Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Нӕ цардӕй райгонд цӕй фӕрцы стӕм

Нӕ цардӕй райгонд цӕй фӕрцы стӕм

1958 азы мын райгуырд лӕппу, Гари. Куыддӕр ӕй федтон, афтӕ йӕ бамбӕрстон, цыдӕр кӕй кӕны. Дохтырты бахъуыд дӕс мӕйы, цӕмӕй йӕм цы низ уыд, уый сбӕрӕг кодтаиккой. Фондз азы йыл куы сӕххӕст, уӕд Лондоны дохтыртӕ дӕр загътой, ӕцӕгдӕр ӕм ахӕм низ кӕй ис. Фараст азы фӕстӕ та мын райгуырд чызг, Луизӕ. Ахъуыды-ма кӕнут, куыд зын мын уыдаид, Луизӕмӕ дӕр ахӕм низ кӕй разынд, фӕлӕ уӕззаудӕр формӕйы.

«Дӕ дыууӕ сывӕллонмӕ дӕр ис ЛМББ-ы синдром *. Ахӕм низ у, ӕмӕ йын хос нӕй, фӕразын дӕ хъӕуы»,– фӕлмӕнӕй мын загъта дохтыр. Уӕды заман ацы туджы рахӕсгӕ низы тыххӕй бирӕ нӕ зыдтой. Ахӕм низимӕ чи райгуыры, уыдон хорз нӕ фӕуынынц, фӕстагмӕ та бынтондӕр бакуырм вӕййынц, вӕййынц фырнард, сӕ къухтыл кӕнӕ сӕ къӕхтыл, йе та сӕ къухтыл дӕр ӕмӕ сӕ къӕхтыл дӕр вӕййы уӕлдай ӕнгуылдзтӕ, се ’мгӕрттӕй сабырдӕр фӕрӕзынц, се ’уӕнгтӕ рӕстмӕ сӕ коммӕ нӕ фӕкӕсынц, вӕййы сӕм сӕкӕрниз, остеоартрит, стӕй сӕ уыргтӕ дӕр вӕййынц сахъат. Цыбырдзырдӕй, ӕмбӕрстон, мӕ сывӕллӕттӕм кӕсын мын тынг зын кӕй уыдзӕн. Бӕлвырдгӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Британийы 125 мин адӕймагӕй 1 адӕймаг рынчын у уыцы низӕй, фӕлӕ сӕ фылдӕрӕн сӕ низы формӕ ахӕм уӕззау нӕ вӕййы.

ЙЕГЪОВӔ ССИ НӔ «БӔРЗОНД ХОХ»

Куы смой кодтон, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр фембӕлдтӕн иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕныл ӕмӕ уайтагъд бамбӕрстон, цы дзурынц, уый раст кӕй у. Фӕлӕ мӕ сӕрыхицаумӕ рӕстдзинад нымады дӕр нӕ уыд. Йӕ куысты тыххӕй-иу куы иу ранмӕ ацыдыстӕм цӕрынмӕ, куы ӕндӕр ранмӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мӕ бон ӕмбырдтӕм цӕуын нӕ уыд. Фӕлӕ-иу уӕддӕр мӕхӕдӕг Библи кастӕн ӕмӕ-иу Йегъовӕмӕ куывтон. Стыр удӕнцой мын ӕрхастой ацы ныхӕстӕ: «Йегъовӕ зӕрдӕсаст адӕмӕн суыдзӕн сӕ бӕрзонд хох, сӕ бӕрзонд хох зын сахат. Ды, о Йегъовӕ, никуы ныууадздзынӕ, чи дӕ агуры, уыдоны» (Пс. 9:9, 10).

Гари цӕстӕй ӕвзӕр уыдта, ӕмӕ йыл 6 азы куы цыд, уӕд ӕй ахуыр кӕнынмӕ арвыстой, Английы хуссайраг кӕрон цы сӕрмагонд интернат ис, уырдӕм. Исты-иу ӕй куы тыхсын кодта, уӕд-иу мӕм телефонӕй ӕрбадзырдта, ӕмӕ йын уый фӕрцы Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ ӕмбарын кодтон. Луизӕйы райгуырдӕй цалдӕр азы фӕстӕ мӕхӕдӕг дӕр фӕрынчын дӕн, фӕзынд мӕм склероз ӕмӕ фибромиалгийӕ. Гарийыл 16 азы куы сӕххӕст, уӕд хӕдзармӕ ӕрыздӕхт. Фӕлӕ цӕстӕй ноджы ӕвзӕрдӕр уынын райдыдта, ӕмӕ 1975 азы бынтондӕр бакуырм. 1977 азы нӕ мӕ сӕрыхицау ныууагъта.

Гари хӕдзармӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдтам, ӕмӕ 1974 азы донаргъуыд райстон. Гари йӕ рӕзгӕ кары куы уыд, уӕд ын ӕмбырды иу хистӕр нӕлгоймаг тынг баххуыс кодта, цӕмӕй, йӕ буары ивындзинӕдтӕ кӕй цыд, уый тыххӕй ма фӕтыхстаид. Иннӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ та мын ӕххуыс кодтой хӕдзары куыстытӕ кӕнынӕн. Фӕстӕдӕр хицауад фондз адӕймагӕн не ’мбырдӕй ӕхца фидын райдыдта, цӕмӕй нӕм кастаиккой. Уый уыд стыр арфӕдзинад!

Гарийӕн дӕр йӕ уырнындзинад фидар кодта, ӕмӕ 1982 азы донаргъуыд райста. Тынг ӕй фӕндыд ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ ӕз дӕр йемӕ лӕггад кӕнын райдыдтон, ӕмӕ цалдӕр азы ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кодтон. Иухатт районон цӕстдарӕг Гарийы бафарста: «Гари, ӕххӕстрӕстӕг пионер цӕуылнӕ дӕ?» Гарийы цинӕн кӕрон дӕр нал уыд. Уыцы ныхӕстӕ йын фаг уыдысты, ӕмӕ 1990 азы ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта.

Гарийӕн йӕ дыууӕ синыстӕджы дӕр баивтой, фыццаг 1999 азы, дыккаг та 2008 азы. Фӕлӕ Луизӕ бынтон ӕвзӕр уыд. Райгуырд куырмӕй, йӕ иу къахыл та уыд ӕхсӕз ӕнгуылдзы. Уый фенгӕйӕ ма мӕ цы бамбарын хъуыд, уымӕ дӕр ЛМББ-йы синдром кӕй ис. Анализтӕй рабӕрӕг, йӕ хуылфыдзаумӕттӕй дӕр бирӕтӕ сахъат кӕй сты. Дуне операцитӕ йын скодтой, ӕрмӕст йӕ уыргтӕн ын скодтой фондз операцийы. Ӕмӕ уымӕ дӕр Гарийау ис сӕкӕрниз.

Луизӕ зоны, операцийы рӕстӕг хатт адӕймаг бирӕ туг кӕй фесафы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ рагацау хирургимӕ, анестезиологимӕ ӕмӕ рынчындоны хицӕуттимӕ аныхас кӕны ӕмӕ сын бамбарын кӕны, туг уадзын ӕй цӕуылнӕ фӕнды, уый. Уый фӕрцы йӕм рынчындоны кусджытӕ се ’ппӕт дӕр хорз цӕстӕй кӕсынц.

НӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД СТӔМ

Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынимӕ баст хъуыддӕгтӕн рӕстӕг никуы февгъау кӕнӕм. Цалынмӕ нырыккон электрон фӕрӕзтӕ нӕ фӕзынд, уӕдмӕ-иу Гари ӕмӕ Луизӕйӕн мӕхӕдӕг сахатгай кастӕн. Фӕлӕ абон фӕзынд аудио дисктӕ, DVD-дисктӕ ӕмӕ аудиозаписьтӕ сайты www.pr418.com. Ӕмбырды Библийӕ алы къуыри дӕр цы сӕртӕ фӕкӕсӕм, уыдонмӕ ныр нӕ бон у кӕдфӕнды дӕр байхъусын, ӕмӕ нын уый фӕрцы ӕмбырды дзуапп дӕттын ӕнцон вӕййы.

Йегъовӕ нын йӕ Ныхасы фӕрцы рӕстдзинад кӕй раргом кодта, уый тыххӕй дзы тынг бузныг стӕм!

Гари йӕ дзуаппытӕ иуӕй-иу хатт ахуыр скӕны. Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы йын хӕслӕвӕрд куы вӕййы, уӕд та йӕ йӕхи ныхӕстӕй радзуры. 1995 азы йӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй снысан кодтой. Паддзахады залы куы вӕййы, уӕд ӕнцад никуы фӕбады: чи ӕрбацӕуы, уыдонӕн «ӕгас цӕуай» фӕзӕгъы, стӕй ӕфсымӕртӕн аппаратурӕимӕ феххуыс кӕны.

Гарийӕн артрит кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ, йемӕ хорз хабар хъусын кӕнынмӕ чи вӕййы, уыдон ӕй арӕх фӕласынц йӕ инвалиды коляскӕйы. Иу ӕфсымӕр та йын ӕххуыс кӕны иу адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнынӕн. Стӕй, 25 азы ӕмбырдтӕм чи нӕ цыд, иу ахӕм хойӕн баххуыс кодта, цӕмӕй ногӕй йӕ уырнындзинад сфидар уыдаид. Ныр уыцы дыууӕ адӕймаджы дӕр ӕмбырдтӕм цӕуынц.

Луизӕйыл 9 азы куы цыд, уӕд ӕй мӕ мад бийын сахуыр кодта. Цы сылгоймаг ӕм каст, уый та йӕ сахуыр кодта ӕндӕхтӕй рӕсугъд нывтӕ кӕнын. Луизӕ къухӕй истытӕ аразын тынг уарзы, ӕмӕ не ’мбырды сывӕллӕттӕн ӕмӕ ацӕргӕтӕн алыхуызон ӕндӕхтӕй хуыссӕнӕмбӕрзӕнтӕ сбийы. Стӕй ма, ныхӕсгӕ чи кӕны, ахӕм гыццыл рӕсугъд нывтӕй открыткӕтӕ саразы. Кӕмӕн сӕ балӕвар кӕны, уыдонӕн тынг зынаргъ вӕййынц. Луизӕ йӕ рӕзгӕ кары куы уыд, уӕд мыхуыр кӕнын сахуыр. Фӕлӕ йӕм ныр ис ахӕм компьютер, ӕмӕ цы фӕзӕгъы, уый компьютер йӕхӕдӕг ныффыссы, ӕмӕ афтӕмӕй йе ’мбӕлттӕм писмотӕ фӕфыссы. Луизӕ донаргъуыд райста, 17 азы йыл куы цыд, уӕд. Ӕмбырды зиу куы вӕййы, уӕд иумӕ ӕххуысгӕнӕг пионертӕй фӕлӕггад кӕнӕм. Луизӕ дӕр Гарийау Библийы стихтӕ сахуыр кӕны, цӕмӕй иннӕтӕн дӕр дзура, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы ног дунейы тыххӕй. Уым «куырмытӕ цӕстӕй ракӕсдзысты» ӕмӕ «уым цӕрӕг адӕмӕй иу дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“» (Ис. 33:24; 35:5).

Йегъовӕ нын йӕ Ныхасы фӕрцы рӕстдзинад кӕй раргом кодта, уый тыххӕй дзы тынг бузныг стӕм! Стыр бузныг стӕм хотӕй ӕмӕ ’фсымӕртӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ ӕнӕ уыдоны ӕххуысӕй ӕмбырды хъуыддӕгты нӕ бон афтӕ бирӕ аразын нӕ уыдаид. Ӕппӕты тынгдӕр та Йегъовӕйӕ бузныг уый тыххӕй стӕм, кӕй нын баххуыс кодта, цӕмӕй нӕ цардӕй райгонд уӕм.

^ 5 абз. Лоренс-Мун-Барде-Бидлы синдром схуыдтой, ацы низ чи иртӕста, уыцы цыппар дохтыры номӕй. Абон ӕй арӕхдӕр фӕхонынц Барде-Бидлы синдром. Хос ын нӕй.