Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зондджын уынаффӕтӕ хӕсс ӕмӕ дын Хуыцау цы бынтӕй хай кӕны, уыдон хъахъхъӕн

Зондджын уынаффӕтӕ хӕсс ӕмӕ дын Хуыцау цы бынтӕй хай кӕны, уыдон хъахъхъӕн

«Ӕвзӕрдзинадӕй уе сӕфт уынут, хорз цы у, ууыл та фидар хӕцут» (РОМ. 12:9).

1, 2. а) Хуыцауӕн лӕггад кӕнын цӕмӕ гӕсгӕ райдыдтай? ӕ) Ацы статьяйы дзуапп цавӕр фарстатӕн базондзыстӕм?

МИЛУАНГАЙ адӕймӕгтӕ рахастой зондджын уынаффӕ – райдыдтой Йегъовӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ Йесо Чырыстийы къахвӕдтыл цӕуын (Матф. 16:24; 1 Пет. 2:21). Мах нӕхи Хуыцауӕн кӕй снывонд кодтам, уый уыди тынг ахсджиаг уынаффӕ. Уыцы уынаффӕ, Фыстадӕй цалдӕр стихы кӕй базыдтам, уымӕ гӕсгӕ нӕ рахастам, фӕлӕ Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг кӕй иртӕстам ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл кӕй баууӕндыдыстӕм, уымӕ гӕсгӕ. «Иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ... кӕй рарвыста, уыцы Йесо Чырыстийы» чи базыдта, уыдонӕн Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры диссаджы бынтӕй (Иоан. 17:3; Ром. 12:2).

2 Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйы хорзӕхӕй хайджын уӕм, уӕд хъуамӕ ахӕм уынаффӕтӕ хӕссӕм, ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕмӕ цӕуой. Уымӕ гӕсгӕ ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм ахӕм ахсджиаг фарстатӕм: Хуыцау нын цавӕр бынтӕй хай кӕны? Цы цӕстӕй сӕм хъуамӕ кӕсӕм? Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй уыцы бынтӕй ӕнӕхай ма фӕуӕм? Зондджын уынаффӕтӕ цӕй фӕрцы хӕсдзыстӕм?

ХУЫЦАУ НЫН ЦАВӔР БЫНТӔЙ ХАЙ КӔНЫ?

3. Цавӕр бынтӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзысты а) сӕрст чырыстӕттӕн; ӕ) «ӕндӕр фыстӕн»?

3 Чырыстӕттӕй кӕмӕдӕрты ӕнхъӕлмӕ кӕсы диссаджы кад – уыдон райсдзысты, «ӕмбийгӕ чи нӕ кӕны, сыгъдӕг чи у ӕмӕ рӕстӕджы бар кӕуыл нӕ цӕуы, ахӕм бынтӕ», ома Йесоимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уыдзысты (1 Пет. 1:3, 4). Уыцы бынтӕ райсынӕн адӕймаг хъуамӕ «ногӕй... райгуыра» (Иоан. 3:1–3). Цы зӕгъӕн ис Йесойы «ӕндӕр фысты» тыххӕй та, сӕрст чырыстӕттимӕ иумӕ хорз хабар чи хъусын кӕны, уыцы милуангай адӕмы тыххӕй? (Иоан. 10:16). Уыдон бынӕн райсдзысты, Адам ӕмӕ Евӕ сӕхи ӕнӕхай цӕмӕй фӕкодтой, уый – зӕххыл дзӕнӕты ӕнустӕм цӕрдзысты ӕмӕ, хъизӕмӕрттӕ, мӕлӕт ӕмӕ маст цы у, уый зонгӕ дӕр нал кӕндзысты (Рарг. 21:1–4). Уымӕ гӕсгӕ Йесо, йӕ фарсмӕ йын хъӕдыл кӕй байтыгътой, уыцы фыдгӕнӕгӕн зӕрдӕ бавӕрдта: «Ӕцӕг дын зӕгъын абон: уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты» (Лук. 23:43).

4. Абон цавӕр арфӕдзинӕдтӕй стӕм хайджын?

4 Йегъовӕ нын кӕмӕй хай кӕны, уыцы бынтӕм хауынц, абон цы арфӕдзинӕдтӕй хайджын стӕм, уыдон дӕр. Йесо Чырыстийы нывондыл кӕй ӕууӕндӕм, уый фӕрцы нӕ зӕрдӕты ис фарн ӕмӕ Хуыцауимӕ стӕм ӕнгом (Ром. 3:23–25). Хуыцауы Ныхас фидӕны тыххӕй цы дзуры, уый раст ӕмбарӕм. Уымӕй уӕлдай ма ӕгас зӕххыл дӕр не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хоты ’хсӕн ис ӕцӕг уарзондзинад, ӕмӕ нын уый у стыр цины хос. Стӕй ма нӕм ахӕм диссаджы кад ӕрхауд, ӕмӕ Йегъовӕйы номӕй дзурӕм. Уӕдӕ куыннӕ хъуамӕ аргъ кӕнӕм, Хуыцау нын цы бынтӕй хай кӕны, уыдонӕн!

5. Хӕйрӕг рагӕй фӕстӕмӕ дӕр цӕуыл архайы ӕмӕ нӕ бон куыд у йӕ хинмиты ныхмӕ фидар фӕлӕууын?

5 Цӕмӕй Хуыцауы лӕвӕрд бынтӕй ӕнӕхай ма фӕуӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи хъахъхъӕнӕм Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕй. Хӕйрӕг алкӕддӕр архайдта Хуыцауы адӕмы фӕрӕдийын кӕныныл. Фӕндыд ӕй, цӕмӕй ӕнӕхай фӕуыдаиккой, Хуыцау сын зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы бынтӕй (Ным. 25:1–3, 9). Тагъд йе сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн, уый зонгӕйӕ Хӕйрӕг ныртӕккӕ ноджы тынгдӕр архайы, цӕмӕй нӕ фӕсайа. (Бакӕс Раргомад 12:12, 17.) Кӕд нӕ фӕнды «Хӕйрӕджы хинмиты ныхмӕ фидар фӕлӕууын», уӕд хъуамӕ дарддӕр дӕр аргъ кӕнӕм, Хуыцау нын кӕмӕй хай кӕны, уыцы бынтӕн (Еф. 6:11). Уыцы хъуыддаджы нын зондзонӕн у Исахъӕн йӕ фырт Исавы хабар.

ИСАВЫ ХУЫЗӔН МА У

6, 7. Исав чи уыд ӕмӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕй хъуамӕ схайджын уыдаид?

6 Иу-4 000 азы размӕ Исахъ ӕмӕ Ревеккӕйӕн райгуырд фаззӕттӕ, Исав ӕмӕ Иаков. Фӕлӕ фаззӕттӕ кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кодтой, уӕлдайдӕр та, куы сыстыр сты, уӕд. «Исав сси дӕсны цуанон ӕмӕ арӕх цыди цуаны. Иаков та йӕ рӕстӕг фылдӕр ӕрвыста цатырты, уый уыд сабыр [кӕнӕ «ӕнӕфау», фип.] адӕймаг» (Райд. 25:27). «Сабыр» кӕнӕ «ӕнӕфау»-ӕй цы дзуттаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый тыххӕй Библи тӕлмацгӕнӕг Роберт Альтер афтӕ загъта, зӕгъгӕ, уыцы дзырдӕн йӕ хъуыды у «ӕнаипп» кӕнӕ ма «ӕнаххос» дӕр.

7 Исав ӕмӕ Иаковыл фӕйнӕ 15 азы куы цыд, уӕд сӕ фыдыфыд Авраам амард. Фӕлӕ Йегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый уӕддӕр йӕ тыхы уыд, уымӕн ӕмӕ фӕстӕдӕр Исахъӕн дӕр загъта, Авраамы байзӕддаджы фӕрцы зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр арфӕгонд кӕй ӕрцӕудзысты. (Бакӕс Райдиан 26:3–5.) Уыцы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ, Райдианы 3:15 кӕй кой ис, уыцы иузӕрдион «байзӕддаг», ома Мессийӕ, Авраамы хӕдзарвӕндагӕй кӕй рацӕудзӕн. Исав Исахъӕн йӕ фыццаггуырд фырт кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ уыцы зӕрдӕвӕрд уымӕ хауд. Цӕй диссаджы арфӕдзинӕдтӕй хъуамӕ схайджын уыдаид Исав! Цымӕ сын аргъ кодта?

Ахӕмӕй мацы сараз, цӕмӕй Хуыцауы лӕвӕрд бынтӕй ӕнӕхай фӕуай

8, 9. а) Исав хистӕр фырты бартӕм цы цӕстӕй ракаст? ӕ) Бирӕ азты фӕстӕ Исав цы бамбӕрста ӕмӕ уӕд куыд кодта?

8 Иубон Исав быдырӕй куы ӕрбацыд, уӕд йе ’фсымӕр Иаков «фыхта хъӕрмхуыпп». Исав ӕй куы федта, уӕд ын афтӕ: «Лӕгъстӕ дын кӕнын, рӕвдздӕр-ма мын уыцы сырхӕй, уыцы хъӕрмхуыппӕй иу уидыг авӕр! Фырфӕлладӕй мӕ бон нал у!» Иаков ын загъта: «Ӕрмӕст мын раздӕр хистӕр фырты бартӕ рауӕй кӕн!» Цымӕ Исав куыд бакодта? Диссаг куыннӕ у, фӕлӕ Исав загъта: «Цы пайда [мын] ис, хистӕр фырт кӕй дӕн, уымӕй?» Исав цӕттӕ уыд хистӕр фырты бартӕ хъӕрмхуыппы къусыл баивынмӕ! Уӕд Иаков Исавӕн загъта, расомы мын кӕн, зӕгъгӕ. Афтӕмӕй, цӕуыл баныхас кодтой, уымӕн тых уыдаид. Ӕмӕ йын Исав дӕр расомы кодта. Йӕ цӕст дӕр нӕ фӕныкъуылдта, афтӕ хистӕр фырты бартыл йӕ къух систа! «Ӕмӕ йын уӕд Иаков радта дзул ӕмӕ хъӕдуры хъӕрмхуыпп, ӕмӕ уый дӕр бахордта ӕмӕ банызта. Стӕй сыстад ӕмӕ ацыд. Афтӕмӕй Исав хистӕр фырты бартӕ ницӕмӕ ӕрдардта» (Райд. 25:29–34).

9 Уыцы хабарӕй рацыд бирӕ азтӕ. Исахъ базӕронд, ӕмӕ йӕм афтӕ каст, ӕмӕ бирӕ нал фӕцӕрдзӕн. Уӕд Ревеккӕ бацархайдта, цӕмӕй Иаков ӕцӕгдӕр райстаид хистӕр фырты бартӕ – Исав ын кӕй ауӕй кодта, уыдон. Исав ӕрӕджиау бамбӕрста, цы ӕнӕзонд ми бакодта, уый, ӕмӕ Исахъӕн ныллӕгъстӕ кодта: «Мӕнӕн дӕр раарфӕ кӕн, мӕ фыд, мӕнӕн дӕр! [...] Мӕнӕн дӕм ницы арфӕдзинад баззад?» Исахъ ын бамбарын кодта, йӕ ныхас аивын йӕ бон кӕй нӕу, ӕмӕ уӕд Исав «тынг ныккуыдта» (Райд. 27:30–38).

10. Йегъовӕ Исавмӕ ӕмӕ Иаковмӕ цы цӕстӕй каст ӕмӕ цӕмӕн?

10 Ацы хабарӕй Исавы тыххӕй цы ис базонӕн? Йегъовӕ йын зӕрдӕ цы бынтӕй бавӕрдта, уыдонӕй ахсджиагдӕр ын уыдысты йӕ буары фӕндтӕ. Исав хистӕр фырты бартӕн нӕ аргъ кодта ӕмӕ, куыд зыны, афтӕмӕй Хуыцауы дӕр нӕ уарзта. Стӕй нӕ ахъуыды кодта, йӕ уынаффӕ йӕ байзӕддӕгтыл куыд фӕзындзӕн, ууыл. Иаков та уыд бынтон ӕндӕрхуызон адӕймаг, уый тынг аргъ кодта Хуыцауы лӕвӕрд бынтӕн. Зӕгъӕм, йӕ ныййарджытӕ йын куы бацамыдтой, ус кӕцӕй хъуамӕ ӕрхастаид, уый, уӕд сын сӕ уынаффӕмӕ байхъуыста (Райд. 27:46–28:3). Уый тыххӕй йӕ бахъуыди стыр фӕразондзинад, стӕй йӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кодта. Ӕмӕ йын Йегъовӕ раарфӕ кодта – Мессийӕ рацыд йӕ хӕдзарвӕндагӕй. Хуыцау Исавмӕ ӕмӕ Иаковмӕ цы цӕстӕй каст? Пехуымпар Малахийы уылты Йегъовӕ загъта: «Ӕз Иаковы бауарзтон, Исавӕй та ме сӕфт федтон» (Мал. 1:2, 3).

11. а) Исавы хабар абон чырыстӕттӕн зондзонӕн куыд у? ӕ) Павел Исавы хабар чырыстӕтты зӕрдыл куы ӕрлӕууын кодта, уӕд хӕтындзинады кой цӕмӕн скодта?

11 Библийы Исавы тыххӕй цы фыст ис, уымӕй абон чырыстӕттӕн сӕ бон зондӕн исты райсын у? Бӕгуыдӕр. Апостол Павел йе ’мчырыстӕттӕн бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, уӕ хъус дарут, «цӕмӕй уе ’хсӕн ма уа хӕтаг кӕнӕ, Исавау Хуыцауы хъуыддӕгтӕн чи нӕ аргъ кӕны, ахӕм – уый хистӕр фырты бартӕ баивта хӕринаджы къусыл» (Дзут. 12:16). Уыцы фӕдзӕхст абон махмӕ дӕр хауы. Хъуамӕ «Хуыцауы хъуыддӕгтӕн» аргъ кӕнӕм, цӕмӕй ныл нӕ буары фӕндтӕ ма фӕтых уой ӕмӕ Хуыцауы лӕвӕрд бынтӕй ӕнӕхай ма фӕуӕм. Цымӕ, Павел чырыстӕтты зӕрдыл Исавы хабар куы ӕрлӕууын кодта, уӕд хӕтындзинады кой цӕмӕн скодта? Исавау нӕ буары фӕндтимӕ куы нӕ тох кӕнӕм, уӕд нын тӕригъӕдӕй, зӕгъӕм, хӕтындзинадӕй, нӕхи бахизын бирӕ зындӕр уыдзӕн. Ӕмӕ уый тыххӕй та, гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕнӕхай фӕуӕм, Хуыцау нын цы бынтӕй хай кӕны, уыдонӕй.

ДӔ ЗӔРДӔ РАГАЦАУ БАЦӔТТӔ КӔН

12. а) Хӕйрӕг нӕ алкӕй дӕр куыд фӕлвары? ӕ) Библийӕ ӕрхӕсс, фӕлварӕны нын зондджын уынаффӕ рахӕссынӕн чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм цӕвиттонтӕ.

12 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕхи хизӕм, ӕнӕгъдау хъуыддагмӕ нӕ чи ӕркӕндзӕн, ахӕм уавӕртӕй. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр исчи куы рӕдийын кӕна, уӕд Йегъовӕмӕ кувдзыстӕм, цӕмӕй нын баххуыс кӕна фидар фӕлӕууынӕн (Матф. 6:13). Ацы хӕлд дунейы цӕргӕйӕ мах ӕппӕт тыхтӕй архайӕм нӕ иузӕрдиондзинад бахъахъхъӕныныл. Фӕлӕ Хӕйрӕг дӕр ӕппынӕдзух архайы, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйӕ адард кӕна (Еф. 6:12). Хӕйрӕг у ацы фыддунейы хуыцау ӕмӕ йӕ зоны, ӕнӕххӕст адӕймаджы куыд сцыбӕл кӕнӕн ис, цӕмӕй йӕ тӕригъӕдджын монцты фӕдыл ацӕуа (1 Кор. 10:8, 13). Зӕгъӕм, ахӕм уавӕры бахаудтӕ, ӕмӕ дӕ чидӕр кӕнӕ цыдӕр цыбӕл кӕны, цӕмӕй дӕ монцты фӕдыл ацӕуай ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддаг саразай. Куыд бакӕндзынӕ? Исавау уайтагъд дӕ монцты фӕдыл ацӕудзынӕ? Ӕви хиуылхӕцындзинад равдисдзынӕ ӕмӕ уыцы фӕлварӕнӕй алидздзынӕ, Иаковы фырт Иосиф Потифары усӕй куыд алыгъд, афтӕ? (Бакӕс Райдиан 39:10–12.)

13. а) Абон бирӕтӕ Иосифы куыд фӕзмынц, фӕлӕ иуӕй-иутӕ Исавау куыд бакӕнынц? ӕ) Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Исавы хуызӕн ма разынӕм?

13 Не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕй бирӕтӕ бахауынц ахӕм уавӕрты, ӕмӕ сӕ фӕхъӕуы равзарын, Исавау бакӕндзысты ӕви Иосифау. Сӕ фылдӕр рахӕссынц зондджын уынаффӕ ӕмӕ уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕнынц (Ӕмб. 27:11). Фӕлӕ сӕ иуӕй-иутӕ, Исав куыд бакодта, афтӕ бакӕнынц, ӕмӕ уый тыххӕй сӕхи ӕнӕхай фӕкӕнынц, Хуыцау сын цы бынтӕй хай кӕны, уыдонӕй. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ алы аз дӕр ӕмбырдты бирӕтӕн хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уайдзӕф бакӕнынц кӕнӕ сӕ ӕмбырдӕй ацух кӕнынц хӕтындзинады тыххӕй. Уӕдӕ цӕмӕй нӕ тӕригъӕдджын монцты фӕдыл ма ацӕуӕм ӕмӕ ма фӕрӕдийӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ зӕрдӕтӕ рагацау бацӕттӕ кӕнӕм (Пс. 78:8). Уый нын цӕй фӕрцы бантысдзӕн? Ӕмӕ нын фӕрӕдийынӕй тӕссаг куы уа, уӕд нын зондджын уынаффӕ рахӕссынӕн цы баххуыс кӕндзӕн? Уый тыххӕй хъуамӕ аразӕм ӕппынкъаддӕр дыууӕ хъуыддаджы, ӕмӕ сыл ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм.

РАГАЦАУ ХЪУЫДЫ КӔН ӔМӔ ДӔХИ ФИДАР КӔН

Йегъовӕйӕ зонд куы агурӕм, уӕд фӕлварӕны нӕ фӕрӕдийдзыстӕм

14. Цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, цӕмӕй «ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт уынӕм» ӕмӕ, «хорз цы у, ууыл та фидар хӕцӕм»?

14 Фыццаг хъуыддаг у уый, ӕмӕ хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, цы аразӕм, уый нӕ цӕмӕ ӕркӕндзӕн, ууыл. Йегъовӕйы цас фылдӕр уарзӕм, уыйас тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм, цы бынтӕй нын хай кӕны, уыдонӕн. Адӕймаг кӕй уарзы, уый фӕхъыг кӕнын ӕй нӕ фӕфӕнды. Фӕфӕнды йӕ, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ барухс кӕна. Уӕдӕ хорз уаид, рӕстӕг куы рахицӕн кӕниккам ӕмӕ куы ахъуыды кӕниккам, нӕ тӕригъӕдджын монцты фӕдыл куы ацӕуӕм, уӕд уый нӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр цы маст ӕрхӕсдзӕн, ууыл. Алчидӕр нӕ хъуамӕ ахъуыды кӕна: «Йегъовӕимӕ мын цы хӕлардзинад ис, ууыл мӕ хиуарзон митӕ куыд фӕзындзысты? Тӕригъӕд куы саразон, уӕд уый мӕ бинонтыл та куыд фӕзындзӕн? Ӕмбырды ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ уымӕ цы цӕстӕй ракӕсдзысты? Мӕ уагахаст сын цӕлхдур не суыдзӕн?» (Фил. 1:10). Нӕ бон ма у ахъуыды кӕнын: «Кӕд, Хуыцауы закъоны сӕрты ахизгӕйӕ, цалдӕр минуты ӕхцондзинад бавзардзынӕн, фӕлӕ уый фӕстӕ масты хай фӕуыдзынӕн, уӕд цымӕ уыцы ӕхцондзинад уый аргъ у? Мӕ рӕдыд куы бамбарон, уӕд, Исавау ӕрдиаг кӕнон, уый мӕ фӕнды?» (Дзут. 12:17) Ацы фарстатыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн «ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт уынын» ӕмӕ, «хорз цы у, ууыл та фидар хӕцын» (Ром. 12:9). Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы уарзӕм, уӕд, нӕ бон цы у, уый араздзыстӕм, цӕмӕй бахъахъхъӕнӕм, цы бынтӕй нын хай кӕны, уыдон (Пс. 73:28).

15. Нӕхи цӕй фӕрцы фидар кӕндзыстӕм, цӕмӕй ма фӕрӕдийӕм ӕмӕ нын Хуыцауимӕ цы хӕлардзинад ис, уый бахъахъхъӕнӕм?

15 Дыккаг хъуыддаг та уый у, ӕмӕ хъуамӕ нӕхи фидар кӕнӕм. Цӕмӕй нӕ ацы дунейы мацы фӕрӕдийын кӕна ӕмӕ нын Хуыцауимӕ цы хӕлардзинад ис, уый бахъахъхъӕнӕм, уый тыххӕй нӕхи хъуамӕ ӕнӕмӕнгдӕр фидар кӕнӕм. Ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы Йегъовӕ бирӕ мадзӕлтты фӕрцы ӕххуыс кӕны. Цы сты уыцы мадзӕлттӕ? Зӕгъӕм, Библи ахуыр кӕнын, ӕмбырдтӕм цӕуын, хъусын кӕнын ӕмӕ кувын (1 Кор. 15:58). Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй цас арӕхдӕр кувӕм ӕмӕ цас арӕхдӕр зӕрдиагӕй хъусын кӕнӕм, уыйас фидардӕр кӕндзыстӕм. Ӕмӕ нын исты уавӕр фӕлварӕн куы суа, уӕд нӕ фӕрӕдийдзыстӕм. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 6:12, 19.) Уӕдӕ фидар уыдзыстӕм ӕви нӕ, уыцы хъуыддаджы нӕхицӕй бирӕ аразгӕ у (Гал. 6:7). Уый хорз зыны Ӕмбисӕндты чиныджы дыккаг сӕрӕй.

ХУЫЦАУӔЙ ЗОНД АГУР

16, 17. Зондджын уынаффӕтӕ цӕй фӕрцы хӕсдзыстӕм?

16 Ӕмбисӕндты 2 сӕры цы фыст ис, уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй агурӕм зонд ӕмӕ сахуыр уӕм хъуыды кӕнын. Ацы миниуджыты фӕрцы нӕ бон уыдзӕн хорз ӕвзӕрӕй иртасын, стӕй не ’взӕр фӕндты рохтыл хӕцын дӕр. Фӕлӕ нын уый ӕнтысдзӕн, ӕппӕт тыхтӕй куы архайӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд. Ууыл дзурӕг сты Библийы фыст ныхӕстӕ дӕр: «Мӕ хъӕбул, мӕ ныхӕстӕ мын дӕ зӕрдӕмӕ куы айсай ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхстытӕ дӕ зӕрдӕйы хӕзнайау куы ’вӕрай, зонд цы дзуры, уымӕ куы хъусай ӕмӕ дӕ зӕрдӕ, арфуынӕг уай, уымӕ куы саразай, ӕмбарындзинад куы курай ӕмӕ арфуынындзинадмӕ куы сидай, ӕвзистау ӕмӕ сӕ ӕмбӕхст хӕзнатау куы агурай, уӕд бамбардзынӕ, цы у Йегъовӕйӕ тӕрсын ӕмӕ ссардзынӕ Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ, уымӕн ӕмӕ зонд дӕтты Йегъовӕ, уымӕй цӕуынц зонындзинӕдтӕ ӕмӕ арфуынындзинад» (Ӕмб. 2:1–6).

17 Ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн зондджын уынаффӕтӕ хӕссын. Уӕдӕ, Йегъовӕ цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ нӕ удыхъӕд куы ивӕм, Хуыцауӕй ӕдзухдӕр разамынд куы курӕм ӕмӕ Хуыцауы зонындзинӕдтӕ ӕмбӕхст хӕзнатау куы агурӕм, уӕд-иу нӕ тӕригъӕдджын монцты фӕдыл нӕ ацӕудзыстӕм.

18. Цы дӕ фӕнды дарддӕр дӕр аразын ӕмӕ цӕмӕн?

18 Йегъовӕ зонындзинӕдтӕ, ӕмбарындзинад, арфуынындзинад ӕмӕ зонд дӕтты, чи сӕ агуры, уыдонӕн. Цас зӕрдиагдӕрӕй сӕ агурӕм ӕмӕ сӕ нӕ царды цас фылдӕр пайда кӕнӕм, уыйас ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм Йегъовӕмӕ, чи нын сӕ дӕтты, уымӕ. Ӕмӕ Йегъовӕ не ’ввахс хӕлар куы уа, уӕд фӕлварӕны нӕ фӕрӕдийдзыстӕм. Хуыцаумӕ ӕнгомӕй-ӕнгомдӕр куы кӕнӕм ӕмӕ дзы куы тӕрсӕм, уӕд ӕппӕт тыхтӕй архайдзыстӕм, цӕмӕй тӕригъӕд макуы саразӕм (Пс. 25:14; Иак. 4:8). Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ кӕй стӕм ӕмӕ йын йӕ зондмӕ кӕй хъусӕм, уый фӕрцы хӕсдзыстӕм, йӕ зӕрдӕ йын чи барухс кӕндзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ ӕмӕ нын цы бынтӕй хай кӕны, уыдон бахъахъхъӕндзыстӕм.