Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ, уӕ кӕрӕдзи уарзут ӕмӕ зӕрдӕргом ныхас кӕнут

Ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ, уӕ кӕрӕдзи уарзут ӕмӕ зӕрдӕргом ныхас кӕнут

«Алы адӕймаг дӕр хъуамӕ рӕвдз уа байхъусынмӕ, дзурын ӕмӕ мӕсты кӕнынмӕ та тагъд ма кӕна» (ИАК. 1:19).

1, 2. Ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ кӕрӕдзимӕ цы зӕрдӕ фӕдарынц, фӕлӕ сын хатт зын цы вӕййы?

ИУ ЧИНЫДЖЫ куыд фыст ис, афтӕмӕй иухатт Америкӕйы Иугонд Штатты цалдӕр сӕдӕ сывӕллоны бафарстой: «Зӕгъӕм ӕй базыдтай, райсом дӕ ныййарджытӕ кӕй амӕлдзысты, уӕд сын абон цы зӕгъис?» Сӕ фылдӕр загътой, сӕ зындзинӕдтыл кӕнӕ, сӕ кӕрӕдзи цӕй тыххӕй не ’мбарынц, ууыл кӕй нӕ дзуриккой, фӕлӕ сын афтӕ кӕй зӕгъиккой: «Ныххатыр мын кӕнут, кӕй-иу уӕ смӕсты кодтон» ӕмӕ: «Бирӕ уӕ уарзын». («Строго конфиденциально. Родителям о детях», Шонти Фельдан ӕмӕ Лиза Райс.)

2 Ӕнӕуи, сывӕллӕттӕ ӕмӕ ныййарджытӕ кӕрӕдзи фӕуарзынц, уӕлдайдӕр та чырыстон бинонты ’хсӕн. Фӕлӕ кӕд афтӕ у, уӕддӕр сын кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕнын хатт зын вӕййы. Ӕмӕ сӕ иуӕй-иу хабӕрттыл та ӕппындӕр нӕ фӕфӕнды ныхас кӕнын. Цымӕ афтӕ цӕмӕн вӕййы? Сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй сын кӕрӕдзиимӕ зӕрдӕйӕ зӕрдӕмӕ ныхас кӕнын ӕнцон уа?

Дӕ бинонтимӕ дӕ бон цы рӕстӕг уаид арвитын, уый дын ӕндӕр хъуыддӕгтӕ ма байсӕнт

РӔСТӔГ-ИУ РАХИЦӔН КӔНУТ АНЫХАС КӔНЫНӔН

3. а) Бирӕ бинонтӕн зӕрдӕйӕ зӕрдӕмӕ ныхас кӕнын ӕнцон цӕуылнӕ у? ӕ) Раджы заман израилаг бинонтӕн сӕ бон цӕй фӕрцы уыд сӕ рӕстӕг иумӕ ӕрвитын?

3 Бирӕ бинонтӕн кӕрӕдзиимӕ зӕрдӕйӕ зӕрдӕмӕ ныхас кӕнынӕн рӕстӕг ссарын зын вӕййы. Фӕлӕ афтӕ алкӕд нӕ уыд. Раджы заман Моисей израилаг нӕлгоймӕгтӕн загъта: «[Хуыцауы ныхӕстӕ] арф нывӕр дӕ сывӕллоны зӕрдӕйы, дзур сыл, хӕдзары куы бадай, фӕндагыл куы цӕуай, куы-иу схуыссай ӕмӕ-иу куы сыстай, уӕд» (Дык. з. 6:6, 7). Сывӕллӕттӕ-иу ӕнӕхъӕн бон уыдысты кӕнӕ сӕ мадимӕ хӕдзары кӕнӕ сӕ фыдимӕ, кӕм куыста, уым. Уӕдӕ сывӕллӕттӕн ӕмӕ ныййарджытӕн ныхас кӕнынӕн уыди бирӕ рӕстӕг. Ӕмӕ уый фӕрцы ныййарджытӕ зыдтой сӕ сывӕллӕттӕн сӕ удыхъӕд, зыдтой, цӕуыл тыхсынц ӕмӕ сӕ цы хъӕуы, уый дӕр. Стӕй сывӕллӕттӕн дӕр уыди фаг рӕстӕг ӕмӕ фадӕттӕ, цӕмӕй сӕ ныййарджыты хорз базыдтаиккой.

4. Абон бирӕ бинонты зӕрдӕргом ныхас кӕнын цы фӕхъыгдары?

4 Абон та цард бынтон ӕндӕрхуызон у. Иуӕй-иу бӕстӕты ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты детсадмӕ раттынц хӕрзгыццылӕй, хатт 2-аздзыдӕй дӕр. Ныййарджытӕй бирӕтӕ хӕдзары нӕ вӕййынц, кусгӕ фӕкӕнынц. Ӕмӕ сӕ сывӕллӕттимӕ иумӕ цы гыццыл рӕстӕг вӕййынц, уыцы рӕстӕг дӕр сын байсы телевизор, компьютер кӕнӕ телефон. Бирӕ хатт сывӕллӕттӕн сӕхи цард вӕййы, ныййарджытӕн та – сӕхи, раст цыма кӕрӕдзийӕн ӕцӕгӕлӕттӕ сты, афтӕ. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ зӕрдӕргом ныхас ӕппындӕр нӕ фӕкӕнынц.

5, 6. Иуӕй-иу ныййарджытӕ цы сарӕзтой, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттимӕ фылдӕр рӕстӕг иумӕ уой?

5 Дӕ бон нӕ уаид афтӕ бакӕнын, цӕмӕй дын цавӕрдӕр хъуыддӕгтыл къаддӕр рӕстӕг цӕуа ӕмӕ уый фӕрцы дӕ бинонтимӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвитай? (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:15, 16.) Иуӕй-иу бинонтӕ баныхас кодтой, телевизорыл кӕнӕ компьютерыл къаддӕр рӕстӕг кӕй хардз кӕндзысты. Чидӕртӕ та бацархайдтой, цӕмӕй-иу алы бон дӕр ӕппынкъаддӕр иу хатт фынгыл иумӕ ӕрӕмбырд уой. Бинонты ахуыр дӕр ныййарджытӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕн диссаджы фадат у, цӕмӕй кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кӕной ӕмӕ Библи иумӕ иртасой. Уыцы хъуыддагӕн алы къуыри дӕр иу сахаты бӕрц хицӕн кӕнат, уый хорз у, фӕлӕ зӕрдӕйӕ зӕрдӕмӕ ныхас кӕнынӕн ӕрмӕст уый фаг нӕу. Хъуамӕ-иу алы бон дӕр кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕнат. Цалынмӕ-иу дӕ сывӕллон скъоламӕ ацӕуа, уӕдмӕ-иу йемӕ иу гыццыл ӕрбад ӕмӕ-иу ын йӕ зӕрдӕ цалдӕр ныхасӕй бафидар кӕн, иумӕ-иу равзарут боны стих, стӕй-иу Йегъовӕмӕ скувут. Уый дӕ сывӕллонӕн ӕнӕхъӕн бон ӕххуыс кӕндзӕн.

6 Иуӕй-иу ныййарджытӕ сӕ царды цыдӕртӕ фӕивтой, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттимӕ фылдӕр рӕстӕг уой. Зӕгъӕм, дыууӕ сывӕллоны кӕмӕн ис, иу ахӕм сылгоймаг уый тыххӕй ныууагъта, ӕнӕхъӕн бон кӕм куыста, уыцы куыст. Уый зӕгъы: «Райсомӕй-иу нӕ алчи тагъд кодта, чи куыстмӕ, чи та скъоламӕ. Изӕрӕй-иу куыстӕй куы ӕрбацыдтӕн, уӕд-иу сывӕллӕтты фынӕйӕ ӕрбаййӕфтон – чи сӕм каст, уыцы сылгоймаг-иу сӕ уӕдмӕ схуыссын кодта. Мӕ куыст кӕй ныууагътон, уый тыххӕй нӕм къаддӕр ӕхца ӕфты, фӕлӕ ныр, мӕ сывӕллӕттӕ цӕуыл хъуыды кӕнынц ӕмӕ цӕуыл тыхсынц, уый зонын. Йегъовӕмӕ куы фӕкувынц, уӕд сӕм фӕхъусын, ӕмӕ сӕ мӕ бон у раст зондыл аразын, сӕ зӕрдӕты сын ныфс уадзын ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын».

«РӔВДЗ УТ БАЙХЪУСЫНМӔ»

7. Сывӕллӕттӕ ӕмӕ ныййарджытӕ кӕрӕдзийӕ арӕх цӕй тыххӕй фӕхъаст кӕнынц?

7 Ацы статьяйы райдианы кӕй кой ракодтам, уыцы чиныджы фысджытӕ ӕрыгӕттӕй бирӕтимӕ аныхас кодтой ӕмӕ скодтой ахӕм хатдзӕг: «Сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджытӕй арӕхдӕр фӕхъаст кӕнынц, хъусын кӕй нӕ зонынц, уый тыххӕй». Фӕлӕ ныййарджытӕ дӕр сывӕллӕттӕй арӕх уый тыххӕй фӕхъаст кӕнынц. Уӕдӕ кӕд бинонты фӕнды, цӕмӕй кӕрӕдзиимӕ ӕргом ныхас кӕной, уӕд хъуамӕ кӕрӕдзимӕ лӕмбынӕг хъусын зоной. (Бакӕс Иаковы 1:19.)

8. Ныййарджытӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕм лӕмбынӕг хъусой?

8 Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕм лӕмбынӕг фӕхъусут? Чи зоны уын лӕмбынӕг хъусын зын вӕййы, фӕллад куы вӕййут кӕнӕ уӕм афтӕ куы фӕкӕсы, ӕмӕ уын уӕ сывӕллӕттӕ цы дзурынц, уый йӕ дзурыны аккаг дӕр нӕу, уӕд. Фӕлӕ, сымах афтӕ цӕмӕй хъуыды кӕнут, ӕмӕ ахсджиаг нӕу, уый уӕ сывӕллонӕн, гӕнӕн ис, ӕмӕ тынг ахсджиаг уа. Цӕмӕй байхъусынмӕ рӕвдз уат, уый тыххӕй, уӕ сывӕллон цы дзуры, хъуамӕ ӕрмӕст уымӕ ма кӕсат, фӕлӕ йӕ куыд дзуры, уымӕ дӕр. Сывӕллонӕн йӕ хъӕлӕсы уагӕй ӕмӕ йӕ алы змӕлдӕй дӕр вӕййы базонӕн, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Ӕнӕмӕнг ма у фарстатӕ дӕттын дӕр. Библи зӕгъы: «Адӕймаджы зӕрдӕйы хъуыдытӕ сты арф дӕттӕ, фӕлӕ сӕ арфуынӕг адӕймаг сисдзӕн» (Ӕмб. 20:5). Уӕдӕ хъуамӕ уат арфуынӕг ӕмӕ ӕмбаргӕ, цӕмӕй-иу уӕ сывӕллӕтты хъуыдытӕ базонат, уӕлдайдӕр та, уемӕ цӕуылдӕр ныхас кӕнын ӕфсӕрмы куы кӕной, уӕд.

9. Сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджытӕм цӕмӕн хъуамӕ хъусой?

9 Сывӕллӕттӕ, уӕ ныййарджыты коммӕ кӕсут? Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Мӕ хъӕбул, хъус дӕ фыды зондамындмӕ ӕмӕ дын дӕ мад цы закъон амоны, уый ма рох кӕн» (Ӕмб. 1:8). Уӕ зӕрдыл дарут, уӕ ныййарджытӕ уӕ кӕй уарзынц ӕмӕ уын хуыздӕр куыд уа, ууыл кӕй архайынц. Уӕдӕ зондыл дзурӕг уыдзӕн сӕ коммӕ кӕсын ӕмӕ сӕм хъусын (Еф. 6:1). Уӕ ныййарджытимӕ ӕргом ныхас куы кӕнат ӕмӕ уӕ кӕй уарзынц, уый куы нӕ рох кӕнат, уӕд уын сӕ коммӕ кӕсын зын нӕ уыдзӕн. Цы хъуыды кӕнут, уый-иу сын дзурут, ӕмӕ уӕ афтӕмӕй хуыздӕр ӕмбардзысты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сымах дӕр хъуамӕ архайат, цӕмӕй-иу уӕ ныййарджыты бамбарат.

10. Ровоамы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

10 Де ’мгӕрттӕ дын уынаффӕ куы дӕттой, уӕд хъуамӕ уай къӕрцхъус. Чи зоны, дӕу цы фӕнды фехъусын, уый дын дзурой, фӕлӕ сӕ уынаффӕ хорз ма уа. Уый нӕ, фӕлӕ ма дын, гӕнӕн ис, ӕмӕ уыцы уынаффӕ зиан дӕр ӕрхӕсса. Ӕрыгӕттӕм хистӕрты зонд ӕмӕ фӕлтӕрддзинад нӕй, ӕмӕ уый тыххӕй сӕ фылдӕр нӕ фӕхъуыды кӕнынц, сӕ хъуыддӕгтӕ сӕ цӕмӕ ӕркӕндзысты, ууыл. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм паддзах Соломоны фырт Ровоамы. Израилы паддзах куы сси, уӕд ӕй хъуыди хистӕр лӕгты уынаффӕмӕ байхъусын. Фӕлӕ уый байхъуыста, йемӕ чи схъомыл, уыцы ӕрыгӕтты ӕнӕзонд уынаффӕмӕ. Уый тыххӕй йӕ паддзахады адӕмӕн сӕ фылдӕр йӕ ныхмӕ рацыдысты (1 Пад. 12:1–17). Уӕдӕ Ровоамы хуызӕн ма у. Дӕ ныййарджытимӕ ӕргом ныхас кӕн ӕмӕ сын дӕ хъуыдытӕ ӕмӕ де ’нкъарӕнты тыххӕй дзур. Сӕ уынаффӕтӕм сын хъус ӕмӕ сын сӕ зондӕй ахуыр кӕн (Ӕмб. 13:20).

11. Сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджытимӕ сӕрибарӕй ныхас кӕнын куы нӕ фӕуӕндынц, уӕд уый цӕмӕ ӕркӕны?

11 Ныййарджытӕ, кӕд уӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ уынаффӕ се ’мгӕрттӕй агурой, уӕд афтӕ бакӕнут, цӕмӕй уемӕ сӕрибарӕй ныхас кӕнын уӕндой. Иу ӕрыгон хо ныффыста: «Мӕ дзыхӕй ӕрмӕст лӕппуйы ном схауӕд, ӕмӕ мӕ ныййарджытӕ уайтагъд стыхсынц. Ӕмӕ уӕд ӕз дӕр стыхсын ӕмӕ мӕ дарддӕр дзурын ницыуал фӕфӕнды». Ӕндӕр ӕрыгон хо та афтӕ ныффыста: «Ӕрыгӕттӕй бирӕты фӕфӕнды, цӕмӕй-иу сын сӕ ныййарджытӕ уынаффӕ раттой. Фӕлӕ сын сӕ ныхӕстӕ куы ницӕмӕ дарой, уӕд сывӕллӕттӕ уынаффӕ агурӕг цӕудзысты, чи сӕм байхъуса, ахӕм искӕмӕ, суанг, фӕлтӕрд чи нӕу, ахӕммӕ дӕр». Дӕ сывӕллӕттӕ дын цӕйфӕнды тыххӕй ма дзурой, уӕддӕр-иу сӕм байхъус ӕмӕ-иу сын се ’нкъарӕнтӕ бамбарыныл бацархай. Уый фӕрцы демӕ ӕргом ныхас кӕндзысты ӕмӕ дын дӕ уынаффӕтӕм хъусдзысты.

«ДЗУРЫНМӔ... ТАГЪД МА КӔНУТ»

12. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты ныхӕстӕм куы рамӕсты вӕййынц, уӕд сын зӕрдӕргом ныхас кӕнын зындӕр цӕмӕн вӕййы?

12 Сывӕллӕттӕн ма сӕ ныййарджытимӕ ныхас кӕнын зын вӕййы, ныййарджытӕ сын сӕ ныхӕстӕм уайтагъд куы рамӕсты вӕййынц, уӕд дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чырыстон ныййарджыты фӕнды сӕ сывӕллӕтты бахъахъхъӕнын, уымӕн ӕмӕ сын ацы «фӕстаг бонты» сӕ уырнындзинадӕн дӕр ӕмӕ ӕнӕуи дӕр бирӕ цӕмӕйдӕрты у тӕссаг (2 Тим. 3:1–5). Фӕлӕ кӕд ныййарджытӕ цавӕрдӕр уавӕрты афтӕ фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты хъахъхъӕнгӕ кӕнынц, уӕд уыдонмӕ та афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сын сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ бӕттынц.

13. Ныййарджытӕ-иу сӕ ныхас зӕгъыныл тагъд цӕуылнӕ хъуамӕ кӕной?

13 Хорз уыдзӕн, ныййарджытӕ-иу сӕ ныхас зӕгъыныл тагъд куы нӕ кӕной. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллоны ныхӕстӕй дӕ зӕрдӕмӕ исты куы нӕ фӕцӕуы, уӕд хиуыл хӕцын ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ уӕддӕр исты зӕгъыны размӕ ахсджиаг у лӕмбынӕг байхъусын. Зондджын паддзах Соломон ныффыста: «Адӕймагмӕ куы нӕ байхъусай, афтӕмӕй дзуапп куы раттай, уӕд уый у ӕнӕзонд ми ӕмӕ худинаг» (Ӕмб. 18:13). Дӕхиуыл куы фӕхӕцай ӕмӕ дӕ сывӕллоны дарддӕр дзурын куы бауадзай, уӕд хабар хуыздӕр бамбардзынӕ. Адӕймаг «ӕнӕзонд ныхӕстӕ» йӕ фыртыхстӕй дӕр фӕкӕны. Уӕдӕ цӕмӕй дӕ сывӕллонӕн баххуыс кӕнай, уый тыххӕй уал хъуамӕ алцыдӕр бӕлвырд базонай (Иов 6:1–3). Ныййарджытӕ, кӕд уӕ сывӕллӕтты уарзут, уӕд-иу сӕм лӕмбынӕг байхъусут, цӕмӕй-иу сӕ бамбарат ӕмӕ-иу сын зӕгъат, ӕцӕгдӕр сын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм ныхӕстӕ.

14. Сывӕллӕттӕ дзурынмӕ тагъд цӕуылнӕ хъуамӕ кӕной?

14 Сывӕллӕттӕ, сымах дӕр хъуамӕ дзурынмӕ тагъд ма кӕнат. Дӕ ныййарджытӕн-иу сӕ алы ныхасы ныхмӕ ма ныллӕуу, уымӕн ӕмӕ сыл Хуыцау сӕвӕрдта уыцы хӕс, цӕмӕй дӕ раст зондыл аразой (Ӕмб. 22:6). Чи зоны, ныртӕккӕ ды цы уавӕры дӕ, ахӕм уавӕры кӕддӕр уыдон дӕр уыдысты. Стӕй, ӕвӕццӕгӕн, ӕрыгонӕй цы рӕдыдтытӕ сарӕзтой, уыдоныл фӕсмон кӕнынц ӕмӕ сӕ уый тыххӕй фӕнды дӕу ахӕм рӕдыдтытӕй бахъахъхъӕнын. Дӕ ныййарджытӕ де знӕгтӕ не сты, фӕлӕ дӕ хӕлӕрттӕ ӕмӕ, дӕуӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл хъуыды кӕнынц. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 1:5.) «Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады» ӕмӕ сӕ уарз, уыдон дӕ куыд уарзынц, афтӕ. Уӕд сын ӕнцондӕр уыдзӕн, цӕмӕй дӕ «хъомыл кӕной, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ дӕ йӕ зондыл аразой» (Еф. 6:2, 4).

«МӔСТЫ КӔНЫНМӔ... ТАГЪД МА КӔНУТ»

15. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, бирӕ кӕй уарзӕм, уыдонимӕ фӕразон уӕм ӕмӕ-иу сӕм ма смӕсты уӕм?

15 Хъыгагӕн, бирӕ кӕй уарзӕм, уыдонимӕ алы хатт фӕразон нӕ вӕййӕм. «Колоссты Чырыстиимӕ иудзинады чи уыд, уыцы сыгъдӕджытӕм ӕмӕ иузӕрдион ӕфсымӕртӕм» апостол Павел фыста: «Сымах та, лӕгтӕ, алкӕддӕр уарзут уӕ устыты ӕмӕ сӕм тызмӕг ма ут. [...] Фыдӕлтӕ, уӕ сывӕллӕтты ма мӕсты кӕнут, цӕмӕй сӕхимӕ ма ныхъхъусой» (Кол. 1:1, 2; 3:19, 21). Ефесӕгтӕн та Павел фӕдзӕхста: «Ныууадзут алы фыдӕх, маст, знӕт, хъӕр-хъӕлӕба, ӕфхӕрӕн ныхас» (Еф. 4:31). Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй цы миниуджытӕ цӕуы, уыдон нӕ удыхъӕды куы фидар кӕнӕм, зӕгъӕм, бирӕфӕразондзинад, фӕлмӕн удыхъӕд ӕмӕ хиуыл хӕцын, уӕд-иу нын ӕнцондӕр уыдзӕн нӕ маст бауромын, нӕ бинонтӕй-иу нӕ исчи куы смӕсты кӕна, уӕд (Гал. 5:22, 23).

16. Йесо йӕ апостолтӕн зонд куыд бацамыдта ӕмӕ уый диссаг цӕмӕн у?

16 Ныййарджытӕ, ахъуыды-ма кӕнут Йесо Чырыстийы цӕвиттоныл. Йӕ апостолтимӕ фӕстаг ӕхсӕвӕр куы кодтой, уӕд бирӕ цӕуылдӕрты хъуыды кодтаид ӕмӕ тыхстаид. Йесо зыдта, тагъд кӕй фӕхъизӕмар кӕндзӕн ӕмӕ кӕй амӕлдзӕн. Ӕмӕ йӕ зыдта, кӕронмӕ иузӕрдионӕй кӕй хъуамӕ баззайа, цӕмӕй йӕ Фыды ном срухс уа ӕмӕ адӕмӕн фервӕзыны ныфс уа. Фӕлӕ растдӕр уыцы изӕр «апостолты ’хсӕн рауад карз быцӕу... уӕлдӕр сӕ чи хъуамӕ уа, ууыл». Йесо сыл хъӕр кӕнын нӕ райдыдта, стӕй сӕм хыл дӕр нӕ кодта, фӕлӕ сын сабырӕй ӕмӕ фӕлмӕнӕй зонд бацамыдта. Стӕй ма сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, зын сахат-иу йӕ фарсмӕ кӕй уыдысты. Сайтаны фӕндыд, цӕмӕй апостолтӕ «мӕнӕуау луӕрст ӕрцыдаиккой». Фӕлӕ Йесо нӕ дызӕрдыг кодта, кӕронмӕ иузӕрдион кӕй уыдзысты, ӕмӕ сын уый тыххӕй зӕгъгӕ дӕр кодта. Семӕ ма суанг бадзырд дӕр скодта (Лук. 22:24–32).

Уӕ сывӕллӕттӕм лӕмбынӕг фӕхъусут?

17. Кӕстӕртӕн сӕ маст уромынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

17 Кӕстӕрты дӕр хъӕуы сӕ маст уромын. Сывӕллон куы фестырдӕр вӕййы, уӕлдайдӕр ӕм уӕд райдайы афтӕ кӕсын, ӕмӕ йыл йӕ ныййарджытӕ не ’ууӕндынц ӕмӕ йын уый тыххӕй цӕмӕндӕрты бар нӕ дӕттынц. Фӕлӕ кӕд дӕумӕ дӕр хатт афтӕ фӕкӕсы, уӕддӕр дӕ зӕрдыл дар: дӕ ныййарджытӕ дӕ уарзынц ӕмӕ дыл тыхсгӕ дӕр уый тыххӕй кӕнынц. Сабырӕй-иу сӕм байхъус ӕмӕ дын куыд дзурой, афтӕ-иу бакӕн. Ӕмӕ уӕд уыдон дӕр дӕ ныхасӕн аргъ кӕндзысты ӕмӕ дыл фылдӕр ӕууӕнддзысты. Уый фӕрцы дын цавӕрдӕр хъуыддӕгты фылдӕр сӕрибардзинад дӕтдзысты. Йӕхиуыл хӕцын чи зоны, уый схонӕн ис зондджын адӕймаг. Иу ӕмбисонд афтӕ зӕгъы: «Ӕнӕзонд йӕ маст иууылдӕр ныккалы, зондджын та йӕ маст кӕронмӕ уромы» (Ӕмб. 29:11).

18. Бинонтӕ кӕрӕдзи куы уарзой, уӕд сын уый зӕрдӕргом ныхас кӕнынӕн куыд баххуыс кӕндзӕн?

18 Нӕ зынаргъ ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ, кӕд уын зӕрдӕргом ныхас кӕнын, сымах куыд фӕнды, афтӕ нӕ уайы, уӕддӕр уӕ къухтӕ ма ӕруадзут. Архайут уыцы хъуыддаг фӕхуыздӕр кӕныныл ӕмӕ «рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ» цӕрут (3 Иоан. 4). Ног дунейы не ’ппӕт дӕр уыдзыстӕм ӕххӕст ӕмӕ алкӕддӕр кӕрӕдзи ӕмбардзыстӕм. Ныр та уал ӕнӕрӕдийгӕ ничи у. Уӕдӕ-иу хатыр ракурыныл фӕстӕ ма кӕнут. Стӕй иннӕтӕн дӕр зӕрдиагӕй хатыр кӕнут. Уарзондзинад уӕ бӕттӕд кӕрӕдзийыл (Кол. 2:2). Уарзондзинадӕн ис стыр тых. Уый «бирӕ фӕразы ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ», «уайтагъд нӕ рамӕсты вӕййы», «ӕвзӕрӕй йын чи цы ракодта, уыдон нӕ нымайы». Уарзондзинад «алцӕмӕн дӕр быхсы, алцӕуыл дӕр ӕууӕнды, алцӕуыл дӕр йӕ ныфс дары, алцӕмӕн дӕр фидар лӕууы» (1 Кор. 13:4–7). Уӕдӕ кӕрӕдзи уарзут ӕмӕ уый хъуыддагӕй дӕр ӕвдисут. Уый фӕрцы уын хуыздӕрӕй-хуыздӕр уайдзӕн кӕрӕдзиимӕ зӕрдӕргом ныхас кӕнын. Ӕмӕ уӕд уӕ бинонты ’хсӕн уыдзӕн фарн ӕмӕ Йегъовӕйӕн дӕр кад хӕсдзыстут.