Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хорз хъуыддӕгтыл дӕ уд хъарыс?

Хорз хъуыддӕгтыл дӕ уд хъарыс?

«Йесо Чырысти... йӕхи радта мах тыххӕй, цӕмӕй... йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, уӕлдай зынаргъ ын чи уа ӕмӕ хорз хъуыддӕгтыл йӕ уд чи хъара, ахӕм адӕм» (ТИТ. 2:13, 14).

1, 2. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цавӕр стыр кадӕй хайджын сты? Уый тыххӕй ды та цы хъуыды кӕныс?

АДӔЙМАГӔН исты ахсджиаг хъуыддаг куы бантысы ӕмӕ йӕ уый тыххӕй куы схорзӕхджын кӕнынц, уӕд уый йӕхицӕн стыр кадыл фӕнымайы. Зӕгъӕм, чидӕртӕ тынг зӕрдиагӕй фӕархайынц ууыл, цӕмӕй, кӕрӕдзимӕ знаджы цӕстӕй чи кӕсы, уыцы бӕстӕтӕ кӕнӕ адӕмыхӕттытӕ бафидауой. Ӕмӕ сӕ кӕмӕндӕрты уый тыххӕй раттынц Нобелы преми. Фӕлӕ уымӕй бирӕ стырдӕр кад у, Хуыцауы минӕвар уай ӕмӕ адӕмӕн се Сфӕлдисӕгимӕ бафидауынӕн ӕххуыс кӕнай, уый.

2 Уыцы стыр кадӕй хайджын сты ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ мах адӕмӕн лӕгъстӕ кӕнӕм, «Хуыцауимӕ бафидаут», зӕгъгӕ (2 Кор. 5:20). Йегъовӕ мах уылты архайы, цӕмӕй адӕмы йӕхимӕ ӕрбаввахс кӕна. Ӕмӕ уый фӕрцы 235 бӕстӕйӕ фылдӕры милуангай адӕймӕгтӕ систы Хуыцауы хӕлӕрттӕ ӕмӕ сын фӕзынд ӕнустӕм цӕрыны ныфс (Тит. 2:11). Мах алкӕй дӕр зӕрдиагӕй хонӕм, цӕмӕй «царды дон лӕвар айсой» (Рарг. 22:17). Ӕмӕ уыцы куыстӕн стыр аргъ кӕй кӕнӕм ӕмӕ дзы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй архайӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ ис схонӕн, «хорз хъуыддӕгтыл йӕ уд чи хъары, ахӕм адӕм» (Тит. 2:14). Уӕдӕ аныхас кӕнӕм, хорз хъуыддӕгты фӕрцы адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уой. Уыцы хорз хъуыддӕгтӕй иу у хъусын кӕныны хъуыддаг.

ЙЕГЪОВӔ ӔМӔ ЙЕСОЙАУ ЗЫНГЗӔРДӔ У

3. Йегъовӕ «зынгзӕрдӕ Хуыцау» кӕй у, уымӕ гӕсгӕ фидарӕй цы ис зӕгъӕн?

3 Исайы 9:7 дзырд цӕуы, Хуыцауы Фырт Паддзах куы суа, уӕд адӕмӕн цы хорздзинӕдтӕ сараздзӕн, уый тыххӕй. Ӕмӕ ма дзы ис ахӕм ныхӕстӕ дӕр: «Уый бакӕндзӕн зынгзӕрдӕ Хуыцау, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ». Ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ фидарӕй ис зӕгъӕн, нӕ уӕларвон Фыды ӕцӕгдӕр кӕй фӕнды адӕмы фервӕзын кӕнын ӕмӕ ууыл архайгӕ дӕр кӕй кӕны. Уӕдӕ кӕд Йегъовӕ афтӕ зынгзӕрдӕйӕ архайы, уӕд мах дӕр хъуамӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы зынгзӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм. Хуыцауы ӕмкусӕг кӕй дӕ, уымӕ гӕсгӕ, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразыс, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕнай? (1 Кор. 3:9).

4. Йесо алкӕддӕр зынгзӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кодта, уымӕй нын фӕзминаг куыд у?

4 Ӕркӕсӕм, Йесо куыд архайдта, уымӕ дӕр. Уый куыд зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодта, афтӕ ничи. Ӕмӕ нын уымӕй у фӕзминаг. Кӕд йӕ ныхмӕ карзӕй цыдысты, уӕддӕр хорз хабар алкӕддӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодта, ӕмӕ афтӕ суанг йӕ хъизӕмайраг мӕлӕты онг (Иоан. 18:36, 37). Йӕ зӕххон царды кӕрон Йесо ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайдта, цӕмӕй адӕмӕн Йегъовӕйы базонынӕн баххуыс кодтаид.

5. Йесо легъуибӕласы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕ гӕсгӕ йӕхӕдӕг куыд архайдта?

5 Зӕгъӕм, н. э. 32 азы фӕззӕджы Йесо радзырдта иу фӕсномыг ныхас, зӕгъгӕ, иу лӕгӕн йӕ сӕнӕфсирдоны уыди, ӕртӕ азы дыргъ чи нӕ хаста, ахӕм легъуибӕлас. Ӕмӕ йӕ сӕнӕфсирдонгӕсӕн куы загъта, акал ӕй, зӕгъгӕ, уӕд дзы уый рӕстӕг ракуырдта, цӕмӕй ма уыцы бӕласмӕ базылдаид. (Бакӕс Лукайы 13:6–9.) Йесо ацы ныхӕстӕ куы дзырдта, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бирӕ нӕ уыдысты. Фӕлӕ, уыцы фӕсномыг ныхасӕй куыд зыны, афтӕмӕй йӕ тынг фӕндыд, цӕмӕй ма йын цы гыццыл рӕстӕг баззад, уыцы рӕстӕг йӕ хъарутӕ иууылдӕр сарӕзтаид хъусын кӕнынмӕ. Гъемӕ ӕхсӕз мӕйы бӕрц Иудейӕйы ӕмӕ Перейы хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодта. Фӕлӕ уӕддӕр, йе ’мбӕстӕгтӕн сӕ фылдӕр хорз хабарыл нӕ баууӕндыдысты, ӕмӕ ма Йесойӕн йӕ мӕлӕтмӕ цалдӕр боны куы хъуыд, уӕд, ууыл маст кӕнгӕйӕ, ныккуыдта (Матф. 13:15; Лук. 19:41).

6. Хъусын кӕныны хъуыддаджы ноджы зӕрдиагдӕрӕй цӕмӕн хъуамӕ архайӕм?

6 Кӕрон тынг хӕстӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайӕм. (Бакӕс Данелы 2:41–45.) Йегъовӕйы Ӕвдисӕн уай, уый цӕй стыр кад у! Зӕххы цъарыл мах йеддӕмӕ адӕмӕн ничи дзуры, сӕ зындзинӕдтӕй сӕ ӕцӕгдӕр чи фервӕзын кӕндзӕн, уый тыххӕй. Ӕрӕджы иу газеты кусӕг ныффыста, зӕгъгӕ, хорз адӕмыл ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕмӕн ӕрцӕуы, уыцы фарстайӕн дзуапп ссарӕн нӕй. Фӕлӕ Библийы ацы фарстайӕн дӕр ӕмӕ ӕндӕр ахӕм фарстатӕн дӕр ис дзуапп. Ӕмӕ махӕн нӕ хӕс у, стӕй уый нӕхицӕн стыр кадыл дӕр нымайӕм, цӕмӕй уыцы хабӕрттӕ адӕмӕн ӕмбарын кӕнӕм. Уӕдӕ нын Хуыцау цы куыст бахӕс кодта, уый аразгӕйӕ хъуамӕ «нӕ удӕй арт уадзӕм» (Ром. 12:11). Уӕд нын Хуыцау арфӕ кӕндзӕн ӕмӕ нӕ бон уыдзӕн иннӕтӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы базоной ӕмӕ йӕ бауарзой.

УДУӔЛДАЙӔ КӔЙ АРХАЙӔМ, УЫМӔЙ ЙЕГЪОВӔЙӔН КАД ХӔССӔМ

7, 8. Удуӕлдайӕ кӕй архайӕм, уымӕй нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн кад куыд хӕссӕм?

7 Павел хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлд, зӕгъӕм-иу арвыста ӕгъуыссӕг ӕхсӕвтӕ, стӕй йын хатт бахӕринаг дӕр ницы уыд (2 Кор. 6:5). Абон дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ сӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынц. Зӕгъӕм, пионертӕн хъусын кӕнын сӕ царды у ӕппӕты сӕйрагдӕр хъуыддаг, фӕлӕ сӕ уымӕй уӕлдай хъӕуы кусын ӕмӕ сӕхи дарын дӕр. Ахъуыды-ма кӕнӕм миссионертыл дӕр. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ «сӕхи нывондӕн хӕссынц», цӕмӕй ӕндӕр бӕстӕты цӕрӕг адӕмӕн баххуыс кӕной (Фил. 2:17). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ та ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртыл афтӕ зӕрдиагӕй тыхсынц, ӕмӕ сӕ хатт хӕрынмӕ дӕр нӕ равдӕлы ӕмӕ фырмӕтӕй сӕ хуыссӕг дӕр фӕлидзы. Ацӕргӕтӕ, стӕй низӕфхӕрд хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕр сӕ тых сӕ бонӕй архайынц, цӕмӕй ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ цӕуой. Не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕ афтӕ удуӕлдайӕ кӕй лӕггад кӕнынц, уый уынгӕйӕ нӕ ныфсыл ныфс куыннӕ бафты! Фӕлӕ нын нӕ лӕггад зынаргъ кӕй у, уый иннӕ адӕм дӕр уынынц.

8 Зӕгъӕм, Великобританийы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, иу ахӕм нӕлгоймаг газетмӕ ныффыста: «Адӕм динтыл бонӕй-бонмӕ къаддӕр ӕууӕндынц... Дины разамонджытӕ та ӕнӕхъӕн бон цы фӕкусынц? Чырысти адӕммӕ йӕхӕдӕг цыди, уыдон та сӕ аргъуантӕй цӕугӕ дӕр нӕ ракӕнынц, цӕмӕй искӕимӕ аныхас кӕной... Куыд кӕсын, афтӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты йеддӕмӕ ӕндӕр никӕцы дин тыхсы адӕмыл. Уыдон сӕм сӕхӕдӕг цӕуынц ӕмӕ сын зӕрдиагӕй рӕстдзинад амонынц». Абон адӕмӕн сӕ фылдӕр афтӕ сты, ӕмӕ искӕй тыххӕй сӕхи нӕ батыхсын кӕндзысты. Ӕмӕ ахӕм дунейы мах удуӕлдайӕ кӕй архайӕм, уымӕй нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн кад хӕссӕм (Ром. 12:1).

Адӕм дӕ уацамынды кӕй уынынц, ӕрмӕст уый дӕр сын бирӕ цӕуылдӕрты дзурӕг у

9. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хорз хъуыддӕгтыл нӕ уд хъарӕм?

9 Фӕлӕ кӕд раздӕрау зынгзӕрдӕйӕ нал хъусын кӕнӕм, уӕд нӕ бон цы у саразын? Хорз уаид ахъуыды кӕнын, Йегъовӕ хъусын кӕныны фӕрцы цы аразы, ууыл. (Бакӕс Ромӕгтӕм 10:13–15.) Цӕмӕй адӕм фервӕзой, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйыл ӕууӕндой ӕмӕ йӕм йӕ номӕй кувой. Фӕлӕ сын мах уый тыххӕй куы нӕ дзурӕм, уӕд ыл куыд баууӕнддзысты ӕмӕ йӕм куыд кувдзысты? Ӕмӕ уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд хорз хъуыддӕгтыл нӕ уд хъардзыстӕм ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕппӕт хъарутӕй архайдзыстӕм.

НӔ ХОРЗ УАГАХАСТ УЫНГӔЙӔ АДӔМЫ БАФӔНДЫ ХУЫЦАУЫ БАЗОНЫН

Ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ӕмӕ зӕрдиагӕй куы кусай, уӕд уый иннӕтӕ дӕр бафиппайдзысты

10. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ нӕ хорз уагахаст уынгӕйӕ адӕмы бафӕнды Хуыцауы базонын?

10 Куыд федтам, афтӕмӕй хорз хабар хъуамӕ хъусын кӕнӕм зынгзӕрдӕйӕ. Фӕлӕ ӕрмӕст уый фаг нӕу, цӕмӕй иннӕтӕн Хуыцауы базонынӕн баххуыс кӕнӕм. Адӕмы ма Хуыцауы базонын бафӕнды, нӕ хорз уагахаст нын куы фӕуынынц, уӕд дӕр. Нӕ уагахаст фӕзминаг цӕмӕн хъуамӕ уа, уый тыххӕй Павел ныффыста: «Мах къуылымпыйы хос никӕмӕн ницӕмӕй стӕм, цӕмӕй нӕ лӕггадмӕ фау ӕрхӕссӕн ма уа» (2 Кор. 6:3). Нӕ дзыхыныхас ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ ӕфсармыл дзурӕг куы уой, уӕд Хуыцауы ахуырад рӕсугъд кӕндзыстӕм ӕмӕ иннӕ адӕмы дӕр бафӕнддзӕн Йегъовӕйӕн кувын (Тит. 2:10). Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, арӕх фехъусӕм, нӕ хорз уагахасты фӕрцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм рӕстдзинад кӕй базонынц.

11. Нӕ уагахаст иннӕтӕн цӕуыл дзурӕг у, ууыл хъуыды кӕнын ӕмӕ уый тыххӕй кувын цӕмӕн хъӕуы?

11 Ӕцӕгдӕр, нӕ хорз уагахасты фӕрцы адӕм рӕстдзинад базонынц. Фӕлӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ куы аразӕм, уӕд сӕ Хуыцауы базонын фӕндгӕ дӕр нӕ бакӕндзӕн. Уӕдӕ кӕмфӕнды ма уӕм, куысты, хӕдзары ӕви скъолайы, уӕддӕр хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ лӕггадмӕ ӕмӕ нӕ уагахастмӕ фау ӕрхӕссӕн мацӕмӕй уа. Зонгӕ-зонын тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ куы аразӕм, уӕд Йегъовӕйы хорзӕхӕй ӕнустӕм ӕнӕхай фӕуыдзыстӕм (Дзут. 10:26, 27). Уӕдӕ-иу хъуамӕ Хуыцаумӕ скувӕм ӕмӕ-иу дзӕбӕх ахъуыды кӕнӕм, нӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ нӕ уагахаст иннӕтӕн цӕуыл дзурӕг сты, ууыл. Ацы дунейы ӕгъдау бонӕй-бонмӕ куыд хӕлы, афтӕ хъуамӕ ноджы ирддӕрӕй зына, «Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдон кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый» (Мал. 3:18). Бӕрӕг у, адӕмӕн Йегъовӕимӕ бафидауынӕн баххуыс кӕндзыстӕм ӕви нӕ, уыцы хъуыддаджы нӕ уагахастӕй бирӕ аразгӕ у.

12–14. Ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ фидар кӕй лӕууӕм, уый уынгӕйӕ иннӕтӕ хорз хабармӕ цы цӕстӕй ракӕсынц? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

12 Павел коринфӕгтӕм фыста, цытӕ бавзӕрста, уый тыххӕй ӕмӕ загъта, бӕллӕхты ӕмӕ-иу тыхст уавӕрты кӕй бахауд, кӕй-иу ӕй фӕнадтой, стӕй-иу ӕй ахӕстоны дӕр кӕй бакодтой. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 6:4, 5.) Нӕ уырнындзинады тыххӕй мах дӕр фӕлварӕнты куы бахауӕм ӕмӕ фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд, чи зоны, уый уынгӕйӕ кӕйдӕрты рӕстдзинад базонын бафӕнда. Ӕркӕсӕм, иу афон Анголӕйы цы хабар ӕрцыд, уымӕ. Уыцы бӕстӕйы иу ран чидӕртӕ сфӕнд кодтой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты фесафын. Уыцы адӕм ӕрцахстой нӕ хо ӕмӕ не ’фсымӕры, стӕй ма, ӕмбырдтӕм чи цыд, уыцы 30 адӕймаджы дӕр, ӕмӕ сӕ ехсӕй фӕнадтой. Ӕмӕ сын цалынмӕ сӕ туг нӕ фӕкалдтой, уӕдмӕ сӕ нӕ ныууагътой. Суанг сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕн дӕр нӕ фӕтӕригъӕд кодтой. Уырдӕм ӕрӕмбырд кодтой бынӕттон адӕмы дӕр, цӕмӕй уыцы фыдмитӕ федтаиккой – афтӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй се ’ппӕты дӕр тас бацыдаид ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм мачиуал хъуыстаид. Фӕлӕ диссаг уый у, ӕмӕ фӕстӕдӕр, уым чи уыд, уыдонӕй бирӕтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм сӕхӕдӕг бацыдысты ӕмӕ сын загътой, кӕй сӕ фӕнды Библи ахуыр кӕнын! Уыцы хабары фӕстӕ хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ ацыд ӕмӕ ма ноджы фылдӕр адӕм рӕстдзинад базыдтой, не ’фсымӕртӕ та бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын сты.

13 Ацы хабарӕй бӕрӕг у, нӕ фидардзинад иннӕтыл куыд тынг фӕзыны, уый. Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ цы хъӕбатырдзинад равдыстой, уый фенгӕйӕ, ӕвӕццӕгӕн, бирӕтӕ систы Хуыцауы хӕлӕрттӕ (Хъуыд. 5:17–29). Ӕмӕ мах дӕр ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ фидар куы лӕууӕм, уӕд, чи зоны, уый фӕрцы не ’мкусджытӕй, нӕ бинонтӕй кӕнӕ, немӕ чи ахуыр кӕны, уыдонӕй исчи хорз хабармӕ байхъуса.

14 Ахӕм рӕстӕг никуы уыди, ӕмӕ не ’фсымӕртӕй ахӕстоны мачи бада. Зӕгъӕм, Сомихы иу-40 ӕфсымӕры ахӕстоны бадынц, ӕфсадмӕ кӕй нӕ цӕуынц, уый тыххӕй, ӕмӕ ма фӕстӕдӕр, ӕвӕццӕгӕн, ноджы фылдӕр ӕфсымӕрты сбадын кӕндзысты. Эритрейы та Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй ахӕстӕтты ис 55 адӕймаджы, кӕуылдӕрты дзы 60 азӕй фылдӕр цӕуы. Хуссар Корейы сӕ уырнындзинады тыххӕй ахӕстӕтты бадынц 700 Ӕвдисӕны бӕрц. Уыцы бӕстӕйы не ’фсымӕрты ахӕстӕтты кӕнынц иу-60 азы дӕргъы. Уӕдӕ кувӕм, цӕмӕй, не ’фсымӕртӕй ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыдон сӕ иузӕрдиондзинадӕй дарддӕр дӕр Хуыцауӕн кад хӕссой ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн рӕстдзинад базонынӕн ӕххуыс кӕной (Пс. 76:8–10).

15. Ӕрхӕсс цӕвиттон, ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй стӕм, уый фӕрцы адӕм хорз хабарыл куыд баууӕндынц, уымӕн.

15 Алы хъуыддаджы дӕр ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй стӕм, уый уынгӕйӕ дӕр кӕйдӕрты рӕстдзинад базонын бафӕнды. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:18.) Иу хабармӕ ӕркӕсӕм. Иухатт нӕ хо автобусыл цыди, ӕмӕ фӕндаггаг бафидынмӕ куы хъавыд, уӕд ын йӕ зонгӕ загъта, тагъд хизгӕ куы кӕныс, уӕд цӕмӕн фидыс, зӕгъгӕ. Уӕд ын хо загъта, зӕгъгӕ, иу остановкӕйӕн дӕр фидын хъӕуы. Йӕ зонгӕ автобусӕй куы ахызт, уӕд шофыр разылд ӕмӕ нӕ хойы бафарста: «Мыййаг, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕ дӕ?» Нӕ хо йын дзуапп радта: «О. Ӕмӕ мӕ цӕмӕн фӕрсыс?» Шофыр ын афтӕ: «Уӕ ныхас уын фехъуыстон ӕмӕ йӕ зонын, ды куыд бакодтай, афтӕ алчи кӕй нӕ бакӕндзӕн. Цӕсгомджын адӕм бирӕ нал ис, фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ахӕм сты». Уымӕй цалдӕр мӕйы фӕстӕ уыцы нӕлгоймаг ӕмбырдмӕ ӕрбацыд ӕмӕ нӕ хойы бафарста: «Нӕ мӕ хъуыды кӕныс? Автобусы шофыр дӕн. Фӕндаггаг фидыны тыххӕй ныхас кодтам. Дӕхи куыд равдыстай, уый фенгӕйӕ мӕ бафӕндыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын». Ӕцӕгдӕр, алы хъуыддаджы дӕр ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй стӕм, уый фӕрцы адӕм хорз хабарыл баууӕндынц.

ХУЫЦАУӔН КАД ЧИ ХӔССЫ, АХӔМ МИНИУДЖЫТӔ ХЪУЫДДАГӔЙ ӔВДИС

16. Бирӕфӕразондзинад, уарзондзинад ӕмӕ хӕларзӕрдӕдзинад хъуыддагӕй куы ӕвдисӕм, уӕд уымӕй адӕмы зӕрдӕтӕ куыд бацагайдзыстӕм? Мӕнг динты разамонджытӕ сӕхи куыд равдисынц?

16 Хорз миниуджытӕ куы ӕвдисӕм, зӕгъӕм, бирӕфӕразондзинад, уарзондзинад ӕмӕ хӕларзӕрдӕдзинад, уӕд уый фӕрцы дӕр кӕйдӕрты бафӕнддзӕн Йегъовӕйы тыххӕй, стӕй йӕ фӕндтӕ ӕмӕ йӕ адӕмы тыххӕй базонын. Ӕцӕг чырыстӕттӕ сӕ хорз уагахастӕй Хуыцауӕн кад хӕссынц. Уыдонӕй уӕлдай, дины разамонджытӕй чидӕртӕ сӕхи рӕстгӕнджытӕй ӕвдисынц, сӕхӕдӕг та, сӕ аргъуантӕм чи цӕуы, уыцы адӕмы сайынц ӕмӕ сын се ’хцайӕ сӕхицӕн зынаргъ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ машинӕтӕ ӕлхӕнынц. Сӕ иу та дзы суанг йӕ куыдзӕн кондиционеримӕ хӕдзар скодта. Бӕрӕг у, йӕхи Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг чи хоны, уыдонӕй бирӕтӕн сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕй «лӕвар дӕттын» (Матф. 10:8). Уыдон рагон Израилы хивӕнд сауджынтӕй уӕлдай не сты – адӕмӕн «зонд амонынц аргъыл», стӕй Хуыцауы тыххӕй кӕнынц мӕнг ныхӕстӕ (Мих. 3:11). Ахӕм цӕстмӕ митӕ чи кӕны, уый Хуыцауимӕ никӕй бафидауын кӕндзӕн.

17, 18. а) Йегъовӕмӕ цы миниуджытӕ ис, уыдон махмӕ дӕр куы уой, уӕд ын уымӕй кад куыд хӕсдзыстӕм? ӕ) Хорз хъуыддӕгтӕ зынгзӕрдӕйӕ аразай, уымӕ цӕмӕн тырныс?

17 Уыдонӕй уӕлдай, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ амонынц рӕстдзинад ӕмӕ иннӕтӕн хорзы цӕуынц. Ӕмӕ адӕм уый куы фӕуынынц, уӕд сӕ бафӕнды Хуыцауы базонын. Зӕгъӕм, иу пионер хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ фембӕлд ацӕргӕ идӕдз сылгоймагыл. Сылгоймаджы йемӕ ныхас кӕнын нӕ бафӕндыд. Загъта йын, зӕгъгӕ, дуар куы бахостай, уӕд къухнийы асиныл лӕууыдтӕн, хъуамӕ цырагъ баивтаин. Ӕфсымӕр ын загъта: «Ахӕм куыстытӕ кӕнын дӕуӕн иунӕгӕй тӕссаг у». Уый фӕстӕ йын не ’фсымӕр цырагъ баивта ӕмӕ дарддӕр ацыд. Уыцы сылгоймагӕн йӕ фырт куы ӕрбацыд, уӕд ын мад хабар радзырдта. Ӕмӕ уый йӕ фыртыл афтӕ бандӕвта, ӕмӕ йӕ бафӕндыд уыцы ӕфсымӕры ссарын, цӕмӕй йын бузныг загътаид. Ӕппынфӕстаг, Библи ахуыр кӕнын райдыдта.

18 Хорз хъуыддӕгтӕ зынгзӕрдӕйӕ аразай, уымӕ цӕмӕн тырныс? Ӕвӕццӕгӕн уымӕн, ӕмӕ йӕ ӕмбарыс, хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ куы хъусын кӕнӕм ӕмӕ нӕ уагахастӕй фӕзминаг куы уӕм, уӕд Хуыцауӕн кад кӕй хӕсдзыстӕм, стӕй уый фӕрцы иннӕтӕн кӕй баххуыс кӕндзыстӕм ирвӕзындзинад райсынӕн. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 10:31–33.) Стӕй ма афтӕмӕй ӕвдисдзыстӕм, Хуыцауы дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр кӕй уарзӕм (Матф. 22:37–39). Хорз хъуыддӕгтыл нӕ уд куы хъарӕм, уӕд нӕ цардӕй абон дӕр райгонд уыдзыстӕм. Ӕмӕ фидӕны та нӕхи цӕстӕй фендзыстӕм, адӕм иууылдӕр не Сфӕлдисӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй куыд кувдзысты ӕмӕ йын куыд кад кӕндзысты, уый.