕтыхсдзӕн, стӕй хӕдзары хицауӕн дӕр уый къуылымпыйы хос йеддӕмӕ ницы уыдзӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ды дӕр иу-дыууӕ ныхасы зӕгъай, уый аипп нӕу. Фӕлӕ-иу уӕддӕр дӕ хъуыды цыбыртӕй зӕгъ ӕмӕ-иу стӕй де ’мбалы бауадз ныхас кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын.

19. Нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм ӕмӕ цӕмӕн?

19 Кӕимӕ хъусын кӕнай, уыимӕ цалынмӕ иу хӕдзарӕй иннӕмӕ цӕуат, уӕдмӕ та уӕ бон куыд у кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнын? Цӕуыл уаид уӕ бон аныхас кӕнын? Зӕгъӕм, адӕмимӕ-иу ныхас куыд райдайут, уым фӕхуыздӕр кӕнӕн цы ис, ууыл. Дӕ участокыл цӕрӕг адӕмӕн-иу се ’взӕры кой ма кӕн, цӕмӕй де ’мбалӕн йӕ ныфс ма асӕтта. Стӕй-иу ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй дӕр ма хъаст кӕн (Ӕмб. 18:24). Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, иууылдӕр ӕнӕххӕст кӕй стӕм, «ӕлыг мигӕнӕнтӕй» уӕлдай кӕй не стӕм. Йегъовӕ нын хорз хабар хъусын кӕнын кӕй бахӕс кодта, уый йӕ диссаджы хӕларзӕрдӕдзинадыл дзурӕг у. Ӕмӕ уыцы куыст махӕн у хӕзна. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 4:1, 7.) Цӕй уӕдӕ не ’ппӕт дӕр хъуыддагӕй ӕвдисӕм, уыцы хӕзнайӕн кӕй аргъ кӕнӕм – нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй хорз хабар ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнӕм.

^ 17 абз. Кӕс чиныг «Свидетели Иеговы – возвещатели Царства Бога», 100, 568–570 фӕрстӕ.