Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ у рӕдау ӕмӕ ӕмбаргӕ Хуыцау

Йегъовӕ у рӕдау ӕмӕ ӕмбаргӕ Хуыцау

«Йегъовӕ хорз у алкӕмӕн дӕр, уый фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисы, кӕй сфӕлдыста, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр» (ПС. 145:9).

1, 2. Йегъовӕйы хӕлӕрттӕн цавӕр диссаджы фадат ис?

«МӔ ЦАРДӔМБАЛИМӔ иумӕ стӕм 35 азы бӕрц, ӕмӕ нӕ кӕрӕдзи тынг хорз зонӕм,– зӕгъы иу хо, Моникӕ.– Фӕлӕ диссаг уый у, ӕмӕ ма уӕддӕр кӕрӕдзийы тыххӕй ногӕй цыдӕртӕ базонӕм!» Афтӕ, ӕвӕццӕгӕн, бирӕтӕ зӕгъдзысты сӕ цардӕмбалы кӕнӕ сӕ хӕлӕртты тыххӕй.

2 Кӕй уарзӕм, уыдонӕн сӕ удыхъӕд бонӕй-бонмӕ хуыздӕр кӕй базонӕм, уый нын у ӕхсызгон. Уымӕй ноджы ӕхсызгондӕр та нын вӕййы нӕ хуыздӕр хӕлар Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базонын. Афтӕ зӕгъӕн никуы уыдзӕн, ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй алцыдӕр базыдтам (Ром. 11:33). Ӕнусты дӕргъы нын уыдзӕн фадат, цӕмӕй-иу Йегъовӕйы миниуджыты тыххӕй ноджы фылдӕр базонӕм ӕмӕ сын тынгдӕр аргъ кӕнӕм (Еккл. 3:11).

3. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Айразмӕйы статьяйӕ базыдтам, Йегъовӕ байхъусынмӕ алкӕддӕр цӕттӕ кӕй у ӕмӕ кӕй никӕй хъулон кӕны. Ӕмӕ нын уый баххуыс кодта, цӕмӕй йын уыцы миниуджыты тыххӕй ноджы тынгдӕр аргъ кӕнӕм. Ныр та аныхас кӕнӕм Йегъовӕйы диссаджы миниуджытӕй ноджыдӕр дыууӕйыл – рӕдау ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй у, ууыл. Афтӕмӕй хуыздӕр бамбардзыстӕм Библийы фыст ныхӕстӕ: «Йегъовӕ хорз у алкӕмӕн дӕр, уый фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисы, кӕй сфӕлдыста, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр» (Пс. 145:9).

ЙЕГЪОВӔ У РӔДАУ ХУЫЦАУ

4. Ӕцӕг рӕдаудзинад цы у?

4 Рӕдау уай, уый куыд ӕмбаргӕ у? Уый базонӕн ис Йесойы ныхӕстӕй, фыст сты Хъуыддӕгты 20:35 стихы: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у». Ацы хуымӕтӕг ныхӕстӕй Йесо бамбарын кодта, ӕцӕг рӕдаудзинад цы у, уый. Рӕдау чи у, уый йӕ рӕстӕг, йӕ хъарутӕ ӕмӕ йӕ фӕрӕзтӕ не ’вгъау кӕны иннӕтӕн баххуыс кӕнынӕн, ӕмӕ уый аразы зӕрдиагӕй. Ӕцӕгдӕр, рӕдаудзинад, цас дӕттыс, уымӕй кӕнгӕ нӕу, фӕлӕ, цы зӕрдӕйӕ дӕттыс, уымӕй. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 9:7.) Ӕмӕ нӕ «амондджын Хуыцау» Йегъовӕйӕн уыцы хъуыддаджы ӕмбал нӕй – уымӕй рӕдаудӕр ничи у (1 Тим. 1:11).

5. Йегъовӕ рӕдау кӕй у, уый цавӕр хъуыддӕгтӕй ӕвдисы?

5 Йегъовӕ рӕдау кӕй у, уый куыд ӕвдисы? Уый алкӕмӕн дӕр, суанг ын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонӕн дӕр, дӕтты, цардӕн сӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый. Ӕцӕгдӕр, «Йегъовӕ хорз у алкӕмӕн дӕр». Хуыцау «йӕ хур скӕсын кӕны ӕвзӕртыл дӕр ӕмӕ хӕрзтыл дӕр, ӕмӕ къӕвда дӕр ратты рӕстгӕнджытӕн дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕн дӕр» (Матф. 5:45). Павел ӕнӕуырнджытимӕ куы ныхас кодта, уӕд сын афтӕ дӕр уымӕн загъта, ӕмӕ сӕ Хуыцау йӕ хорздзинӕдтӕй цух нӕ уагъта, «лӕвӕрдта сын къӕвдатӕ ӕмӕ бӕркадджын азтӕ, лӕвӕрдта сын парахатӕй хӕринаг ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ цинӕй ӕфсӕста» (Хъуыд. 14:17). Бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ хорздзинӕдтӕй алкӕмӕн дӕр рӕдауӕй кӕй хай кӕны (Лук. 6:35).

6, 7. а) Йегъовӕ уӕлдай ӕхсызгонӕй кӕмӕн ӕххуыс кӕны? ӕ) Хуыцау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн кӕй ӕххуыс кӕны, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

6 Йегъовӕ уӕлдай ӕхсызгонӕй ӕххуыс кӕны йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн. Паддзах Давид ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Ӕз уыдтӕн ӕрыгон ӕмӕ базӕронд дӕн, фӕлӕ никуы федтон рӕстгӕнӕджы рохуаты баззайгӕ ӕмӕ йӕ цоты къӕбӕр кургӕ» (Пс. 37:25). Йегъовӕ йӕ адӕмыл афтӕ кӕй тыхсы, уый бирӕ иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сӕхицӕй зонынц. Ӕркӕсӕм иу хабармӕ.

7 Пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо, Нэнси, зӕгъгӕ, цалдӕр азы размӕ зын уавӕры бахауд. Мӕнӕ цы зӕгъы Нэнси йӕхӕдӕг: «Хӕдзары тыххӕй мӕ хъуыди 66 доллӕры бафидын, ӕмӕ ма мын иу бон баззад, цӕмӕй сӕ бафыстаин. Ӕхца кӕм ссардтаин, уымӕн ницы зыдтон. Йегъовӕйӕн мӕ сагъӕстӕ радзырдтон ӕмӕ стӕй куыстмӕ ацыдтӕн. Кусгӕ кодтон рестораны официанткӕйӕ. Адӕм-иу нын фидинӕгтӕй уӕлдай цы ӕхца ныууагътой, уыдонӕй мӕм бирӕ кӕй ӕрӕмбырд уыдзӕн, уый ныфс мӕ нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ-иу нӕм къуырийы уыцы бон бирӕ адӕм не ’рбацыд. Фӕлӕ кӕд уый ӕнхъӕл нӕ уыдтӕн, уӕддӕр нӕм уыцы бон изӕры цалдӕр адӕймаджы ӕрбацыд. Мӕ куыст куы фӕдӕн ӕмӕ мӕм цы ӕхца ӕрӕмбырд, уыдон куы банымадтон, уӕд рауадысты 66 доллӕры». Нэнси куыд зӕгъы, афтӕмӕй йын Йегъовӕ цӕстуарзонӕй радта, цы йӕ хъуыди, растдӕр уый (Матф. 6:33).

8. Йегъовӕйы рӕдаудзинад ӕппӕты тынгдӕр кӕмӕй рабӕрӕг, уыцы лӕвар цы у?

8 Йегъовӕйы рӕдаудзинад ӕппӕты тынгдӕр кӕмӕй рабӕрӕг, уыцы лӕвар алкӕмӕн дӕр у йӕ бон райсын. Цы у уыцы лӕвар? Йӕ Фырты нывонд. Йесо загъта: «Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоан. 3:16). Ацы ран дзырд «дуне» амоны адӕммӕ се ’ппӕтмӕ дӕр. Уӕдӕ уыцы лӕвар сӕ бон райсын у, кӕйдӕриддӕр фӕнды, уыдонӕн. Йесойыл чи ӕууӕнды, уыдон цардӕй бафсӕддзысты – ӕнусон цардӕй! (Иоан. 10:10). Уымӕй хуыздӕр бӕлвырдгӕнӕн ма цы хъуамӕ уа, Йегъовӕ рӕдау Хуыцау кӕй у, уымӕн!

ЙЕГЪОВӔЙАУ РӔДАУ У

Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй израилӕгтӕ уыйау рӕдау уыдаиккой (кӕс 9 абзац)

9. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй мах дӕр Йегъовӕйау рӕдау уӕм?

9 Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй мах дӕр Йегъовӕйау рӕдау уӕм? Йегъовӕ махӕн рӕдауӕй дӕтты, «циндзинад нын цыдӕриддӕр хӕссы, уый». Ӕмӕ нӕ уый хъуамӕ разӕнгард кӕна, цӕмӕй мах дӕр, цы нӕм цы ис, уымӕй «иннӕтӕн хай кӕнӕм» ӕмӕ сын афтӕмӕй сӕ циныл цин ӕфтауӕм (1 Тим. 6:17–19). Нӕ бинонтӕн ӕмӕ нын не ’мбӕлттӕн исты балӕвар кӕнын ӕхсызгон вӕййы, стӕй, хъуаг чи ӕййафы, уыдонӕн дӕр зӕрдиагӕй феххуыс кӕнӕм. (Бакӕс Дыккаг закъон 15:7.) Цы хъӕуы, цӕмӕй алкӕддӕр рӕдау уӕм? Иуӕй-иу чырыстӕттӕ сӕхицӕн загътой, исты-иу сын куы балӕвар кӕной, уӕд-иу уыдон дӕр кӕй бацархайдзысты, цӕмӕй искӕмӕн лӕвар ракӕной. Не ’хсӕн ис бирӕ рӕдау хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ уыдон ӕмбырдтӕн стыр арфӕдзинад сты.

10. Рӕдаудзинад равдисынӕн ӕппӕты хуыздӕр мадзӕлттӕй иу цы у?

10 Рӕдаудзинад равдисынӕн ӕппӕты хуыздӕр мадзӕлттӕй иу у, зӕгъӕм, иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынӕн ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауынӕн нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ куы не ’вгъау кӕнӕм (Гал. 6:10). Уыцы хъуыддаг дын хорз уайы ӕви нӕ, уый бамбарыны тыххӕй ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Иннӕтӕ йӕ уынынц, байхъусынмӕ сӕм цӕттӕ кӕй вӕййын? Искӕмӕ исты хъуыддаджы фӕкӕсын куы фӕхъӕуы, уӕд ын ӕнӕзивӕгӕй баххуыс кӕнын? Мӕ бинонтӕй кӕнӕ ме ’мчырыстӕттӕй искӕмӕй фӕстаг хатт зӕрдиагӕй кӕд раппӕлыдтӕн?» Рӕдау куы уӕм, уӕд уый фӕрцы Йегъовӕмӕ дӕр ӕмӕ не ’мбӕлттӕм дӕр ӕнгомдӕр кӕндзыстӕм (Лук. 6:38; Ӕмб. 19:17).

11. Йегъовӕйӕн кӕй ницы ӕвгъау кӕнӕм, уый нӕ бон цавӕр хъуыддӕгтӕй у равдисын?

11 Рӕдаудзинад равдисын ма нӕ бон у, Йегъовӕйӕн цы дӕттӕм, уымӕй дӕр. Библи нӕ разӕнгард кӕны: «Кад кӕн Йегъовӕйӕн – дӕтт ын, хуыздӕрӕй дӕм цы ис, уый» (Ӕмб. 3:9). «Хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уымӕ» хауынц, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ цы рӕстӕг, хъарутӕ ӕмӕ фӕрӕзтӕ хардз кӕнӕм, уыдон. Ӕмӕ уыцы миниуӕгыл ахуыр кӕнын сӕ бон у сывӕллӕттӕн дӕр. Иу ӕфсымӕр, Джейсон, радзырдта: «Нӕ бинонтимӕ ӕмбырды мысайнӕгтӕ ныппарыныл куы баныхас кӕнӕм, уӕд сӕ нӕ сывӕллӕттӕм раттӕм, цӕмӕй-иу сӕ уыдон ныппарой асыччы. Уый сын вӕййы стыр цины хос, уымӕн ӕмӕ, дам, афтӕмӕй мах дӕр Йегъовӕйӕн цыдӕр раттӕм». Сывӕллӕттӕ гыццылӕй куы бамбарой, Йегъовӕйӕн исты дӕттын цины хос кӕй у, уӕд ын стырӕй дӕр ницы ӕвгъау кӕндзысты (Ӕмб. 22:6).

ЙЕГЪОВӔ У ӔМБАРГӔ ХУЫЦАУ

12. Ӕмбаргӕ уай, уый цӕуыл дзурӕг у?

12 Йегъовӕйы рӕсугъд миниуджытӕй ноджыдӕр иу у, ӕмбаргӕ кӕй у, уый. Ӕмбаргӕ уай, уый цӕуыл дзурӕг у? «Ног дунейы тӕлмац»-ы «ӕмбаргӕ»-йӕ чи ӕрцыд тӕлмац, уыцы дзырд ма нысан кӕны «ӕнцондзырд» кӕнӕ «ӕнцонтасӕн» дӕр (Тит. 3:1, 2, фип.). Ӕмбаргӕ чи у, уый ӕгӕр домаг ӕмӕ карз нӕ вӕййы, хъӕуа-нӕхъӕуа цӕхгӕр нӕ ныллӕууы, зӕгъгӕ, мӕнӕ уый афтӕ у ӕмӕ ӕндӕр никуыд. Уый вӕййы фӕлмӕн, иннӕтӕн сӕ уавӕры бацӕуы. Стӕй иннӕтӕм лӕмбынӕг фӕхъусы ӕмӕ, гӕнӕн куы вӕййы, уӕд сын сӕ фӕндмӕ гӕсгӕ йӕ уынаффӕ дӕр фӕивы.

13, 14. а) Йегъовӕ ӕмбаргӕ Хуыцау кӕй у, уый куыд ӕвдисы? ӕ) Йегъовӕ Лоты куы фервӕзын кодта, уыцы хабарӕй ӕмбаргӕдзинады тыххӕй цы ис базонӕн?

13 Йегъовӕ ӕмбаргӕ Хуыцау кӕй у, уый куыд ӕвдисы? Йӕ лӕггадгӕнджыты цы тыхсын кӕны, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы ӕмӕ сын цӕмӕй сӕ курдиат сӕххӕст кӕна, уый тыххӕй йӕ фӕндтӕ фӕивынмӕ дӕр цӕттӕ вӕййы. Ӕркӕсӕм, Йегъовӕ рӕстаг адӕймаг Лоты куы фервӕзын кодта, уыцы хабармӕ. Йегъовӕ Содом ӕмӕ Гомморӕ куы хъуамӕ фесӕфтаид, уӕд Лотӕн бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, хӕхтӕм алидз. Фӕлӕ, цӕмӕдӕр гӕсгӕ, Лот Хуыцауӕн ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын бар раттаид ӕндӕр ранмӕ алидзынӕн. Ахъуыды-ма кӕн, Лот Йегъовӕйӕн йӕ ныхас ивын кодта! (Бакӕс Райдиан 19:17–20.)

14 Чи зоны, исчи ахъуыды кӕна, Лотӕн йӕ уырнындзинад лӕмӕгъ кӕй уыд кӕнӕ та зӕгъа, Хуыцауы коммӕ нӕ каст, зӕгъгӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ Лотӕн йӕ цард кӕмфӕнды дӕр бахъахъхъӕдтаид, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Лоты ӕппындӕр ницӕмӕй хъуыди тӕрсын. Фӕлӕ уый уӕддӕр тарсти. Ӕмӕ Йегъовӕ йӕ уавӕры бацыд, ӕмӕ йын бар радта, цӕмӕй ӕндӕр горӕтмӕ алыгъдаид, кӕд уыцы горӕт дӕр фесафынмӕ хъавыд, уӕддӕр. (Бакӕс Райдиан 19:21, 22.) Бӕрӕг у, Йегъовӕ ӕгӕр домаг ӕмӕ карз Хуыцау кӕй нӕу. Уый алкӕддӕр фӕархайы ӕмбаргӕйӕ.

15, 16. Моисейы закъонӕй куыд зыны, Йегъовӕ ӕмбаргӕ кӕй у, уый? (Кӕс нывмӕ 12 фарсыл.)

15 Йегъовӕ ӕмбаргӕ кӕй у, уый ма хорз зыны Моисейы закъонӕй дӕр. Кӕд израилӕгтӕй исчи афтӕ мӕгуыр уыд, ӕмӕ нывондӕн фыс кӕнӕ сӕгъ ӕрхӕссын йӕ бон нӕ уыди, уӕд ын бар уыд уый бӕсты дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕлоны ӕрхӕссын. Фӕлӕ, зӕгъӕм, кӕмӕндӕр дыууӕ бӕлоны дӕр йӕ бон нӕ уыд ӕрхӕссын, уӕд та? Ахӕм адӕймагӕн Йегъовӕ бар лӕвӕрдта нывондӕн иу гыццыл ссад ӕрхӕссын. Ӕрмӕст уыцы ссад хъуамӕ цавӕрфӕнды ма уыдаид, фӕлӕ «ӕппӕты хуыздӕр ссад», кадджын уазджытӕн-иу дзул кӕмӕй скодтой, ахӕм (Райд. 18:6). Ацы хабарӕй та куыд зыны, Йегъовӕ ӕмбаргӕ Хуыцау кӕй у, уый? (Бакӕс Левит 5:7, 11.)

16 Зӕгъӕм, ды дӕ израилаг ӕмӕ тынг мӕгуыр дӕ. Цатырмӕ Хуыцауӕн нывондӕн иу гыццыл ссад ӕрбахастай, ӕмӕ уыныс, дӕуӕй хъӕздыгдӕр чи у, уыцы израилӕгтӕ нывонд ӕрхӕссынӕн фос кӕй ӕрбакӕнынц. Ӕвӕццӕгӕн, фефсӕрмы уаис, гъеныр мӕ нывонд уыдоны нывӕндты раз цы у, зӕгъгӕ. Фӕлӕ стӕй дӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Йегъовӕйы цӕсты дӕ нывондӕн дӕр стыр аргъ кӕй ис. Ахӕм гыццыл нывондӕн дӕр стыр аргъ цӕмӕн уыд? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу мӕгуыр израилӕгтӕ нывондӕн ӕрхастаиккой ӕппӕты хуыздӕр ссад. Уый афтӕ уыд, цыма сын Йегъовӕ дзырдта: «Ӕз ӕй ӕмбарын, иннӕтӕ цас ӕрбахӕссынц, сымахӕн уыйбӕрц уӕ къух кӕй нӕ амоны, фӕлӕ йӕ зонын, хуыздӕрӕй уӕм цы ис, уый мын кӕй дӕттут». Йегъовӕ ӕцӕгдӕр у ӕмбаргӕ Хуыцау. Уый йӕ лӕггадгӕнджыты уавӕртӕ уыны ӕмӕ, сӕ бон цы нӕу, уый сӕ нӕ домы (Пс. 103:14).

17. Цӕмӕй нӕ Йегъовӕ райгонд уа, уый тыххӕй йын куыд хъуамӕ лӕггад кӕнӕм?

17 Йегъовӕ ӕмбаргӕ Хуыцау кӕй у, уый нын у удӕнцойы хос. Мах зонӕм, «ӕппӕт удӕй» йын куы фӕлӕггад кӕнӕм, уӕд нӕ райгонд кӕй вӕййы (Кол. 3:23). Италийӕ иу ацӕргӕ хо, Констанс, афтӕ загъта: «Уымӕй фылдӕр ницы уарзтон, ӕмӕ ме Сфӕлдисӕджы тыххӕй адӕмӕн дзурон. Гъе уый тыххӕй абоны онг дӕр хъусын кӕнын ӕмӕ адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын. Хатгай мӕ ныфс асӕтты, мӕ низтӕ мӕ фылдӕр лӕггад кӕнын кӕй нӕ уадзынц, уый тыххӕй. Фӕлӕ йӕ зонын, Йегъовӕ мын мӕ уавӕр кӕй уыны. Уый мӕ уарзы ӕмӕ, мӕ бон цы у, уый кӕй аразын, уый тыххӕй мын аргъ кӕны».

ЙЕГЪОВӔЙАУ ӔМБАРГӔ У

18. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у Йегъовӕйы бафӕзмын?

18 Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй мах дӕр Йегъовӕйау ӕмбаргӕ уӕм? Иу хатт ма ахъуыды кӕнӕм, Хуыцау Лоты ирвӕзын кӕнгӕйӕ уыцы миниуӕг куыд равдыста, ууыл. Йегъовӕйӕн йӕ бон уыд Лотӕн барджынӕй зӕгъын, цы хъуамӕ сараза, уый. Фӕлӕ Йегъовӕ у хӕларзӕрдӕ Хуыцау. Ӕмӕ йын Лот, цӕуыл тыхсти, уый куы дзырдта, уӕд ӕм лӕмбынӕг байхъуыста ӕмӕ йын йӕ курдиат дӕр сӕххӕст кодта. Ныййарджытӕ, уӕ бон куыд у Йегъовӕйау ӕмбаргӕйӕ архайын? Уӕ сывӕллӕттӕ уӕ истӕмӕн бар куы курой, уӕд хорз уаид, лӕмбынӕг-иу сӕм куы байхъусиккат ӕмӕ дзы кӕд ӕвзӕрӕй ницы уа, уӕд-иу сын уыцы бар куы раттиккат. 2007 азы 1 сентябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» уый фӕдыл фыст уыд, зӕгъгӕ, ныййарджыты хӕдзары цавӕрдӕр ӕгъдау сӕвӕрын куы фӕнда, уӕд сӕ бон у сӕ сывӕллӕттимӕ иумӕ ууыл аныхас кӕнын. Зӕгъӕм, ныййарджыты фӕнды ахӕм ӕгъдау сфидар кӕнын, цӕмӕй-иу сӕ сывӕллӕттӕ бӕлвырд рӕстӕгыл хӕдзары уой, ӕмӕ ныййарджытӕн, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый бар ис. Фӕлӕ уал уынаффӕ рахӕссыны размӕ сӕ бон у сӕ сывӕллӕтты хъуыды базонын. Сӕ бон у, ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты фӕндмӕ гӕсгӕ сӕ уынаффӕ дӕр фӕивой, уый Библийы уагӕвӕрдты ныхмӕ куы нӕ уа, уӕд. Ныййарджытӕ афтӕ куы архайой, уӕд сӕ сӕ сывӕллӕттӕ дӕр хуыздӕр ӕмбардзысты ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсдзысты.

19. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йегъовӕйау ӕмбаргӕ уой?

19 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр архайынц, цӕмӕй Йегъовӕйау ӕмбаргӕ уой. Уыдон се ’мчырыстӕттӕн сӕ уавӕртӕ ӕмбарынц ӕмӕ сӕ ӕгӕр бирӕ нӕ домынц. Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Йегъовӕ мӕгуыр израилӕгты нывӕндтӕн дӕр кӕй аргъ кодта. Абон дӕр нӕ зынаргъ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй кӕмӕндӕрты Хуыцауы хъуыддаджы сӕ бон бирӕ нӕу аразын, зӕгъӕм, сӕ низтӕ сыл кӕй тых кӕнынц кӕнӕ сыл азтӕ сӕ уӕз кӕй ӕруагътой, уый тыххӕй. Куыд сын ис баххуыс кӕнӕн, кӕд уый тыххӕй сӕ ныфс асӕтты, уӕд? Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кӕнын, Йегъовӕ сӕ кӕй уарзы, уымӕн ӕмӕ, сӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразынц (Мар. 12:41–44).

20. Ӕмбаргӕ уай, уый цымӕ ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ дӕхиуыл ауӕрдай? Бамбарын ӕй кӕн.

20 Фӕлӕ рох кӕнын нӕ хъӕуы: ӕмбаргӕ уай, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дӕхицӕн тӕригъӕд кӕнай ӕмӕ уый тыххӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ дӕхиуыл ауӕрдай (Матф. 16:22). Мах нӕ фӕнды, нӕ бон цы у, уымӕй къаддӕр аразын ӕмӕ нӕхи рӕстытӕ кӕнын, зӕгъгӕ, хъуамӕ ӕмбаргӕ уон. Алчидӕр нӕ хъуамӕ «йӕ тых, йӕ бонӕй архайа», цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг размӕ цӕуа (Лук. 13:24). Уӕдӕ ацы хъуыддагмӕ раст цӕстӕй кӕсын хъӕуы. Иуӕй, Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ мах ӕппӕт тыхтӕй ӕмӕ удуӕлдайӕ архайӕм. Иннӕмӕй та, нӕ зӕрдыл дарӕм, нӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр нӕ Йегъовӕ кӕй нӕ домы. Хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый йын куы дӕттӕм, уӕд нӕ ӕнӕмӕнг райгонд уыдзӕн. Ахӕм ӕмбаргӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнай, уымӕй хуыздӕр ма цы хъуамӕ уа! Иннӕ статьяйы та аныхас кӕндзыстӕм Йегъовӕйы рӕсугъд миниуджытӕй ноджыдӕр дыууӕйыл (Пс. 73:28).

«Кад кӕн Йегъовӕйӕн – дӕтт ын, хуыздӕрӕй дӕм цы ис, уый» (Ӕмб. 3:9). (кӕс 11 абзац)

«Цыфӕнды ма аразат, аразут ӕй ӕппӕт удӕй» (Кол. 3:23). (кӕс 17 абзац)