Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

УӔ СЫВӔЛЛӔТТЫ АХУЫР КӔНУТ

Фыдгӕнӕджы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Фыдгӕнӕджы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Дзырд цы фыдгӕнӕгыл цӕуы, уый у, нывы Йесо Чырысти кӕимӕ ныхас кӕны, уыцы нӕлгоймаг. Уый йӕ митыл ӕрфӕсмон кодта, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йесойӕн загъта: «Паддзах куы суай, уӕд-иу мӕ ӕрхъуыды кӕн». Нывы куыд уынӕм, афтӕмӕй Чырысти йемӕ ныхас кӕны. Зоныс, цы йын загъта? ~ * Зӕрдӕ йын бавӕрдта: «Ӕцӕг дын зӕгъын абон: уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты».

Куыд дӕм кӕсы, дзӕнӕт цыхуызӕн уыдзӕн? ~ Цӕмӕй ацы фарстайӕн раст дзуапп раттӕм, уый тыххӕй уал аныхас кӕнӕм, Хуыцау фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы, Адам ӕмӕ Евӕйы, кӕм ӕрцӕрын кодта, уыцы дзӕнӕты тыххӕй. Кӕм уыд дзӕнӕт? Уӕлӕрвты ӕви зӕххыл? ~

Зӕххыл, зӕгъгӕ, куы зӕгъай, уӕд нӕ фӕрӕдидзынӕ. Уӕдӕ уыцы фыдгӕнӕг дӕр «Дзӕнӕты» кӕй уыдзӕн, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ цӕрдзӕн зӕххыл, зӕхх дзӕнӕт куы суа, уӕд. Цымӕ уыцы дзӕнӕт цыхуызӕн уыдзӕн? ~ Цӕй, ӕмӕ йӕ базонӕм.

Библийы фыст ис, Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы куы сфӕлдыста, уӕд сӕ зӕххыл дзӕнӕты кӕй ӕрцӕрын кодта. Уыцы бынат хуынди «Едемы цӕхӕрадон». «Едемы цӕхӕрадон» куыд рӕсугъд уыд, уый дӕ бон у дӕ цӕстытыл ауайын кӕнын? ~ Ӕцӕгдӕр, уымӕй рӕсугъддӕр ӕмӕ хуыздӕр бынат зӕххы цъарыл никуы уыд!

Куыд хъуыды кӕныс, Йесо дӕр уыцы нӕлгоймагимӕ уыдзӕн зӕххыл? ~ Нӕ. Чырысти уыдзӕн Паддзах уӕлӕрвты ӕмӕ, зӕххыл дзӕнӕты чи цӕрдзӕн, уыдонӕн разамынд дӕтдзӕн. Йӕ ныхӕстӕ, «уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты», зӕгъгӕ, афтӕ ӕмбаргӕ сты, ӕмӕ уыцы нӕлгоймаджы мӕрдтӕй райгас кӕндзӕн ӕмӕ алцыдӕр сараздзӕн, цӕмӕй йын йӕ цард зӕххыл дзӕнӕты циндзинад хӕсса. Фӕлӕ йын цымӕ Чырысти дзӕнӕты цӕрынӕй ныфс цӕмӕн бавӕрдта? ~

Ӕцӕгдӕр, уыцы нӕлгоймаг тынг ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ арӕзта. Фӕлӕ зӕххыл цы адӕм цард, уыдонӕй дӕр тынг бирӕтӕ арӕзтой фыдхъуыддӕгтӕ. Ӕцӕг сӕ фылдӕр афтӕ уымӕн кодтой, ӕмӕ Йегъовӕйы, стӕй адӕмӕй цы домы, уый нӕ зыдтой.

Уӕдӕ уыцы адӕм дӕр ӕмӕ, Чырыстиимӕ хъизӕмӕртты хъӕдыл ауыгъд чи уыд, уыцы фыдгӕнӕг дӕр райгас уыдзысты ӕмӕ цӕрдзысты зӕххыл дзӕнӕты. Уыдон дӕр Хуыцауы фӕндон базондзысты ӕмӕ сын уыдзӕн фадат, цӕмӕй равдисой, Йегъовӕйы кӕй уарзынц, уый.

Зоныс, уый сӕ бон куыд уыдзӕн равдисын? ~ Хуыцау сӕ цы домы, уый куы аразой. Цы диссаджы цард уыдзӕн дзӕнӕты! Куыд хорз уыдзӕн, Йегъовӕйы ӕмӕ кӕрӕдзи чи уарзы, уыцы адӕмы ’хсӕн цӕрын!

^ 3 абз. Сывӕллонимӕ йӕ куы кӕсай, уӕд, ацы нысан (~) цы хъуыдыйады фӕстӕ лӕууа, уым хъӕуы иу гыццыл ӕрлӕууын, цӕмӕй сывӕллон йӕ хъуыды зӕгъа.