Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы зондамындмӕ хъус ӕмӕ дӕхи ив

Йегъовӕйы зондамындмӕ хъус ӕмӕ дӕхи ив

«Ды мӕ кӕндзынӕ дӕ уынаффӕйы фӕрцы, ӕмӕ мӕ уый фӕстӕ скадджын кӕндзынӕ» (ПС. 73:24).

1, 2. а) Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕввахс хӕлӕрттӕ уӕм? ӕ) Раджы заманты-иу адӕм Хуыцауы зондамындмӕ цы цӕстӕй ракастысты, ууыл аныхас кӕнын нын цы пайда уыдзӕн?

«МӔНӔН... хорз у Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын. Ӕз мӕхи бакодтон Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйы уазӕг» (Пс. 73:28). Ацы ныхӕстӕй псаломзарӕггӕнӕг равдыста, йӕ ныфс Хуыцауыл кӕй сӕвӕрдта. Уыцы ныхӕстӕ цавӕр хабӕртты фӕстӕ загъта? Фыдгӕнджытӕ сӕ уды дзӕбӕхӕн кӕй цӕрынц, уымӕ кӕсын ын фыццаг тынг зын уыд. Ӕмӕ хъаст кодта: «Ӕз мӕ зӕрдӕ дзӕгъӕлы сыгъдӕг кодтон, дзӕгъӕлы ӕхсадтон мӕ къухтӕ ӕнаххосдзинады» (Пс. 73:2, 3, 13, 21). Фӕлӕ стӕй «Хуыцауы кадджын кувӕндонмӕ» бацыд, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ зондахаст фӕивта ӕмӕ Хуыцауӕй нӕ адард (Пс. 73:16–18). Уыцы хабары руаджы псаломзарӕггӕнӕг бамбӕрста иу ахсджиаг хъуыддаг: цӕмӕй адӕймаг Йегъовӕмӕ ӕввахс уа, уый тыххӕй хъуамӕ уа йӕ адӕмы ’хсӕн ӕмӕ йын уынаффӕ куы дӕттой, уӕд-иу ӕм хъуамӕ байхъуса (Пс. 73:24).

2 Мах дӕр фӕнды, цӕмӕй удӕгас ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауӕн йе ’ввахс хӕлӕрттӕ уӕм. Ӕмӕ йын уый тыххӕй та хъуамӕ йӕ уынаффӕ ӕмӕ йӕ зондамындмӕ хъусӕм. Афтӕмӕй хуыздӕрырдӕм ивдзыстӕм ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм. Раджы заманты-иу Хуыцау хицӕн адӕймӕгтӕн ӕмӕ ӕнӕхъӕн адӕмтӕн фӕлмӕнзӕрдӕйӕ зонд бацамыдта ӕмӕ-иу сын афтӕмӕй фадат радта, цӕмӕй фӕивой. Уыцы хабӕрттӕ Библийы фыст ӕрцыдысты нӕ пайдайӕн, «цӕмӕй дзы мах, ацы дуджы кӕрон чи цӕры, уыдон, нӕхицӕн зонд райсӕм» (Ром. 15:4; 1 Кор. 10:11). Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм уыцы хабӕрттӕй цалдӕрыл. Уый фӕрцы фылдӕр базондзыстӕм Йегъовӕйы миниуджыты тыххӕй. Стӕй ма фендзыстӕм, цы пайда нын у, зонд нын кӕй амоны ӕмӕ нӕ афтӕмӕй кӕй ивы, уый.

ЙЕГЪОВӔ АРХАЙЫ, ДУРЫНГӔНӔГ КУЫД ФӔАРХАЙЫ, АФТӔ

3. Йегъовӕйӕн адӕмыл йӕ бар кӕй цӕуы, уый Исайы 64:8 ӕмӕ Йеремийы 18:1–6 стихтӕ куыд ӕвдисынц? (Кӕс нывмӕ ацы фарсыл.)

3 Йегъовӕйӕн йӕ бар цӕуы хицӕн адӕймӕгтыл дӕр ӕмӕ ӕнӕхъӕн адӕмтыл дӕр, ӕмӕ йӕ Библи дурынгӕнӕг дӕр дзӕгъӕлы нӕ хоны. Исайы 64:8 фыст ис: «О Йегъовӕ, ды дӕ нӕ Фыд. Мах стӕм ӕлыг, ды та дӕ нӕ Дурынгӕнӕг, ӕмӕ не ’ппӕт дӕр стӕм дӕ къухты конд». Дурынгӕнӕгӕн ӕлыгӕй йӕ бон у, цыдӕриддӕр ӕй фӕнды, уый саразын. Ӕлыг ын нӕ фӕамоны, цы дзы сараза, уый. Афтӕ зӕгъӕн ис Хуыцау ӕмӕ адӕймагӕй дӕр. Ӕлыгӕн куыд нӕу йӕ бон дурынгӕнӕгӕн уынаффӕ кӕнын, афтӕ адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу Хуыцауӕн амонын, йемӕ куыд архайа, уый. (Бакӕс Йеремийы 18:1–6.)

4. Хуыцау адӕмы тыхӕй ивы? Бамбарын ӕй кӕн.

4 Йегъовӕ рагон Израилы адӕмимӕ куыд архайдта, уымӕй равдыста, адӕмимӕ дурынгӕнӕгау кӕй архайы. Фӕлӕ уӕддӕр Хуыцау ӕнӕуи дурынгӕнӕгӕй тынг хицӕн кӕны. Ӕнӕуи дурынгӕнӕг ӕлыгӕй саразы, цы йӕ бафӕнды, уый. Йегъовӕ та? Цымӕ адӕмы тыхӕй ивы ӕмӕ сӕ иутӕй хорз адӕймӕгтӕ скӕны, иннӕтӕй та ӕвзӕр? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Библийӕ бӕрӕг у, Йегъовӕ адӕмы кӕй схайджын кодта диссаджы сӕрибардзинадӕй – сӕхи бон у уынаффӕтӕ хӕссын. Ӕмӕ кӕд Йегъовӕ Дунедарӕг у, уӕддӕр йӕ бартӕй афтӕ нӕ пайда кӕны, цӕмӕй адӕмы уыцы сӕрибардзинадӕй ӕнӕхай фӕкӕна. Адӕймаджы йӕхи хъуамӕ бафӕнда, цӕмӕй йӕ йе Сфӕлдисӕг хуыздӕрырдӕм ива. (Бакӕс Йеремийы 18:7–10.)

5. Адӕймаджы куы нӕ бафӕнды, цӕмӕй йӕ Йегъовӕ хуыздӕрырдӕм ива, уӕд Хуыцау йемӕ куыд фӕархайы?

5 Адӕймаг хивӕнд куы разыны ӕмӕ йӕ куы нӕ бафӕнды, цӕмӕй йӕ йӕ кадджын Дурынгӕнӕг хуыздӕрырдӕм ива, уӕд та? Ахӕм уавӕры Хуыцау йӕ бартӕй куыд спайда кӕны? Дурынгӕнӕгӕн ӕлыгӕй, цы йӕ фӕнды, уый саразын куы нӕ уайа, уӕд дзы йӕ бон у ӕндӕр исты саразын йе та йӕ аппарын. Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ ӕлыгӕй куы ницы рауайы, уӕд уый арӕхдӕр вӕййы дурынгӕнӕджы аххос. Нӕ кадджын Дурынгӕнӕгӕй та уый зӕгъӕн ӕппындӕр нӕй (Дык. з. 32:4). Адӕймаг Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ куы нӕ фӕивы, уӕд уый алы хатт дӕр вӕййы йӕхи аххос. Йегъовӕ адӕмимӕ куыд архайы, уый баст у, йӕ фӕдзӕхстытӕм ын цы цӕстӕй ракӕсынц, ууыл. Куы йӕм байхъусынц, уӕд сӕ рауайы хъӕугӕ мигӕнӕнтӕ. Зӕгъӕм, сӕрст чырыстӕттӕ сты, «кадджын хъуыддагӕн чи бахъӕуы» ӕмӕ «фӕтӕригъӕд кӕныны аккаг чи у, уыцы мигӕнӕнтӕ». Хуыцаумӕ чи нӕ хъусы, уыдон та свӕййынц, «йӕ маст ныккалинаг кӕуыл у ӕмӕ сафинаг чи у, уыцы мигӕнӕнтӕ» (Ром. 9:19–23).

6, 7. Паддзах Давид ӕмӕ паддзах Саул Йегъовӕйы уайдзӕфмӕ цы цӕстӕй ракастысты?

6 Йегъовӕ адӕмимӕ дурынгӕнӕгау архайы, уынаффӕ сын кӕй дӕтты ӕмӕ сын зонд кӕй амоны, уый фӕрцы. Уый фенӕн ис Израилы фыццаг дыууӕ паддзахы хабарӕй – Саул ӕмӕ Давиды хабарӕй. Паддзах Давид кӕйдӕр усимӕ, Вирсавиимӕ, ӕмуат кӕй ӕрцыд, уый тыххӕй йӕхи дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр бӕллӕхты хай бакодта. Кӕд Давид паддзах уыд, уӕддӕр ын Йегъовӕ карзӕй бауайдзӕф кодта. Хуыцау Давидмӕ арвыста пехуымпар Нафаны, цӕмӕй йын йӕ рӕдыдмӕ бацамыдтаид (2 Сам. 12:1–12). Цымӕ Давид уымӕ цы цӕстӕй ракаст? Йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудти, ӕмӕ ӕрфӕсмон кодта. Ӕмӕ йӕм уый тыххӕй Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыста. (Бакӕс 2 Самуилы 12:13.)

7 Давидӕй уӕлдай, паддзах Саул уынаффӕмӕ раст цӕстӕй нӕ ракаст. Йегъовӕ пехуымпар Самуилы уылты Саулӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй амаликӕгты се ’ппӕты дӕр ӕмӕ сын сӕ фос дӕр сӕфты хай бакодтаид. Фӕлӕ Саул Йегъовӕйы фӕдзӕхст нӕ сӕххӕст кодта. Паддзах Агагы удӕгасӕй ныууагъта ӕмӕ фосы хуыздӕрыл бацауӕрста. Цӕмӕн? Уымӕн уыди ӕппынкъаддӕр иу аххосаг – Саулы фӕндыд йӕхи скадджын кӕнын (1 Сам. 15:1–3, 7–9, 12). Йегъовӕ йын пехуымпар Самуилы уылты йӕ рӕдыдмӕ куы бацамыдта, уӕд хъуамӕ йӕ зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кодтаид, дурынгӕнӕджы къухы ӕлыг куыд ӕрфӕлмӕн вӕййы, афтӕ. Фӕлӕ Саул нӕ басаст, ӕмӕ йӕхи рӕстытӕ кӕнынмӕ фӕци. Йӕхицӕн ӕфсӕнттӕ агурын райдыдта, ӕвзӕрӕй ницы сарӕзтон, фос та Хуыцауӕн нывӕндтӕ ӕрхӕссынӕн ныууагътон, зӕгъгӕ. Саул Самуилы уайдзӕф ницӕмӕ ӕрдардта. Ӕмӕ йыл уый тыххӕй Йегъовӕ йӕ къух систа – паддзахыл ӕй нал нымадта. Уый фӕстӕ Саул ӕцӕг Хуыцауӕн йе ’ввахс хӕлар никуыуал сси. (Бакӕс 1 Самуилы 15:13–15, 20–23.)

Саул Хуыцауы уайдзӕф ницӕмӕ ӕрдардта. Йӕ къухты фӕлмӕн ӕлыг нӕ разынд! (кӕс 7 абзац)

Давид ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ Хуыцауы уынаффӕмӕ байхъуыста. Йӕ къухты разынд фӕлмӕн ӕлыг. Ды та? (кӕс 6 абзац)

ХУЫЦАУ НИКӔЙ ХЪУЛОН КӔНЫ

8. Израилӕгты хабар нын зондзонӕн куыд у?

8 Йегъовӕ ӕрмӕст хицӕн адӕймӕгтӕн нӕ, фӕлӕ ӕнӕхъӕн адӕмтӕн дӕр ратты фадат, цӕмӕй йӕм хъусой ӕмӕ афтӕмӕй хуыздӕрырдӕм ивой. Н. э. размӕ 1513 азы Йегъовӕ израилӕгты Египетӕй куы ракодта, уӕд семӕ бадзырд скодта, ӕмӕ йӕ адӕм систы. Афтӕмӕй сын фӕзынд диссаджы фадат, цӕмӕй сӕ Йегъовӕ, сӕ кадджын Дурынгӕнӕг, хуыздӕрырдӕм ивтаид. Фӕлӕ Израилы адӕм арӕзтой, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый. Суанг ма, сӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕ цы хуыцӕуттӕн куывтой, уыдонӕн кувын дӕр райдыдтой. Йегъовӕ сӕм ногӕй ӕмӕ ногӕй ӕрвыста пехуымпарты, цӕмӕй се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагътаиккой. Фӕлӕ йӕм израилӕгтӕ нӕ хъуыстой (Йер. 35:12–15). Афтӕ хивӕнд кӕй уыдысты, уый тыххӕй сӕ Йегъовӕ «сафинаг... мигӕнӕнтыл» банымадта ӕмӕ сӕ карзӕй бафхӕрдта: цӕгат паддзахад Израил бацахстой ассириӕгтӕ, хуссар паддзахад Иудӕйӕн та раст афтӕ бакодтой вавилойнӕгтӕ. Уыцы хабӕрттӕ махӕн зондзонӕн куыннӕ сты. Йегъовӕ нӕ хуыздӕрырдӕм фӕивдзӕн, куы йӕм хъусӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд.

9, 10. Ниневиӕгтӕ Хуыцауы тӕрхоны тыххӕй куы фехъуыстой, уӕд куыд бакодтой?

9 Йегъовӕ Ассирийы сӕйраг горӕт Ниневийы цӕрджытӕн дӕр радта фадат, цӕмӕй йын йӕ ныхасмӕ байхъуыстаиккой, йӕ тӕрхон сын куы фехъусын кодта, уӕд. Хуыцау Ионӕйӕн загъта: «Сыст, ацу стыр горӕт Ниневимӕ ӕмӕ йын йӕ цӕрджытӕн фехъусын кӕн, сӕ фыдхъуыддӕгтӕ мӕм кӕй схӕццӕ сты, уый». Хуыцауы цӕсты Ниневи уыд фесафыны аккаг (Ионӕ 1:1, 2; 3:1–4).

10 Фӕлӕ Ионӕ Хуыцауы тӕрхон куы фехъусын кодта, уӕд «Ниневийы цӕрджытӕ Хуыцауыл баууӕндыдысты, ӕмӕ хъӕздыгӕй-мӕгуырӕй, стырӕй-чысылӕй ком дарын райдыдтой ӕмӕ сӕ уӕлӕ хъисынтӕ скодтой». Сӕ паддзах та «йӕ паддзахбадӕнӕй сыстад, йӕ паддзахы дарӕс раласта, йӕ уӕлӕ хъисын ӕрӕппӕрста ӕмӕ фӕнычы сбадт». Ниневиӕгтӕ Йегъовӕмӕ байхъуыстой ӕмӕ ӕрфӕсмон кодтой. Ӕмӕ сӕ уӕд Йегъовӕ сӕфты хай нал бакодта (Ионӕ 3:5–10).

11. Йегъовӕ цавӕр миниуӕг равдыста, израилӕгтимӕ ӕмӕ ниневиӕгтимӕ куыд архайдта, уыцы хъуыддаджы?

11 Израилӕгтӕ Хуыцауы ӕвзӕрст адӕм кӕй уыдысты, уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ сын зонд бацамонын нӕ хъуыди. Ниневиӕгтӕ та Хуыцауы ӕвзӕрст адӕм нӕ уыдысты, фӕлӕ Йегъовӕ уыдонӕн дӕр йӕ тӕрхон фехъусын кодта. Ӕмӕ йын йӕ ныхасмӕ кӕй байхъуыстой ӕмӕ афтӕмӕй йӕ къухты фӕлмӕн ӕлыг кӕй разындысты, уый тыххӕй сӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыста. Ацы дыууӕ хабарӕй ирдӕй зыны, нӕ Хуыцау Йегъовӕ «хъулон [кӕй] никӕй кӕны» (Дык. з. 10:17).

ЙЕГЪОВӔ У ӔМБАРГӔ ӔМӔ УАВӔРТӔМ ГӔСГӔ ЙӔ УЫНАФФӔ ФӔИВЫ

12, 13. а) Хуыцау йӕ хъуыды кӕнӕ йӕ фӕнд цӕмӕн фӕивы? ӕ) Йегъовӕ Саулы паддзахӕй кӕй равзӕрста, ууыл фӕфӕсмон кодта, зӕгъгӕ, уый куыд ӕмбаргӕ у? Йегъовӕ ниневиӕгтыл бӕллӕх ӕруадзинаг кӕй уыд, ууыл кӕй фӕфӕсмон кодта, уый та куыд ӕмбаргӕ у?

12 Хуыцау адӕмимӕ куыд архайы, уымӕй зыны, ӕмбаргӕ кӕй у ӕмӕ уавӕртӕм гӕсгӕ йӕ уынаффӕ кӕй фӕивы. Иуӕй-иу хатт Йегъовӕ йӕ раст уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕйдӕр тыххӕй цавӕрдӕр уынаффӕ рахӕссы, фӕлӕ йӕ стӕй фӕивы, уымӕн ӕмӕ уыцы адӕймаг дӕр аивы. Зӕгъӕм, Библийы фыст ис, Йегъовӕ Израилы фыццаг паддзахы тыххӕй афтӕ кӕй загъта: «Саулы паддзахӕй кӕй сӕвӕрдтон, ууыл фӕсмон кӕнын» (1 Сам. 15:11). Ниневийы цӕрджытӕ куы ӕрфӕсмон кодтой ӕмӕ сӕ фыдхъуыддӕгтӕ куы ныууагътой, уӕд та, Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй «ӕцӕг Хуыцау... фӕфӕсмон кодта, бӕллӕх ӕруадзинаг сыл кӕй уыд, ууыл ӕмӕ сыл ӕй нал ӕруагъта» (Ионӕ 3:10).

13 «Фӕсмон кӕнын»-ӕй цы дзуттаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый нысан кӕны хъуыды кӕнӕ фӕнд фӕивын. Йегъовӕ Саулӕй фыццаг разы уыд ӕмӕ йӕ паддзахӕй дӕр уымӕн равзӕрста. Фӕлӕ стӕй йӕ хъуыды фӕивта ӕмӕ йӕ паддзахыл нал нымадта. Йегъовӕ йӕ хъуыды уый тыххӕй нӕ фӕивта, ӕмӕ, Саулы кӕй равзӕрста, уымӕй фӕрӕдыд. Афтӕ уымӕн бакодта, ӕмӕ йыл Саул нал ӕууӕндыд ӕмӕ йӕм нал хъуыста. Ниневиӕгты тыххӕй цы тӕрхон рахаста, ууыл та уыцы хуызы фӕфӕсмон кодта, ӕмӕ йӕ фӕнд фӕивта – кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый тыххӕй сӕ нал бафхӕрдта. Ӕцӕгдӕр, нӕ кадджын Дурынгӕнӕг Йегъовӕ у ӕмбаргӕ ӕмӕ цӕттӕ вӕййы йӕ уынаффӕ фӕивынмӕ. Хуыцау у тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ, ӕмӕ адӕймаг йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ куы ныууадзы, уӕд уый дӕр ӕндӕрхуызон архайын райдайы. Уый махӕн цӕй стыр ныфсы хос у!

ЙЕГЪОВӔЙЫ ЗОНДАМЫНДЫЛ ДӔ КЪУХ МАКУЫ АУИГЪ

14. а) Абон нӕ Йегъовӕ хуыздӕрырдӕм цӕй фӕрцы ивы? ӕ) Йегъовӕйы уынаффӕтӕм ӕмӕ зондамындмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

14 Абон нӕ Йегъовӕ хуыздӕрырдӕм ивы йӕ Ныхас Библийы фӕрцы ӕмӕ йӕ организацийы фӕрцы (2 Тим. 3:16, 17). Уыцы дыууӕ мадзалы руаджы нын цыфӕнды уынаффӕ ма ратта ӕмӕ нын цавӕрфӕнды уайдзӕф ма бакӕна, уӕддӕр-иу ӕм хъуамӕ ӕхсызгонӕй байхъусӕм. Кӕд рӕстдзинады рагӕй стӕм ӕмӕ нын кӕд ӕмбырды бирӕ кадджын хӕстӕ ис, уӕддӕр хъуамӕ дарддӕр дӕр хъусӕм Йегъовӕйы уынаффӕтӕм. Афтӕмӕй йын бар дӕтдзыстӕм, цӕмӕй нӕ сараза, «кадджын хъуыддагӕн чи бахъӕуы, ахӕм мигӕнӕнтӕ».

15, 16. а) Адӕймаг хатт йӕхи куыд фенкъары, цавӕрдӕр кадджын хӕстӕй ӕнӕхай куы фӕвӕййы, уӕд? Ӕрхӕсс цӕвиттон. ӕ) Зонд нын куы бацамоной, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕхимӕ ма ныхъхъусӕм?

15 Йегъовӕ нын зонд куыд амоны? Ӕмбарын нын кӕны, йӕ фӕндон ын куыд хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм, уый ӕмӕ нын нӕ зондахаст раст кӕны. Фӕлӕ ма нын зонд бацамонын фӕхъӕуы, куы фӕрӕдийӕм, уӕд дӕр. Ӕмӕ уый тыххӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕнӕхай фӕуӕм, ӕмбырды нын цы кадджын хӕстӕ ис, уыдонӕй. Ӕркӕсӕм-ма, хистӕр нӕлгоймагӕй чи лӕггад кодта, уыцы ӕфсымӕр Деннисы * хабармӕ. Ӕхцаимӕ баст хъуыддӕгты зондӕй кӕй нӕ архайдта, уый тыххӕй рӕдыд ӕруагъта. Уӕд ӕфсымӕртӕ йемӕ хибарӕй аныхас кодтой ӕмӕ йын йӕ рӕдыдмӕ бацамыдтой. Цымӕ Деннис куыд кодта, хистӕр нӕлгоймаг кӕй нал у, уый ӕмбырды куы фехъусын кодтой, уӕд? «Мӕхимӕ ницӕйаг ӕркастӕн,– зӕгъы Деннис.– Дӕс ӕмӕ ссӕдз азы дӕргъы мын бирӕ кадджын хӕстӕ уыд. Лӕггад кодтон пионерӕй, стӕй Вефилы. Уыдтӕн кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр ӕмӕ мӕ уый фӕстӕ та снысан кодтой хистӕр нӕлгоймагӕй. Стӕй мын облӕстон конгрессы фыццаг хатт уыди раныхас. Ӕмӕ ӕвиппайды уыдӕттӕй ницыуал аззад. Ахӕм хабар мыл кӕй ӕрцыд, уый мӕм тынг худинаг каст. Стӕй афтӕ дӕр хъуыды кодтон, ӕмӕ Хуыцауы организацийӕн мӕнӕй пайда никуыуал уыдзӕн».

16 Деннисы хъуыди йӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕнын. Фӕлӕ цӕмӕй йӕхимӕ ма ныхъхъуыстаид, уый тыххӕй йын цы баххуыс кодта? Деннис зӕгъы: «Хуыцауы хъуыддӕгты ӕдзухдӕр зӕрдиагӕй архайдтон. Ме ’мчырыстӕттӕ дӕр мӕ тынг фидар кодтой. Стыр ныфсы хос ма мын уыд, нӕ литературӕйы цы кастӕн, уый дӕр. 2009 азы 15 августы „Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы“ уыди статья „Дӕ бон та у раздӕрау фылдӕр лӕггад кӕнын?“. Уыцы статья мын уыди, Йегъовӕ ӕрмӕстдӕр мӕнӕн кӕй ныффыста, ахӕм писмойы хуызӕн. Хуыцау мын мӕ куывдтытӕ фехъуыста! Ӕппӕты тынгдӕр дзы мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд ацы уынаффӕ, зӕгъгӕ дын „кӕд ныртӕккӕ ӕмбырды ницы хӕстӕ ис, уӕд ӕппӕт тыхтӕй архай, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахсдӕр уай“». Деннисӕн зонд кӕй бацамыдтой, уый йын цы пайда фӕци? Уыцы хабарӕй ныр рацыд цалдӕр азы, ӕмӕ Деннис зӕгъы, зӕгъгӕ мын Йегъовӕ ахӕм арфӕ ракодта, ӕмӕ та ногӕй кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй лӕггад кӕнын.

17. Тӕригъӕд чи саразы, ахӕм адӕймаджы ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уый йын куыд баххуыс кӕны? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

17 Ӕмбырдӕй ацух кӕнын дӕр хауы Йегъовӕйы зондамындмӕ. Уый фӕрцы ӕмбырд хъахъхъӕд вӕййы, тӕригъӕд чи саразы, уый ӕвзӕр зондахастӕй. Стӕй уый адӕймагӕн йӕхицӕн дӕр баххуыс кӕны ӕрфӕсмон кӕнынӕн (1 Кор. 5:6, 7, 11). Иу ӕфсымӕр, Роберт, ӕмбырдӕй цухгонд уыд 16 азы бӕрц. Уыцы рӕстӕг йӕ ныййарджытӕ ӕмӕ йӕ цыппар ӕфсымӕры иузӕрдионӕй ӕххӕст кодтой Библийы фӕдзӕхст, тӕригъӕд чи аразы, уыимӕ уын иумӕйагӕй мацыуал уӕд ӕмӕ йын салам дӕр ма дӕттут, зӕгъгӕ. Цалдӕр азы размӕ Роберт фӕстӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сси ӕмӕ ныр Хуыцауӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕны. Уал азы фӕстӕ йӕ Йегъовӕмӕ ӕмӕ йӕ адӕммӕ ӕрбаздӕхын цӕмӕн бафӕндыд? Йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй, йӕ бинонтӕ фидар кӕй фӕлӕууыдысты ӕмӕ йемӕ ӕппындӕр кӕй нӕ ныхас кодтой, уый тыххӕй. Роберт зӕгъы: «Мӕ бинонтӕ-иу мемӕ иу гыццыл уӕддӕр куы аныхас кодтаиккой, куыд дӕн, уымӕй-иу мӕ уӕддӕр куы афарстаиккой, уӕд мын уый дӕр фаг уыдаид, цӕмӕй сӕ ма мысыдаин. Ӕмӕ мӕ уӕд Хуыцаумӕ ӕрбаздӕхын дӕр афтӕ тынг нӕ бафӕндыдаид».

18. Нӕ кадджын Дурынгӕнӕджы къухты цавӕр ӕлыг хъуамӕ уӕм?

18 Ахӕм зондамынд мах, чи зоны, макуы бахъӕуа. Фӕлӕ цымӕ нӕ кадджын Дурынгӕнӕджы къухты цавӕр ӕлыг уыдзыстӕм? Зонд нын куы амона, уӕд куыд бакӕндзыстӕм? Давиды бафӕзмдзыстӕм ӕви Саулы? Макуы дӕ рох кӕнӕд: Йегъовӕ у нӕ Фыд, ӕмӕ, «кӕй уарзы, уайдзӕф дӕр уымӕн бакӕны, фыд йӕ уарзон фыртӕн куыд бауайдзӕф кӕны, афтӕ». Уӕдӕ Йегъовӕйы зондамындыл дӕ къух макуы ауигъ (Ӕмб. 3:11, 12).

^ 15 абз. Нӕмттӕ ивд сты.