Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фӕстаг номыртӕ лӕмбынӕг бакастӕ? Уӕд-ма ӕркӕс, цымӕ ацы фарстатӕн дзуапп раттын дӕ бон бауид.

Адӕм Библийӕ дӕсны куыд фӕфӕрсынц? Чырыстӕттӕ уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой?

Библийӕ дӕсны афтӕ фӕфӕрсынц, ӕмӕ йӕ кӕцыфӕнды фарсыл бакӕнынц ӕмӕ дзы сӕ цӕст фыццаг цы ныхӕстыл ӕрхӕца, уыдон банымайынц сӕ фарстайӕн дзуаппыл. Ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕсны нӕ фӕрсынц ӕмӕ нысӕнттӕ нӕ халынц. Уыдон Библи ахуыр кӕнынц, цӕмӕй афтӕмӕй ссарой бӕлвырд зонындзинӕдтӕ ӕмӕ Хуыцауы разамынд (15/12, 3 фарс).

Цы «дуне» фӕивгъуыйы, уый цӕмӕ амоны?

Цы «дуне» фӕивгъуыйы, уый амоны, Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ чи нӕ цӕры, уыцы адӕммӕ (1 Иоан. 2:17). Хуыцауыл иузӕрдион чи у, уыцы адӕм дӕр ӕмӕ зӕхх дӕр нӕ фесӕфдзысты (1/1, 5–7 фӕрстӕ).

Кӕд Авел амард, уӕддӕр ма ныр дӕр куыд дзуры? (Дзут. 11:4).

Авел немӕ дзуры йӕ уырнындзинады фӕрцы. Мах хъуамӕ Авелы уырнындзинадӕй нӕхицӕн зонд исӕм ӕмӕ йӕ фӕзмӕм. Йӕ уырнындзинад куыд равдыста, уымӕй бирӕ цыдӕртӕ у нӕ бон базонын (1/1, 12 фарс).

Цавӕр хъуыддӕгты тыххӕй нын вӕййы тӕссаг, Йегъовӕйӕ кӕй адард уыдзыстӕм, уымӕй?

Зӕгъӕм, нӕ куыст кӕнӕ ирхӕфсӕнты тыххӕй, стӕй, нӕ бинонтӕй нын ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыимӕ нын исты бастдзинад куы уа, уый тыххӕй. Ноджыдӕр ма, алыхуызон техникӕмӕ, ӕнӕниздзинадмӕ ӕмӕ ӕхцамӕ раст цӕстӕй куы нӕ кӕсӕм, стӕй ма нын нӕхи хъуыды Йегъовӕйы хъуыдыйӕ сӕйрагдӕр куы суа, уый тыххӕй дӕр (15/1, 12–21 фӕрстӕ).

Моисейы сӕрныллӕгдзинадӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Моисеймӕ кӕд стыр бартӕ уыд, уӕддӕр не ссӕрбӕрзонд. Уый йӕ ныфс йӕхиуыл нӕ дардта, фӕлӕ Хуыцауыл. Кӕд нӕм исты бартӕ ис кӕнӕ кӕд истӕмӕ хорз арӕхсӕм, уӕддӕр нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй сӕрбӕрзонд суӕм. Мах фӕнды нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дарын (Ӕмб. 3:5, 6) (1/2, 5 фарс).

Чи райгас уыдзӕн, уыдон кӕм цӕрдзысты?

Чи райгас уыдзӕн, уыдонӕй иутӕ – 144 мины – цӕрдзысты уӕлӕрвты. Фӕлӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр райгас уыдзысты зӕххыл цӕрынӕн ӕмӕ ӕнустӕм амондджынӕй дзӕнӕты цӕрдзысты (1/3, 6 фарс).

Израилӕгтӕн «сӕ зӕрдӕ... ӕнӕсунӕт» кӕй уыд, уый цы нысан кӕны? (Йер. 9:26).

Сӕ зӕрдӕтӕ уыдысты хивӕнд ӕмӕ ӕнӕсӕттон. Хъуамӕ сӕ зӕрдӕтӕ ссыгъдӕг кодтаиккой, Хуыцауы фӕдзӕхстыты ныхмӕ чи уыд, уыцы хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕй (Йер. 5:23, 24) (15/3, 9, 10 фӕрстӕ).

Чырысти йӕ цардӕй райгонд кӕй уыд, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Чырысти зыдта, цӕмӕн цард, уый – цӕмӕй йӕ фыды фӕндон ӕххӕст кодтаид. Чырысти тынг уарзта йӕ Фыды, стӕй адӕмы дӕр уарзта. Чырысти зыдта, йӕ Фыд ӕй кӕй уарзы ӕмӕ дзы райгонд кӕй у. Ӕмӕ адӕймаг йӕ цардӕй райгонд уыдӕтты фӕрцы вӕййы (1/4, 4, 5 фӕрстӕ).

Йегъовӕйы организацийы зӕххон хаймӕ чи хауы?

Разамонӕг совет, филиалты комитеттӕ, цӕуӕг цӕстдарджытӕ, хистӕр нӕлгоймӕгты советтӕ, ӕмбырдтӕ ӕмӕ хъусынгӕнджытӕ (15/4, 29 фарс).

Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцауы тӕрхӕттӕ ууыл дзурӕг кӕй не сты, ӕмӕ ӕгъатыр у?

Йегъовӕйӕн фыдгӕнӕджы мӕлӕт ӕхсызгон нӕу (Йез. 33:11). Хуыцау-иу цалынмӕ йӕ тӕрхон нӕ сӕххӕст кодта, уӕдмӕ-иу адӕмы фӕдзӕхста. Уый нын ууыл дзурӕг у, ӕмӕ фидӕны йӕ тӕрхӕттӕ куы ӕххӕст кӕна, уӕд нын фервӕзыны фадат кӕй уыдзӕн (1/5, 5, 6 фӕрстӕ).

Израилӕгтӕ-иу фыдгӕнджыты хъӕдыл ӕрцауыгътой?

Нӕ. Раджы заманты чи цард, уыцы адӕмыхӕттытӕй бирӕтӕ кодтой афтӕ, фӕлӕ израилӕгтӕ та нӕ кодтой. Цалынмӕ Моисейы закъон йӕ тыхы уыд, уӕдмӕ-иу фыдгӕнӕджы фыццаг маргӕ акодтой, зӕгъӕм, дуртӕй (Лев. 20:2, 27). Уый фӕстӕ-иу ын йӕ мард хъӕдыл ӕрцауыгътой. Уый иннӕтӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, тӕригъӕдтӕ куы арӕзтаиккой, уӕд сӕм цы ’нхъӕлмӕ каст, уый (15/5, 13 фарс).

Дунейы фарн цӕуылнӕ ис?

Кӕд адӕмӕн сӕ къухы бирӕ цыдӕртӕ бафтыд, уӕддӕр адӕймаг афтӕ конд у, ӕмӕ йӕ бар йӕ къахдзӕфтыл нӕ цӕуы (Йер. 10:23). Дуне ис Хӕйрӕджы къухы, ӕмӕ кӕд адӕм тынг архайынц, цӕмӕй зӕххыл фарн уа, уӕддӕр сӕ бон ницы у бакӕнын (1 Иоан. 5:19) (1/6, 16 фарс).